Къостайы барагбон «Мæ хæрзæггурæггаг – Иры сывæллæттæн»
план-конспект занятия
Къостайы барагбон
«Мæ хæрзæггурæггаг – Иры сывæллæттæн»
Предварительный просмотр:
Республикæ Цæгат Ирыстон - Алани
7 – æм МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН РÆВДАУÆНДОН
Къостайы барагбон
«Мæ хæрзæггурæггаг – Иры сывæллæттæн»
Подготовила:
воспитатель родного языка
Плиева Альбина Эльбрусовна
г. Алагир
2026 г.
(Агъуыст бæрæгбонарæзт. Хъуысы ирон музыкæ).
Хъомылгæнæг: Уæ бон хорз нæ зынаргъ сабитæ, æгас нæм цæут нæ рæсугъд уазджытæ. Кафт æмæ зард, хъæлдзæгдзинад кæм вæййы, уым вæййы бæрæгбон. Абон мах бæрæг кæнæм Хетагкаты Къостайы гуырæнбон. Ирыстоны горæтты æмæ хъæуты æлынц Къостайы зарджытæ æмæ æмдзæвгæтæ.
Æмдзæвгæ: «Нæхи Къоста» бакæсдзæн Найфонты Викæ.
Нæхи Къоста! Ирон адæмы ныфс.
Ирыстоны бæрзонд стьалы.
Уый уыд уæларвæй,
Иры зæххмæ рвыст,
Цæмæй нæ фæндаг барухс кæна тары!
Хъомылгæнæг: Хетагкаты Леуаны фырт Къоста райгуырд 1859 азы 15 октябры Нары хъæуы. Хæрз чысыл ма уыд, афтæ амард йæ мад Гуыбаты Мария æмæ йæ схъомыл кодта се рвадæлты ус Чендзе. Къоста йæ сабииы бонтæ арвыста йæ уарзон хъауы. Скъола каст куы фæцис, уæд бацыди ахуыркæнынмæ Дзæуджыхъæуы прогимназимæ. Ахуыр кодта тынг хорз, уыд фæзминаг скъоладзау. Уый фæстæ бацыд ахуыр кæнынмæ Стъараполы гимназимæ.
Къоста тынг уарзта нывкæнын æмæ бацыд нывкæнæн академимæ. Ныв кæнын ын амыдта Василий Смирнов.
Æмдзæвгæ: «Уарзон Къоста» бакæсдзæн Геор.
Зарджытæ сабитæн чи фыста, чи уыд?
Чи ратта ирæттæн диссаджы чиныг?
Чи уыд? Куыд чи уыд! Уарзон Къоста!
Сауæрфыг, саурихи, сауцæст Къоста!
Хъомылгæнæг: 1899 азы мыхуыры рацыд Къостайы æмдзæвгæты чиныг «Ирон фæндыр».
Къоста йæ чиныджы равдыста хæххон адæмы мæгуыр цард, адæмы бæллицтæ æмæ хъуыдытæ. Къоста бирæ уарзта сывæллæтты æмæ сын ныффыста бирæ æмдзæвгæтæ .Зæгъæм: «Гино», «Фыдуаг», «Уасæг», «Скъолайы лæппу», «Цъиу æмæ сывæллæттæ».
Æмдзæвгæ «Фæззæг» бакæсдзæн Тамерлан.
Æхсæлы ызхъæлы,
Лæджирттæг фæбур.
Мигъ бады цæгаты,-
Нæ йæ тавы хур.
Æркарстам, æрластам
Нæ хортæ, нæ хос,-
Чи кусы йæ муссы.
Чи лвыны йæ фос…
Хор бирæ, фос бирæ
Хуыцауы фæрцы
Нæ хохбæсты бæркад,
Цы диссаг дæ, цы!
Хъомылгæнæг: Æмдзæвгæ «Дзывылдар» бакæсдзæн Амина.
Æнгуырдар-дзывылдар,
Кæм хæтыс зымæг?
Цы бæстæ, цы хæхтæ
Фæтæхыс уынæг?
Кæ рæзынц, кæм цæрынц
Дæ хотæ, дæ мад?
Тæхуды, тæхуды,
Кæмæн ис дæ цард!
Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, ныр та сыстут æмæ не уæнгтæ аивазæм. Хъазт:
«Ерыстæ бæхтыл».
Хъомылгæнæг: Æмдзæвгæ «Æрра фыййау» бакæсдзæн Лиза.
Раджы хохы цъуппæй касти
Иу æрра фыййау
Мигъ æнгом йæ быны бадти,
Урс цагъд къуымбилау.
Бахъазыд дын æм йæ зæрдæ,-
Тæккæ былгæрон,
Дурыл авæрдта йæ къæхтæ:
«Агæпп æм кæнон»,
Загъта,- фос уал ам мæ сæрмæ
Хизæд уæзæгыл,
Æз фæхуысдзынæн изæрмæ
Уыцы бæмбæгыл…»
Дардыл йæ уæнгтæ фæхаста,-
Гъопп!- зæгъгæ йæхи
Пуртийы зыввытт фæласта…
Лæг ныххæррæгъи!
Презентация: Нары хъау. Къостайы музей.
Хъомылгæнæг: Къоста ныв кæнын кæй уарзта æмæ стыр нывгæнæг кæй уыд , уый мах зонæм. Алагиры аргъуаны къултыл сты Къостайы конд нывтæ. Ныууагъта нын йæ рæстæджы зындгонд æмæ хуымæтæг ирон адæймæгты хуызтæ дæр. Зæгъæм: «Æрдзон хид», «Хъыггæнæг зæ», «Дурсæтджытæ», «Цæлыккаты Аннæ», «Дондзау».
Æмдзæвгæ: «А-лол-лай» бакæсдзæн Амелия.
Къух дæ аузын фæразы…
Мæй дæ авдæнимæ хъазы
Стыр лæг мын ысуай!
А-лол-лай!
Ракæндзынæн дын мæ зарæг
Искуы кæд ысуис мæ дарæг,
Урс уæрыкк дын уон!...
О, мæ бон!..
Искуы мын куы схъомыл уаис,
Уæд ды дæр дзы цух нæ заис,
Бирæ мын цæрай
А- лол-лай!..
Хъомылгæнæг: Къоста тынг уарзта йæ райгуырæн хæхбæстæ. Фæндыдис æй , ирон адæм хæларæй куы цæриккой . Къоста сын фæдзæхста: «Æфсымæртæ, кæрæдзи уарзгæйæ цæрут».
Æмдзæвгæ: «Балцы зарæг» бакæсдзæн Астан.
Цæйут, æфсымæртау
Радтæм нæ къухтæ,
Абон кæрæдзимæ
Иры лæппутæ!
Скæнæм нæ тырыса
Дзыллæйы номæй
Рухсмæ æнæзивæг
Цомут æгомæй
Растдзинад уарзынæй
Скæнæм нæ фæндаг…
Гъе- мардза, магуса,
Фесæф нæуæндаг!
Хъомылгæнæг: Сывæллæттæ, Къостайы цардæй уын æз иу хабар ракæндзынæн, хуыйны: «Фæстаг фондз сомы».
Видеоролик: «Æрра фыййау».
Æмдзæвгæ Къостайыл бакæсдзæн Батрадз.
В стране орлов и горных туров,
Где воздух свеж, вода чиста.
Родился мальчик- Хетагуров,
Поэт по имени Коста.
Еще не знал окрестный житель,
Что рядом с ним в ауле Нар
Рожден народный просветитель,
Души неугасимый дар.
Хъомылгæнæг: Сабитæ, абон нæ бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ. Сбæрæг кæнæм нæ зонындзинæдтæ Къостайы цардæй цы базыдтам уый.
- Чи уыд Хетæгкаты Къоста?
- Кæм райгуырд Къоста?
- Чи схъомыл кодта Къостайы?
- Къоста йæ чиныг куыд схуыдта?
Тынг зондджын стут мæ хуртæ, уæ цæрæнбон бирæ. Нæ бæрæгбон кæронмæ æрхæццæ.
Хæрзбон, нæ иннæ фембæлдмæ.
По теме

Гом ахуыры конспект " Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021"
Ирон æвзаг æмæ литературайы барагбон 2021...
"8 мартьи Нанаты барагбон"
Уалдзыгон сызгъарин бонХур таманта калыАмандта ама арфатаСмахан дуне уары. Рагуалдзаг райга арцыдиНогай та сулафыд заххМалусаг фазты фазындиКардагай къуылдым фацъах Ацы хъалдзаг, райдзаст, у...



