Мыр æмæ дамгъæ Къкъ.
план-конспект урока (1 класс)

Мыр æмæ дамгъæ Къкъ.

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon Мыр æмæ дамгъæ Къкъ.31 КБ

Предварительный просмотр:

Ахуыры темæ: Мыр æмæ дамгъæ Къ.

Хъомыладон хæс: Сабитæн уарзын кæнын æрдз, ахуыр сæ кæнын æрдзыл аудын, фæллой уарзыныл.

Ахуыры нысан: Бацамонын сабитæн мыр къ æмæ дамгъæтæ Къ,къ.

Ног дзырдтæ: къуыбар, къуыбыр, къул, къамбец

Ахуыры цыд :

1. Рацыд æрмæгыл æрныхас кæнгæйæ, сбæрæг кæнын, сабитæ куыд бахъуыды кодтой азы афонтæ æмæ сæ бæрæггæнæнтæ.

  • Сабитæ, зæгъут-ма, цавæр азы афон æвдыст цæуы ацы нывы, цæмæй бæрæг у?
  • Цавæр азы афонтæ ма зонут? Цавæр бæрæггæнæтæ сын ис?
  • Цавæр азы афон уарзыс æппæты фылдæр? Цæмæн цæуы дæ зæрдæмæ?

2.Аулæфын кæнын сабиты.

3.Ног æрмæгыл бакуыст.

  • Чи мын зæгъдзæн, цавæр азы афон у ныртæккæ?
  • Цавæр бæрæггæнæнтæ ис зымæгæн?
  • Мит бирæ куы ныууары, уæд уый сывæллæттæн æхсызгон цæмæн вæййы?
  • Цы фæаразынц сабитæ митæй?
  • Миты къуыбæрттæ.
  • Æмæ кæм фæбырынц сабитæ?
  • Къуыбырыл.
  • Ноджы ма цæмæй фæхъазынц?
  • Фезгъорынц къахдзоныгътыл.

4. Цавæр иумæйаг мыр ис дзырдтæ къуыбыр, къуыбар æмæ къахдзоныгъ-ы?

5.        Хъæрæй-ма зæгъæм иумæ - къ къ къ къ къ къ .

- Чи уæ цавæр дзырдтæ зоны мыр къ-имæ?

Къæбæр, къах, къух, къаффет, кърандас, къул, къус, къона, къæлиндар.

Уæдæ нæ чи нæ зоны нæ уарзон поэт ... .Къостайы.

6.        Беседæ « Хæдзарон фос цы пайда сты адæймагæн?»

  • Цавæр хæдзарон фос зонут?
  • Къ-йæ цавæр фосæн райдайы йæ ном?
  • Къамбецæн.
  • Цы пайда хæссы къамбец?
  • Цы фæхæры къамбец?
  • Цавæр фос ма дæтты æхсыр?
  • Цавæр хæринæгтæ кæнынц æхсырæй?
  • Хъæуты кæм фæдарынц хæринæгтæ?
  • Къæбицы?
  • Цавæр арфæтæ зонут къæбицы тыххæй?
  • Уæ къæбиц алцæмæй дæp дзаг куыд уа, куыд ныкуы сафтид уа?
  • Цæмæй къæбиц дзаг уа, уый тыххæй та цы хъæуы?
  • Хъæуы кусын.
  • Кæд хъæуы райдайын кусын, цæмæй къæбиц байдзаг уа?
  • Уалдзæджы куы нæ бакусай, уæд дæм исты уыдзæн? Цæуылнæ?
  • Цы хъуамæ зона алчи дæр?
  • Царды алы хорздзинад дæр кусынæй кæй цæуы. Бавдисын сывæллæттæн ахæм нывтæ, кæцыты:
  • кусынц сабитæ æмæ хистæрæтæ;
  • фынджы уæлхъус бадынц æмæ хæрынц бинонтæ.

Бафæрсын сабиты:

  • Цæмæн сты афтæ хъæлдæзг ацы бинонтæ?
  • Сæхи фæллойæ кæй хæрынц, уый тыххæй.

Хорз фæллой кæнын ирон адæммæ стыр кадыл нымад кæй уыдис, уый бæрæг у æмбисæндтæй:

Уалдзæджы фæллой - фæззæджы сой.

Уалдзыгон бон афæдз дары.

Чи нæ кусы, уый нæ хæры.

Хорз куыстæн - хорз кад.

Сымах та куыд хъуыды кæнут, хæдзары ууыл ахъуыды кæнут.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темæ: Æмхъæлæсон мыр [м], дамгъæ М,м.

Урочы нысан: 1. Базонгæ кæнын сывæллæтты æмхъæлæсон мыр [м] æмæ дамгъæ М, м-имæ2. Бакусын иугæндтæ аразыныл, мыртæ раст дзурыныл, фыссыныл. 3. Хъомыладон фарст: «Хорзæхты сæр мад у»....

Открытый урок: " Мыр æмæ дамгъæ М,м "

Открытый урок: " Мыр æмæ дамгъæ М,м "...

Мыр ама дамгъа Х,х.(презентация)

Презентация к уроку родного (осетинского )языка  1 класс"Мыр ама дамгъа Х,х....