Цавд
план-конспект урока (4 класс)
Предварительный просмотр:
Цавд
Урочы нысантæ: Скъоладзауты зæрдыл æрлæууын кæнын, цы у цавд æмæ цавд æвæрæны æгъдæуттæ. Бакусын ахуыргæнинæгты хъуыдыкæнынады рæзтыл. Сывæллæтты ахуыр кæнын куыстуарзон уæвыныл.
Дзырдуат: балц, æнтыд, адаг, къæрта, тæскъ, хъæбæрхор, æвдæлон, мигъдзаст, цъиусур, фæнд, сур.
Урочы цыд
I. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
II. Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.
23-æм фæлтæрæны нысан у ахуыргæнинæгты ныхасы рæзтыл бакусын æмæ рацыд æрмæг сфæлхат кæнын.
Фæлтæрæны грамматикон хæслæвæрды нысан у тексты ссарын дзырдтæ дæргъвæтин æмхъæлæсонтимæ æмæ сæ адих кæнын уæнгтыл.
Скъоладзаутæ таурæгъ бакæсгæйæ æмæ фæрстытæн дзуапп ратгæйæ, сбæлвырд кæндзысты йæ сæйраг хъуыды. Таурæгъы сæйраг хъуыды баст у фæллой кæнынимæ.
– Куыд æмбарут дзырд фæллой-ы нысаниуæг?
– Куыд бауырныдта фыды, йæ фырт фæллойы ад бамбæрста, уый?
Ахуыргæнинæгтæ бацархайдзысты таурæгъ хи ныхæстæй радзурын.
III. Урочы ног темæйыл бакусын.
1) Урочы ног темæ раргом кæнынæн спайда кæнæн ис 23-æм æмæ 24-æм фæлтæрæнтæй.
23-æм фæлтæрæны грамматикон хæслæвæрд баст у, тексты бæрæггонд дзырдты тыхджындæр хъæлæсы уагæй цы уæнгтæ загъд цæуынц, уыдонмæ хъус æрдарынимæ.
Скъоладзаутæ скæндзысты хатдзæг æмæ йæ абардзысты чиныджы раиртæстимæ.
Дзырды тыхджындæр хъæлæсы уагæй цы уæнг загъд цæуы, уый у цавдон уæнг.
Бакæсын раиртæст, зæрдыл æй бадарын.
Бæрæггонд дзырдтæ тетрæдтæм фысгæйæ, фæнысан кæнын цавдон уæнгтæ.
2) Дарддæр скъоладзаутæ урочы ног æрмæг раргом кæныны тыххæй æххæст кæнынц 24-æм фæлтæрæн иртасæн куыст кæнгæйæ.
Цавды нысан куыд æвæрд у, уымæ гæсгæ хъуыдыйæдтæн бамбарын кæнын сæ хъуыды. Скæнын хатдзæгтæ.
Зæгъæм: (Чи?) Хохаг картоф балхæдтам. Ацы хъуыдыйады
дзырдты тыхджындæр хъæлæсы уагæй фæзæгъæм уæнг.
Арæх тыхджындæр хъæлæсы уагæй фæзæгъæм уæнг нæ, фæлæ дзырдбæстытæ. Зæгъæм: Нана хохаг картоф балхæдта.
Ацы ран дзырдтæ хохаг картоф загъд цæуынц иумæ тыхджындæр хъæлæсы уагæй. Уымæ гæсгæ сыл хауы иумæйаг цавд. Иумæйаг цавд цы дзырдтыл фæхауы, уыдоны æхсæн, дзургæйæ, паузæ кæнæн нæй. Скъоладзаутæ сæ хатдзæгтæ абардзысты чиныджы раиртæстимæ.
Скъоладзаутæ 26-æм фæлтæрæн æххæст кæнынц 24-æм фæлтæрæнмæ гæсгæ.
IV. Ног темæ бафидар кæнын.
1) 25-æм фæлтæрæны, бæрæггонд дзырдты цавды нысан æвæргæйæ, скъоладзаутæ бафидар кæндзысты урочы темæ.
Фæлтæрæны грамматикон хæслæвæрдмæ гæсгæ скъоладзаутæ сфæлхат кæндзысты дæргъвæтин æмхъæлæсонты растфыссынад. Ноджы ма скъоладзаутæ сæ зæрдыл æрлæууын кæндзысты, синонимтæ цы сты, уый.
Æмдзæвгæмæ гæсгæ хъомыладон куыст бакæнын беседæйы хуызы.
– Зæгъут, цæуыл цæуы дзырд æмдзæвгæйы?
– Цæмæн хуыйны æмдзæвгæ «Сæрæнгуырд»?
– Сымах та куыд æххуыс кæнут хæдзары уæ ныййарджытæн?
– Цавæр æмбисæндтæ зонут фæллойы тыххæй?
2) Хибарæй сæххæст кæнæн ис 27-æм æмæ 28-æм фæлтæрæнтæ. 27-æм фæлтæрæны хæслæвæрдмæ гæсгæ фæззæджы тыххæй æмбисæндтæ рафыссын хъæуы иумæйаг цавд æвæргæйæ. Бакæнын хъомыладон куыст, æмбисæндты æмæ æмдзæвгæйы хъуыды бамбарын кæнгæйæ. Æмдзæвгæйæн йæ сæйраг хъуыды абарын æмбисæндты хъуыдыимæ.
IV. Урочы кæронбæттæн.
– Цы базыдтат ногæй урочы?
– Цы фæлхат кодтат урочы?
– Цы хонæм иумæйаг цавд?
– Цавæр хицæндзинæдтæ базыдтат цавд æвæрыны тыххæй?
V. Хæдзармæ куыст.
29-æм фæлтæрæн æххæст кæнгæйæ, скъоладзаутæ бафидар кæндзысты рацыд æрмæг.