Ирон æзаджы конспект «Уæлахизы бон»
план-конспект занятия (подготовительная группа)

Нод "9 мая"

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл iron_aezadzhy_konspekt_9_maya.docx699.17 КБ

Предварительный просмотр:


 

Ирон æзаджы конспект

«Уæлахизы бон»

Хъомылгæнæг: Хабæты Индирæ

УÆЛАХИЗЫ БОН

Хъомылгæнæг: Хабæты Индирæ


НЫСАНТÆ: - сабиты зæрдыл æрлæууын кæнын, Майы мæйы цы стыр бæрæгбоныл сæмбæлынц æппæт Уæрæсæйы адæмтæ, уый; æрдзурын хæстон цауты тыххæй; разæнгард кæнын сабиты, цæмæй хæсты хъæбатырты нæмттæ зоной;

ахуыр кæнын лæмбынæг хъусыныл, фæрстытæн æххæст дзуаппытæ дæттыныл; рæзын кæнын сабиты хъуыдыкæнынад æмæ мысæнуат;

- сæ Райгуырæн бæстæйæ сæрыстыр куыд уой, хæсты ветерантæн кад æмæ æгъдау куыд дæттой, сабиты афтæ хъомыл кæнын.

ДЗЫРДУАТ: знаг, хæст, Уæлахизы бон, хæсты ветеран, хæсты хъайтартæ, цыртдзæвæн, монумент, Æнусон арт, салют, немыцаг фашисттæ.

АРХАЙÆН ФÆРÆЗТÆ: компьютер, проектор, экран, къамтæ æмæ нывтæ хæстон тематикæйæ; аудиофыттæ «Уынджы зæлтæ», «Хæсты зæлтæ», зарæг «День Победы»; хæстон цыртдзæвæнты къамтæ; видеоролик «Бæрæгбоны салют».

РАЙУАРИНАГ ÆРМÆГ: цӕскӕмтты нывтӕ, алы эмоцитӕ ӕвдыст кӕуыл цӕуы, ахӕмтӕ (хъӕлдзӕг,ӕнкъард, тарстхуыз); цыртдзæвæнты хуызистытæ цалдæр хайыл лыгтæй; хъæбæр сау гæххæт; цыргъбырынкъ къæцæлтæ;

РАГАГЪОММÆЙЫ КУЫСТ: бакæсын сабитæн хæстон тематикæйымæ баст æмдзæвгæтæ, радзырдтæ. Бамбарын кæнын зарæг «День Победы»-йы ныхæсты мидис. Радзурын сын нæ ирон сгуыхт æфсæддонты тыххæй, равдисын сын сæ къамтæ. Равдисын хæстон цыртдзæвæнты къамтæ, радзурын сабитæн кæм лæууынц æмæ кæй кадæн арæзт æрцыдысты, уый.

АХУРТЫ ЦЫД

  1. Психогимнастикӕ.

- Сабитӕ, тынг ӕхсызгон мын у уӕ уынд! Цавӕр зӕрдӕйы уаг уын ис?

- Ӕрлӕууӕм иумӕ ӕмӕ кӕрӕдзийӕн салам раттӕм. Уӕ райсом хорз! (Ӕгас цу!)

- Ныр та алчи йӕхицӕн раттӕд салам.

Иумӕ дзурынц

Ӕгас цӕут, мӕ къухтӕ, - къӕрцц, къӕрцц, къӕрцц.

Ӕгас цӕут , мӕ къӕхтӕ, - тъупп, тъупп, тъупп.

Ӕгас цӕут, мӕ рустӕ, - цъыкк, цъыкк, цъыкк.

Ӕгас цӕут, мӕ былтӕ, - сыпп, сыпп, сыпп.

Ӕгас цӕут, мӕ дӕндӕгтӕ, - хъыс, хъыс, хъыс.

Ӕгас цӕуай, мӕ гыццыл фындз, - бипп, бипп, бипп.

Мӕ хорз хӕлар, ӕгас цӕуай! Дӕ мидбылты мӕм бахуд цӕй!

- Ӕрхӕцӕм кӕрӕдзийы къухтыл. Кӕрӕдзийӕн бахай кӕнӕм нӕ хъармдзинад ӕмӕ нӕ хорз зӕрдӕйы уаг. Нылхъивут кӕрӕдзийы къухтӕ. Цы банкъардтат?

  1. Дидактикон упражнении «Дзырдтӕ цавӕртӕ вӕййынц?»

- Сабитӕ, кӕрӕдзийымӕ ныхас кӕнгӕйӕ, мах фӕзӕгъӕм тынг бирӕ дзырдтӕ. Уыдон вӕййынц алыхуызон.

- Цӕй ӕмӕ уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут истыхуызон «адджын» дзырдтӕ (къафетт, мӕнӕргъы, галӕрыскъӕф, тъорт, шоколад…)

- Ныр та ӕрхъуыды кӕнут «хъӕлдзӕг» дзырдтӕ (бӕрӕгбон, лӕвӕрттӕ, цирк, худт, хъазт).

- Тынг хорз! Мӕнӕ нӕ разы цы цӕскӕмтты нывтӕ ис, уыдоны ӕхсӕнӕй ма равзарут кӕй ранымадтат, уыцы дзырдтӕм бабӕзгӕ цӕскомы ныв.

- Цавӕр цӕском равзӕрстам? (хъӕлдзӕг). Цӕмӕн?

- Сабитӕ, дзырдтӕ «ӕнкъард» дӕр вӕййынц. Афӕлварут-ма ахӕм дзырдтӕ ӕрымысын (цӕссыг, низ, укол…)

- Нӕ цӕскӕмтты ӕхсӕн та ссарӕм бабӕзгӕ ныв. Кӕцы цӕском равзӕрстам? (ӕнкъард). Цӕмӕн?

- Иттӕг раст загътат. Фӕлӕ ма ӕркӕсут, нӕ нывты ӕхсӕн ма баззад цавӕрдӕр цӕском. Равдисут ма йӕ. Цавӕр у ацы цӕском? (тарстхуыз).

- Цымӕ цӕмӕн, куыд хъуыды кӕнут?

- О, дзырдтӕ сты тынг бирӕ. Се ́ хсӕн ис тӕссаг дзырдтӕ дӕр. Фӕлӕ ис иу дзырд, кӕцы у ӕппӕт дзырдтӕй тӕссагдӕр. Уыцы дзырд у «хӕст».

- Цымӕ цӕмӕн у ацы дзырд ахӕм тӕссаг ӕмӕ ӕбуалгъ?

- Байгом ма кӕнӕм рудзынг.

Хъуысы аудиофыст «Уынджы зӕлтӕ»

- Цы хъусӕм, цавӕр зӕлтӕ нӕм тӕхы уынгӕй? (цъиуты цъыбар-цъыбур, дымгӕ сыфтӕртӕй хъазы ӕмӕ уыдон сыр-сыр кӕнынц, машинӕтӕ цӕуынц)

- Раст. Уыдон сты сабырдзинады зӕлтӕ. Бирӕ азты размӕ уыдис мӕнӕ абоны хуызӕн хъарм, райдзаст ӕмӕ хурбон. Фӕлӕ… ӕвиппайды адӕм базыдтой кӕй райдыдта хӕст.

Экраныл цӕуынц нывтӕ

- Ӕрбатахтысты хӕдтӕхджытӕ, ӕрбабырстой танктӕ, ӕрбацыдысты знаджы салдӕттӕ хӕцӕнгарзимӕ. Ӕмӕ бӕстӕ уайтагъд аивта. Ныр алы адӕймаг дӕр йӕ алыварс хъуысты бынтон ӕндӕр зӕлтӕ…

Хъуысы аудиофыст «Хӕсты зӕлтӕ»

- Цӕуынц уӕ зӕрдӕмӕ ацы зӕлтӕ?

- Уыдон сты тӕссаг хӕстон зæлтӕ. Цы ӕнкъарут уыдонмӕ хъускӕйӕ? Уӕ цӕстытыл цы ауайы? (салдӕттӕ тох кӕнынц, рацыд нӕмгуыты зӕй, алы ран – срӕмыгъдтӕ)

Экраныл - тохы нывтӕ

- Немыцаг фашисттӕ нӕ Райгуырӕн бӕстӕмӕ ӕрбабырстой, ӕмӕ адӕм растадысты йӕ бахъахъхъӕнынмӕ. Нӕлгоймӕгтӕ хӕстмӕ ацыдысты. Сылгоймӕгтӕ, зӕрӕдтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ та баззадысты. Уыдон салдӕттӕн ӕххуыс кодтой, куыстой быдырты, фабрикӕты ӕмӕ заводты. Уӕрӕсейы ӕмӕ нӕ Ирыстоны дӕр ахӕм бинонтӕ бирӕ нӕй, хӕстон кӕй хӕдзарӕй нӕ ацыд; бирӕ адӕм фӕмард хӕсты, нал сыздӕхтысты сӕ райгуырӕн къонатӕм.


  1. Дидактикон хъазт «Ӕрӕмбырд кӕн цыртдзӕвӕны хуызист»

- Сабитӕ, уӕ размӕ ис хицӕн гӕххӕтты лыггӕгтӕ. Уӕ хорзӕхӕй, бацархайут, ӕмӕ сӕ саразут ӕнӕхъӕн нывтӕ. Кӕддӕра сыл цы фендзыстӕм?

Сабитӕ ӕххӕст кӕнынц хӕслӕвӕрд

- Цавӕр нывтӕ рауад нӕ лыггӕгтӕй? (цыртдзӕвӕнты къамтӕ)

- Ӕмӕ, цымӕ кӕмӕн арӕзт ӕрцыдысты ацы цыртдзӕвӕнтӕ? (хӕсты цы хъӕбатыртӕ фӕмард, уыдоны кадӕн)

- Цӕуыл тох кодтой адӕм? (адӕм тох кодтой сӕ Райгуырӕн бӕстӕйы сабырдзинадыл)

Уый фӕстӕ дзурынц алы цыртдзӕвӕны тыххӕй дӕр (кӕм лӕууы, кӕй кадӕн арӕзт ӕрцыд). Кӕцыйы кой фӕкӕнынц – уый хуызист ӕвдыст цӕуы экраныл.

Алагиры мемориал «Танк Т-34». Арӕзт ӕрцыд Алагиры хӕстонтӕй чи фӕмард, уыдоны кадӕн.

Алагиры Петр Гужвины номыл цыртдзӕвӕн.

- Байхъусут Уырымты Петяйы ӕмдзӕвгӕмӕ «Цырты раз»

Нӕ сыхӕй заргӕ карз тохмӕ фӕцыд,

Фӕлӕ фӕцух ӕнахъомӕй ӕмгӕрттӕй,

Кӕйдӕр зӕххыл ныр сыстади йӕ цырт.

Сӕрибарыл ныггуыпп ласта йӕ зӕрдӕ…

- Ацы ӕмдзӕвгӕйы ныхӕстӕ дзурӕг сты, нӕ Иры зӕххыл, нӕ ирон адӕмы сӕрыл йӕ цард чи радта, уыцы хӕстон, дард Уӕрӕсейы цӕрӕг Петр Гужвиныл. Уый йӕ цард нӕ бавгъау кодта, цӕмӕй мах абон ӕдасӕй цӕрӕм нӕ зӕххыл. Немыцаг хӕцӕнгӕрзты нӕмгуытӕй нӕ фӕтарст, йӕ цард радта, цӕмӕй мин адӕймаджы ӕгасӕй баззадаиккой, уый тыххӕй.

Гӕздӕнты авд ӕфсымӕры цыртдзӕвӕн Дзуарыхъӕуы.


- Цы хуызы арӕзт у цыртдзӕвӕн, цы уынӕм? (зӕронд ныййарӕг мад сӕркъулӕй лӕууы айнӕг къӕдзӕхы рӕбын. Йӕ сӕрмӕ та уӕларвы тӕхынц авд хърихъуппы)

- Чи сты уыцы хърихъуппытӕ, кӕй ӕвдисынц? (уыдон ӕвдисынц Гӕздӕнты авд ӕфсымӕры, кӕцытӕ хъӕбатырӕй фӕмард сты хӕсты быдыры)

- Гӕздӕнты ныййарӕгӕй уӕлдай ма Ирыстоны тынг бирӕ мадӕлтӕ нал федтой сӕ хъӕбулты. Иу хӕдзарӕй иу ацыдысты цыппӕргай, фӕндзгай, ӕхсӕзгай, ӕвдгай ӕфсымӕрӕй, ӕмӕ иу сӕ иу дӕр нал сӕмбӕлд йӕ райгуырӕн къонайыл.

Дзӕуджыхъӕуы Плиты Иссӕйы цыртдзӕвӕн.

- Кӕй кадӕн арӕзт ӕрцыд ацы цыртдзӕвӕн ӕмӕ кӕцы ран и?

- Чи у Плиты Иссӕ, цӕмӕй басгуыхт? (Плиты Иссӕ у номдзыд хӕстон инӕлар. Тохы рӕстӕг йӕхи равдыста хъӕбатыр ӕмӕ ӕдасӕй. Хӕсты фӕстӕ сӕрӕгасӕй ӕрыздӕхт Ирыстонмӕ. Йӕ номӕй Алагиры схуыдтой уынг)

- Кӕй ма зонут Ирыстоны хӕстон хъайтартӕй? (Дзугаты Ибрагим, Хетӕгкаты Георги,Абайты Æхсарбег, Тогъуызты Хъауырбег, Бутаты Георги…)

Ӕнӕном салдаты цыртдзӕвӕн Мӕскуйы.

- Ацы цыртдзӕвӕн та кӕм ис? (Мӕскуыйы)

- Ӕмӕ куыд хуыйны? (Ӕнӕном салдатӕн)

- Раст, мӕ хуртӕ. Цӕмӕн хуыйны афтӕ, «Ӕнӕном салдатӕн»? (сабиты дзуаппытӕ)

- Байхъусут Цӕрукъаты Валодяйы тӕлмацгонд ӕмдзӕвгӕмӕ.

Кӕмӕй уыд, кӕцон уыд,

Кӕм бӕсты цӕрӕг,

Уырыссаг, ирон уыд, -

Нӕу уый дӕр бӕрӕг.

Нӕ бӕсты сӕраппонд

Уый райста мӕлӕт,

Цӕмӕй нӕм уа абон

Ӕнӕмаст цӕуӕт.

Ӕмӕ йӕ кӕд хонӕм

Ӕнӕном салдат,

Уӕддӕр ӕй мах зонӕм,

Кӕмӕн кӕнӕм кад…

- Сабитӕ, чи уӕ куыд ӕнкъары ацы ӕмдзӕвгӕ?

- Сывӕллӕттӕ, хӕсты цы хъӕбатыртӕ фӕмард, уыдоны кадӕн судзы Æнусон арт. Цымӕ цӕмӕн хуыйны афтӕ? (сабиты дзуаппытӕ)

- Сабитӕ, уӕ хорзӕхӕй, ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ ссарӕм зынгхуыст хӕстонты рухс ном.

Райхъуыст метроном, иууылдӕр сыстадысты, ӕдзӕмӕй лӕууынц.

- Бузныг, мӕ хуртӕ, сбадут.

- Нӕ хӕстон хъайтарты нӕмттӕ цӕмӕй рохуаты ма уой, уый тыххӕй сын сӕ номыл байгом кӕнынц цыртдзӕвӕнтӕ, сӕ кадджын нӕмттӕ хӕссынц нӕ уынгтӕ, проспекттӕ, фӕзтӕ ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

  1. Змӕлгӕ хъазт «Ӕхсӕзазаздзыд салдат»

- Сабитӕ, уӕлдайдӕр – лӕппутӕ, фӕнды уӕ ӕфсӕддонтӕ суӕвын?

- Ӕмӕ цавӕр хъуамӕ уа ӕфсӕддон? Алчидӕр уӕ иу дзырд ӕрхъуыды кӕнӕд. (ныфсджын, цытджын, кадджын, тыхджын, хъайтар, намысджын, ӕдас, хъӕбатыр, ныфсхаст, ӕнӕбасӕтгӕ)

- Тынг хорз! Цӕй, уӕдӕ уӕ цӕмӕй сомбон ахӕм ӕфсӕддонтӕ рауайа, уый тыххӕй уӕхи хъуамӕ сабибонтӕй цӕттӕ кӕнат. Ныртӕккӕ ӕз дзурдзынӕн ӕмӕ ӕвдисдзынӕн архайд, сымах та мӕ фӕзмут.

1, 2, 3, 4 – салдат цӕуы, салдат цӕуы.

1, 2, 3, 4 – салдат лӕууы, салдат лӕууы.

1, 2, 3, 4 – салдат згъоры, салдат згъоры.

1, 2, 3, 4 – салдат бады, салдат бады.

1, 2, 3, 4 – салдат хӕры, салдат хӕры.

1, 2, 3, 4 – салдатыл ́ хсӕз азы цӕуы.

- Иттӕг хорз сӕххӕст кодтат уӕ хӕс!

  1. Уӕлахизы боныл ныхас

- Сабитӕ, уе ́ ргом экранмӕ раздахут. Цы уынут? (сабитӕ ӕрбацыдысты цыртдзӕвӕнмӕ, сӕ къухы дидинджытӕ)

- Раст. Ӕмӕ цымӕ кӕд ӕрбацыдысты цыртдзӕвӕнмӕ? (Уӕлахизы бон, 9 Майы)

- Иттӕг раст. Уымӕн ӕмӕ бирӕ азты размӕ, 1945 азы 9 майы, нӕ салдӕттӕ знӕгтыл фӕуӕлахиз сты, бахъахъхъӕдтой ӕппӕт дунейы сабырдзинад. Ирыстоны ис тынг бирӕ хъӕбатыртӕ, сӕ хъӕбатырдзинадӕй нӕ Ирыстоны кад бӕрзонд систой. Уыдон уыдысты Фыдыбӕстӕйы хъахъхъӕнджытӕ. Сабитӕ, куыд ӕмбарут дзырд «ФЫДЫБӔСТӔ»(сабиты дзуаппытӕ)

- Куыд ӕмбарут ӕмбисонд «Фыдыбӕстӕ мад у – хъахъхъӕнын ӕй зон»?

- Зӕгъӕм-ма иумӕ ӕмбисонды ныхӕстӕ (дзурынц ӕмхъӕлӕсӕй 2 хатты)

- Уӕлахизы бӕрӕгбон хонынц цӕссыгӕй ӕхсад бӕрӕгбон. Цӕмӕн? (уымӕн ӕмӕ уыцы хӕсты фӕмард тынг бирӕ адӕм)

- Ӕмӕ куыд бӕрӕг кӕнынц ацы бӕрӕгбон? (ветерантӕн арфӕ ракӕнынц, скӕнынц сын лӕвӕрттӕ, лӕвар сын кӕнынц дидинджытӕ, рацӕуынц парадмӕ, бацӕттӕ кӕнынц равдысттӕ, концерттӕ, цыртдзӕвӕнтӕм дидинджытӕ ахӕссынц, изӕрӕй та фенӕн вӕййы бӕрӕгбоны салют).

- Зӕгъут-ма, цавӕр цӕстӕй кӕсын хъӕуы хӕсты ветерантӕм? (хъӕуы сын кад кӕнын, ӕгъдау дӕттын, ӕххуыс кӕнын)


  1. Уӕлахизы салют

Хъуысы Тухмановы зарӕг «День Победы»-йы аудиофыст

- Сабитӕ, лӕмбынӕг байхъусут ӕмӕ зӕгъут, куыд хуыйны ацы зарӕг?

- Раст загътат. Ацы зарӕджы зӕлтӕм хъусгӕйӕ мах ныртӕккӕ сныв кӕндзыстӕм Уӕлахизы салют. Фӕнды уӕ? Уӕдӕ стъӕлттӕм хӕстӕгдӕр бабадут. Уӕ размӕ ис гӕххӕттытӕ. Цы хуызӕн сты? (сау)

- Чи мын ӕй зӕгъдзӕн, сау цӕмӕн сты? (уымӕн ӕмӕ салют вӕййы ӕхсӕвыгон. Ӕхсӕв та арв сау вӕййы)

- Иттӕг раст! Цӕй уӕдӕ, райдайут.


Хъомылгӕнӕг амоны куысты фӕтк. Сабитӕ «граттаж» техникӕйӕ пайда кӕнгӕйӕ ныв кӕнынц салют. Ӕмрӕстӕджы экраныл цӕуы видеоролик «Уӕлахизы салют»


  1. Хатдзӕг

- Нӕ фембӕлд кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Уе ́ ппӕт дӕр тынг хорз архайдтат.

- Цавӕр бӕрӕгбоныл дзырдтам абон?

- Цӕмӕн у афтӕ зынаргъ ацы бӕрӕгбон?

- Уӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы фӕцыди?

- Стыр бузныг, сабитӕ. Нӕ иннӕ фембӕлдмӕ!

Заведующий                                                                                            Д.С.Гусова


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Проект Къоста-ирон адæмы цырагъдар

Жизнь и творчество Коста!...

Ирон дараес (осетинский костюм)

Знакомство с осетинским национальным костюмом...

Собрание – практикум ТЕМА: Привлечение родителей в работу проекта «Аудиопутешествие в мир сказок». Работа по приложению « ИРОН ЧИНЫГ». Заучивание стихотворения с помощью мнемотехники.

Родной язык   - хранилище мудрости и памяти. Язык хранит все это богатство и делает его доступным не только для нынешнего поколения, но и для будущего. «Пока жив язык народный в устах народ...

Гом ахуыры конспект " Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021"

Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021...