Темæ: «Мысты зарæг» Гаглойты Григол
план-конспект урока (4 класс) на тему

Олисаева Галина Керменовна

Гаглойты Григол

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл temae_1.docx17.86 КБ

Предварительный просмотр:

Темæ: «Мысты зарæг» Гаглойты Григол

 Нысан:

1. Сывæллæтты аив кæсын ахуыр кæнын;

2. Ныхасы рæзтыл кусын, кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын;

3.  Цæрæгойтæм уарзондзинад рæзын кæнын.

І.  Бацæттæгæнæн рæстæг.

-Сабитæ, равдисут ма цавæр æнкъарæнтимæ æрбацыдыстут урокмæ?

- Куыд уæм кæсы, цавæр æнкъарæнтæ нын баххуыс уыдзысты, цæмæй нæ     урок хорз ацæуа?

- Уæдæ бахудæм кæрæдзимæ, кæрæдзийы къухтæ райсæм æмæ размæ нæ ахуыры фæндагыл!

(1 - æм равдыст)

- Сымах зонут, чи сидтис Иры лæппутæм афтæ: «Цæйут æфсымæртау раттæм

 нæ къухтæ, абон кæрæдзимæ, Иры лæппутæ»? (Хетæгкаты Къоста) 

Чи уыдис Хетæгкаты Къоста? (ирон литературæйы бындурæвæрæг)

рæджы йын мах йæ бæрæгбон  бæрæг кодтам, йæ музейы дæр уыдыстæм. 

Зонæм æй, Къоста сидзæрæй баззад. Хорз ахуыр кодта  æмæ дзы стыр лæг кæй рауад. Сымах дæр хорз ахуыр кæнут æмæ  стыр ахуыргонд лæгтæ суы-дзыстут. 

І І.  Рацыд æрмæгимæ куыст.

-Цы уын уыдис бакæсынмæ лæвæрд? (Хъайтмазты Аслæмырзæйы æмдзæвгæ «Сидзæр» сахуыр кæнын зæрдывæрдæй)

- Кæй фæнды радзурын?       (1-3 ахуырдзауы дзурынц)

-Цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрд уæ зæрдæты æмдзæвгæмæ хъусгæйæ?

(сæныккæн тæригъæд кодтам, уымæн æмæ æнæ мадæй баззад)

-Мадæлты уарзын хъæуы?

- Мадæлтæн хъæуы æххуыс кæнын, бирæ сæ уарзын хъæуы. Æнæ мадæй фос дæр æмæ адæймаг дæр мæгуыр у. Уарзут уæ мадæлты. 

ІІІ.  Улæфты минут. 

                Иу мæ сæр, дыууæ мæ хъустæ.

               Иу мæ фындз, дыууæ мæ къухтæ.

               Хъустæй мах фæкæнæм хъусгæ,

               Къухтæй мах фæкæнæм кусгæ.

ІV  Ног æрмæг.

1. - Сабитæ, уыци – уыцитæ уарзут?

 

   - Исчи уæ зоны уыци – уыцитæ?

  - Цымæ мын мæ уыци – уыци базониккат?

                                Уыци – уыци:           

                                                    

                          Хуынчъыты мæ фаджысты

                          Боныгон фæбадынц

                          Æхсæвы та агъуысты

                          Алы къуымтæ къахынц. (мыст)

- Сымахæй искуы исчи мыстытæ федта?

(2,3,4 - æм равдысттæ)

 - Цы зиан хæссынц?

- Куыд тох кæнын хъæуы семæ?

- Кæмæ уæ ис гæды? Сæ нæмттæ та цы хуыйнынц? Цавæр дамгъæйæ сæ

  ныффысдзыстут? Цæмæн?

- Уарзут уæ гæдыты. 

- Уарзут сæ! Хæринагæй сæ цух ма уадзут!

2. - Цæй тыххæй уыдзæн нæ абоны ног темæ? (мыст æмæ гæдыйы тыххæй)

(5 - æм равдыст)

    -  Абон базонгæ уыдзыстæм Гаглойты Григолы радзырд

        «Мысты зарæг»-имæ.

    - Ацы радзырды сæмбæлдзыстут ахæм  зын дзырдтимæ:

(6 - æм равдыст)

      а)  ралæст - рабырынд

      б)  къуыпп - къуыбыр

      в)  афæлгæст - акаст

      г)   дзыхълæуд – æвиппайды æрлæууын

  Ахуыргæнæджы каст: 

-Цы уацмыс бакæсдзынæн, уый цы у: аргъау æви радзырд?

     4.   Хинымæр каст.

- Уæхæдæг ма йæ бакæсут æмæ кърандасæй фæбæрæг кæнут зын

   æмбарæн дзырдтæ.

           Экраныл цы дзырдтæ ис уыдонимæ та хъуыдыйæдтæ ссарут. 

      5.   Хъæрæй   каст.

- Цæмæн сфæнд кодта азарын Мыст?

- Зонут, куыд фæзары цъысцъысаг?                (7 - æм равдыст)

- Цы бæллæхы бахауд Мыст?                            (8 - æм равдыст) 

6.   Æвзаргæ каст.

-Ссарут æмæ бакæсут:

       а)  - Цы загъта Мыст?

       б)  - Куыд ахъуыды кодта Гæды?

       г)  - Кæцы рæнхъытæ ис зæгъæн, куыд æмбисонд? Куыд æй æмбарут?

      (Хорз кæнын цы нæ зоныс, уый цалынмæ базонай, уæдмæ йæ ма кæн.)       

      д) – Бæрæг у, кæцы афæдзы афон æрцыд ацы цау?
          -  Бамбарæн ис текстæй афæдзы афон ?
         

(9 - æм равдыст)

 

V Улæфты минут.  

                                              

(10 - æм равдыст)

 

7.  Ныв равзарын:

                                     

- Цы уынут нывы? Бакæсут ма, аргъауы кæцы хаймæ конд у ныв.

 

- Сабитæ, сымах та цы сныв кæниккат?

 

8.  Рольтæм гæсгæ каст:

 

- Цал архайæджы ис аргъауы?

 

Чи сты?

                               

9. Равдыстад.

 

- Кæй уæ фæнды радзурын æмæ равдисын аргъау?

 

(11 - æм равдыст)

 

VІ.   Хæдзармæ куыст: фарс 76  рольтæм гæсгæ аив кæсын  зонын, .

 

VІІ.  Урочы кæронбæттæн.

 

-Урок уæ зæрдæмæ фæцыд?

 

          - Исчи  уæ æнкъард кодта урочы?

 

         - Равдисут ма, цавæр æнкъарæнтимæ цæут урокæй?