Миниуæг æвдисæг дзырдтæ
план-конспект урока (4 класс) на тему

Батырова Зарема Аслангериевна

Урочы темæ: «Миниуæг æвдисæг дзырдтæ».

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл vystuplenie_na_mo.docx17.26 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ: «Миниуæг æвдисæг дзырдтæ».

Урочы нысан:

  1. Миниуæг æвдисæг дзырдтæ хъуыдыйады мидæг арын зонын, пайда сæ кæнын ныхасы.
  2. Ныхасы рæзтыл кусын. Фыссыны навыктыл куыст.
  3. Скъоладзауты разæнгард кнын мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ.

Урок ифтонгонд цæуы: нывтæ скифаг хотыхтæ æмæ дарæс, скифаг æфсæддоны ныв, карточкæтæ, компьютер, фæйнæг, чингуытæ, дзырдуæттæ, дидактикон æрмæг.

Урочы цыд.

«Цас уарзæм ирон æзаг,

Уый зæгъæндæр нæй

Мады рæвдыд, мады ад,

Базыдтам дæуæй»

  1.  Бацæттæгæнæн рæстæг.
  2. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.

 Сывæллæттæ, хæдзармæ уын цы уыд лæвæрд? (нывмæ гæсгæ цыбыр радзырд саразын). Бакæсдзысты йæ иу цалдæрæй. Тетрæдтæ æрæмбырд кæнын.

3. Фонетикон зарядкæ. Кавказаг мыртæ фæйнæгыл, кæсæм сæ, хъуыды кæнæм семæ дзырдтæ. Мыр (дз)-йыл æрлæууын.

Тагъддзуринаг ацахуыр кæнын:

«Дзæбуг æмæ хъæсдарæг, Дзабо, ракæ дæ зарæг»

4. Сыгъдæгфыссынад.

-Сыгъдæгфыссынадæн цы дамгъæ равзæрстон, уый базонут тагъддзуринагæй. Кæцы дзырдты ис дыууæ нысанæй арæзт дамгъæ? Цавæр?

- (Дз)

Фыссæм дамгъæ «Дз, дз.» Уæнгтæ: дза, дзæ, дзу, дзо, дзы.

Дзырдтæ хъуыды кæнынц сывæллæттæ сæхæдæг, дзырдитмæ дзырдбæстытæ æрхъуыды кæнын, иу дзырдимæ та хъуыдыйад, фыссæм æй нæ тетрæдты.

5. Дзырдуат: мæллæг, зад (хуымтæ), æндон.

Фысгæйæ  сын дзурæм сæ растфыссынад, цавд æвæрæм, сæ нысаниуæг сын æмбарын кæнын.

-Цавæр фарста ратдзыстæм ацы дзырдтæм? (цавæр?).

-Кæмæй кæнæ цæмæй зæгъæн ис мæллæг? (мæллæг адæймаг, мæллæг фос). Æмбарын кæнын дзырд-зад (фæзæгъынц дыргъ бæлæстæй, хуымтæй æмæ аф.д.)

-Куыд æбарут ацы дзырд та – æндон?

-Йæ комкоммæ нысаниуæг у æфсæнаджы хъæдæй – сталь, стальной.

-Цы аразынц æфсæйнагæй? (æвдисын сæм6 уидгуытæ, кæрдтæ, вилкæтæ æмæ æнд.) Фæлæ ма зæгъæн ис афтæ дæр – æндон адæймаг, æндон къæхтæ – фидар адæймаг, фидар къæхтæ, цæмæй адæймагæн йæ тых æмæ йæ хъару равдисой. Дзырд æндон æмæ йæ мидис тынг кадджын уыдысты нæ рагфыдæтлæм-скифтæм. Уыдон сæ лæппутыл арæх æвæрдтой ахæм нæмттæ: Анданак, Аспандан, Иасанданак (фыст цæуынц интерактивон фæйнæгыл). Скифаг ном анданак арæзт у дыууæ хайæ «андан» æмæ «ак»-æй.

Скифтæ, Сæрмæттæ æмæ Алантæ æндонæй арæзтой кæрдтæ, æхсæргæрдтæ æмæ хотыхтæ (æвдисын сæм æфсæддоны ныв хотыхтæ – (доспехи) уарт, така, арц æмæ æнд.) Æндоны кой ма арæх кæнынц  Нарты кадджыты дæр, уым та йæ фæхонынц – болат.

6. Фыссæм нæ тетрæдты: æндон адæймаг, æндон хотыхтæ, æндон дзаума.

-Уæдæ цавæр фарста ратдзыстæм ацы дзырдмæ? (цавæр? У миниуæг æвдисæг дзырд.)

7. Хибарæй куыст.

Фæйнæгыл фыст миногонтæ. Сæныхасмæ сын ныффыссын ныхмæвæрд миногонтæ. Сывæллæттæ кусынц сæ тетрæдты, раздæр чи фæуа йæ куыст, уыцы æртæ скъоладзауæн бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

Хорз -                                         урс-

Уазал-                                        хæстæг-

Ныллæг-                                чъизи-

Фыдуынд-                                 нарæг-

Цавæр фарста сæм ратдзыстæм? (цавæр? цыхуызæн?)

8. Дзурын æмбисæндтæ æмæ уыци-уыцитæ, сывæллæттæ хъусгæйæ агурынц сæ хъуыды ныхмæвæрд кæмæн у, ахæм миногонтæ, фыссынц сæ тетрæдты:

  1. Къаддæр-дзургæ, фылдæр-кусгæ. (къаддæр æмæ фылдæр).
  2. Сæрд цыбыр у- зымæг даргъ. (цыбыр æмæ даргъ).
  3. Сау хохæй урс дур нæ хауы (сау æмæ урс).
  4. Даргъ лæгыл цыбыр рон. (Дон хидыл.) – (даргъ æмæ цыбыр).

Куыст сбæрæг кæнын. Сывæллæттæ кæсынц сæ дзуаппытæ. Цавæр фарста ратдзысты ацы дзырдтæм та? (цавæр?)

9. Аулæфт. Кæнæм физминуткæ.

10. Чиныгимæ куыст.

Æххæст кæнæм чиныгæй 212 – фæлтæрæн. Миногонтæй баххæст кæнын хъуыдыйæдтæ. Кæрæдзийы куыстытæм æркæсын, сраст кæнын рæдыдтытæ, кæд дзы ссарай, уæд.

11. Ныхасы рæзтыл куыст.

Ныв «Бинонтæ». Нывы ссарын предметты миниуæг æвдисæг дзырдтæ. Ранымайын сæ. Цавæр фарста сæм ратдзыстæм?

-Цавæр? Райдзаст (уат), рæсугъд (ныв), тымбыл (стъол), æнгом (бинонтæ), аив (сабитæ), стыр (скъапп), бæрзонд (бандон), чысыл (чызг), зæронд (дада).

-Цавæр ныхасы хæйттæ сты? (миногонтæ).

12. Кæронбæттæн.

-Цæуыл дзырдтам абоны урочы?

-Уæдæ цы у миногон? (дзурæм раиртæст). Зæгъын хуыздæр чи куыста, бæрæггæнæнтæ сæвæрын. Бафæрсын сæ зæрдæмæ фылдæр цы фæцыдис нæ урочы. Хæдзармæ куыст раттын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Уæнг. Дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын.

Уæнг. Дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын....

Уæнг. Дзырдтæ уæнгтыл дих кæнын.

Деление слов на слоги....

Минем туган ягым, минем мәктәбем, минем профессиональ эшчәнлегем

Кили башлангыч мәктәбендә       1992 нче   елдан эшлим. Педагогик эш стажым – 27 ел.Укытучы буларак тормыш девизым- Укучылар өчен һәр дәрес ачыш, һәр дәрес...

Уидаг. Ӕмуидагон дзырдтӕ .

Презентация к уроку (3 класс)...