Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ æмæ сæ растфыссынад.
презентация урока для интерактивной доски (2 класс)

перезинтация и план открытого урока Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ æмæ сæ растфыссынад.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл plan_uroka.docx48.86 КБ
Файл prezentatsiya.pptx2.42 МБ

Предварительный просмотр:

                      Ирон æвзаджы урок 2-æм къласы.  

     /

Урочы темæ:    1. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ æмæ сæ растфыссынад.

                            2. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ иу рæнхъæй иннæмæ  хæссыны æгъдæуттæ.

Урочы ахуырадон нысæнттæ:

                  1. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

                  2. Бацамонын скъоладзаутæн урочы ног æрмæг.

                     Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ цы дзырты ис, уыдон

                                -раст фыссын;

                               -иу рæнхъæй сæ иннæмæ хæссын  зонын.

                  3. Ахуыр кæнын скъоладзауты  

  - хъуыды кæнын,                                                                                                                                      - хатдзæгтæ аразын,

  - сæхицæн  æмæ кæрæдзийы  куыстытæн  аргъ кæнын.

                  4. Сыгъдæгфыссынады  æгъдæуттæ  зонын ӕмӕ сӕ  пайда кæнын.

                  5.  Мыртæн мырон-дамгъæон анализ кæнын

                  6. Дзырдуатон куыст бакæнын.

     

Хъомыладон  хæс:

1. Разæнгард кæнын скъоладзауты  мадæлон æвзаг ахуыр   кæнын , зонын, уарзын æмæ  йæ хъахъхъæнын.

2. Æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæй дзургæ æмæ  фысгæ ныхасы пайда кæнын.

   Зонадон хæс:

                         1. Дӕргъвӕтин ӕмхъӕлӕсонты растфыссынад.

                          2. Ног куысты хуызтимæ скъоладзауты базонгæ  кæнын.

   Урок цалцæггон æрцыд :

  1. 2-æм къласы ирон æвзаджы чиныг,

                                        / автор Гуыриаты Меретхан,

                                        БдайцитыЗинæ, Дзæуджыхъæу /.

  1. Тетрæдтæ.                          
  2. Фæйнæг.
  3. Компьютер.
  4. Карточкæтæ.
  5. Текст«Зымæг».
  6. Интерактивон  фæйнæг.

                               

Дзырдуат:

  • Орфограммæ - растфыссынад
  • Сыгъдæгфыссынад - чистописание
  • Къæрцхъус - бдительный
  • Дæргъвæтин - даргъ
  • Дывæр - дыууæ

             

                                                     Урочы цыд.

1.Бацæттæгæнæн рæстæг.

Ах-г.         - Абон нæм саккаг кодтой кадджын уазджытæ

                   æмæ сын салам раттæм.

  Нæ урок райдайдзыстæм Хуыгаты Мырзабеджы ӕмдзӕвгӕйы   рæхъытæй:

     

       Цæмæн ма ис сисæн æвзагæй уæлдæр ,

       Ирон æвзаг райгуырдис дисæн:

       Цæмæн кæнæм неʹвзаг нæхæдæг дæлдæр

       Ǽвзаг куы у удты æвдисæн!

2.Кавказаг мыртæ нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм.

           Къ, Пъ, Тъ, Цъ,Чъ, Хъ,  Гъ

Слайдыл кæсæм мыртæ.

а

æ

о

у

ы

и

с

дз

дзæ

хъ

хъи

гъ

гъӕ

къ

къо

з

3 .Ах-г.      Ǽз уын дзурдзынæн дзырдтæ.Сымах мæм лæбынæг      хъусут!Фæйнæгыл æмæ нæ тетрæдты  афыссæм цы дамгъæты растфыссынад  хъуамæ  нæ зæрдыл бадарæм,  уыдон.

Фæткъуы, хъæдындз, дзурын, пъол, джитъри, хæцъил, чъыр, мигъ.

     4.Ах-г.        Ныр та афыссæм æнæхъæн дзырдтæ:

                        рухс, машинæ, æвзаг, жираф.

                       

- Цæмæй хицæн кæнынц ацы дзырдты растфыссынад?

Скъ-тæ .  «С»æмæ«Ш»-æмхуызон хъуысынц, фæлæ сæ    фыссæм     алыхуызон,у ымæн æмæ …

Ах-г. Уæлдæр цы дамгъæтæ ныффыстам ,уыдон иннæтæй цæмæй хицæн кæнынц (къ, пъ, тъ, чъ, цъ, хъ, гъ).

1-аг скъ.  -Уыцы  дамгъæтæ фыст цæуынц«Ъ»-хъæры нысанимæ.

2-аг скъ.    -Уыцы мыртæ мах хонæм кавказаг

Ах-г.   -  Сæ равзæрдмæ гæсгæ ацы дзырдтӕ цавæртæ сты?

 Скъ-æ.  - Ǽмхъæлæсонтæ.

     Физминуткæ

ΙΙΙ.   Ах-г.  Ǽз уын дзурдзынæн дзырдты къæйттæ, сымах лæмбынæг  хъусут  æмæ дзы ссарут хицæндзинæдтæ.

                                       Раз - раззаг,

                                 Уæй - уæййаг,

                                 Хъæу - хъæууон.

Скъ-ты  дзуӕппытӕ

Ах-г.  - Уеʹппæт дæр раст стут,фæлæ ноджы растдæр  уыдзæн

            дæргъвæтин.   

         Уæдæ нæ абоны урочы æрмæг куыд  ис схонӕн?

  / Скъоладзаутӕ хъуамӕ сӕхӕдӕг саразой хатдзӕг /

IV.  Чиныгимæ куыст.

           - Райгом кæнæм нæ чингуытæ.

         1.  Ǽркæсæм  § 8,  49-м фарс, 98-м фӕл.

         2.   Ах-г.    Дыккаг цæджындзы дзырдтимæ ма æрхъуыды кæнæм  хъуыдыйæдтæ.

1-аг скъ-у       1.  Мæ хызын у уæззау.

                    2.  Ǽз агурын уæййаг чиныг.

                    3.  Арс, бирæгъ æмæ рувас сты хъӕддаг сырдтӕ.

                        Тагъддзуринаг.

Къаппа – къоппа - къæбæлдзыг,

Къаппа – къоппа - хæтæлдзыд.

Къаппа – къоппа - уæлвæзы,

Къаппа – къоппа - дæлвæзы.

Ах-г.    Куыд зонут уыци-уыцитæ та?

  •  Рæсугъд у….фæлæ дзы къæхтæ сæлынц!          (мит).
  • Базон-базон уый кæд у, æрдз скӕны урс ффлыст? (Зымæг).

Ах-г.    -Цавæр афæдзы афонтæ ма зонут?

(Уалдзæг, сæрд, фæззæг, зымæг).

Ах-г.  Райгом ма кæнут уæ разы уыцы сыфтæ. Бакæсæм цы текст дзы   ис, уый.

                                       Зымæг.

Раллæууыд уазал зымæг.Урс мит бамбæрзта хæдзæртты сæртæ.Мæргътæ сæ ахстæтты бамбæхстысты.Тæрсынц уазалæй. Хурмæ æнхъæлмæ кæсынц. Ǽрмæст сывæллæттæ цин кæнынц зымæгыл.

Ах-г.

      -Зымæджы цавæр ивддзинæдтæ æрцæуы?

Скъ-тæ:  1Бон фæцыбыр вæййы.

                  2. Хур нал фæкæсы æмæ вæййы уазал.

                  3. Мæргътæй иутæ хъарм бæстæм атæхынц,  чи нæ атæхы,уыдон        уазалæй бамбæхсынц.  Уыцы мӕргътӕн сывӕллӕттӕ аразынц хӕдзӕрттӕ, акалынц сын  хоры нӕмгуытӕ ӕмӕ дзулы къӕбӕртӕ.

              4. Ӕруары мит æмæ дзы сывæллæттæ фæхъазынц алыхуызон        хъæзтытæй.

Ах-г.  Тынг хорз.

 Текстыл куыст.

    1.Ǽркæсут ма текстæ æмæ  зæгъут, абон мах цы ног раиртæст     базыдтам, уыймæ баст чи у ахæм орфограммæтæ дзы  ис, ома дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ.

  • 1. Рафыссут ма  уыцы дзырдтæ уæ тетрæдтæм (скъ-тæ фыссынц сæ тетрæдты).
  •  - Ныр та уæ алчи йæ сыф раттæд йæ фарсмæ чи бады уымæ, цæмæй йын йæ рæдыдтытæ ссара æмæ йын сæвæра раст бæрæггæнæн.

 

           2.Тексты ссарут  кавказаг æмхъæлæсонтæ æмæ сæ рафыссут  уæ  сыфты       2-аг номыры.

  • Ныр сæ фæстæмæ адæдтут. Фæстейы чи бады ,уыдон  та сæ сыфтæ дæттынц раззæгтæн.  Уыдон сӕ кӕрӕдзийӕн æвæрынц   бæрæггæнæнтæ .

       3.  Ныр уæ алчидæр æртыккаг номыры  бын   йӕхи сыфы ныффысдзæн тексты  иууæнгон  дзырдтæ кæцытæ ссардтат, уыдон.

                   Физминуткæ.(Улæфты рæтæг).

  • Дзырдбыд
  • Уыци-уыцитæ
  1. Мæргътæн уазалы у зын,

Ǽмæ хъарм бæстæм тæхынц

Адæм бафснæйдтой тыллæг,

Ǽмæ ралæууыд …

                               (Фæззæг).

2. Нæ йæм фæрæт

   Ǽмæ хырх  вæййы,

   Нæ дзæбуг æмæ аркъау,

   Афтæмæй уæладзыг

   Хæдзæрттæ аразы.

                            (Зæрватыкк)

3.Ǽхсæв уыны ,бон нæ. (Хæлынбыттыр).

4. Иухатт дыууæ хаты

  Демæ фæхыл дæн

  Цас у сæ нымæц

  Ǽдæппæт  нæ хылтæн.

                            (Дыууæ)

5. Цъиу нæу, афтæмæй-цæрдæг

   Къалиуæй къалиумæ гæппытæ кæны.

                            (Ǽхсæсæттæг).

 Карточкæтимæ куыст.

Х

Х

Х

Х

Х

Х

                             

             Ǽххуыс,æххормаг,зæхх.

Фæлхат :1.Иуæй йу дзырдты æмхъæлæсон мыртæ фæхъуысынц  дæргъвæтин, æмæ сæ фыссæм дывæрæй.

  1. Дæргъвæтин æмхъæлæсонтæ иу рæнхъæй иннæмæ    хæссæм    хицӕнӕй.

 

            Кæронбæттæн

Ирон æвзаг! Мæ зынджы хай ,Мæ арт!

Ǽрттив, æхсид æнусбонтæм  æдасæй.

Дæ цæрайæ, дæ рухс æмæ дæ тæвсæй

Цæрдзынæн æз æмæ хæрдзынæн ард.

                      Ǽвæрæм бæрæггæнæнтæ!!!


Предварительный просмотр:


Подписи к слайдам:

Слайд 1

Уӕ бон хорз !!!

Слайд 2

Тем æ : Д æ ргв æ тин æ мхъ æ л æ сонт æ æ м æ с æ растфыссынад дзырдт æ иу р æ нхъ æ й инн æ р æ нхъм æ х æ сг æ й æ .

Слайд 3

Цели: Учить правильно, обозначать двойной согласный на письме. 2 . Развивать орфографическую зоркость, речь, творческое мышление. 3 . Пополнить словарный запас учащихся. 4 . Способствовать воспитанию интереса к изучению русского языка.

Слайд 4

Цæмæн ма ис сисæн æвзагæй уалдæр. Ирон æвзаг райгуырдис дисæн: Цæмæн кæнæм не ’ взаг нæхæдæг дæлдæр Æвзаг куы у удты æвдисæн ! ( Хуыгаты Мырзабег ).

Слайд 5

а æ о у ы и с са дз дзу хъ хъ æ гъ гъы з зо къ къа къу Раст фысс

Слайд 6

Орфограммæ – растфыссынад Сыгъдæгфыссынад – чистописание Къæрцхъус – бдительный Дæргъвæтин – даргъ Дывæр – дыууæ Дзырдуатон куыст

Слайд 7

Рæсугъд у … , фæлæ дзы къæхтæ сæлынц. Базон - базон уый кæд у Æрдз урс фæлыст дары?

Слайд 8

Зым æ г Ралæууыд уазал зымæг. Урс мит бамбæрзта хæдзæртты сæртæ. Мæргътæ ахстæтты бамбæхстысты. Тæрсынц уазалæй. Хурмæ æнхъæлмæ кæсынц. Æрмæст сывæллæттæ цин кæнынц зымæгыл.

Слайд 9

физминутка

Слайд 15

х х х х х х З æ хх Æххуыс Æххормаг

Слайд 16

Къаппа-къоппа-къӕбӕлдзыг, Къаппа-къоппа-хӕтӕлдзыд. Къаппа-къоппа-уӕлвӕзы, Къаппа-къоппа-дӕлвӕзы.

Слайд 17

Дзырдбыд

Слайд 18

1. 2. 3. 4. 5.

Слайд 19

Уыци-уыцитӕ: Мӕргътӕн уазалы у зын , ӕмӕ хъарм бӕстӕм тӕхынц. Адӕм бафснӕйдтой тыллӕг, ӕмӕ ралаууыд … . Фӕззӕг Нӕ йӕм фӕрӕт ӕмӕ хырх вӕййы, Нӕ дзӕбуг ӕмӕ аркъау , Афтӕмӕй уӕладзыг хӕдзӕрттӕ аразы . Зӕрватыкк Ӕхсӕв уыны , бон - нӕ . Иу хатт , дыууӕ хатты Демӕ фӕхыл дӕн. Цас у сӕ нымӕц ӕдӕппӕт нӕ хылтӕн Цъиу нӕу, афтӕмӕй - цӕрдӕг, Къалиуӕй къалиумӕ гӕппытӕ кӕны. ӕхсӕрсӕттӕг Хӕлынбыттыр Дыууӕ

Слайд 20

Улӕфты рӕстӕг.

Слайд 21

ФИЗМИНУТКӔ цӕстытӕн

Слайд 25

Бузныг !

Слайд 26

Хатдзӕгтӕ: Абон цы базыдтам нӕ урочы ногӕй? Куыд фыссӕм дӕргъвӕтин ӕмхъӕлӕсонтӕ? Куыд хӕссӕм иу рӕнхъӕй иннӕмӕ дӕргъвӕтин ӕмхъӕлӕсонтӕ?

Слайд 27

рефлексия Ӕрмӕг хорз чи бамбӕрста, уыдон зазбӕласыл арцауындзысты сырх хъазӕн. Лӕмӕгъдӕр чи бамбарста , уыдон та арцауындзант бур хъазӕн .

Слайд 28

Ирон ӕвзаг! Мӕ зынджы хай, мӕ арт ! Ӕрттив, ӕхсид ӕнусбонтӕм ӕдасӕй. Дӕ цӕрайӕ, дӕ рухс ӕмӕ дӕ тӕвсӕй Цӕрдзынӕн ӕз ӕмӕ хӕрдзынӕн ард !

Слайд 29

Стыр бузныг !


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Открытый урок осетинского языка в 4 классе на тему " Мивдисæджы растфыссынад."

Открытый урок в 4 классе на тему: "Мивдисæджы растфыссынад"....