Къостайы бӕрӕгбон
план-конспект занятия на тему

Плиева Альбина Эльбрусовна

Къостайы бӕрӕгбон

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл kostayy_baeraegbon.docx519.59 КБ

Предварительный просмотр:

МУНИЦИПАЛОН ПАДДЗАХАДОН РǼВДАУǼНДОН №7

КЪОСТАЙЫ БӔРӔГБОН

(ХИСТАР КЪОРД)

Бацаттæ кодта:

ирон æвзаджы хъомылгæнæг

Плиты Альбинæ

Залы Къостайы портрет, йӕ бынма  дидинджытӕ. Ауыгъд Къостайы конд нывтӕ. Ирон фӕндыры цагъдмӕ хистӕр къорды сывӕллӕттӕ залмӕ рбацӕуынц, сӕ бандӕтты раз ӕрлӕуыдысты.

Хъомылгӕнӕг: Уӕ бон хорз нӕ зынаргъ хистӕртӕ, ӕгас цӕцыт нӕ гыццыл хуртӕ! Мах абон ӕрымбырд стӕм уымӕн ӕмӕ абон у Къостайы бӕрӕгбон. Къоста райгуырд ӕмӕ цард уыцы рӕстӕг, нӕ фыды фыдтӕ гас куы уыдысты нырма, уӕд. Адӕм 159 азы нӕ цӕрынц, фӕлӕ ӕмдзӕвгӕтӕ ӕмӕ кадджытӕ, Къоста кӕй ныффыста, абон дӕр цӕрынц ӕмӕ цӕрдзысты.

Ӕмдзӕвгӕ « Къостайӕн» бакасдзӕн Даниэлла И.

Зарӕг Къостайыл.

Хъомылгӕнӕг: Хетӕгкаты  Леуаны фырт Къоста райгуырд 1859 азы 15 октябры Нары хъӕуы. Хӕрз чысыл ма уыд, афтӕ амард йӕ мад Гуыбаты Мария, ӕмӕ йӕ схаста се΄рвадӕлты  ус Чендзе. Къоста Нары райдиан скъолайы фӕстӕ ахуыр кодта Дзӕуджыхъӕуы прогимназии, уый фӕстӕ та Стъараполы гимназии. 1881 азы Къоста бацыд нывгӕнӕны академимӕ. Ныв кӕнын ын амыдта Василий Иванович Смирнов. 1885 азы къосты ссыд Ирыстонмӕ ӕмӕ цард  Дзӕуджыхъӕуы. Куы федта ирон адӕмы зын уавӕр уӕд йӕ хъӕлӕс ныннӕрыд мӕстӕлгъӕд ӕмӕ зӕрдӕрисӕй. Цыбыр рӕстӕгмӕ йӕ ном айхъуыст Ирыстоны ӕппӕт къуымты йӕ мдзӕвгӕтӕй «Додой», «Катай»,»Азар».

1899 азы мыхуыры рацыд чиныг. Йӕ чиныджы ном Къоста схуыдта «Ирон фӕндыр». Къоста йӕ « Ирон фӕндыр»-ы равдыста хӕххон мӕгуыр адфмы цард, адӕмы бӕлицтӕ ӕмӕ хъуыдытӕ, хӕххон ӕрдзы тызмӕг нывтӕ, сарӕзта диссаджы цардӕгас образтӕ. Ӕрмӕст сӕ иунӕг хатт чи бакӕса, уымӕй дӕр никуы уал ферох уыдзысты хӕххон адӕмы мӕгуыр царды нывтӕ.

Ӕмдзӕвгӕ « Ӕрра фыййау» бакӕсдзӕн  Г. Мысост.

Ӕмдзӕвгӕ «Алолай» бакӕсдзӕн  Дж. Амина.

Хъомылгӕнӕг: Къоста бирӕ ӕмдзӕвгӕтӕ ныффыста сывӕллӕттӕн, зӕгъӕм : « Гино», «Уасӕг», «Зӕрватыкк», «Скъолайы лӕппу», «Фыдуаг».

Ныр та нын Аслан бакӕсдзӕн ӕмдзӕвгӕ «Лӕгау».

Фӕззӕг у хъӕздыг афӕдзы афон. Ӕмдзӕвгӕ «Фӕззӕг» бакӕсдзӕн  Дана Г.

Нӕ зынаргъ хистӕртӕ, сывӕллӕттӕ бацӕттӕ кодтой инсценировка «Бирӕгъ  ӕмӕ хърихъупп», табуафси бакӕсӕм ӕм.

Хъомылгӕнӕг: Къоста фӕрынчын ӕмӕ 1906 азы амард. Фӕлӕ къоста у Ирыстоны ном ӕмӕ кад, йӕ зонд ӕмӕ уд. Къоста цӕры йӕ адӕмы зӕрдӕты, зонды ӕмӕ хъуыдыты. Ахӕм адӕймагӕн мӕлӕт нӕй. 15 октябрь Ирыстонӕн сси кадджын бӕрӕгбон. Къостайы ном цӕрдзӕн ӕнусты.

Сывӕллӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн бафӕлладыстут бадынӕй ӕмӕ иу гыццыл уе΄ уӕнгтӕ аивазут. Ахъазӕм ма хъазтӕй « Хъазтӕ, хъазтӕ хъӕумӕ».

Сывӕллӕттӕ, абон бӕрӕгбон  уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд? Уӕдӕма сбӕрӕг кӕнӕм Уӕдӕма сбӕрӕг кӕнӕм нӕ зонындзинӕдтӕ абон Къостайы цардӕй цы базыдтам уый.

  1. Чи уыд Хетӕгкаты Къоста?
  2. Кӕм райгуырд?
  3. Цавӕр  ӕмдзӕвгӕтӕ ныффыста сывӕллӕттӕн?
  4. Йӕ чиныджы ном куыд схуыдта?

Тынг хорз сабитӕ. Нӕ зынаргъ уазджытӕ, абон нӕ бӕрӕгбон кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Нӕ иннӕ фембӕлдмӕ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Къостайы гуырӕнбон 2019

Къостайы  гуырӕнбон 2019...

ИРОН ӔВЗАДЖЫ БӔРӔГБОНЫ СЦЕНАРИ «КЪОСТА ӔМӔ МАДӔЛОН ӔВЗАГ!»

Традицимӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбоны кадӕн нӕ республикӕйы бирӕ цымыдисаг мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыди. Нӕ рӕвдауӕндоны дӕр уагъд ӕрцыд мадзал «Къоста ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг»....

ИРОН ӔВЗАДЖЫ БӔРӔГБОНЫ СЦЕНАРИ «КЪОСТА ӔМӔ МАДӔЛОН ӔВЗАГ!»

Традицимӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбоны кадӕн нӕ республикӕйы бирӕ цымыдисаг мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыди. Нӕ рӕвдауӕндоны дӕр уагъд ӕрцыд мадзал «Къоста ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг»....

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон

Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон...

Къостайы барагбон

Къоста - нæ КАД æмæ нæ зарæг...

Къостайы гуыранбон 2023

Къостайы гуыранбон 2023...