«Ногбоны бӕрӕгбон»
план-конспект занятия
Предварительный просмотр:
Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани
7-æм МУНИЦИПАЛОН БЮДЖЕТОН РÆВДАУÆНДОН
«Ногбоны бӕрӕгбон»
Бацæттœ кодта:
Куырттаты Заирæ
Реуазты Ирæ
г. Алагир, 2026
Нысантӕ: Сывӕллӕтты разӕнгард кӕнын иронау дзурынмӕ. Бафидар кӕнын сабиты зонындзинӕдтӕ ивгъуыд темӕйӕ. Сабитӕн гуырын кӕнын уарзондзинады ӕнкъарӕнтӕ ирон бӕрӕгбӕттӕн.
«Хӕдзаронтӕ» кӕнгӕйӕ ирон хъӕуты цыдысты иу хӕдзарӕй иннӕмӕ, сӕ цӕсгӕмттӕ ӕмбӕхстой, сӕ дарӕс ивтой цӕмӕй сӕ мачи базона, ууыл архайдтой. цыдысты фӕндырӕй цӕгъдгӕ, заргӕ ӕмӕ кафгӕ. Фӕкафыдысты, фӕзарыдысты, фӕхъазыдысты иу хӕдзары, минас кодтой, басылтӕ ӕмӕ ӕндӕр адджинӕгтӕ хастой (фӕстӕдӕр азты та мысайнаг-хца дӕр) ӕмӕ цыдысты иннӕ хӕдзармӕ.
Сывӕллӕттыл скӕнын хъӕуы маскӕтӕ, сӕ цӕстытӕ сын куыннӕ хъыгдарой. «Тауче» кафгӕйӕ чызджытыл скӕнынц ирон худтӕ. Тыргъты ӕрбацӕуынц фӕндырӕй цӕгъдгӕ ӕмӕ «Хӕдзаронтӕ» заргӕ сабитӕ ӕмӕ хъомылгӕнӕг.
Хъомылгӕнӕг: Уӕ бон хорз сабитӕ ӕмӕ уӕ бӕрӕгбоны хорзӕх уӕд! Алкӕйы хӕдзары дӕр уӕ ӕнӕниздзинад, фарн, амонд ӕмӕ бӕстысабырдзинад ӕрцӕрӕд.
Хъомылгӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, зӕгъут ма уӕ хорзӕхӕй цавӕр бӕрӕгбон бӕрӕг кӕнӕм.
Сывӕллӕттӕ: Зӕронд Ног азы бӕрӕгбон!
Хъомылгӕнӕг: Тынг раст мӕ къонатӕ. Ирон адӕм кӕдфӕндыдӕр тынг ӕнхъӕлмӕ фӕкӕсынц ацы бӕрӕгбонмӕ. Фынг цас бӕркадджындӕр уа, уыйас хуыздӕр ӕмӕ бӕркадджындӕр уыдзӕн ӕнӕхъӕн аз дӕр. Бинонтӕ зӕрдиагӕй фӕкувынц ӕмӕ фӕкурынц ӕнӕниздзинад, бӕркад, бинонтӕ фылдӕр куыд кӕной, фос ӕмӕ хор ӕфсӕст аз куыд рауайа уымӕ. Алы хӕдзары дӕр скӕнынц ӕртӕ чъирийы, хыссӕйӕ ма иу скодтой басылтӕ: адӕмы, фосы, сырдты хуызӕттӕ ӕмӕ иу сӕ сфыхтой. Фӕлӕ бӕрӕгбоны фынгыл сӕйраг бынат ахста ӕртхурон – дынджыр дзаджын гуыдын, йӕ хуылфы иу ын ӕфсӕйнаг ӕхца нывӕрдтой (суари) ӕмӕ иу ӕй бинонтыл ныдиххтӕ кодтой, суариимӕ хай иу кӕмӕ рхаудта, уымӕн иу йӕ аз уӕлдаё амондджындӕр нымад уыди.
Гӕнӕн ӕмӕ амалӕй бӕрӕгбоны бинонтӕ хъуамӕ ӕнӕмӕнг иумӕ уой. Бинонтӕ сӕ ӕртӕ чъирийы куы скувынц уӕд уынгмӕ рацӕуынц ӕмӕ сыхы алчидӕр йӕ дуармӕ арт скӕны, сыхӕгтӕ кӕрӕдзимӕ фӕцӕуынц ӕмӕ Ног азы арфӕйы ныхӕстӕ фӕзӕгъынц. Арт сыгъд куы фӕвӕййы, уӕд хистӕртӕй исчи фӕзӕгъы: «Ацы арт куыд басыгъд, афтӕ низтӕ ӕмӕ фыдбылызтӕ дӕр басудзӕнт».
Кӕстӕр фӕсивӕд та иу сӕ уӕлӕ, скодтой куыд ничи сӕ базона, ахӕм уӕлӕдарӕс ӕмӕ иу хӕдзӕрттыл зылдысты заргӕйӕ: «Хӕдзаронтӕ, хӕдзаронтӕ…!» ӕмӕ иу кӕмӕ бацыдысты уым иу арфӕтӕ ракодтой, акафыдысты, азарыдысты, фысымтӕ та иу сын басылтӕ ӕмӕ алыхуызон адджинӕгтӕ радтой.
Хъомылгӕнӕг: Сымах дӕр фӕнды нӕ уарзон рӕвдауӕндоны «хӕдзаронты» азилын ӕмӕ нӕ хъӕлдзӕгдзинад равдисын?
Сывӕллӕттӕ: О
(сывӕллӕттӕ заргӕйӕ ацыдысты зилынмӕ)
Зылды фӕстӕ залмӕ бацыдысты ӕмӕ митыкъуыбӕртӕй хъӕлдзӕг хъазт скодтой.
Хъомылгӕнӕг: Куыд зонӕм афтӕ сабитӕ, бӕрӕгбон фидауы хъазт ӕмӕ зардӕй. Фӕнды уӕ азарын?
Сывӕллӕттӕ: О
Зарӕг «Заз бӕлас»
Хъомылгӕнӕг: Тынг хорз. Дарддӕр хӕццӕ кӕнӕм нӕ бӕрӕгбон. Ирон адӕммӕ иу алы циндзинады дӕр ерыстӕ кодтой, уӕдӕ чи тыхджындӕр ӕмӕ сӕрӕн дӕр у. Мах дӕр абон нӕхи бафалвардзыстӕм, Фӕнды уӕ?
«Бӕндӕнӕй хъазт»
Хъомылгӕнӕг: Дарддӕр хӕццӕ кӕнӕм нӕ бӕрӕгбон ӕмӕ ахъаздзыстӕм ирон рагон хъазтӕй
Хъазт «Уӕхсджытӕй хъазт»
(тӕлыйы хуылфы лӕууынц дыууӕ лӕппуйы ӕмӕ дзы алкӕцы дӕр архайы цӕмӕй, уӕхсджыты руаджы иу иннӕйы тӕлыйы хуылфӕй раппара, иннӕмӕн та, хъуамӕ йӕ къах дӕр тӕлыйӕ ӕддӕмӕ ма рахиза).
«Худӕй хъазт»
Хъомылгӕнӕг: Сывӕллӕттӕ, нӕ абоны бӕрӕгбон кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд? Уӕ миддунетӕ бахъӕлдзӕг сты? Тынгдӕр уын дзы цы фӕцыд? (сывӕллӕтты дзуӕппытӕ)
Махӕн дӕр нӕ зӕрдӕтӕ бахъӕлдзӕг кодтат ӕмӕ уын нӕ зӕрдӕ зӕгъы сабырдзинад, ӕнӕниздзинад. Хохӕй – быдырмӕ цыдӕриддӕр Зӕдтӕ ӕмӕ Дауджытӕ ис, уыдоны арфӕтӕй фӕдзӕхст ут! Царды хорздзинӕдтӕй та ӕфсӕст ут!
По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ИРОН ӔВЗАДЖЫ БӔРӔГБОНЫ СЦЕНАРИ «КЪОСТА ӔМӔ МАДӔЛОН ӔВЗАГ!»
Традицимӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбоны кадӕн нӕ республикӕйы бирӕ цымыдисаг мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыди. Нӕ рӕвдауӕндоны дӕр уагъд ӕрцыд мадзал «Къоста ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг»....

ИРОН ӔВЗАДЖЫ БӔРӔГБОНЫ СЦЕНАРИ «КЪОСТА ӔМӔ МАДӔЛОН ӔВЗАГ!»
Традицимӕ гӕсгӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбоны кадӕн нӕ республикӕйы бирӕ цымыдисаг мадзӕлттӕ арӕзт ӕрцыди. Нӕ рӕвдауӕндоны дӕр уагъд ӕрцыд мадзал «Къоста ӕмӕ мадӕлон ӕвзаг»....
Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бæрæгбон
Сывæллæттæн æмбарын кæнын ирон æвзаг нæ адæмы хæзна кæй у, сæвзæрын кæнын сæ зæрдæты ирон æвзаг зонынмæ тырнындзинад, аргъ ын кæнын, архайын йæ дарддæры рæзтыл. Зонгæ кæнын сывæллæтты Ирыстоны ка...

