Конспект занятия по осетинскому языку "Нанайы цæхæрадоны"
план-конспект занятия по развитию речи (старшая группа)

В данном конспекте занятия по осетинскому языку "Нанайы цæхæрадоны" ведется работа по ознакомлению детей с временами года, с названиями овощей. Дети должны уметь давать полные ответы на вопросы: Как? К кому? С кем? В процессе работы с детьми отрабатывается звук "хъ", а также вводится новая лексика

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл nana_tsaeh.docx48.37 КБ
PDF icon nana.pdf915.49 КБ

Предварительный просмотр:

Конспект занятия

по ознакомлению детей с осетинским языком на тему:

Воспитатель осетинского языка

МБДОУ детский сад №46 «Дюймовочка»

 комбинированного вида

Хетагурова Зарема Ногиевна


        Темæ: «Нанайы цæхæрадоны»

Нысан: Æрдзурын фæззæджы миниуджытыл. Фæуæрæхдæр кæнын сабиты зонындзинæдтæ халсарты тыххæй. Ахуыр кæнын æххæст, раст дзуæппытæ дæттын фарстатæн (Куыд? Кæмæ? Кæимæ?).  Мыр «хъ»-йыл дарддæр кусын.

ТСО:  интерактивная доска, проектор, магнитофон.

Дзырдуатон куыст: хъулон-мулон, тыллæг, æрæг фæззæг, нуры, нурыйы дæндаг, рæнхъыты нурытæ садзæм.

Æрмæг: Нывтæ, халсартæ, чыргъæд.

Улæфты минут: Зайы бæласыл фæткъуытæ.

Сюрприз: Бутæфорон нас.

Уыци-уыцитæ: Бæлас, нартхор, хъæдур, хурмæзилæг, хъонтхора, картоф, кæрдæг, хъæдындз, нас.

Æмбисæндтæ: 

- Фæззыгон бон афæдз дары.

- Уалдзыджы цы байтауай, уый фæззæджы æркæрддзынæ.

- Цæхæрадонæй куы ницы æрбахæссай, уæд æххормагæй сбаддзынæ.

- Куысты да хид куы нæ рацæуа, уæд æхсæвæр нæ бахæрдзынæ.

Ахуыры цыд:

1. ПАЛЬЧИКОВАЯ ГИМНАСТИКА:

Ацы æнгуылдз – дадайы

Ацы æнгуылдз – нанайы

Ацы æнгуылдз – мæ фыды

Ацы æнгуылдз – мæ мады

Фæндзæм у дадайы хо

Æхсæзæм – нанайы хо

Æвдæм у фыды æфсымæр

Æстæм у мæ мады  хо

Фарæстæм та хæрæфырт

Дæсæм та дæн мæхæдæг.

Хæстæджытыт уарзын.

2. ЗАГАДКА

Сывæллæттæ, байхъусут æмæ базонут:

Уæлæ рагъæй

Хъæумæ ракаст

Хъæумæ рараст

Бур куырæттджые

Бур раздарæн

Йæ астæуыл.

Раздарæнæй хурмæ худынц

Бур кæрдотæ

Сырх фæткъуытæ.

Базон, базон уый кæд вæййы.

Сабитæ: Уый вæййы фæззæджы.

Хъ. Цæмæй йæ базыдтат?

Сыв.: Уымæн æмæ фæззæг у бур-бурид, хъулон-мулон.

Хъулон-мулон фæззæг сахор ныр та мах

Сырх-сырхид нæ рустæ

Цъæх-цъæхид нæ къухтæ

Бур-бурид  нæ хъустæ.

Хъ. Сывæллæтæ, цавæр мыр хъусут ацы дзырты?

Сыв.: Хъæд, хъæумæ, хъустæ, хъулон (мыр Хъ)

Хъ. Абон уæдæ мах бакустдзыстæм мыр ХЪ-йыл.

Уæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнут цавæр ивддзинæдтæ æрцæуы æрдзы мидæг фæззæджы? Цæмæн хонынц бæркадджын фæззæг? Ахъуыды ма кæнут æмæ зæгъут кæд райдайы фæззæг?

Сыв.: Фæззæг райдайы сæрды фæстæ.

Хъ.: Раст зæгъут, сывæллæттæ, фæззæг райдайы сæрды фæстæ.

Сыв.:                                      Бонтæ згъорынц размæ

Дугъæттау цæрдæг

Сæрды фæстæ махмæ

Райдайы фæззæг.

Хъ.: Сывæллæттæ, сымах зонут цал мæйы ис фæззæджы?

Сыв.: Фæззæджы ис æртæ мæйы.

Хъ.: Ранымайут ма сæ, мæ къонатæ?

Сыв.: Рухæны мæй, кæфты мæй, Джеоргуыбайы мæй.

Хъ.: Сабитæ, рухæны мæйы та кæй бæрæгбон бæрæг кæнæм.

Сыв.: Зонындзинады бон æмæ хъомылгæнæджы бæрæгбон.

Хъ.: Кæфты мæйы та кæй гуырæнбон бæрæг кæнæм?

Сыв.: Хетæгкаты Къостайы.

Хъ. Æмæ сымах зонут чи уыди Къоста?

Сыв.: Фыссæг, нывгæнæг, ирон литературæйы бындурæвæрæг.

Хъ. Джеоргуыбайы мæйы та цавæр бæрæгбон бæрæг кæнынц Ирыстоны адæм?

Сыв.: Адæм фæззыгон куыстытæ куы фæвæйынц æмæ хъæздыг тыллæг куы сымбырд кæнынц, уæд скæнынц Джеоргуыбайы куывд.

Хъ.: Тынг раст зæгъут, сывæллæттæ! Цы ма зонут фæззæджы тыххæй?

Сыв.: Фæззæджы бæркад афæдз дары.

Цы байтауай уый æркæрддзынæ.

Куысты да хид куы нæ ракæла, уæд æхсæвæр адджынæн нæ бахæрдзынæ.

Хъ.: Бон фæцыбыр, уый та куыд æмбарут, сабитæ?

Сыв.: Изæры тагъд æрталынг вæййы. Æхсæв та ныддыргъ вæййы.

Хъ.: Цавæр ма у фæззæг, сывæллæттæ?

Сыв.: Бур-бурид, хъулон-мулон.

Хъ.: Раст зæгъут, сываллæттæ. Бон кæд фæцыбыр и, къæвда уары, уæддæр æрдз тынг рæсугъд ахорæнтæй ног даритæ скæны.

Фæззæг:                                         Уæ бон хорз, мæ хæлæрттæ!

Уæ бон хорз, нæ уазджытæ!

Тынг адджын у уæ уынд,

Хъæлдзæгæй, æнæнизæй

Бирæ мын цæрут!

Сыв.: Æгас цу! Табуафси сбад!

Сослан: Байрай, нæ бæркадджын сызгъæрин фæззæг!

Де`рбацыд тынг адджын, царды хос хæссæг!

Элина:                                        Рака-ма дæ рæттæ

Равдис-ма дæхи,

Махæн дæм лæвæрттæм

Ацы аз цы ис?

Фæззæг:                                             Æз мæ буц хъæбултæн

Никуы дæн æлгъин

Фæззæгæй цы домут

Мæ цы нæу йæ бар?

Ис мæнмæ æппæтдæр

Халсарæй, дыргъæй

Бур, мырх, цъæх сыфтæртæ

Се`ппæттæн зæгъæн дæр нæй!

Фæззæг сыфтæртæ калы æмæ дзуры: Лæппутæ æмæ чызджытæ, амбырд кæнут сыфтæртæ. Мæнæ цы диссаджы рæсугъд бæлæстæ ис! Чызджытæ, цавæр бæласы даритæ акодтат?

Чызджытæ: Фæткъуы бæласы даритæ.

Фæззæг: Куыд ма йæ хонынц?

Чызджытæ: Дыргъ бæлас.

Фæзæг: Лæппутæ, сымах та цавæр бæласы даритæ акодтат?

Лæппутæ: Тæгæр бæласы даритæ.

Фæззæг: Цавæр у сæ хуыз?

Лæппутæ: Сырх æмæ бур.

Фæззæг: Бузныг, сывæллæттæ, бæластимæ кусын уарзут, уый бæрæг у.

Сывæллæттæ, ныр мæн дард цæуын хъæуы, раст хохы цъупмæ – Хъобанмæ.

Сыв.: Кæмæ цæуыс?

Фæззæг: Нанамæ. Нанайы цæхæрадон бабæрæг кæнон. Сывæллæттæ, кæд уæ фæнды, уæд сымах дæр цомут мемæ.

Сыв.: Цæуæм, цæуæм!

Хъ.: Кæимæ цæут?

Сыв.: Фæззæгимæ!

Хъ.: Зонут, хохаг фæндæгтыл зын цæуæн у… Дуртæ дзы арæх тулынц. Доны сæрты хизын хъæуы, стæй хæхты зын цæуæн у, уæхи хъахъхъæнут, мæ къонатæ!

Сыв.: Хорз, хорз!

Хъ.:  Цæмæй нæ фæндаг цыбырдæр кæна, уый тыххæй заргæ цæуæм.

Зарæг. 

О, сыфтæртæ, рог сыфтæртæ

Цъæхтæ, буртæ, сырхытæ

Къалиутыл, бæрзонд бæлæстыл

Дымгæимæ хъазут.

Фæззæг, фæззæг – бур сыфтæ,

Ма кæнут сыбар-сыбур

Иуылдæр дзæбæх стут

Сабитæ уæ уарзынц!

О, фæззæг, бæркад фæззæг

Тынг аив дæ даритæ!

Бур кæрдотæ, сырх фæткуытæ

Бирæ уарзынц сабитæ!

Фæззæг, фæззæг – фаг дыргътæ

Цъæхтæ, буртæ, сырхытæ

Иуылдæр хæрзад стут

Сабитæ уæ уарзынц!

Хъуысы куыдзы рæйын, уасæджы уаст.

Хъ.: Мæнæ диссаг, куыд тагъд æрбахæццæ стæм Хъобанмæ.

Сыв.: Дæ бон хорз, нана!

Нана: Æгас цæут, æгас, мæ къонатæ! (цин сыл кæны). Мæнæ нæм цы дзæбæх уазджытæ æрбацыди. Кæцæй фестут, мæ къонатæ?

Сыв.: Дзæуджыхъæуæй. 46-æм рæвдауæндонæй.

Нана: Æмæ ма искуы уыдыстут Хъобаны?

Сыв.: Нæгъа, нæ уыдыстæм.

Арсен: Æз уыдтæн Хъобаны.

Нана: Кæимæ уыдтæ, мæ къона?

Арсен: Мæ мадимæ.

Нана: Кæмæ æрбацыдыстут, кæмæ?

Арсен: Мæ мады мадмæ – стыр бабу – Цицомæ.

Нана: Цы уæ фæнды фенын, мæ къонатæ?

Сыв.: Нана, цæхæрадон нын равдис, цы зайы цæхæрадоны…

Нана: Рауайут, рауайут, æмæ бакæсут æмæ базонат цы зайы нанайы цæхæрадоны.

Экранмæ гæсгæ дзурынц: картоф, цæхæра, къабуска, уырыдзы, булкъ, хъæдындз, сывдзы, джитъри, пъæмидор.

Хъ.: Иуылдæр иумæ куыд хуыйнынц, сывæллæттæ?

Сыв.: Халсартæ.

Хъ.: Сывæллæттæ, абон мах базонгæ уыдзыстæм ноджыдæр иу халсаримæ. Ракæсут-ма, ай у нуры,нуры дæр зайы хуымы. Нуры ныссадзынц æрæгвæззæджы. Æнæхъæн зымæг зæххы бын фынæй фæкæны, уалдзæг та рæсугъд цъæх-цъæхид сыфтæ суадзы. Сæрдмæ сцæттæ вæййы.скъахынц æй, бахуысæй кæнынц æмæ æнæхъæн афæдз уазал ран бавæрынц. Нурыйæн йæ хуыз у фæздæгхуыз, урс. Ис ын дæндæгтæ. Судзаг халсар у, фæлæ тынг пайда у. Дæндæгтæн дæр, хъуыртæн дæр, зæрдæйæн дæр. Нурыйы ис тынг бирæ витаминтæ. Нуры цы хæринагыл ныккæнай, уый у хæрзад: дзидзайы хæринаг, фыдджынтæ, нуры цæхдон, цæхджынтæ æнæ нурыйæ ницы ад кæнынц.

Сывæллæтæ, ахъуыдыма кæнут æмæ зæгъут цы хъæуы нурытæ цæмæй хуыздæр зайой, уый тыххæй?Уæдæ абон та мах аххуыс кæндзыстæм Нанайæн нурытæ сазынмæ. Ракæсут-ма сывæллæтæ, ай у фæлмæн зæхх. Райсæм-ма халамæрзæн, белтæ. Сабитæ, раздæр уал скæнæм рæсугъд рæнхъытæ. Ныр та рæнхъыты садзæм нурытæ. Цы ис нурыйæн, сывæллæттæ (дæндæгтæ). Раст зæгъут нурыйы дæндæгтæ Иугай-дæндаггай рæнхъыты садзæм нурытæ, кæрæдзимæ тынг хæстæг куы нæ уой, афтæ. Ракæсут-ма. Чызджытьæ рауайут-ма, асадзæм. Лæппутæ рауайут-ма, сымах дæр асадзут нурытæ. Тынг хорз, ныр та райсут халамæрзæнтæ æаме нурытæ дзæбæх, арф амбæрзæм зæххæй, цæмæй зымæджы ма ныссæлой. Ныр та сыл дон акæнæм. Сывæллæттæ, нæ нурытæ уалдзæджы дзæбæх хур куы `ртава, уæд цъæх-цъæхидей сзындысты.

Нана: Бузынг, сывæллæттæ. Абон мын тынг аххуыс кодтат цæхæрадоны. Цы хъæуы, мæ къонатæ, цæмæ нурытæ дзæбæх сзайой?

Сыв.: Дон, хур, фæлмæн зæхх, сæ кæрдæг тонын хъæуы. Иу ныхасæй – зилын сæм хъæуы.

Хъ.: Сывæллæтæ, халсартæ æнæхсадæй ис хæрæн?

Сыв.: Нæгъа, хъæуы сæ æхсын.

Хъ.: Сывæллæттæ, ахъуыды ма кæнут, ацы халсартæй цы саразæн ис?

Сыв.: Салат, борщ, насджынтæ, къабускаджынтæ, зымæгмæ цæхджынтæ æмæ соктæ.

Хъ.: Бузныг, афтæ хорз кæй зонут цæхæрадоны халсартæ. Рауайут, ныр та ахъазæм:  

«Хъахъхъæнæг».

Зайынц бæласыл æнгуызтæ

Хуымы та харбызтæ

Зайынц бæласыл фæткъуытæ

Хуымы та уырыдзы.

Уырыдзытæ, мæймæ булкъ,

Нурытæ, хъæдындзтæ

Мах дæ размæ куы æрбацæуæм

Уæд нæ иу æрцахс.

Нана: Мæнæ цы цæрдæг сывæллæттæ ис, ахсын дæр нæ комынц!

Хъ.: Дарддæр мах нæ куыст кæнæм.

Хъазт «Иу æмæ бирæ»

Хъ. Сывæллæттæ, ныр та аив абадæм æмæ уыци-уыцитæ радзурæм.

Фæззæг: Сывæллæттæ, уыцитæ та базондзыстут. Уыци-уыци, уый та циу?

Йæ  лæппынтæ дæлдзæхы

Йæ дидинтæ уæлдзæхы. (картоф).

Зилынмæ нæ кæны зивæг

Хуры фæдыл (хурмæ зилæг).

Нанайы  цæссыгтæ кæлынц

Цæй тынг судзаг у, цæ (хъæдындз).

Фаг уыдзæн нæ фосæн хор

Бирæ нæм æрзад (нартхор).

Хъ.: Бузныг, фæззæг! Нæ сабитæ дæр тынг бирæ уыци-уыцитæ зонынц.

Фæззæг: Табуафси!

Сыв.:                                 Уалдзæг цъæх даритæ скæны

Фæззæг та йæ бур даритæ акалы (бæлас).

Урсытæ, дзыгъуыртæ

Саутæ æмæ буртæ

Замманай фæрдгуытæ

Ног `згъæлд (хъæдуртæ).

Йæ дидинæг – коцора

Хæрздæф кæрдæг (хъонтхора).

Зымæг дæлæмæ

Уалдзæг та уæлæмæ (кæрдæг).

Хъ.: Нана, ракæс-ма дæ халсæртæ цæййас ныиисты, цæйас?

  1. Æз уырыдзы дæн, уырыдзы

Бафæрсут ма дзы нанайы

Арувы мын уый мæ зæхх,

Сабийæ кæнын къæдзæх.

Сты мæ хорзæхтæ уæрæх

Низтæ акæнын дзæбæх.

  1. Дзадджын къабускаджын

Зонут цы у уый?

Уый кæнынц мæнæй.

Уæдæ гæлубцитæ

Борщ, салаттæ.

Цæхджынæй та мын æмбал кæм ис?

3.  Йæхицæй чи нæ раппæлы?

Къабускаджын… Цæрвджын картофджыны раз

Чи хæры?

Уымæй уæлдай картофæй физонæг…

Фæлмæн пюре, катлеттæ.

Сывæллæттæ, картофæй фри уарзут?

(О, о, о).

4. Æз цæхæра дæн цæхæра,

Лæг ма хуыздæр цы хæра?!

Цæхæраджын футæгæй

Амардтай мæ худæгæй!

5. Рæсти хуыма иу къуыри

Цъæх сыфтæрты `хсæн

Цъæх-цъæхид стыр джитъри

Мæ цонджы дæргъæн.

6. Нæ кауæй æркасти

Нæ уынгмæ нæ нас,

Бындар фæуа уастæн

Цæйас у, цæйас?!

7. Сырхфарс, рæсугъд пъæмидор

Бæркадджын у мæ уынд

Кæй зæрдæмæ нæ цæуын

Уый Джызæлы никуы уыд?

Мæ рустæ тыбар-тыбур кæнынц

Мæ уындмæ адæммæ хæрын æрцæуы.

Мæ витæминтæ сæ быны акæнынц

Алыхуызон микробты

Æмæ сæ цъыс-цъыс ссæуы

Уæдæ мæ сокæй нуаз æмæ нуаз!

Дохтыр: О, мæ буц хæлсартæ, ма кæнут быцæу

Иууылдæр хъæугæ стут, иууылдæр пайда стут

Уеппæт дæр хæрзад стут

Сабитæ уæ уарзынц!

Уæлдайдæр та витаминтæ!

Нана: Мæнæ диссаджы сывæллæттæ, цас зонынц, цас! Стыр бузныг, дзæбæхæй байрæзут! Рауайут-ма! Мæнæ уын æрцæдтæ кодтон чысыл лæвæрттæ æмæ сæ  амбырд кæнæм.

Сыв 1.: Дæумæ цы ис?

Сыв 2.:  Мæнмæ ис уырыдзы.

Сыв 3.: Мæнмæ та нас.

Хъ.: Сывæллæттæ, афонмæ нæм рæвдауæндоны æнхъæлмæ кæсынц. Бузныг зæгъæм  нанайæн æмæ нæ фæндаг дарддæр кæнæм.

Сыв.: Хæрзбон!

Нана: Фæндараст! Абарæг та иу мæ кæнут!

Зарæг «Фæззæг» (рэп):

Фæззæг,  фæззæг æрцыди

Ракæсут йæ бæркадмæ.

Райсут-ма уæ чыргъæдтæ

Афснайæм нæ дыргъдæдтæ!

Тагъд æрцæудзæн зымæг дæр

Мах цæттæ стæм алкæддæр

Дзаг сты нæ хордæттæ

Бирæ-бирæ хорз хортæй.

Хъ.: Сабитæ, абадут ма аив мæ цуры. Кæм уыдыстут, мæ къонатæ? Цы куыстат нанайы цæхæрадоны? Цы фæцыдис уæ зæрдæмæ? Нанайы цæхæрадоны цы зайы? Иу хатт ма зæгъæм сывæллæттæ: хъæдур, хъæдындз, хъонтхора, хъахъхъæнæг, хъулон-мулон хъæд, Хъобан. Фылдæр уæ зæрдæмæ цы фæцыди? Мæнæн дæр абон тынг фæцыди мæ зæрдæмæ Фæззæг, сывæллæттæ куыд хорз дзуапп лæвæрдтат, Нанайы цæхæрадон, куыд дзæбæх хъазыдыстут. Дзæбæхæй байрæзут æмæ арфæцаг ут! Ныр та нæ уазджытæм зæгъæм хæрзбон. Ма нæ рох кæнут, абарæг та иу нæ кæнут!

Сюрприз. Райсут фæззæджы лæвар.


Предварительный просмотр:

По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Конспект открытого занятия в подготовительной к школе группе Конспект открытого занятия в подготовительной к школе группе Конспект занятия в подготовительной группы педагога-психолога со слабослышащими детьми

Дата проведения:  21  февраля  2012  г. Участники:   дети подготовительной группыПроводит:  педагог-психолог Панова  М.М.Цель:способствовать формиров...

Конспект комплексного занятия по математике и конструированию во второй младшей группе Конспект комплексного занятия по математике и конструированию во второй младшей группе Конспект занятий

Познакомить детей с числом и цифрой 6.Совершенствовать навыки счета и сравнения совокупностей предмета.Формировать умение детей различать понятия вчера, сегодня, завтра.Закреплять знания о геоме...

Конспект занятия по осетинскому языку . Заучивание стихотворения А. Царукаева « Уалдзæг»

Темæ: Æмдзæвгæ «Уалдзæг» Цæрукъаты Алыксандр.Нысан: Зонгæ кæнын сывæллæтты ирон æмдзæвгæимæ, мнемо таблиццæйы фæрцы. мыртæ раст дзурын, фарстатæн æххæст дзуапп дæттын, баст ныхасыл кус...

Конспект занятия по осетинскому языку , Заучивание стихотворения А. Царукаева « Уалдзæг»

Темæ: Æмдзæвгæ «Уалдзæг» Цæрукъаты Алыксандр.Нысан: Зонгæ кæнын сывæллæтты ирон æмдзæвгæимæ, мнемо таблиццæйы фæрцы. мыртæ раст дзурын, фарстатæн æххæст дзуапп дæттын, баст ныхасыл кус...

Конспект занятия на тему "Права ребенка" ( на осетинском языке)

Конспект занятия на тему "Права ребенка" ( на осетинском языке)...

Конспект занятия на тему "Развития речи в процессе игровой деятельности" ( на осетинском языке)

Конспект занятия на тему "Развития речи в процессе игровой деятельности" ( на осетинском языке)...