Къостайы гуыранбон 2023
материал (подготовительная группа)

Плиева Ольга Джумберовна

Къостайы гуыранбон 2023

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon къостайы гуыранбон 2024282.5 КБ

Предварительный просмотр:

Бацæттæ кодта

Ирон æвзаджы хъомылгæнæг

Плиты Ольгæ


Нысан :

Рæзгæ фæлтæры зæрдæты райгуырæн зæхмæ уарзондзинад гуырын кæнын.

Хæстæ:

1. Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад ахуыр кæнынмæ разæнгард кæнын.

2. Райгуырæн зæххæн кад чи æрхаста, уыцы адæмæй сæрыстыр уæвыныл ахуыр кæнын.

3. Мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æвзæрын кæнын.


(хъуысы симд,сывæллæттæ симд кафгæ мидæмæ æрбахизынц,æрбадынц сæ бынæдты.)

(Хъуысы Къостайы уацмысмæ гæсгæ фыст мелоди.(Хъуыбады))

Амонæг: Уæ бон хорз æмæ уыл хъæлдзæг бонтæ цæуæд! Къоста… Æрмæстдæр номæй хонынц ирон адæм Хетæгкаты Леуаны фырт Къостайы. Ирон лæгæн уыцы ном йæ чысылæй йæ амæлæты бонмæ вæййы тырысайау. Æрмæстдæр иунæг ном, æмæ цæстыты раз сысты адæмты сæрхъуызой, йæ цард æгасæй дæр йæ дзыллæйæн чи радта, уыцы арфæйаг Къостайы цардæгас сурæт.

(Сывæллæттæ сойын цырæгътимæ рацыдысты сценæмæ. Са цырæгътæ портреты раз æрæвæрдтой).

1-аг сывæллон:

«Ныстуан»

Ныббар мын, кæд-иу дæм мæ зарæг,

Кæуæгау фæкæса, мыййаг, –

Кæй зæрдæ нæ агуры хъарæг,

Уый зарæд йæхи фæндиаг!..

Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

Куы бафидин искуы мæ хæс,

Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,

Нæ хъуысид мæ кæуын хъæлæс...

2-аг сывæллон

Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,

Арвмæ куы хъуысид мæфæндыры хъазт,-

Дунеты се*ппæт махимæ æрхонин,

Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст.

3-аг сывæллон

« Мæ Иры фæсивæд ».

Мæ Иры фæсивæд!

Дæ цинæй, дæ хъыгæй

Фæластон мæ сау зæрдæ дард...

Цы ма мын кæндзынæ?

– Дæ цæстытысыгæй

Æнæ хай фæуыдзæн мæ мард!..

Амонæг: Дзыллæтæ, хурыскастау, йæ фенынмæ кæмæн бæллыдысты, цардыл, фидæныл сæ чи æууæндын кодта, тыхст сахат йæ адæмæн ныфс æмæ хъаруйы мæсыг чи уыди, уыцы Къостайы райгуырдыл æххæст кæны 164 азы.

Зарæг «Зарæм мах дæуыл, Къоста!».

Зарæм мах дæуыл, Къоста,

Буц кæнæм дæ ном.

Ды «Ирон фæндыр» фыстай,

Бастай Ир æнгом!

Базард:

Хæхтæ æмæ рухс быдыртæ

Цардыл цин кæнынц.

Симды кафты райгæ мыртæ,

Рухс хурмæ зынынц.

Ды куы дæ нæ цин, нæ кад,

Демæ мах цæуæм.

Фарны рухс æмæ бæркад,

Зæрдæйы хæссæм.

Амонæг: Ирон адæмы ахсджиаг хъæбул Къостайæн йæ диссаджы зарджытæ, йæ зæрдæбын сагъæстæ айзæлынц зæххы къорийыл.

Амонæг: Къостамæ уарзондзинадæй райгуырд рæсугъд æгъдау: æппæтадæмон бæрæгбон поэты кадæн. Ахæм стыр амонд æрмæстдæр уымæ кæсы, йæ адæмы хуыздæр миниуджытæй хайджын чи вæййы, æрдзæй ахæм стыр курдиат чи рахæссы, йæ цард æппæтæй дæр адæмы хъысмæтыл фидар чи бабæтты, уымæ. Къостайы рухс номимæ баст бынæттæ ирон адæмæн сты кувæндонау, бирæтæ дзы фæстæмæ ногæй арæзт æрцыдысты.

Æмдзæвгæтæ :

4-æм сывæллон:

«Мæ хуры хай, рæсугъд чызгай…»

Мæ хуры хай,

Рæсугъд чызгай,

Куы нæ дæ федтаин, бæргæ!..

Дæ хъазынмæ,

Дæ зарынмæ

Кæм лæууы иунæджы зæрдæ!..

Дæ дзыхы дзырд

Æнæ рæдыд

Ныццæвы зæрдæйы кæрон!..

Цы кæндзынæн,

Куыд цæрдзынæн

Æнæ дæу, амæддаг дын уон!

6-æм сывæллон:

ÆРРА ФЫЙЙУ

Раджы хохы цъуппæй касти

Иу æрра фыййау,

Мигъ æнгом йæ быны бадти,

Урс цагъд къуымбилау.

Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ, –

Тæккæ былгæрон,

Дурыл авæрдта йæ къæхтæ:

“Агæпп æм кæнон, –

Загъта, – фос уал ам мæ сæрмæ

Хизæд уæзæгыл,

Æз фæхуысдзынæн изæрмæ

Уыцы бæмбæгыл...”

Дардыл йе уæнгтæ фæхаста, –

Гъопп! – зæгъгæ, йæхи

Пуртийы зыввытт фæласта...

Лæг ныххæррæгъ и!

7-æм сывæллон:

ДЗЫВЫЛДАР

Æнгуырдар – дзывылдар,

Кæм хæтыс зымæг?

Цы бæстæ, цы хæхтæ

Фæтæхыс уынæг?

Кæм рæзынц, кæм цæрынц

Дæ хотæ, дæ мад?

Тæхуды, тæхуды,

Кæмæн ис дæ цард!

8-æм сывæллон:

Къоста

Зарджытæ сабитæн

Чи фыста,чи уыд?

Чи радта ирæттæн

Диссаджы чиныг?

Чи уыд?

Куыд чи уыд?

Уарзон Къоста

Сауæрфыг,саурихи,сауцæст Къоста!

Амонæг: Къостайы уацмысты хъусæм æххормаг сидзæрты кæуын, уынæм дзы цагъар сылгоймаджы фыдцард. Поэмæ «Сидзæргæс» у йæ поэзийы бæрзонддæр стъалытæй иу.

Инсценировка: «Сидзæргæс ».

Халон баргъæвст сындзыл.

Уад тымыгъ хæссы...

Сау айнæджы рындзыл

Нарыхъæу хуыссы...

Даргъ æхсæв фыдбонæй

Цардудæн хуыздæр...

Рухс цæуы кæронæй, –

Бадынц ма кæмдæр...

Иу зæронд ыскъæты, –

'Гас хъæуы уæлдай,

Аззади фæсфæды

Ацы бæстыхай, –

Ма дис кæ йæ бадтыл! –

Цуайнаджы уæлхъус

Архайы йæ артыл

Иу саударæг ус.

Артдзæсты кæрæтты,

Фæныкмæ æнгом

Бадынц сывæллæттæ, –

Чи бæгънæг, чи гом...

Уазал æмæ стонгæй

Бирæгъ дæр тæрсы, –

Удхæссæг æввонгæй

Ахæмты хæссы...

– Ма кæут, мæ хуртæ, –

Дзуры цæм сæ мад, –

Афыцой хъæдуртæ...

Абадут æнцад!..

Митæйдзаг æхсæлы

Мары фæздæгæй...

Цæстысыг ызгъæлы

Агмæ сусæгæй...

Хъуырмæ схæддзæ хъарæг:

“Дудгæ фæбада

Зæйы бын нæ дарæг,

Мах чи фæсайдта!..

Фондзæй уæ ныууагъта

Иу ныййарæгæн, –

Мады зæрдæ скъахта, –

Царæфтыд фæдæн!..

Зондæй мыл фæтых дæ,

О, мæ лæджы хай, –

Сидзæртæй фæлыгътæ

Ингæнмæ тæргай!..

Буц хъæбул дæм дзуры, –

Сфæлмæцыд йæ мад, –

Махæн дæр дæ цуры

Сцæттæ кæ бынат!”

Цæстысыг ызгъæлы

Агмæ сусæгæй...

Митæйдзаг æхсæлы

Мары фæздæгæй...

Бафæллад кæуынæй

Бинонты кæстæр, –

Къонайыл æрфынæй

Адæмы хуыздæр!

Иууылдæр дæ адыл

Тулдзысты, фæлæу! –

Стонг æмæ фæлладыл

Тых хуыссæг кæм нæу!..

– О. гытци кæд уыдзæн?

Райс–ма, цæй, дæ аг!..

– Абадут!.. Фæуыдзæн

Алкæй дæр йæ фаг...

Аг кæлы йæ былтæй, –

“Хъæдуртæ” фыцынц...

Алы ран тымбылтæй

Сидзæртæ хуыссынц...

Стонг æмæ кæуынæй

Лæг куы сфæлмæцы,

Тарф у уæд йæ фынæй, –

Маст æм нал хъуысы.

Лыстæнмæ цæ хаста

Мад йæ хъæбулты,

Æдæрсгæ цæ нуæрста

Алы бызгъуырты...

Скодта цæ рæбынæй,

Дæлфæдтæм æрбадт...

Гъай–да–гъа! Кæуынæй

Нал æфсæст сæ мад!..

Сидзæртæн хъæдуртæ

Се 'хсæвæр хуыдта,

Афтæмæй цын дуртæ

Цуайнаджы фыхта:

Афыцын æфсоны

Байрох уа сæ хæрд...

Стонг æмгъуыд нæ зоны,

Иу сайд ын æгъгъæд!..

Амонæг: «Азтæ цæудзысты, цæудзысты æнустæ, фæлæ ирон адæмы цытджын хъæбулы ном не ‘рмынæг уыдзæн, раздæрау æрттивдзæн Кавказы урссæр бæрзæндтау æмæ адæм хайджын уыдзысты Хетæгкаты Къостайы зондджын, куырыхон, æнусон сфæлдыстадæй»

«Ирон фæндыр»-ы зæлтæ мын мæ удыхъæд, мæ хъуыдытæ кæнынц хъæздыгдæр, рæсугъддæр, базырджындæр, æрфæнды мæ адæмы фарнæн цæрын.

Зарæг «Фæззæг»

Фæззæг

Æхсæлы ызгъæлы,

Лæджирттæг фæбур...

Мигъ бады цæгаты, –

Нæ йæ тавы хур...

Æркарстам, æрластам

Нæ хортæ, нæ хос...

Чи кусы йæ мусы,

Чи 'лвыны йæ фос...

Хор бирæ, фос бирæ

Хуыцауы фæрцы...

Нæ хохбæсты бæркад,

Цы диссаг дæ, цы!..

Кафт «Симд».

Амонæг: Къостайы тынг бирæ бауарзтой адæм. Алкæй хæдзар дæр уыди йæ хæдзар. Зынгзæрдæ поэт йе ‘ппæт хъарутæ æмæ зонд дæр радта æхсæнадон æмæ литературон куыстæн. Ам, Ирыстоны, парахатæй райхæлди йæ æрдзон стыр курдиат. Арвы нæрынау айхъуыст æгас Ирыл – Мæздæгæй Гудзаретмæ уыцы рæстæджы йæ тохы зарæг «Додой!».

«ДОДОЙ» кæсы

Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,

Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау!

Зæй уæ фæласа, нæ тæрхонылæгтæ, –

Иу ма уæ фезмæлæд искуы лæгау!..

Искæй зæрдæ уæ дзыназгæ нырризæд,

Искæмæ бахъарæд адæмы хъыг,

Дзыллæйы мæстæй уæ исчи фæриссæд,

Иумæ уæ разынæд иу цæстысыг!..

Фидар рæхыстæй нын не уæнгтæ сбастой,

Рухс кувæндæттæй хынджылæгкæнынц,

Мард нын нæ уадзынц, нæ хæхтæ нын байстой,

Стырæй, чысылæй нæ уистæй нæмынц...

Амонæг: Къоста бирæ уарзта сабиты æмæ цын фыста æмдзæвгæтæ. Бакæсæм инсценировка «Цъиу æмæ сывæллæттæ».

Сывœллœттœ: Гъа! Ныр ахст дœ,цъиу,фœлœуу,

Нал аирвœздзынœ,

Нал ауадздзыстœм ныр дœу,

Махимœ цœрдзынœ!..

Цъиу: Циу, цы, циу? Цы кодтон,ау!

Цас тыхджын радыд дœн?

Ауадзут-ма мœ фœлтау,

Райхалут мœ бœттœн!

Сывœллœттœ: Нœй,нœй! Ма тœрс, махмœ ды

Хъаны цард кœндзынœ:

Дзул дын тулдзыстœм мыды,

Адджын цай цымдзынœ.

Цъиу: Хъаны цард мын уанцон нœу!

Ǽз уœ цай нœ уарзын,

Уидзын быдырты мœнœу,

Къогъотœ дзы ахсын.

Сывœллœттœ: Уазал у зымœг œддœ,

Махау дын хœдзар нœй!

Ам дœ къалати цœттœ,-

Бафсœддзынœ хъармœй.

Цъиу: Ам зымœг куы вœййы, уœд

Иу хъарм бœстœ зонын .

Къалати сызгъœрин уœд,

Ахастон œй хонын!

Сывœллœттœ: Курœм дœ, œмœ нœм лœуу,-

Бузныг дœ уыдзыстœм;

Мах цард дœр œвзœр цард нœу,

Не схъыг дœ кœндзыстœм.

Цъиу: Нœй, мœ хуртœ, нœй гœнœн!

Уарзут мœ, уый хатын,

Фœлœ тынг зын у мœнœн

Ахœстоны бадын…

Сывœллœттœ: Оххай-гъе! Уœдœ дœ маст

Махœн у хъуыдыйаг,-

Атœх, цу! Дœ фœндаг раст!

Цœр дœхи фœндиаг!..

Цæр дæхи фæндийаг!..

Амонæг: Къостайы бæрæгбонмæ нæ хъомылгæнджытæ бацæттæ кодтой кафт.

Кафт «Чызыты»

9-æм сывæллон:

Цæудзысты азтæ,

Ивдзысты фæлтæртæ,

Æнусты ивдзæнис æнус.

Фæлæ уæддæр Къостайы дзырды зæлтæ

Ирон зæххыл сымах уыдзыстут буц.

Амонæг:Абон нæ равдыст кæронмæ æрхæццæ.Ацы лæвæрттæ та уын Къостайы номæй.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Къостайы бӕрӕгбон

Къостайы бӕрӕгбон...

Къостайы гуырӕнбон 2019

Къостайы  гуырӕнбон 2019...

Рабочая программа по реализации основной общеобразовательной программы дошкольного образовательного учреждения на 2023-2024 учебный год для детей подготовительной группы (6-7 лет). от 1 сентября 2023 год

Образовательная программа дошкольного образования – стратегия психолого-педагогической поддержки позитивной социализации и индивидуализации, развития личности детей дошкольного возраста.Программ...

Тема: «Зимующие птицы» . ( 16.01.2023- 20.01.2023)

Рекомендации для родителей по теме "Зимующие птицы"...

Къостайы барагбон

Къоста - нæ КАД æмæ нæ зарæг...