Къостайы барагбон
план-конспект занятия (подготовительная группа)

Плиева Альбина Эльбрусовна

Къоста - нæ КАД æмæ нæ зарæг

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл kostayy_baeraegbon_2023.docx165.54 КБ

Предварительный просмотр:

МУНИЦИПАЛОН ПАДДЗАХАДОН РǼВДАУǼНДОН №7

КЪОСТА - НÆ КАД ÆМÆ НÆ ЗАРÆГ

Бацаттæ кодта:

ирон æвзаджы хъомылгæнæг

Плиты Альбинæ

2023 аз

Бацæттæгæнæн къорд.

Хъуысы Хъуыбадыйы мелоди. Агъуысты бады Хъуыбады хъисынфæндырæй цæгъды.

Хъомылгæнæг:

Сæрдæй,зымæгæй

Гуыбыр, тызмæгæй

Йæ кæрцы мидæг,

Ныхасы бады

Зæронд Хъуыбады

Нæ фæндырдзæгъдæг.

(æрбатагъд лæппу æмæ йæ цуры алæууыд).

Сывæллон: Дæ бон хорз!

Хъуыбады: Дзæбæхæй байрæз!

Кæй фырт дæ?

Толлайы.

Кæм уыдтæ?

Скъолайы

Алы бон дæр дзы вæййын

Фæкæсын Абетæ

Фæфысын Беветæ

Ахуыр кæнынмæ бæлын.

Сывæллон: Къоста бирæ æмдзæвгæтæ ныффыста сывæллæттæн. Мах ма ноджыдæр зонæм æмдзæвгæтæ. Ме мбæлттæм дæр фæдзурон?

Хъуыбады: Фæдзур, фæдзур мæ къона.

(Сывæллæттæ æрбацыдысты).

Сывæллæттæ: Уæ райсом хорз!

Хъуыбады: Кæй райсом у, уый хорзæх уæ уæд!

Хъомылгæнæг: Æгас цæут сабитæ. Фæрнæй дзаг ут нæ зынаргъ уазджытæ!

Сывæллæттæ, абон махмæ нæ бæрæгбонмæ æрбацыд уазæг. Йæ ном хуыйны Хъуыбады. Зæгъут- ма, цавæр бæрæгбон бæрæг кæнæм абон?

Сывæллæттæ: Хетæгкаты Къостайы гуырæнбон.

Хъомылгæнæг: Раст загътат, Хъуыбады зыдта Къостайы æмæ йæ фæнды базонын абон сывæллæттæ куыд зонынц Къостайы цард, йæ æмдзæвгæтæ. Сывæллæттæ, радзурæм ма уæдæ Къостайыл æмдзæвгæтæ.

Табуафси Самирæ.

Нæ Иры фæссивæд! Къостайыл ныззарæм.

Ирон лæг кæй уарзы фылдæр

Нæ хуыздæр ныхæстæй, йæ хорз ном ыссарæм

Уый махæн æгас у ныр дæр.

Табуафси  Алан.

Ныззарæм фæссивæд нæ Къостайы кадæн

Кæнæд йæкой арæх кæстæр.

Сæрæнгуырдтæ цас и Ирыстонæн – Мадæн

Къоста у сæ тæккæ лæгдæр.

Хъомылгæнæг: Ныр та азардзыстæм Къостайыл зарæг.

(Хъуыбады сбад сывæллæттимæ).

Хъомылгæнæг: Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста райгуырд 1859азы 15-æм октябры Нары хъæуы. Хæрзчысыл ма уыд, афтæ амард йæ мад Гуыбаты Мария, æмæ йæ схъомыл кодта се рвадæлты ус Чендзе.

Къоста Нары райдиан скъолайы фæстæ ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы прогимназийы, уый фæстæ та Стъараполы гимназийы. Къоста ахуыр кодта нывгæнæгыл. Ныв кæнын ын амыдта Владимир Смирнов.

1885азы Къоста сыздæхт Ирыстонмæ. Куы федта йæ адæмы мæгуыр цард, цы зынуавæрты цæрынц уый, уæд йæ хъæлæс азæлыд æнæхъæн Ирыстоныл. Уый равдыста йæ æмдзæвгæты: «Додой», «Катай», «Азар» æмæ иннæты. Йæ æмдзæвгæтæй бирæтæ систы зарджытæ.

1899 азы мыхуыры рацыд йæ мдзæвгæты æмбырд «Ирон фæндыр». Къоста уыд нывгæнæг, публицист, поэт, тæлмацгæнæг, æхсæнадон архайæг. Къоста у ирон æвзаг æмæ литературæйы бындур æвæрæг.

Æмдзæвгæ «Фæззæг» бакæсдзæн Хъесаты Фаризæт.

Æхсæлы ызгъæлы,
Лæджирттæг фæбур…
Мигъ бады цæгаты, —
Нæ йæ тавы хур…

Æркарстам, æрластам
Нæ хортæ, нæ хос…
Чи кусы йæ мусы,
Чи ’лвыны йæ фос…

Хор бирæ, фос бирæ
Хуыцауы фæрцы…
Нæ хохбæсты бæркад,
Цы диссаг дæ, цы!..

Хъомылгæнæг: Адæм иу сæ тыллæг æфснайд куы фесты, уæд иу сæхи ирхæфстой, сæ тых æвзæрстой алы хуызы хъæзтытæй хъазыдысты.

Мах дæр ахъазæм «Худæй хъазт».

Ныр та бакæсæм «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-мæ.

Алчи зыдгæнæджы
Бирæгъ фæхоны.
Бирæгъ зыд кæй кæны, —
Чидæрид зоны…

Раджы та иу бирæгъ
Нард хæдмæл хордта,
Афтæмæй адæмæн
Тугуарæн кодта.

Диссаг æвналынмæ, —
Цас ын æнтысти!
Уалынмæ уæныстæг
Хурхы нынныхсти.

Атылди, адаргъ и,
Нал уыд йæ сæрæн…
Амонд йæ хъахъхъæнæг
Ахæм æвзæрæн!

Хърихъупп хæстæджыты
Донбылтыл зилы…
Бирæгъ йæ цыппæртæ
Хърихъупмæ тилы.

— Ай та цы диссаг у? —
Рагæй æрæгмæ
Никуы мæм бабæллыд
Бирæгъ хæстæгмæ…

Хърихъупп фæзæрдæлхæд,
Абадт йæ цуры:
— Цæй-ма, цы мæ кæныс?..
Сырд ма кæм дзуры!

Иу цæст ма фезмæлыд,
Иннæ ныдздзагъыр…
Хърихъупп цæстæнгасыл
Рагæй уыд ахуыр, —

Бирæгъы хъæлæсы
Фатау фæцавта
Даргъ бырынкъ, афтæмæй
Уæныстæг сдавта.

Бирæгъ ысулæфыд…
Фервæзт нæ рынчын!..
Хърихъупп æм бадзырдта:
— Цæй-ма, мæ мызд мын!

Сырд дын фæхъæрласта:
— Гъæ, дзæгъæлхæтæг!
Гас мын кæй баззаддæ
Абон дæхæдæг!

Бузныг цæуылнæ дæ,
Гайтма мæ дзыхæй
Де взæр лæгуын къоппа
Райстай дзæбæхæй?!.

Барст дын уæд ацы хатт,
Ацы тыхтона!
Искуы ма фембæлæм, —
Додой дæ къона!

Æмдзæвгæ «Æрра фыййау» бакæсдзæн Астан.

Раджы хохы цъуппæй касти
Иу æрра фыййау,
Мигъ æнгом йæ быны бадти,
Урс цагъд къуымбилау.

Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ, -
Тæккæ былгæрон,
Дурыл авæрдта йæ къæхтæ:
«Агæпп æм кæнон, -

Загъта, — фос уал ам мæ сæрмæ
Хизæд уæзæгыл,
Æз фæхуысдзынæн изæрмæ
Уыцы бæмбæгыл…»

Дардыл йе уæнгтæ фæхаста, -
Гъопп! — зæгъгæ, йæхи
Пуртийы зыввытт фæласта…
Лæг ныххæррæгъ и!

Æмдзæвгæ «Дзывылдар» бакæсдзæн Арина.

Æнгуырдар — дзывылдар,
Кæм хæтыс зымæг?
Цы бæстæ, цы хæхтæ
Фæтæхыс уынæг?

Кæм рæзынц, кæм цæрынц
Дæ хотæ, дæ мад?
Тæхуды, тæхуды,
Кæмæн ис дæ цард!

Хъомылгæнæг: Къоста…. Уый æцæгдæр райгуырд æнустæм, никуы ферох уыдзан йæ ном канд ирон адæмæй нæ фæлæ иннæ адæмы хæттытæй дæр.

Мах амондджындæр стæм нæ рагфыдæлтæй, - ис нын æмбисонды тырыса – Къоста. Къоста сывæллæттæн фысгæйæ дæр у тохгæнæг, сæрибармæ сидæг. Уый æвдисы йæ æмдзæвгæйы «Балцы зарæг».

Æмдзæвгæ кæсы Рустам.

Цæйут, æфсымæртау,

Радтæм нæ къухтæ

Абон кæрæдзимæ,

Иры лæппутæ!..

Скæнæм нæ тырыса

Дзыллæйы номæй.

Рухсмæ æнæзивæг

Цомут æнгомæй!..

Растдзинад уарзынæй

Скæнæм нæ фæндаг...

Гъе, мардзæ, магуса!

Фесæф, нæуæндаг!..

Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, уæдæ уæ æмбисæндтæ та чи зоны?

  1. Кæд дæ ирон, уæд де взаг зон!
  2. Мады рæвдыдæй адджындæр ницы ис.
  3. Фæззæджы бæркад афæдз дары.
  4. Йæ взаг чин æ зоны, уый йæ адæмы худинаг каны.
  5. Хистæртæм чи хъусы, уый никуы фæрæдидзæн.
  6. Фæззæг царды къæбиц у.
  7. Фæззæг хъæздыг у.
  8. Фæззæг зæрдæ буц у.

Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, ныр та ма мæнæ экранмæ æрбакæсут æмæ мын зæгъут:

Чи уыд Х. Къоста?

Кæм райгуырд Къоста?

Цавæр æмдзæвгæтæ ныффыста сывæллæттæн?

Йæ чиныджы ном куыд ысхуыдта?

Фысæгæй уæлдай ма чи уыд Къоста?

(нывтæ: « Дондзау», « Æрдзон хид», « Дурсæтджытæ», Алагиры аргъуан).

Хъомылгæнæг: Хъуыбады, нæ сывæллæттæ дæ зæрдæмæ фæцыдысты?

Хъуыбады: Тынг фæцыдысты. Зонынц зарын, æмбисæндтæ, бирæ зонынц Къостайы æмдзæвгæтæ.

Хъомылгæнæг: Сабитæ, ныр та байхъусæм Хъуыбадымæ, æмæ йын нæ зæрдыл   бадарæм йæ æмдзæвгæ.

Æмдзæвгæ: «Лæгау.»

Фест райсомæй, лæгау,

Ныхс сапонæй дæхи

Æмæ–иу скув: Хуыцау,

Фæдзæхсын дыл мæхи!

Дзул к'уаид, уæд бæргæ,

Дæу дæр дзы хай фæуид!

Куы нæ уа, уæд хæргæ!

Кæрдзынæй стонг æрвит!

Цæттæ дæ хызын дар,

Тагъд де скъоламæ уай!

Æнæзивæг куы уай, –

Хуыздæр бынат дæ бар!

Зондамонæгмæ хъус,

Цы зæгъа, уый–иу кæн,

Зæрдæхъæлдзæгæй кус,

Æмæ бæззайлæгæн!..

Хъазт: «Дуртулæн».

Хъомылгæнæг: Нæ зынаргъ сабитæ, уазджытæ, нæ бæрæгбон кæронмæ æрхæцæ. Хæрзбон. Рæсугъд бæрæгбæттæ уыл цæуæд.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Къостайы бӕрӕгбон

Къостайы бӕрӕгбон...

Къостайы гуырӕнбон 2019

Къостайы  гуырӕнбон 2019...

Гом ахуыры конспект " Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021"

Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021...

Къостайы гуыранбон 2023

Къостайы гуыранбон 2023...

"8 мартьи Нанаты барагбон"

Уалдзыгон сызгъарин бонХур таманта калыАмандта ама арфатаСмахан дуне уары. Рагуалдзаг райга арцыдиНогай та сулафыд заххМалусаг фазты фазындиКардагай къуылдым фацъах Ацы хъалдзаг, райдзаст, у...