открытый урок по осетинскому чтению
учебно-методическое пособие (4 класс)

Гусова Эльмира Исламовна

Открытый урок по осетинскому чтению по теме "Уайыджы цассыгта"-слезы великана.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл dokument_microsoft_office_word.docx14.98 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темӕ:Уӕйыджы цӕссыгтӕ.

Урочы нысан: Ахуыр кӕнын сывӕллӕтты куыстыл, фаллой кӕныныл. Гуырын кӕнын сывӕлӕттӕм уарзондзинад цӕрӕгойтӕм. Аив ныхасы рӕзтыл бакусын. Алы куысты хуызтӕй пайда кӕнын. Гуырын кӕнын хи цӕстӕнгас , кусын къӕйттӕй ӕмӕ къордтӕй.

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг: интерактивон фӕйнӕг,презентаци, пазлтӕ, райуаргӕ ӕрмӕг.

Урочы эпиграф:  Йӕ тыхӕй никуы домдта ис,

                            Богалдӕр богӕлтты  ӕмбылдта.

                           Хъазыбег хох ӕй схуыдтой уӕд.

                          Мыггагмӕ арфӕйаг фӕуӕд,

                          Кӕй дзыхӕй схаудта уый фыццагдӕр.

 Урочы цыд:

 Ах-г: Уӕ бон хорз! Абон нӕм нӕ урокмӕ ӕрбацыдысты уазджытӕ ӕмӕ сын салам радтӕм.

1 слайд. (Хох, лӕг)

1. Цы уынут нывы?( Бӕрзонд хох ӕмӕ бӕрзонд лӕг)

2. Исты сӕ иу кӕны? ( Сӕ бакастмӕ гӕcгӕ дыууӕ дӕр сты тыхджын, бӕзӕрхыг, фӕтӕнуӕхск)

3. Никӕй уын ауайын кодтой уӕ цӕстытыл?(Болайы)

2 слайд (Бола)

Раст зӕгъут, Хъаныхъуаты Болайы. Бола уыдис Уӕрӕсе ӕмӕ дунейы тӕккӕ тыхджындӕр богӕлттӕй иу. Райгуырди 1869 азы Хъобаны. Болайыл аст азы йеддӕмӕ нӕма цыдис, афтӕмӕй иу цалдӕр лӕджы сисын кӕй нӕ фӕрӕзтой, ахӕм хъӕдтӕ-иу йе 'ккоймӕ сӕппӕрста.25 азы йыл куы цыдис, уӕд йӕ уӕз уыдис 200 кг, йӕ бӕрзӕнд та уыдис 2м ӕмӕ ссӕдз см.Адӕм тынг бирӕ уарзтой Болайы.Уый  уыдис зындгонд хъӕбысӕйхӕцӕг.

  -Уӕдӕ абон цы текстыл кусдзыстӕм, уым бакӕнӕм дзырдуатон куыст.

3 слайд. ( Таблицӕ)

  Мӕнӕ ацы таблицӕйы ис зынӕмбарӕн дзырдтӕ. Сӕ ныхмӕ та сын сымах хъуамӕ ныффыссат раст сты ави нӕ.(+-)

   Сывӕллӕттӕ, уӕдӕ цӕмӕй тексты кӕцыдӕр хай нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, уый тыххӕй уын дыууӕ къордӕн райуардзынӕн пазлтӕ. Сымах хъуамӕ уыцы пазлтӕй саразат нывтӕ.  Уыцы нывтӕм гӕсгӕ иу къорд радзурдзӕн хи ныхӕстӕй уыцы бынат, иннӕ та йӕ бакӕсдзӕн.

 Иннӕ куысты хуыз та уыдзӕн «Ӕнцон ӕмӕ зын фӕрстытӕ».

   Сывӕллӕттӕ, мах нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтам радзырды кӕцыдӕр дыууӕ хайы. Ныр, цӕмӕй нӕ радзырд нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, уый тыххӕй уын райуардзынӕн фӕрстытӕ.  Сымахӕй алчидӕр дзуапп ратдзӕни ӕмӕ  сӕ фӕйнӕгыл акӕндзӕн хуызтӕм гӕсгӕ.

  Лӕмбынӕг ма, сывӕллӕттӕ, ахъуыды кӕнут ӕмӕ зӕгъут, фӕрстытӕ дыууӕ хуызы цӕмӕн сты?( фыццаг цӕджындзы фӕрстытӕн дзуапп радтӕн ис иу дзырдӕй, дыккаг цӕджындз та домы ӕххӕст дзуӕппытӕ ).

1.

Чи у радзырды автор?

Цӕмӕн суынгӕг Болайы зӕрдӕ?

2.

Уацмысы архайд кӕм цӕуы?

Цымӕ цы уыдаид, Бола мыстӕн хӕдзар куы нӕ скодтаид, уӕд?

3.

Болайыл цал азы цыди, уӕйыджы хуыз ӕвдисын куы байдыдта, уӕд?

Цӕмӕн ныррухс ис Болайы цӕсгом?

4.

Бола афтӕ тагъд кӕй рӕзыди, ууыл чи мӕт кодта?

Дударыхъо йӕ фырты фӕдыл цӕмӕн рацыд?

5.

Болайӕн ӕцӕг лӕджы куыст чи бафӕдзӕхста?

Бола йӕ фыдӕн цавӕр дзуапп радта кӕугӕйӕ?

- Сывӕллӕттӕ, дзырдуатон куысты цы дзырдтыл дзырдтам, уыдон ма тексты ссарут ӕмӕ сӕ бакӕсут.

- Ныртӕккӕ та бакӕндзыстӕм ахӕм куыст. Райуардзынӕн уын гыццыл къонверттӕ, сӕ мидӕг цы лыггӕгтӕ ис, уыдонӕй саразут хъуыдыйӕдтӕ. Базонут, цы сты,уый.

- Сывӕллӕттӕ, нӕ тексты мыст кӕд  дзурын нӕ зоны, уӕддӕр ӕм адӕймагау ӕнкъарӕнтӕ ис.Гъе, фӕлӕ дзурын куы зонид, уӕд цымӕ йӕ фыркатайӕ  цы радзурид? Ныртӕккӕ уын ратдзынӕн  схемӕ ӕхсӕз фатӕгимӕ ӕмӕ мысты  катай, йе'нкъарӕнтӕ йын ныффыссут.

4 слайд. ( Поддубный,Карелин,Андиев)

-Текстмӕ гӕсгӕ  уын фӕйнӕгыл ис хӕццӕ пълан.

Сымах ӕй тексты мидисмӕ гӕсгӕ равӕрут кӕрӕдзи фӕдыл.

Нӕ урок кӕронмӕ ӕрхӕццӕ, ӕмӕ ма  мын тексты бакӕсут  Болайы кой Уӕллаг Хъобаны цӕрджытӕм кӕм ӕрыхъуыст, уый.

- Сывӕллӕттӕ, лӕвӕрд уын  цӕуынц адӕймаджы миниуджытӕ ӕвдисӕг дзырдтӕ, сымах дзы исут, Боламӕ цы миниуджытӕ хауы ,уыдон ӕмӕ сӕ фӕйнӕгыл йӕ къамы алыварс  кӕнут.

Ууыл нӕ урок кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Бузныг уын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Открытый урок по осетинскому языку

Открытый урок по осетинскому языку в 1 б классе по учебнику «ГОВОРИМ И ЧИТАЕМ ПО ОСЕТИНСКИ», Корнаевой З. и Джибиловой И.ТЕМА: У бабушки в огороде. Овощи.ЦЕЛИ:- учить называть овощи и характеризовать ...

ОТКРЫТЫЙ УРОК ПО ОСЕТИНСКОМУ ЧТЕНИЮ.

ДЗАСОХТЫ МУЗАФЕР " ХИСТАР АМА КАСТАР"...

Конспект урока по осетинскому чтению 3 класс

Предки современных осетинов были кочевниками, которые перемещались по кавказским землям. Аланы были выходцами из скифо-сарматских племен и разговаривали на древнем иранском диалекте. Часть кочевых Ала...

Открытый урок по осетинскому языку в 1 б классе по учебнику «ГОВОРИМ И ЧИТАЕМ ПО ОСЕТИНСКИ»

Version:1.0 StartHTML:0000000167 EndHTML:0000001485 StartFragment:0000000504 EndFragment:0000001469 P { margin-bottom: 0.21cm; } ЦЕЛИ: - учить называть овощи и характеризовать их;- учить читать сл...

ОТКРЫТЫЙ УРОК ПО ОСЕТИНСКОМУ ЯЗЫКУ в третьем классе на тему: «Царды мидæг хорз хъуыддæгтæ кæнын хъæуы»

ОТКРЫТЫЙ УРОК   ПО  ОСЕТИНСКОМУ ЯЗЫКУ в третьем классе  на тему: «Царды  мидæг  хорз хъуыддæгтæ  кæнын  хъæуы»...