Дзасохты Музафер. Æмдзæвгæ "Ныстуантæ"
план-конспект урока (3 класс)

Тебиева Яна Отарбиевна
Конспект открытого урока по осетинской литературе в 3 классе по произведению Музафера Дзасохова "Ныстуантæ".

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_nystuanta.docx27.33 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ:  Дзасохты Музафер. Ӕмдзæвгæ «Ныстуантæ»

Кæсыны урок  - 3 кълас.

Урочы нысантæ:

  1. Ахуыргæнинæгты зонындзинæдтæ ног æрмæгæй фæхъæздыгдæр, фæпарахатдæр кæнын.
  2. Ахуыргæнинæгты аив æмæ æмбаргæ кæсыныл кусын.
  3. Адæймаджы фæзминаг миниуджытыл æфтауын.

Урочы хæстæ:

  1. Цыбырæй Дзасохты Музаферы тыххæй информаци раттын.
  2. Аив кæсын æмдзæвгæ æмæ йын йæ мидисыл бакусын.
  3. Ахуыргæнинæгты ныхасы рæзтыл кусын. Хи ныхæстæй дзурын æмæ хи хъуыдытæ дзурыныл фæлтæрын.
  4. Хистæр æмæ кæстæры хсæн раст ахастдзинæдтæ куыд уа, ууыл æфтауын.

Урочы фæлгонц:

Слайд- №1 - урокмæ сразæнгард кæнынæн (мотивацийæн) – æмдзæвгæ.

Слайд – №2-  Дзасохты Музаферы къам.

Слайд - №3 Скъоладзаутæ сæ куыстæн аргъ кæнынæн смайликтæ

Урочы æрмæг:

Ахуырадон чиныг 95 ф. Ӕмдзæвгæ «Ныстуантæ».

Аулæфт –физминуткæ «Ӕгъдауджын скъоладзау»

Хъазт – «Равзар, ацы дзырдтæй, адæймаджы фæзминаг миниуджытæм кæцы хауы?» (индивидуалон карточкæтыл)

Хъазт – «Уый æз дæн, уый æз нæ дæн».

Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнынæн - Хъазт – «Нывтæм гæсгæ сæмбырд кæн Къостайы æмдзæвгæ «Кæмæн цы…»

Презентаци Дзасохты Музаферы тыххæй.

Видео «Дзасохты Музафер Къостайы номыл премийы лауреат».

Видео «Хистæрты фæдзæхст». Уæлæмхасæн æрмæг.

Смайликтæ – аргъ кæнын хи куыстæн (сырх, бур, цъæх)

Журнал «Ногдзау». – лæварæн.

                 Урочы цыд:

  1. Урокмæ бацæттæгæнæн хай.

Салам раттын. Базонгæ уæвын скъоладзаутимæ. Сбæрæг кæнын урокмæ цæттæдзинад. (чиныг, ручкæ.)

  1. Урокмæ сразæнгард кæнын.

Æрбакæсут-ма фæйнæгмæ æмæ иумæ бакæсæм ацы рæнхъытæ:

Дзæнгæрæг  хъæрæй цæгъды,

Урокмæ нæ тынг фæнды.

Ам лæмбынæг мах фæхъусæм,

Тынг зæрдиагæй фæкусæм.

Ахуырмæ стæм цæттæ

Фондзтæ райсдзыстæм, уæдæ!

Уæдæ кæд цæттæ стут, уæд абадут уæ бынæтты æмæ райдайæм нæ куыст.

Уырны мæ æмæ абон нæ урочы хорз кæй кусдзыстут æмæ райсдзыстут ног зонындзинæдтæ!

  1. Зонындзинæдтæ зæрдыл æрлæууын кæныны хай.
  1. Нывтæ – æмдзæвгæ «Кæмæн цы…» зæрдыл æрлæууын кæнын (мультфильм равдисын)

Æрлæууын кæнут уæ зæрдыл, цавæр æдзæвгæимæ баст сты, цы æрмæг рацыдыстут, уымæй. Чи йæ радзурдзæн йæхæдæг?  Чи йæ ныффыста?

  1. Ног æрмæгмæ рахизын.Чиныджы æрмæгимæ бакусын.
  1. Ӕмдзæвгæ бакæсыны агъоммæ куыст.

Бакæсут –мачиныджы ацы хай цы хуыйны? Хорз зæрдæйæн – уарзт.

Кæцæй ист  сты ацы рæнхъытæ? Къостайы æмдзæвгæйæ. Нæ зæрдыл цы мдзæвгæ æрлæууын кодтам, уый.

Кæмæй фæзæгъынц афтæ ацы адæймагæн хорз зæрдæ? Хорз хъуыддæгтæ чи кæны,хæларзæрдæ, фæлмæн, æххуыс чи кæны….

Сымахæн  та уæ  бон  цавæр хорз хъуыддæгтæ бакæнын у?  Хистæртæм хъусын, хорз ахуыр кæнын, фондзтæ исын, æмбалæн æххуыс кæнын………

Бакæсут – ма æмдзæвгæйы сæргонд. «Ныстуантæ».

Цы нысан кæны ацы дзырд? Ӕркæсут-ма ацы фарсыл бынæй фыст ис.  Фæдзæхст. Завет, поручение.Чи у йæ автор?ДзасохтыМузафер.

Ӕмдзæвгæ   бакæсыны размæ мæ фæнды базонгæ кæнын йæ авторимæ.

Слайд №1 – Дзасохты М. къам

2018 азы адæмон поэт Дзасохты Музафер сбæрæг кодта йæ 80-йæм азы юбилей.  Æмæ йын йæ куыстæн аргъ скодтой. Сси Къостайы номыл премийы лауреат.  Ирон фыссæгæн ацы премии райсын у стыр кад.

Бакæсут – ма скъуыддзагмæ Музафер йахæдæг куыд зæгъы Къостайы премийы лауреат кæй сси, уый тыххæй.

Видео- ДзасохтыМузаферæн саккаг кодтой Къостайы номыл преми.

        Нæ республикæйы сæрдары къухæй райста зынаргъ ын чи у уыцы хæрзиуæг.

  1. Ӕмдзæвгæйы мидис æвзарыныл куыст кæнын.

Ныр та рахизæм ацы кадджын хистæр нын цы æмдзæвгæ ныффыста, уымæ. Цымæ нын цы фæдзæхсы, уый базонын уæ фæнды? Фæнды.

Уæдæ нæ абоны урочы нысан  у базонын ацы æмдзæвгæйы цы фæдзæхсы автор æмæ кæмæн? Лæмбынæг байхъусут, æмæ дзуапп раттут ацы фарстæн.

Ахуыргæнæджы бакасты фæстæ фарст:

Кæмæ дзуры автор? Цы yын фæдзæхсы? . Автор дзуры сывæллæттæм, махмæ.

  1. Скъоладзаутæ кæсынц.Алы рæнхъ дæр æвзарын бæлвырддæр.

3-4 рæнхъытæн ахуыргæнæджы комментаритæ æмæ фæрстытæ

 – Цавæр æгъдауыл цæуы ныхас?

5-6  –

Хистæрæн кад кæнын. Хистæр куы æрбахиза, уæд дæ цыфæнды куыст дæр фæуадз æмæ сыст. Салам ын ратт, æгъдау ын ратт.

7-8  -  

Бирæон нымæцы чи дзура иумæ, ома иу адæймагмæ бирæон нымæцы дзурын раст нæу. Куыд æй хоны Музафер? Нырыккон æнæгъдау æгъдау.Раттын зонындзинæдтæ, кæцæй фæзынди ацы гъдау, скæнын абарстытæ иннæ æвзæгтимæ.

8-9 –

Ирон лæгæн йæ хæзна, йæ хъæздыгдзинад у йæ кад.  Æхцайы цæстæй мА кæс адæймагмæ. Мæнæ ацы лæгмæ бирæ æхцатæ ис æмæ хорз у, иннæ та мæгуыр у æмæ æвзæр у…. Аргъ кæнын хорз зæрдæ кæмæн ис,  ахæм адæймагæн. Ӕгъдаумæ гæсгæ ирон хæдзармæ фæдзурынц сылгоймаджы номæй нæ, фæлæ нæлгоймаджы номæй. Хæдзары кæд кæстæртæ ис, уæд уыдоны номæй.

10-11-

Хъуамæ хицæн кæнай, хорз æмæ растхъуыддæгтæ æнæгъдау хъуыддæгтæй. Цæмæй æнæгъдау митæ мА кæнай, уый тыххæй та кæстæр хъуамæ хистæрмæ хъуса, зондæй йæ фæрса.Зонын мадæлон æвзаг. Уырыссаг фыссæг Константин Паустовский афтæ загъта:  Истинная любовь к своей стране немыслима без любви к своему языку. Кæд уарзыс дæ райгуырæн зæхх, уæд хъуамæ зонай де взаг.

12-13 –

Алкæйы хæс дæр у хъусын ныййарджытæм. Уымæн æмæ нæ уыдон хъомыл кæнынц ахуыр нæ кæнынц, æмæ сын сæ фæллойæн хъæуы аргъ кæнын.

Цавæр арфæ уын кæны поэт ?

Бакæсæм – ма йæ иумæ.

  1. Ӕмдзæвгæ бакæсыны фæстæ куыст. Раттын дзуапп чиныджы  фæрстытæн.

А)Æгъдæуттæ рацыдысты нæ рагфыдæлтæй.

Ӕ)Хистæртæ æмæ кæстæрты хсæн ахастытыл.

Б )Хистæр куы дзура, уæд æм байхъус æмæ дæ зондыл бафта.

Хатдзæгтæ: - Цæуыл нæ ахуыр кæны ацы æмдзæвгæ?

Аулæфт – физминуткæ.Ӕмдзæвгæ. «Ӕгъдауджын скъоладзау»

Бафидар кæнын – инд. карт. - Ссарут – ма мæнæ ацы дзырдты хсæн адæймаджы хорз миниуджытыл нымад чи у, уыцы дзырдтæ.

Ахуыргæнæг дæтты уæлæмхасæн æрмæг – Абон кæй æмдзæвгæимæ базонгæстæм, уыцы поэт Дзасохты Музафер бирæ азты уыди сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы редактор.  (Цыбырæй радзурын журналы тыххæй, балæвар кæнын сывæллæттæн журналы ног номыртæ, Музаферы къухфыстимæ).

Урочы хатдзæг :Зæгъут-ма, урочы райдайæн цы нысан сæвæрдтам, уый нæ къухы бафтыд?

Базыдтам  ЦЫ фæдзæхсы автор, æмæ КӔМӔН фæдзæхсы.

Æрмæг бафидар кæнынæн.

Урок  райдыдтам ахæм æмдзæвгæйæ – Слайд № 1. Ссарут – мА дзы фæзминаг миниуджытæ.

Урочы зæрдиагæй фæкусæм, фондзтæ райсдзыстæм, бæргæ.

Хъазт – «Уый æз дæн, уый æз нæ дæн».Ахуыргæнæг хъуыдыйæдтæ дзуры- скъоладзаутæ дзуапп дæттынц, кæд разы сты, уæд«Уый æз дæн», кæд не сты разы, уæд – «Уый æз нæ дæн».

Кæд ма рæстæг амона, уæд сывæллæттæн равдисын видео- «Хистæрты фæдзæхст»

Абон мæнмæ гæсгæ зæрдиагæй бакуыстат æмæ уын бузныг,  æнæмæнгæй стут«5» аккаг.

Уæхимæ та  куыд фæкаст уæ куыст? Кæд урочы алцыдæр бамбæрстат, хæдзармæ æрбацæудзыстут æмæ сæ уæ хистæртæн радзурдзыст, уæд райсут ахæм  смайлик. Кæд мА цæуылдæр дызæрдыг кæнут, уæд та -бур , кæд уын зын уыди , уæд та сырх. (Скъоладзаутæ исынц смайликтæ æмæ сæ æвдисынц)

Хæдзармæ куыст раттын:Хæдзары æмдзæвгæ бакæсдзыстут аив æмæ ацы ныстуантæ-фæдзæхстытæ уæ зæрдыл бадарут.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урок по осетинскому чтению на тему "На бинонты фарн" Дзасохты Музаферы амдзавга "Кастар ама хистар"-ма гасга

Махӕн фыдӕлтӕй бирӕ алыхуызон ӕгъдӕуттӕ баззад. Иутӕ дзы ферох сты, цард сӕ йӕхӕдӕг аппӕрста. Бирӕтӕ дзы цӕсты гагуыйау хъахъхъӕнинаг сты. Уыдонимӕ- ирон хъомылад бинонты ӕхсӕн. Бинонтӕм ӕгъдау, ӕфсар...