Конспект ООД на осетинском языке "Ранняя весна"
материал по окружающему миру (старшая группа)
Конспект по теме "Ранняя весна" на осетинском языке
Скачать:
| Вложение | Размер |
|---|---|
| 46.04 КБ |
Предварительный просмотр:
ФМБДОУ №7 г.Алагир в с.Ногкау
ТЕМÆ: «Рагуалдзǽг»
(хистæр къорд)
Ногхъǽуы рæвдауæндоны хъомылгæнæг Хацырты Иринǽ
2025 аз
Темæ: Рагуалдзæг
Нысантæ: фонетикон куыст мыртыл Д,З,Дз дзырдты; лексикон куыст дзырдтыл: малусæг, давон; мыртæ раст дзурыны куыст дзырды райдайæны æмæ кæроны; сывæллæттæн амонын аив дзурын; уарзын сын кæнын сæ мадæлон æвзаг; зонын æмбисæндтæ æмæ æмбарын сæ сæйрагдæр хъуыдытæ; сывæллæтты ахуыр кæнын цæстуынгæ æрмæгмæ гæсгæ аразын цыбыр аргъау.
Ахуыры цыд:
Хъомылгæнæг: Уæ бонтæ хорз!
Сывæллæттæ: Æгас цу!
Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, сымах уæ бинонтæн æххуыс фæкæнут?
Сывæллæттæ: О, фæкæнæм.
Хъомылгæнæг: Уый хорз у, мæнæ Аслæнбег дæр райста æрмæг лæппуйы нывимæ æмæ йæ æвдисы сывæллæттæн. Куыд феххуыс кæны, уымæ байхъусæм.
Хъомылгæнæг: Дзуры æмдзæвгæ сывæллæттæн.
Нана дзыкка акæндзæн
Аслæнбегæй афсæрдзæн
Уæд йæ бæхы сифтыддзæн,
Быдырмæ йыл ацæдзæн,
Уæрдоныл æй раласдзæн,
Хъуг æй æхсæв бахæрдзæн,
Йæ фæздон дзы ныннæрсдзæн,
Сæумæй æхсыр æркæндзæн,
Нана дзы цыхт бацахсдзæн,
Чъиритæ дзы ракæндзæн,
Дада та сæ ракувдзæн.
Хъомылгæнæг: Ныр та сабитæ ахъазæм.
Хъазт – æз райдайдзынæн хъуыдыйад, сымах та йæ фæуыдзыстут: Нана дзыкка акæн…
Аслæнбегæй ахæр…
Сывæллæттæ иугай дзурынц дзырд кæронмæ.
Хъомылгæнæг: Цы хорз дзурут! Рауайут ма мæ цурмæ. Мæнæ цы рæсугъд стут ацы бон! Цомут ма нæ рæвдауæндоны кæртмæ æмæ акæсæм нæ хæхтæм. Фæнды уæ?
Сывæллæттæ: О, фæнды.
Хъомылгæнæгимæ фæцæуынц 5 минутмæ кæртмæ, кæсынц алыварсмæ, хæхтæм.
Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, нæ хæхтыл ма бирæ ми тис?
Сывæллæттæ: Æрмæст сæ цъуппытыл.
Хъомылгæнæг: Арвæй та нæм цы худы, кæсы?
Сывæллæттæ: Арвæй нæм кæсы хур.
Хъомылгæнæг: Зæххыл та цы фæзынд ранæй-рæтты?
Зæххыл ранæй –рæтты фæзынд кæрдæг.
Хъомылгæнæг: Уæдæ ма ныр байхъусæм, цы хъусут?
Мах хъусæм цъиуты зарын: цъа-цъва-цъви.
Хъомылгæнæг: Зæгъут-ма цавæр азы афон у?
Тынг хорз. Цомут мидæмæ.
Сывæллæттæ куыд æрбадтысты, афтæ хъомылгæнæг дзуры.
Хъомылгæнæг: Цыма нæм чидæр æрбахоста. Дуарæй акаст, æрбайста чындз Мæдинæйы йу къухы , иннæйы та урс дидинджытæ æмæ хуымæтæг кæрдæджытæ.
Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, мæнæ нæм уазæг æрбацыд. Йемæ æрбахаста лæвæрдтæ. Ныртæккæ уын сæ райуардзынæн. Æркæсут сæм æмæ байхъусут, цавæр ног дзырдтæ хъусут? Хъомылгæнæг дзуры æмдзæвгæ:
Малусæг ыскаст,
Урсдоны ихты саст,
Давон хъæды фæзынд,
Æрлæууыд уалдзæг, цин!
Сывæллæттæ дзурынц ног дзырдтæ, стæй хъомылгæнæгимæ æмдзæвгæ. Стæй та иугай МА-ЛУ-СÆГ, ДА-ВОН.
Хъомылгæнæг: Ныр та уæ дидинджытæ æмæ кæрдæджытæ доны авæрæм æмæ ахъазæм.
Хъомылгæнæг: «Дзыцца куыд фæсиды, фæхъæр кæны йæ мæргътæм?» Дзиу-Дзиу-Дзиу (тымбыл акодтой)
Тымбылы сæ базыртæ тилгæйæ тæхынц Хъо-Хъо-Хъо.
Карк йæ æфтауæны куыд æрбады, афтæ абадут. Сывæллæттæ, фæнды уæ базонын, кæм зайынц малусæг æмæ давон?
О, фæнды.
Уæдæ кæмæн куыд æнцондæр у, афтæ абадут æмæ хъусут, раджы заманы уазæлтты хæдзæртты уыд пецтæ æмæ иу дзы æндзæрстой сугæй.
Иу райсом Тазе райхъал, фестад. Хæдзар уыд уазал. Бинонтæ ма фынæй кодтой. Арт арт кæнынмæ хъавыд, фæлæ сæм суг нал уыд. (Хъомылгæнæг сын æвдисы дзургæйæ нывтæ). Тазе акодта йæ дзаумæттæ, райста фæрæт, бæндæн æмæ фæраст хъæдмæ. Уыдис уазал, лæппу схуыф-схуыф кодта, афтæмæй ракодта сугтæ, абаста сæ. Йæ цæстытæ фæкомкоммæ сты бæлæсты бынмæ. Мит кæм атад, уым скастысты урс дидинджытæ, сæ фарсмæ та цъæх хуымæтæг бæрзонд кæрдæджытæ. Тазе сæм кæсгæйæ баззад. Ногæй та хуыфын байдыдта, лæппу ахъуыды кодта: «Дзыццайæн ацы дидинджытæй куы ахæссин?!» Уалынмæ арсы богъ-богъ райхъуыст: «Чи мæ райхъал кодта?» (хъомылгæнæг дзургæйæ ивы йæ хъæлæс). Лæппу æфсæрмæй сдзырдта: «Æз!». Арс æм уæд дзуры: - Уæ , мæ къона! Уый ды хуыфыс? Дæлæ ма давоны сыфтæй ратон æмæ дзы ахæр, кæддæра ма схуыфдзынæ?
Лæппу дзы ратыдта, ахордта æмæ нал схуыфыд. Загъта бузныг арсæн, æд дидинджытæ – малусæг, давæттæ æмæ сугтæ ацыд сæ хæдзармæ. Скодта арт æмæ бинонтæ рабадтысты хъарм хæдзары. Тазе радта Дзыццайæн дидинджытæ. Мад давæдтæй скодта давонджынтæ. Дадайы бакаст уыд хъæлдзæг: «Ай нæ лæппу куы фæлæг ис?!» Æмбисонд – бинонтæн лæггадгæнæг, йæхицæн у кадгæнæг»,- загъта Тазейы дада.
Хъомылгæнæг:афтæ дзы цæмæ загъта, уый зонут? Уый тыххæй æмæ лæппу разынд æнæзивæг, кусаг, бинонты уарзаг. Зæгъæм ма ацы æмбисонд.
Хъомылгæнæг:Чындз Мæдинæйæн бузныг зæгъæм.
Хæрзбон.
Сывæллæттæ, иннæ фембæлды ацы аргъау мæнæн радзурдзыстут. Уый уыдзæн хъазт. Уæ иу уыдзæн хъомылгæнæг, иннæтæ та йæм хъусдзысты. Стæй кæрæдзийæн радзурдзыстæм, кæй зæрæмæ цы, кæнæ чи фæцыд, цавæр ног дзырдтæ базыдтам. Стæй алчи дæр скæндзæн ныв «Мæнæн мæ зæрдæмæ фæцыд…»
Хъомылгæнæг:Хæрзбон.
Сывæллæттæ: Фæндараст.
Æмдзæвгæтæ.
- Ног аз.
Рудзынгæй кæсын
Дымгæ мит хæссы,
Гæлæбутæ зилынц кафты,
Митын чызг дæр семæ хъасты.
Ног азмæ цæттæ кæнынц
Сырдтæ заз бæлас хæссынц
Тагъд нæм циндзинад уыдзæн,
Баба лæвæрттæ кæндзæн.
- Мадæлон æвзаг.
Хъæлæсон мыртæ - аланты чызджытæ,
Æмхъæлæсонтæ – Нарты Батраз, Сослан
Фæндыры зæлтæм кафынц «Симды» Иртæ
Нæ хæхты хъуысы не взаджы зыланг.
- Нæ мадæлон æвзаджы дзырдтæ
Мах банкъарæм нæ бинонты хсæн
Фæлæ хъæуы «рæвдауын» сæ, мæ хуртæ!
Цæмæй сывæллонау, рæзой,
Нæ æхсæнады хсæн.
- Мæсыг дам хи дурæй хæлы, -
Хъуысы фыдæлты (фарн) загъд,
Не взагыл дзурын – не хæс у,
Хистæрæй цæуы кад.
- Дæу фæрцы мадæлон æвзаг!
Æз базыдтон нæ истори,
Ирон æвзаджы «ад»!
- Рæвдауæндон.
Рæвдауæндонмæ
Уайын
Æз алы бон
Цæрдæг.
Уым хъазæнтæ
Фæкæсынц
Æнхъæлмæ
Æнæмæнг,
Кæсут ма,
Дæлæ бабыз
Мæ уындмæ
«Бапп» кæны
Мæ уарзон чындз Мæдинæ
Нæртон симды
Цæуы,
Мæнæ Хъилхъусы
«Гæпп гæпп».
Йæ царм у
Урс митау
Хъуысы мæм
Арсы богъ-богъ:
- Чи ракодта
Мæн хъал?
- Ног аз.
Ног аз циндзинад хæссы,
Фарны цæстæй нæм кæсы,
Йæ къæбиц бæркадæй дзаг,
Диссæгтæ, амонд дæттæг,
Бинонтæн – хъæлдзæгдзинад,
Фæсивæдæн – сæрæндзинад,
Сабитæн – лæвæрттæ хæссаг,
Æнхъæлцауæн – хъару дæттаг.
- Къоста.
Нары хъæу райгуырди
Иры Къоста,
Адæмы рыстытыл
Хæхты фыста.
Фæлæ дзы сабитæ
Нæ кодтой рох
Балæвар кодта сын
«Уасæг», «Гино»,
«А-ло-лай», «Лæскъдзæрæн»,
«Уалдзæг», «Цуанон»
Уарзынц сæ сабитæ,
Хистæр, бæлццон
Иры хъуыстгонд у
Йе стыр кады ном.
Арæм мах ацы бон
Къостайы ном.
- Фæззæг.
Сызгъæрин фæззæг
Æрлæууыд цæрдæг.
Лæвæрттæ дæттаг
Бæркæдтæ хæссаг.
Адæмæн – кувинаг,
Цъиутæн – уидзинаг,
Фосæн – холлаг,
Сырдтæн – мысинаг.
- Æрдзы афонтæ.
Урс кæрц дары
Нæм зымæг.
Уалдзæг – цъæхцæст
Æнæмæнг.
Сырх цухъаты
Вæййы сæрд
Сызгъæринау
Бур фæззæг.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Конспект занятия в средней группе "Весна. Признаки весны"
Итоговое занятие по аппликации в средней группе пе теме "Весна. Признаки весны"...
Конспект занятия по осетинскому языку "Нанайы цæхæрадоны"
В данном конспекте занятия по осетинскому языку "Нанайы цæхæрадоны" ведется работа по ознакомлению детей с временами года, с названиями овощей. Дети должны уметь давать полные ответы на...

Конспект занятия в старшей группе «Весна. Перелетные птицы» Конспект занятия в старшей группе «Весна. Перелетные птицы» Тема: «Весна. Перелетные птицы». Интеграция областей: познание, коммуникация, социализация. Программные задачи: 1. Активизировать слова
Конспект занятия в старшей группе «Весна. Перелетные птицы»Конспект занятия в старшей группе «Весна. Перелетные птицы»Тема: «Весна. Перелетные птицы».Интеграция обл...
Конспект занятия по осетинскому языку . Заучивание стихотворения А. Царукаева « Уалдзæг»
Темæ: Æмдзæвгæ «Уалдзæг» Цæрукъаты Алыксандр.Нысан: Зонгæ кæнын сывæллæтты ирон æмдзæвгæимæ, мнемо таблиццæйы фæрцы. мыртæ раст дзурын, фарстатæн æххæст дзуапп дæттын, баст ныхасыл кус...
Конспект занятия по осетинскому языку , Заучивание стихотворения А. Царукаева « Уалдзæг»
Темæ: Æмдзæвгæ «Уалдзæг» Цæрукъаты Алыксандр.Нысан: Зонгæ кæнын сывæллæтты ирон æмдзæвгæимæ, мнемо таблиццæйы фæрцы. мыртæ раст дзурын, фарстатæн æххæст дзуапп дæттын, баст ныхасыл кус...

Конспект ООД на осетинском языке "Зима"
Конспект по речевому пазвитию по теме "Зима" на осетинском языке...
- Мне нравится (1)


