Темæ: Ирон адæмон сфæлдыстад.
материал (4 класс) на тему

Саракаева Лада Владимировна
Темæ: Ирон адæмон сфæлдыстад.
Урочы нысантæ:
Скъоладзауты зонындзинæдтæ ирон адæмон дзургæ сфæлдыстады тыххæй фæхъæздыгдæр кæнын;
Раст, æмбаргæ æмæ аив кастыл бакусын; бакусын скъоладзауты дзургæ ныхасы аивдзинадыл. 
Мадæлон æвзаг æмæ фольклор зонынмæ тырнындзинад рæзын кæнын. 
 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл temae.docx624.08 КБ

Предварительный просмотр:

                             МКОУ СОШ №1 ст. Змейская

Ахуыргæнæг:

Сарахъаты Л.В.


Темæ: Ирон адæмон сфæлдыстад.         

Урочы нысантæ:

  1. Скъоладзауты зонындзинæдтæ ирон адæмон дзургæ сфæлдыстады тыххæй фæхъæздыгдæр кæнын;
  2. Раст, æмбаргæ æмæ аив кастыл бакусын; бакусын скъоладзауты дзургæ ныхасы аивдзинадыл.
  3. Мадæлон æвзаг æмæ фольклор зонынмæ тырнындзинад рæзын кæнын.

Урочы фæлгонц:

  • Фæйнæг, компьютер, интерактивон фæйнæг, аудиоæрмæг, видеоæрмæг, индивидуалон хæслæвæрдтæ, къулыгазет, бæласы ныв, цхæх æмæ сырх фæткъуытæ хуызджын бархæтон гæххæттæй.

Урочы хуыз: проектон куыст.

                                Урочы цыд:

  1. Бацæттæгæнæн рæстæг.
  1. Урочы мотиваци. Беседæ:

- Цæмæн ахуыр кæнæм ирон æвзаг?

Сабиты дзуæппытæ:

- Æзахуыр кæнын ирон æвзаг, уымæн æмæ дæн ирон лæппу (чызг).

-Æз ахуыр кæнын ирон æвзаг, уымæн æмæ мæ мад, мæ фыд дæр сты ирæттæ.

-Æз ахуыр кæнын ирон æвзаг, уымæн æмæ мæ фыдæлтæ дæр уыдысты ирæттæ.

-Æз ахуыр кæнын ирон æвзаг, уымæн æмæ цæрын Ирыстоны, ирон зæххыл, ирон адæмы æхсæн.

2. Фонетикон зарядкæ.

Ахуыргæнæг: Сабитæ, уæдæ цæмæй ноджы хуыздæр æмæ аивдæр дзурæм иронау, уый тыххæй ныртæккæ бакусдзыстæм ирон (кавказаг) мырты растдзурынадыл. Дзурут  мæ фæстæ: «А-Æ». Аз, æз, абон, ам, æри, арфæ, уæздан, уазæг, уæзæг, фæрныг.

3.Хъазт: «Чи лæмбынæгдæр у?»

Ахуыргæнæг:

  1. Æз дзурдзынæн дзырдтæ, æмæ кæд мыр «А»-йæ райдайой, уæд кæнут иу æмдзæгъд, кæд мыр «Æ»-йæ райдайой, уæд та дыууæ æмдзæгъды.
  2. Мыртæ «К-Къ». Кад, ком, къам, къæдзæх, кæрдзын, скъола, Къоста.
  3. Тагъддзуринаг «къ»-имæ.
  4. Мыртæ «Х-Хъ». Хæлар, хион, хæстæг, хъарм, хъæу, хъæбул, хъæр, хъæруджын.

Ахуыргæнæг: Ныртæккæ та ахуыр кæндзыстæм чысыл тагъддзуринаг мыр «хъ»-има.

«Хъæуæй хъазты хъæр хъуысы,

Хъæдхой хъæндилмæ хъуызы».

  1. Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.
  1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

– Сывæллæттæ, цавæр сфæлдыстадмæ хауынц тагъддзуринæгтæ?

(Тагъддзуринæгтæ хауынц ирон адæмон дзургæ сфæлдыстадмæ).

  1. Ног æрмæгыл куыст.
  1. Ахуыргæнæг: Уæдæ куыд хуыйны нæ абоны урочы темæ?

(интерактивон фæйнæгыл фæзынд фыст «Ирон адæмон сфæлдыстад»).

  1. Проектон куыстыл ныхас.

( Ахуыргæнæг проектон куыстæн равзæрста темæ «Ирон æдæмон сфæлдыстад». Темæ у тынг ахадгæ ирон адæмы царды, мадæлон æвзаджы дарддæры райрæзты. Кълас рагацау адих кодта æртæ къордыл. Алы къордæн дæр ис йæхи разамонæг. Къордтæ равзæрстой темæтæ проектон куыстæй. Цалдæр урочы къордтæ цæттæ кодтой сæ проектон куыстытæ. Ахуыргæнæг сын æххуыс кодта, куыд урочы рæстæг, афтæ фæсурокты рæстæг дæр).

Ахуыргæнæг: Абон байхъусдзыстæм уæ проектон куыстытæм, аргъ сын скæндзыстæм.

        Къорды проектон куыстытæм бакæсыны размæ мæ зæгъын фæнды уый, æмæ кæд абон махмæ æрхæццæ кæнын нæ сомбоны, фидæны фæлтæртæм.

        Æмæ ныртæккæ байхъусæм уый тыххæй æмдзæвгæмæ.

                (скъоладзау кæсы æмдзæвгæ «Нæхи дада»).

  1.   Викторинæ.

Ахуыргæнæг: Къордæй алчи дæр бацæттæ кодта йæхи проектон куыст. Фæлæ мæн фæнды базонын, куыд зонут ирон адæмон сфæлдыстад, уый.

Уымæ гæсгæ ныртæккæ скæндзыстæм чысыл викторинæ, æмæ цымæ кæцы къорд рæвдздæр дзуæппытæ дæттид. Æрмæст ахуыргæнæджы бæсты уыдзæнис уæхицæй иу.

Викторинæйы фæрстытæ:

  1. Цы хонæм ирон адæмон сфæлдыстад?
  2. Цавæр уацмыстæ хауынц ирон адæмон сфæлдыстадмæ?
  3. Нартæ цал мыггагыл дих кодтой?
  4. Кæй зонут Нарты хъайтартæй?
  5. Чи æрхъуыды кодта ирон бæрæгбон?
  6.  Чи æрхъуыды кодта ирон фæндыр?
  7. Цы æвдыст цæуы фылдæр аргъæутты?
  8. Цавæр аргъæуттæй сты ацы рæнхъытæ?

«Хъарм хуыссын мæ хъыбылты æхсæн».

«Бæлон къалиу донмæ æрæппæрста».

«Куыдз дæр дæхæдæг æмæ хæрæг дæр! Рацу æмæ мæ де΄ккой ахæсс!»

  1. Куыд æмбарут ацы æмбисонды мидис?

«Фыдвæдæй æвæд хуыздæр у».

  1. Базонут-ма ацы уыци-уыци:

«Дзых ын нæй, афтæмæй дзуры».

  1. Фыццаг къорды проектон куыст «Ирон адæмон аргъæуттæ».

Къорды уæнгтæ бацæттæ кодтой доклад æмæ компьютерон презентаци, кæцы æвдисынц интерактивон фæйнæгыл. (Доклад æмæ компьютерон презентаци хъуамæ 5-6 минутæй фылдæр ма уой).

  1. Улæфт – релаксаци.

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, фыццаг къорды уæнгтæ нын тынг зæрдæмæдзæугæ равдыстой сæ проектон куыст «Ирон адæмон æгъдæутты» тыххæй.

Фæлæ махæн нæ Ирыстоны æрдз йæхæдæг аргъæутты бæстæйы хуызæн рæсугъд у. Ракæсут – ма, кæм – ма ис фенæн ахæм рæсугъддзинæдтæн.

        (интерактивон фæйнæгыл – Ирыстоны æрдзы нывтæ, зæлынц Абайты Георгийы скрипкæйы зæлтæ).

Ныр та уæ цæстытæ бацъынд кæнут, уæ сæртæ уæ къухтæм æруадзут, æмæ нæ мидхъуыдыты февзæрдыстæм Ирыстоны кæмттæй иуы.

Аулæфыдыстæм æмæ байхъусæм дыккаг къорды проектон куыстмæ.

                          

                     

  1.   Дыккаг къорды проектон куыст «Нарты кадджытæ».

( Къорды уæнгтæ бацæттæ кодтой доклад æмæ компьютерон презентаци 5-6 минуты).

  1. Сценкæ «Сырдоны хæрæг».

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ, мах бакастыстæм Нарты гуыппырсарты тыххæй компьютерон презентацимæ. Нарт нæ уарзтой сайын æмæ давын. Ахæм миниуджытæ кæмæ уыдис, уыдоны та се΄хсæнмæ дæр нæ уагътой. Уымæ гæсгæ Нæртон адæм нæ уарзтой Сырдоны.

Фæлæ Сырдон уыдис зондджын, цыргъзонд, хинæйдзаг æмæ æрхъуыдыджын адæймаг. Уымæ гæсгæ-иу æй Нарт сæ хъуыддæгтæм бауагътой. Ныртæккæ бакæсдзыстæм чысыл сценкæмæ Сырдоны тыххæй.

(Скъоладзаутæ æвдисынц сценкæ).

  1. Электрон зарядкæ цæстытæн (музыкæимæ).

Ахуыргæнæг: Сабитæ, Нарт æппæты тынгдæр аргъ кодтой сылгоймæгтæн, уæлдай дæр та Сатанайæн. Уый Нартæн уыдис мады хуызæн. Бахъуаджы сахат-иу æй хистæр, куырыхон нæлгоймæгтæ бацагуырдтой уынаффæ кæнынмæ. Æмæ мах ныртæккæ электрон зарядкæйы руаджы нæ цæстытæ аулæфын кæнæм æмæ æрæмбырд кæнæм дидинджыты баст.

        Ацы дидинджыты баст мах лæвар кæнæм нæ зынаргъ мадæлтæн. Уадз æмæ ацы уардийы хуызæн царды уæнт рæсугъд æмæ райдзаст. Æнæнизæй æмæ зæрдæрухсæй сæ цардæй сæ зæрдæтæ райæнт.

  1. Æртыккаг къорды проектон куыст:

Цæвæг                            Судзин æмæ æндах                     Сасир

             

«Уыци-уыцитæ æмæ æмбисæндтæ»

        Къорды разамонæг: Мах бацæттæ кодтам къулыгазет (кæсы уыци-уыцитæ æмæ æмбисандтæ).

Дыккаг скъоладзау: Мах ма бацæттæ кодтам уыци-уыцитæ. Цымæ, кæцы къорды уæнгтæ хуыздæр æмæ рæвдздæр дзуæппытæ дæтдзысты.

        (Кæсы уыци-уыцитæ, сабитæ дзуапп дæттынц æмæ сын сæ дзуæппытæ интерактивон фæйнæгыл бæрæг кæны).

Æртыккаг скъоладзау: Ноджы ма мах къорд бацæттæ кодта æмбисæндтæ (кæсы сæ). Ныртæккæ та æртæ къорды уæнгтæм дæр ахæм хæлсæвæрд: мæнмæ ис æртæ къонверты. Сæ мидæг ис æмбисæндтæ, сæ дзырдтæ – хæццæтæ, афтæмæй. Æмбисонд  раздæр чи æрæмбырд кæна, уыцы къорд амбулдзæн.

  1. Скъоладзауты проектон куыстытæн аргъ скæнын.

Скъоладзаутæ сæхæдæг дзурынц, чи сæ хуыздæр куыста, уый тыххæй.

Ахуыргæнæг: Мах абон дзырдтам ирон адæмон дзургæ сфæлдыстадыл, Нарты кадджытыл. Нарты цæхæрадоны та задис диссаджы фæткъуы бæлас. Йæ диссаджы алæмæттаг фæткъуытæ уыдысты хос Нарты адæмæн.

        Фæйнæгыл – Нарты фæткъуыйы бæлас. Алкæй раз та уæ ис дыгай фæткъуытæ: иу цъæх, иннæ та – сырх. Афтæ уæ чи зæгъа, зæгъгæ, æз абон иттæг хорз куыстон, уый сырх рæгъæд фæткъуы сауындзæд бæласыл. Афтæ чи хъуыды кæны, мæн та ма ноджы хуыздæр кусын хъуыд, зæгъгæ, уый та – цъæх фæткъуы.

        Табуафси,  фыццаг къорды уæнгтæн – бар.

        Ныр та – дыккаг къорды уæнгтæн.

        Æртыккаг къорд – табуафси.

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ГОМ УРОЧЫ ПЛАН ИРОН ÆВЗАГÆЙ

План-конспект открытого урока по осетинскому языку в 1-ом классе...

Гом урочы пълан ирон авзагай 4 къласы. Тема :"Дыргъта"

Гом урочы пълан ирон авзагай 4 къласы. Тема: "Дыргъта"....

Фасурокты куыст ирон авзаджы барагбонма.

Фасурокты куыст ирон авзаджы барагбонма....

урочы пълан ирон авзагай

Аргъау "Чи кам уыдис сарды"....

Ирон авзаджы барагбонма

Воспитательное мероприатие посвященное ко дню К.Л.Хетагурова...

Доклад на тему: «Бынæттон æрмæгæй пайда кæнын ирон æвзаг æмæ кæсыны урокты»

Доклад на тему:«Бынæттон æрмæгæй пайда кæнын ирон æвзаг æмæ кæсыны урокты»...

Конспект урока "Рагон ирон хаедзар"

Урок составлен по программе полилингвального образования...