Темæ: Æмхъæлæсон мыр [м], дамгъæ М,м.
план-конспект урока (1 класс) на тему

Урочы нысан: 1. Базонгæ кæнын сывæллæтты æмхъæлæсон

мыр [м] æмæ дамгъæ М, м-имæ

2. Бакусын иугæндтæ аразыныл, мыртæ

раст дзурыныл, фыссыныл.

3. Хъомыладон фарст: «Хорзæхты сæр мад у».

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_-puteshestvie.docx23.21 КБ

Предварительный просмотр:

Урок – балц аргъаумæ.

Темæ: Æмхъæлæсон мыр [м], дамгъæ М,м.

Урочы нысан: 1. Базонгæ кæнын сывæллæтты æмхъæлæсон

                               мыр [м] æмæ дамгъæ М, м-имæ

                           2. Бакусын иугæндтæ аразыныл, мыртæ

                              раст дзурыныл, фыссыныл.

                           3. Хъомыладон фарст: «Хорзæхты сæр мад у».

Урочы фæлгонц: Уазæг Зондаби, хæдзарон цæрæгойты нывтæ, компьютерон презентаци цæстуынгæ æрмæгимæ.

Урочы цыд.

Бацæттæгæнæн рæстæг.

       – Уæ бон хорз, сабитæ. Тынг æхсызгон та мын у уемæ фембæлын.

        Абон мах хъуамæ урочы базонæм ног мыр æмæ дамгъæ кæсын æмæ фыссын, цæмæй дарддæр цы дзырдты æмбæла, уыдон нæ бон уа кæсын, стæй фыссын дæр. Базондзыстæм, ацы мыр, цы мыртæ базыдтам нырмæ, уыдонæй цæмæй хицæн кæны. Уымæн та нын баххуыс кæндзæн нæ урочы уазæг Зондаби. Уый нæм æрбацыд Абеты чиныгæй, цæмæй нын ракæна диссаджы аргъау.

       - Сывæллæттæ, уарзут аргъæуттæм хъусын?

       - Байхъусæм-ма уæдæ Зондабийы аргъаумæ.

        Рацыд æрмæг фæлхат кæнын.

      - Зондаби цалынмæ аргъау дзурын нæ райдыдта, уæдмæ йæ фæнды махæн хæс раттын. Фæнды йæ, цæмæй мах базонæм, цæй тыххæй у аргъау?

      - Цардысты æмæ уыдысты бинонтæ. (равдисын слайд бинонты нывимæ)

- Махæн дæр алкæмæн дæр ис бинонтæ.

- Чи ранымайдзæн, нывы цы бинонты уынæм, уыдоны?

- Дæ бинонтæ та чи сты? (иу, дыууæ скъоладзауы нымайынц сæ бинонты).

Ахуыргæнæг:

- Байхъусæм та дарддæр Зондабимæ.

- Бинонтæн сæ хистæр уыд А,а. (равдисын слайд дамгъæ æмæ нывтимæ)

Ахуыргæнæг:

- Сывæллæттæ, чи базыдта, цæй тыххæй у Зондабийы аргъау? (дамгъæты тыххæй)

- Зондабийы хъæуы не ’ххуыс йæ аргъауы. Баххуыс ын кæндзыстæм?

Равзарын схемæтæм гæсгæ дыууæ дзырды дамгъæ а-имæ ( сывæллæттæ дзурынц дзырдты мырæн йæ бынат, дзурынц ын йæ миниуджыты тыххæй.)

Ахуыргæнæг:

- Хъусæм та дарддæр Зондабимæ.

- А-йæн йæ кæстæр уыд у. Нæ хицæн кодтой кæрæдзийæ æппындæр ацы мыртæ. Куы-иу фæдзæгъæл сты, уæд дæр та –иу кæрæдзимæ фæсидтысты (равдисын слайд, бакæсын, куыд –иу фæсидтысты, уый) а-а-а, у-у-у! Цæмæ гæсгæ у ацы мыртæ нæ бон афтæ тынг ивазын? (Уыдон сты хъæлæсонтæ)

_ Тынг разы уыдысты бинонтæ сæ иннæ кæстæрæй дæр, уымæн æмæ сын уый сæ фæнд никуы бакъуылымпы кодта. Æдзух йæ дзуапп уыд О. (равдисын слайд, сывæллæттæ кæсынц дамгъæ)

- Диссаг та куы нæ у, ацы дамгъæ та бахæлар кодта мыст æмæ гæдыйы. (равдисын слайд, кæсынц дзырдты схемæтæ нывтæм гæсгæ, бæрæг кæнынц хъæлæсон мыр [Ы]).

Уарзон бинойнаг уыд æ дæр се ’ппæтæн дæр. (равдисын слайд, бакæсын дзырдтæ схемæмæ гæсгæ)

- Фæлæ мæнæ ацы дамгъæ хинæй цыди йæ бинонтыл ( равдисын слайд дамгъæ е-имæ)

Ахуыргæнæг:

- Цæмæ йæ хонæм хинæйдзаг? (дæтты дыууæ мыры).

Ацы мыртæ иууылдæр цавæр мыртæ сты? (Хъæлæсонтæ)

- Цæмæй бæрæг у,  хъæлæсонтæ кæй сты, уый?

Физ. минуткæ.

Ног æрмæг.

       - Уæд иухатт хъæлæсон мырты æхсæн фæзынд ног бинойнаг.

       - Цавæр мыр уыд, уый та хъуамæ мах баххуыс кæнæм Зондабийæн базонынмæ.

       Ныртæккæ мах ахъаздзыстæм хъазт «Чи кæй мад у»-йæ æмæ нæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм, нывты æххуысæй цавæр хæдзарон цæрæгойтæ зонæм,уый, стæй сæ чи кæй мад у. Ацы куыст бакæндзысты… (ранымайын цалдæр скъоладзауы номы, кусынц хицæн стъолыл).

     Мах та уал байхъусæм иу цыбыр таурæгъмæ æмæ нæ фæллад суадзæм.

Мады зæрдæ.

Иу райсом уыдтæн Бады комы рагъыл. Ам адæймаг нал фефсæды æрдзы нывтæм кæсынæй. Фæлæ ацы хатт æрхæцыд æнахуыр хъуыддаг. Бады хъæугæрон бафиппайдтон хъомтæ хизгæ. Иу стур йæ къæдзил уæлæуæз сисы æмæ фæцæйтæхы къудзимæ. Æз дисы бацыдтæн, уæдæ бындз афон дæр куы нæ у, уæд стур цы кæны, зæгъгæ.

     Чысыл фæстæдæр къудзийæ дзæвгар сынтытæ стахт.  Стур дарддæр хизгæ куы ацыд, уæд та сынтытæ къудзийы алыварс æрбадтысты. Ацы хатт дæр та стур асырдта сынтыты.

     Мæнмæ диссаг фæкаст ацы ныв. Къудзимæ куы æрбахæццæ дæн, уæд стур мæ разы алæууыд  æмæ мæм нымдзаст. Мæ алывæрсты акæстытæ кодтон æмæ ауыдтон ногзад  мард роды.

      Хъæумæ куы æрцыдтæн, уæд ацы хабар кæмæн радзырдтон, уыдон мын загътой, зæгъгæ, дам, ацы хъуг æртæ боны йæ роды размæ ницы уадзы.

      Æвæдза, мады зæрдæ цы диссаг у! Фæнды адæймаг уа, фæнды маргъ, фос – æмхуызон рисы хъæбулыл.

        Бæрæггонд цæуы къорды куыст. Сывæллæттæ дзурынц хъуыдыйæдтæ,  фарст: «чи кæй мад у» –йæн дзуапп дæтгæйæ. Зæгъут-ма, ныртæккæ цы хъуыдыйæдтæ загътат, уыдоны æппæты ахсджиагдæр цавæр дзырд у? (Мад)

      Равдисын слайд ацы дамгъæимæ, скæнын анализ æмæ синтез дзырд мад æмæ мыд-æн. Раттын характеристикæ мыр [м]-йæн.

       - Цæмæй хицæн кæны, мыр [м] цы мыртæ рацыдыстæм, уыдонæй?

       - Уæдæ цавæр мыр бафтыд Зондабийы аргъауы бинонтыл?      (æмхъæлæсон мыр [м])

       Байхъусæм-ма диссаджы зарæгмæ уырыссаг æвзагыл. Сывæллæттæ, сымах та йæ, чи зоны, базонат, кæцæй у ацы зарæг. (физ. минутка)

       - Тынг бауарзтой бинонтæ м-йы, атонын дæр дзы нал куымдтой.

Чиныгимæ куыст.

           - Æркæсут-ма æмæ бакæсæм М,м  йæ хъæлæсон бинонтимæ куыд хæларæй цæры.

           Сывæллæттæ кæсынц чиныджы лæвæрд иугæндтæ.

        - Æркæсут-ма нывмæ æмæ зæгъут, чи уыд М.м бинонтæн? (сæ мад)

      - Нывы цы бинонты уынæм, уыдон та чи ранымайдзæн?

      -  Кæуыл цин кæны чызг?

      - Цæмæй бæрæг у, чызг цин кæны, уый нывы?

      - Дзургæйæ та йæ куыд равдисдзыстæм нæ цин?

Тетрæдты куыст

      Фæйнæгыл равдисын, дамгъæ м цавæр хæйттæй арæзт у, уый. Иу рæнхъ фыссынц элементтæ. Дыккаг рæнхъ фыссынц гыццыл дамгъæ м, æртыккаг – уæнг:  мæ, цыппæрæм- дзырд: мамæ, фæндзæм- хъуыдыйад: Мæнæ мамæ!

     - Куыд равдыстам фысгæйæ та нæ цин?

Урочы кæронбæттæн

     Кæронмæ æрхæццæ Зондабийы аргъау.

   - Узæлы йæ бинонтыл зæрдиагæй æмхъæлæсон мыр [м].

   - Куыд уæм кæсы, цавæр миниуджытæй хайджын у Зондабийы аргъауы хъайтар М,м, мад? (радау, фæлмæн, цингæнаг)

   - Сымах мадæлтæ та цавæртæ сты?

   - Цы базыдтам ногæй абоны урочы?

   - Уæдæ нæ ног фембæлдмæ. Æнхъæлмæ та кæсдзытæм Зондабийы ног хабæрттæм!

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Открытый урок: " Мыр æмæ дамгъæ М,м "

Открытый урок: " Мыр æмæ дамгъæ М,м "...

Мыр ама дамгъа Х,х.(презентация)

Презентация к уроку родного (осетинского )языка  1 класс"Мыр ама дамгъа Х,х....

Мыр æмæ дамгъæ Къкъ.

Мыр æмæ дамгъæ Къкъ....