Фᴂндагыл цᴂуыны уагᴂвᴂрдтᴂ.
план-конспект урока (2 класс)

Олисаева Галина Керменовна

Фандагыл цауыны уагавардта

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon fandagyl_tsauyny_uagavardta.doc69 КБ

Предварительный просмотр:

ТЕМÆ:   Фæндагыл цæуыны уагæвæрдтæ.

НЫСАН: Фидар кæнын сывæлæты зонындзинæдтæ транспорты хуызтæ æмæ сæ нысаниуæджы тыххæй, æхсæнадон транспорты хи дарыны æгъдæутты тыххæй. Фæлхатын æмæ фидар кæнын зонындзинæдтæ фæндæгтыл цæуыны уагæвæрдтæ æмæ фæндаггон нысанты тыххæй. Фæлтæрын аразын дзырдтæ мивдисæг «цæуы»-имæ фæйнæхуызон разæфтуанты руаджы; хъуыдыйæдтæ фæйнæхуызон рæдзырдтимæ. Хъæздыгдæр кæнын сывæллæтты дзырдуат. Рæзын кæнын сабиты хъусдард, цæстдард, зæрдылдарындзинад. Хъомыл кæнын сабитæм хи дарыны культурæ уынджы, транспорты.

АХУЫРТЫ ЦЫД:

  1. Æнгуылдзты гимнастикæ.
  2. Д/ хъазт «Чи цæуыл æрцыди?»
  3. Транспорты хуызтæ æмæ сæ нысаниуæг фæлхатын.
  4. Физминуткæ.
  5. Фæндагыл цæуыны уагæвæрдтæ æмæ фæндагон нысантæ фæлхатын.
  6. Д/ хъазт «Ссар хъæугæ дзырд»
  7. Д/ хъазт «Машинæ æмæ хъæндил»
  8. Ахуырты хатдзæг

1. Æнгуылдзыты гимнастикам.

Мах нымайын зонæм: 1,2,3,4,5.

Иннæ къухыл ногæй: 1,2,3,4,5.

Дæс æнгуылдзы дыууæ къухыл –

Стыр хъæздыгдзинад у!

2.        Д/ хъазт «Чи цæуыл æрцыди?»

Рæвдауæг сабитæн уары нывтæ, кæцытыл нывгонд ис транспорты хуызтæ. Сывæллæттæ та дзурынц, абон рæвдауæндонмæ чи цæуыл æрбацыд. Хъомылгæнæг дæтты хуызæг:

-        Æз æрцыдтæн машинæйыл.

Бакусынæн дзырдтæ: машинæ, трамвай, поезд, нау, хæдтæхæг, троллейбус, хæрдмæтагхагг, бæлæгъ, автобус, велосипед.

  • Æз æрцыдтæн автобусыл.
  • Æз æртахтæн хæдтæхæгыл.
  • Æз æрленк кодтон науыл. Æмæ  аф.д.

3.        Транспорты хуызтæ æмæ сæ нысаниуæг фæлхатæн.

  • Уæ нывтыл цы нывгонд уыд, уыдон иу дзырдæй куыд ис схонæн? (транспорт).
  • Цæмæн хъæуы транспорт? (адæм æмæ уаргътæ ласынмæ).
  • Транспорты цы адæм цæуынц, уыдон æндæр хуызы куыд ис схонæн? (пассажиртæ).
  • Ранымайут ма пассажирты транспорты хуызтæ (автобус, троллейбус, трамвай, поезд, хæдтæхæг, машинæ).

-        Уаргътæ цы транспорт ласы, уый куыд хуыйны? (уæзласæн транспорт).

  • Зæгъут-ма, цавæр хуызтыл ма ис адих кæнæн транспорт? (зæххон, уæлдæфон æмæ доны транспорт).
  • Цæмæн хуыйны зæххон транспорт? (уымæн, æмæ цæуы зæххыл).
  • Цæмæн хуыйны уæлдæфон транспорт? (уымæн, æмæ цæуы уæлдæфы).
  • Цæмæн хуыны доны транспорт? (уымæн, æмæ цæуы доны).

4.        Физминуткæ.

Æз тæхын, тæхын, тæхын,

Æз цæуын, цæуын, цæуын,

Æппæт бæстыл æрзилдзынæн,

Сывæллæттæм фæсиддзынæн:

«А бæстыл хæларæй цæрут!»

5.        Фæндагыл цæуыны уагæвæрдтæ фæлхатæн.

Æвиппайды уаты фæзынд Сырдон. Йæ лæф-лæф цæуы, у диссаджы тарстхуыз.

Цыма сабиты нæ уыны, йæхи афтæ дары.

С: - Уæууа! Æнхъæл дæн, ацы хатт аирвæст дæн!

Хъ: - Сывæллæттæ, диссаджы уазæг нæм æрцыд. Кæд нæ рæдийын, уæд мæм Сырдоны хуызæн кæсы. Цалынмæ нæ нæ хъусы, уæдмæ-ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, чи у Сырдон? ( «Нарты кадджыты» персонаж).

-        Æмæ цы зонæм Сырдоны тыххæй? (у цыргъзонд, цыргъæвзаг, мæнгард, хинæйдзаг).

-        О, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, ныртæккæ Сырдон у не 'ххуыс хъуаг. Æмæ йын куы нæ баххуыс кæнæм, уæд раст нæ уыдзыстæм. Цæй æмæ йæ бафæрсæм, цы йыл æрбамбæлд, уымæй.

Хъ: - Æгас нæм æрцу, Сырдон! Кæцæй фæдæ?

С: - Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ! Мæнæ уæ, зæгъын, абæрæг кæнон, фæлæ ма тыххæй аирвæст дæн. Фæстæмæ куыд цæудзынæн, уымæн ницы зонын! Исты хос ма мын æрхъуыды кæнут!

Хъ.: - Нæ зоныс, Сырдон, фæндагыл цæуыны æгъдæуттæ æмæ уый тыххæй тæрсыс.

С: - Мæ къонатæ, бамбарын-ма мын кæнут уыцы æгъдæуттæ, науæд мæ хæдзарыл куыд сæмбæлдзынæн?!

Хъ.: Цæй, сывæллæттæ, баххуыс кæнæм Сырдонæн? Уæдæ уæд мæнæ нæ уынджы алыварс æрбадут.

Сабитæ рæвдауæг æмæ Сырдонимæ æрбадтысты уынджы макеты алыварс.

  • Зæгъут-ма, цы у уынг? (фæндаг, хæдзæрттæ, бæлæстæ...).
  • Кæм цæуынц машинæтæ? (фæндагыл).
  • Кæм цæуынц адæм? (тротуарыл).
  • Фæндагыл цæхгæрмæ ахизын кæм æмбæлы? (фæндагыл «зебрæ» нывгонд кæм ис, уым).

-        Фæндагыл цæхгæрмæ цæугæйæ фыццаг кæцырдæм акæсын хъæуы? (галиуырдæм, стæй фæндаджы астæумæ куы бахæццæ уай, уæд та - рахизырдæм).

  • Уæдæ тротуарæн та йæ кæцы фарс æмбæлы цæуын? (йæ рахиз фарс).
  • Цæмæн? ( цæмæй дæ ныхмæ цы адæм цæуынц, уыдоны ма хъыгдарай).
  • Тротуар куы нæ уа, уæд та куыд æмбæлы цæуын? (цæугæ машинæты ныхмæ).
  • Цæмæн? (цæмæй машинæтæ уынай).
  • Уæдæ ма ныр та базонут уыци-уыци:

Ис æртæ цæсты мæнæн,

 Калынц радыгай тæмæн.

Сырх ыссыгъди -уæд æрлæуу,

Ие ныр дын цæугæйæ ногу.

Цæстытæй куы ссудза бур —

Цъус фæгæдзæ кæ, мæ хур.

Ссыгъди цъæх — дæтты дын бар,

Размæ ныр дæ фæндаг дар.

Ис æртæ цæсты мæнæн,

Базон-базон, æз цы дæн?

  • Цæмæн хъæуы светофор? (уый 'руаджы адæм æмæ шофыртæ кæрæдзи нæ хъыгдарынц, алчи дæр цæуы йæхи рады).
  • Зæгъут-ма, машинæты фæндагыл кæнæ фæндагмæ æввахс хъæын æмбæлы? Цæуылнæ?
  • Раст стут. Адæмы æдасдзинад фæндæгтыл æрмæст шофыртæй арæгæ нæу, фистæгцæуджытæ дæр хъуамæ æххæст кæной уынджы цæуыны æгъдæуттæ.

С: - Цæй, уыдон се 'ппæтт бамбæрстон, мæ зæрдыл сæ бадардтон. Фæлæ ма мын зæгъут, мæ хæдзарыл цы хуызы сæмбæлон?

Хъ: - Хъæуы дæ автобусы æрлæууæнмæ бацæуын.

С: - Æмæ йæ цæмæй базондзынæн æрлæууæн у, уый?

Хъ: - Уыдзæн дзы бæрæггæнæн. Сывæллæттæ, равдисæм-ма Сырдонæн, цавæр фæндаджы бæрæггæнæнтæ вæййы æмæ сæ кæм фенæн ис, уый.

Сывæллæттæ дзурынц фæндаджы бæрæггæнæнты тыххæй æмæ сæ æвæрынц  макетыл æмбæлгæ  ран.

«Æрлæууæн»

«Арæхсгæ, сывæллæттæ»

«Медициной æххуысы бынат»

«Фистæгæй цæуджыты переход»

«Велосипедыл цæуын æмбæлы»

«Велосипедыл цæуын не 'мбæлы»

«Фистæгцæуджытæн цæуыны бар нæй»

 «Машинæты æрлæууæн бынат»

6. Д/ хъазт «Ссар хъæугæ дзырд»

Дыууæ рæнхъæй лæууынц бандæттæ, уыдон нысан кæнынц автобусы бадæнтæ. Ис дзы шофыры бынат дæр.

-        Сывæллæттæ, ныртæккæ мах цæудзыстæм автобусы. Автобусы мах чи уыдзыстæм? (пассажиртæ).

Пассажиртæ транспорты сæхи куыд хъуамæ дарой? (кæрæдзи ма хъыгдарой, хъæрæй ма дзурой, хистæртæн бынат дæттой, æ 'рлæууæн куы æрхæццæ уа, уæд аивæй ахизыны бар ракурой.

Хорз. Уæдæ цæуæм автобусы. Æз дзурдзынæн автобус кæм цæуы уый, сымах та мын хъуамæ дзурат куыд цæуы уый.

Автобус æрлæууæнæй... ацыди. Æмæ иннæ æрлæууæнмæ...бацыди. Ныр та къуыбырыл...ссыди. Уый фæстæ къуыбырæй бынмæ...æрцыди. Мæнæ талынг тъунелы... бацыди. Æмæ йæ иннæ фарс... рацыди. Уалынмæ сындæггай рæвдауæндонмæ... æрбацыди.

-        Рахыстыстæм автобусæй. Ныр пассажиртæ нал стæм, фæлæ чи стæм? (пешеходтæ, фистæгцæуджытæ).

  • Автобусæй куы рахизæм, уæд йæ кæцы фарс хъуамæ ацæуæм? (йæ фæстæ).
  • Цæмæн? (цæмæй цæугæ машинæтæ уынæм).
  • Уæдæ трамвайæн та йæ кæцы фарс æмбæлы ацæуын? (йæ разæй).
  • Цæмæн? (цæмæй комкоммæ цы трамвай цæуы уый уынæм, уый тыххæй).

7. Д/ хъæт «Машинæ æмæ хъæндил»

Рæвдауæгæн йæ къухы хъазæн машинæ æмæ хъæндил. Фæрсы:

  • Кæм ис хъæндил? Сабитæ дзуапп дæттынц:
  • Хъæндил ис машинæйыл.
  • Хъæндил ис машинæйы хуылфы.
  • Хъæндил ис машинæйы был.
  • Хъæндил ис машинæйы фæстæ.
  • Хъæндил ис машинæйы разæй.

- Хъæндил ис машинæйæн йæ рахиз фарс.    

- Хъæндил ис машинæйæн йæ галиу фарс.

8. Ахуырты хатдзæг.

Хъ: - Цæй, Сырдон, дæ зæрдыл бадардтай фæндæгтыл хи куыд дарын хъæуы уый, бахъуыды кодтай уынджы цæуыны æгъдæуттæ?

С: - О, стыр бузныг уын, сывæллæттæ! Тынг мын баххуыс кодтат, ныр ницæмæй уал фæтæрсдзынæн! Хорзæй баззайут!

Хъ: - Фæндараст, Сырдон! Фæндæгтыл хъусдард æмæ цæстдард у. Тагьд рæстæджы та дæм æнхъæлмæ кæсдзыстæм.

Сывæллæттæ дæp хæрзбон зæгъынц Сырдонæн æмæ уый ацыд.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты