Баситы Мысосты уацмыстæ ахуыр кæныны методикæ райдиан скъолайы кæсыны урокты.
методическая разработка
Сывæллæтты литературæ у хъомылады стыр фæрæз. Тынг егъау йа ахадындзинад сывæллæтты зондахаст аразыны æмæ йæ йе м удындзинæдты разыны хъуыддаджы.
Чиныг хъуамæ бахиза сывæллоны фыдракæндæй, сахуыр æй кæна хæларзæрдæ уæвын.
Уымæ гæсгæ, тынг архайгæйæ, хъавгæйæ æмæ æвзаргæйæ, дæттын хъæуы сывæллæттæн кæсыны æрмæг.
Уыцы æрмæг дæттын хъæуы сывæллæттæн сæ карма гæсгæ. Скъоламæ чинæма цæуы, уыдон хъæуы иу æрмæг, 10-12 азыкконты та æндæр æрмæг.
Уыдонæн сæ хъуыдытæ, се мбарындзинад алыхуызон сты.
Скачать:
| Вложение | Размер |
|---|---|
| 78.26 КБ |
Предварительный просмотр:
Баситы Мысосты уацмыстæ ахуыр кæныны методикæ
райдиан скъолайы кæсыны урокты.
Пълан:
- Разныхас
II. Сæйраг хай.
§1. Баситы Мысосты сфæлдыстад сывæллæттæн.
§2. Баситы Мысосты уацмыстæ бацамоныны мадзæлдтæ райдиан (къласты) скъолайы.
§3. Фæлварæн урок.
III. Кæронбæттæн. ( Хатдзæгтæ)
IV. Библиографи.
I.Разныхас
Сывæллæтты литературæ у хъомылады стыр фæрæз. Тынг егъау йа ахадындзинад сывæллæтты зондахаст аразыны æмæ йæ йе м удындзинæдты разыны хъуыддаджы.
Чиныг хъуамæ бахиза сывæллоны фыдракæндæй, сахуыр æй кæна хæларзæрдæ уæвын.
Уымæ гæсгæ, тынг архайгæйæ, хъавгæйæ æмæ æвзаргæйæ, дæттын хъæуы сывæллæттæн кæсыны æрмæг.
Уыцы æрмæг дæттын хъæуы сывæллæттæн сæ карма гæсгæ. Скъоламæ чинæма цæуы, уыдон хъæуы иу æрмæг, 10-12 азыкконты та æндæр æрмæг.
Уыдонæн сæ хъуыдытæ, се мбарындзинад алыхуызон сты.
Цыппар-ахсæз азыккон сывæллæттæн фантастикон диссæгтæй куы вдисай, куы кæсын канай, уæд са æцæг хондзæн, уæд ын йæ зонд дзæгъæл кæндзысты-уымæн йæ зонд нæма иртасы æцæг фæзынд мæнг фæзындай, реалон-æнæреалонæй. Уымæ гæсгæ кæстæр сывæллæттæн æппындæр нæ бæззынц фантастикон диссæгтæ. Уыдон тынг уарзынц дæттын дæр сын хъæуы æрмæг æрдзы æцæг фæзынддтытæй æмæ цæрæгойты цæрдæй.
Уыдæттæм гæсгæ аразын хъæуы сывæллæтты литературæ.
Зæгъын хъæуы, цы хъæздыг адæмон сфæлдыстад нæм уыдис æмæ ис, уый тыххæй.
Ирон литературæйы та- нæхи Къоста, Гадиаты Секъа, Коцойты Арсен Мамсыраты Дабе,Дзесты Куыдзаг, Баситы Мысост, Царукъаты Володя,Чеджемты Геор,Дзасохты Музафер.
Ацы фысджыты уацмыстæ сывæллæттæ факасынц тынг цымыдисæй.
Нæ ирон аив литерæтурæйы ис бирæ фадаттæ сабитæн сæ мадæлон æвзагыл фæг зонындзинæдтæ æмæ хъомылод раттынæн, ирон æвзаджы хъæздыгдзинæдтæ базонынæн, Уыдонмæ йæ фаллойы хай бахаста Баситы Мысост.
Мысосты ном хорз зынгонд у Ирыстоны æвзонг фæлтæрæн. Кæсынц ын йæ чингуытæ,зарынц ын йæ зарджытæ, йæ уацмыстæ йын ахуыр кæнынц скъолайы. Мысостæн бирæ чингуыта ныффысын бантыст.
Бирæ уыцмыстæй барухс кодта йæ кæстæрты зæрдæтæ, йæ аив æмæ зæрдæбын æмдзæвгæтæй сын йæхи скодта уарзон æмæ хион. Уыдоны фæрцы йæ базыдтой Ирыстоны алы къуымты, стæй канд Ирыстоны нæ.
Никуы æрлæууыд фыссаг фасвæд. Цардмæ касти æвзонг цæстæй. Йæ хъæбултæ æмæ хъæбулты хъæбулты карæн сабитæ йæм алкæддæр уыдысты аввахс æмæ сын зарыди йæ зарджытæ, йæ курдиат цас амыдта, уыйбæрц сын архайдта сæ миддуне райхалыныл, сæ цард æмæ ахуыры тыххæй радзурыныл, сæ циныл бацин кæныныл, сæ мастыл бахъыг кæныныл.
II.Сæйраг хай.
§1. Баситы Мысосты сфæлдыстад сывæллæттæн.
Ирон аив литературæйы равзæрдыл цæуы 200 азæй бæрцæй фылдæр. 20-æм азы Ирыстоны ног хицауад куы рфидар, уæдæй фæстæмæ райдыдтой кусын ирон аив литературæйы историйыл.
Гыццыл куыстытæ нæ ныффыстой нæ историктæ æмæ литературæ иртасджытæ. Йæ фæрсты нæ ацыдысты, сæ монографиты хицæн ирон фысджыты цард æмæ сфалдыстадыл чи куыста, уыцы автортæ дæр.
Ирон сывæллæтты литературæйы бындурæвæрджытæ уыдысты Къоста,Цомахъ, Хъайтмазты Асламарза, Секъа. Уыдон стыр ахъаз фесты йа дардæры рæзтæн.
Ацы миниуджытæ хорз баиу сты ирон сывæллæтты фыссæг Баситы Мысосты уацмысты.
Мысост уæззау царды скъола рацыдис .Дæс азы йедтæма йыл нæ цыдис , сидзарæй куы баззад æмæ бинонты дарæг куы сси уæдæй дыууæ кæстæр хайы æмæ æртæмæйдзыд æфсымæр.Æрмæст æртындæсаздзыдæй бакъахдзæф каодта скъолайы къæсæрæй-1937 азы та фæцис ветеринарон академии.Уæдæй фæстæмæ куыста хъæууон хæдзарады.
Мысостæн йæ зардæ тынг æхсайдта сабитæм. Фыссæг хорз зыдта сывæллæтты психологи, æмбæрста сын сæ миддуне, уымæ гæсгæ – иу алыхатт дæр ссардта хъæугæ дзырдтæ, æууæндонæй сын лæвæрдта йæ царды фæлтæрдзинад, удварны принциптæ. Афтæмæй Мысост сси сывæллæтты поэт. Кæрæдзи фæдыл равцыдысты йæ чингуытæ: « Сывæллæтты цин», « Таймураз», « Нæ сабитæн», «Балц», « Бабайы хуртæ», « Когда мне весело, а когда нет», « Додик- маленький джигит» æмæ æндæртæ. Ацы чингуытæ сты нæ Райгуырæн бæстæ чи уарзы, уыцы рæзгæтæн.
Алы фыссæгæн дæр йæхи темæ ис , йæхи чиныгкæсджытæ йæм фенхъæлмæ кæсынц. Мысост сфæлдыстадон фæндаджы сæр куы æрлæууы, йæ фыццаг къахдзæфтæ йыл кауы акодта, уæдæй бирæ азтæ рацыд, фæлæ уыцы рæстæджы дæргъы йæ зæрдæ никуы сивта, йæ фыццаг рæнхъытæй кæй ном ссардта,уыцы рæзгæ фæлтæры минæвæрттыл. Æвдыста сын сæ зæрдæйы уаг, дзырдта сæ хорз æмæ фауинаг миниуджытыл, æппæлы фæзминæгтæй, уайдзæф кæны фыдууæгтæн, зивæггæнджытæн.
Мысостмæ ахæм æмдзæвгæтæ ис æмæ дзы иу рæнхъ куы бакæсай, уæд дæ сабитæ дарддæр дзурын нал бауадзысты, сæхæдæг æй ахаццæ кæндзысты.
Зæгъæм:
Уæд иу бон кæцæйдæр
Æрласта Илас
Йæ къухы хæзнайау чысыл бал бæлас,
Ныссагъта йæ кæрты
Нæ саби дзæбæх,
Ысфæлмæн ын кодта
Йæ алыварс зæхх
Кæнæ:
Алыбон райсомæй раджы
Хуыссæнæй фесты Гена.
Æмæ дзы бузныг фæвæййы
Уый тыххæй зæронд нана…
Мысосты уацмыстæ сабиты ахуыр кæнынц Райгуырæн бæстæ уарзыныл, хæрзæгъдаудзинадыл, растдзинадыл, фæллой уарзыныл, æмæ кæй зæгъын æй хъæуы , ахуырмæ тырныныл, зонындзинæдты бæрзондтæм ныфджынæй цæуыныл. Фысджыты æмдзæвгæтæ фыццаг бакастæй хуымæтæг зынынц, фæлæ сæ хуыздæртæ уыцы хуымæтæгдзинадимæ фæрсæй фæрстæм цæуынц арф хъуыдытæ æмæ фæсаууонмæ зондамынд, комкоммæ « зонджын» ныхæстимæ иумæйаг кæмæн ницы ис. Мæнæ æмдзæвгæ « Фыййауы лæдзæг»
« Мæ лæдзæг мæнимæ
Нæ зоны фæллад
Нæ фæсдуар æгуыстæй
Нæ лæууы æнцад.
Мæнимæ нæ фосæн,
Сæ гæс у æдзух,
Æмæ йыл гъеумæн
Фæцахуыр мæ къух
Æрмæст æй нæ сæныкк
Нæ уарзы æппын!
Йæ уындæй нымбæхсы
Уый къутæры бын.»
Кæд сывæллæттæм ис фæсномыгæй дзурæн, уæд ахæм хуызы. Цæмæй йыл мА фæдызæрдыг уой, йæ ныхæстæй сæм бахъарой, уымæн фыссæг ссардта хорз мадзал. Хуымæтæджы лæдзæджы фæрцы йæ бон баци, магуса æгад кæй у , фæллой кæнын куы уарзай, рæстæг дзæгъæлы куы нæ сафай, уæд суанг уд кæмæн нæй дзурын чи нæ зоны, ахæм лæдзæг уæвгæйæ дæр каджын кæй уыдзынæ, уый равдисын.
§2. Баситы Мысосты уацмыста бацамоныны мадзалдта
райдиан (къласты) скъолайы.
Адæм литературæйы раз цы хæс æвæрынц , - ног цардаразæг алцæмæй æххæст адæймаг хъомыл кæнын,- уый æнæхъæн хауы сывæллæтты литературæмæ дæр, уымæн æмæ иннæ литературæимæ иу у сæ туг, се стæг. Баситы Мысосты фыст уацмыстæ хауынц хистæртæм дæр æмæ сывæллæттæм дæр. Мысосты уацмыстæ хаст сты райдиан скъолайы программæмæ дæр. Ахуырдзаутæ сæ цæмæй цымыдиисæй кæсой, хъæугæ зонындзинæдтæ сæ цæмæй райсой, уый тыххæй ахуыргæнæг пайда кæны алыхуызон методикуон фæрæзтæй
Баситы Мысосты сфæлдыстад ахуыр кæнынæн ницавæр методикон æрмæг ис.
Уымæ гæсгæ пайда кæнæм ахæм литературæйæ:
а) Малиты Гига « Ирон литературæйы методикæ»
æ) Тлаттаты Аннæ « Айвадон уацмыс ахуыр кæныны этаптæ».
б) Цæллагкаты Зарифæ « Нравственное воспитание учащихся на уроках родной литературы».
в) Методикон амындзинæдтæ райдайæн кълæсты кæсыны чингуытæм.
Ахуыргæнджытæн методикон литературæ кæй нæ ис уый аххосæй сæ куысты æмбæлы къуылымпытæ æмæ хъуагдзинæдтæ. Арæх уыдонæн зын вæййы рагацай сбæрæг кæнын,уацмысыл цавæр куысты хуызтæ сараздзысты, уый, скъоладзауты сфæлдыстадон хъуыдытыл куыд бафтаудзысты, цывæр сæрмагонд хатдзæгтæм сæ æркæндзысты.
Баситы Мысосты уацмыс ахуыргангæйæ урочы уæвæн ис ахæм этаптæн:
- Ахуыргæнинæгты уыцмыс бамбарынмæ бацæттæ кæнын.
- Текст бакæсын.
- Мидис радзурын.
- Уацмыс анализ кæнын.
- Кæронбæттæн куыстытæ бакæнын.
Уæлдæр цы урочы этаптæ ранымадтам, уыдон методикон æгъдауæй раст æххæстгонд куы цæуой, уыд сабиты зонындзинæдтæ æмæ эмоцитæ иудзинадмæ тырндзысты.
Уæдæ ныр бæлвырдæй æрлæууæм айвадон уыцмысыл кусгæйæ урочы цы этаптæн ис уæвæн, уыдоныл.
Баситы Мысосты уацмыстæ ахуыргæнгæйæ адонæй æнæмæнг хъæуы пайда кæнын.
- Ахуыргæнтнæгтæн уацмысы арф хъуыдытæ бамбарын фенцондæр кæнынæ тыххæй йæ бакæсыны размæ ахуыргæнæджы хъæуы алыхуызон методтæ æмæ мадзæлдтæй спайда кæнын, иукъорд хуызы куысты бакæнын.
Уыдон сты:
- Ахуыргæнæджы разныхас.
- Беседæ.
- Рагацау лæвæрд фæрстытæ æмæ бакусинæгтæ.
- Дзырдуатон куыст.
- Цæстуынгæ æрмæгæй пайда кæнын.
- Экскурсии саразын.
- Музыкæмæ байхъусын.
1. Баситы Мысосты уацмыс ахуыр кæнын райдайæн ис ахуыргæнæджы разныхасæй. Разныхасы нысан у уацмысы темæйы фæдыл скъоладзаутæн раттын. Уыдоны фæрцы ахуыргæнинæгтæн фенцондæр вæййы уацмыс бамбарын, йæ бакæсынмæ сразæнгард вæййынц, анализ кæнгæйæ æрлæууынц, раст фæндагыл. Разныхас хъуамæ уа цыбыр, фæлæ бæлвырд, мидисæй хъæздыг, уацмысы темæимæ æнгом баст.
2. Беседæ. Кълас Мысосты уацмыстæй кæй кæсой, уый темæ кæнæ йæ мидисыл скъоладзаутæм уымæйразмæйы литературæйы уроктæй, йæ историон кæнæ, царды сæ алыварсы цы уынынц уымæй бæлвырд исты зонындзинæдтæ куы уа, уæд ног æрмæг райдайын æмбæлы ахуыргæнæджы фæрстытæй.
3. Цæмæй ахуыргæнтнæгтæ активондæрæй хъуыды кæной, уацмысы мидис бамбарынмæ тырной, лæмбынæгдæр æй бакæсой, уый тыххæй хорз у уацмыс бакæсыны размæ къласмæ иу-дыууæ фарсты раттын.
4. Кæсыны урочы дзырдуатон куыстыл æвæрд ис алыхуызон хæстæ. Зынымбарæн дзырдтæй иуты нысаниуæг зонын æххуыс вæййы уацмысы мидис бамбарынæн.
5. Уæдæ Мысосты уыцмыстыл кусгæйæ ис цæстуынгæ æрмæгæй дæр спайда кæнын. Нывтæ ахуыргæнинæгтæн æххуыс кæнынц уацмысы хъуыдытæ бамбарынæн. Иллюстративон æрмæгæй ис спайда гæнæн урочы алы этапты дæр: беседæйы рæстæг кæнæ ахуыргæнæджы разныхасы; кæсыны рæстæг, йе та мидис дзургæйæ; анализы кæнæкæронбæттæн беседæйы равзарын.
6. Ахуыргæнинæгтæ цы уацмыс кæсдзысты, уый хуыздæр бамбарыны тыххæй хатгай стыр ахадындзинад вæййы экскурсийы ацæуынæн.
Мысостмæ ис хæсты темæйыл фыст æмдзæвгæтæ. Уыдон ахуыргæнгæйæ ис, хъæуы, кæнæ горæты се мбæстæгтæй фыдыбæстæйы стыр хæсты чи фæмард, уыдонæн цы иумæйаг цыртдзæвæнтæ ис, уырдæм æкскурсийы ацæуын.
7 . Нæ уарзон фыссæгæн йе мдзæвгæтæй бирæтыл фыст æрцыди музыкæ. Хорз уаид уыдонæй искæцымæ байхъусын. Музыкалон уацмыстæй спайдагæнæн ис урочы алы этапы дæр, тынгдæр та фыссæджы цпрд æмæ сфæлдыстадыл,дзургæйæ.
II.Уацмысы мидис бамбарыны тыххæй йæ хъæуы бакæсын хъæрæй, аив. Фыццаджы дæр аив кæсы ахуыргæнæг. Уацмыс цас аивдæр æрцæуа каст, уыйбæрц йæ айвадон фæлгонцтæ ахуыргæнинæгты цæстытыл бæлвырдæй уайынц. Зынгæ методист Н.О.Карст уый тыххæй афтæ зæгъы: фыссæг дзырды руаджы цы фæлгонцтæ саразы, аив кастмæ хъусæгæн уыдон йæ цæстытыл нывтау фæуайынц.
III . Уацмысы мидис радзурынæн йæ нысан у ахæм: скъоладзаутæ бæстон базонынц уацмыс, ноджы рæзы сæ дзургæ ныхас. Ахуыргæнинаг текст дзургæйæ февдисы, уацмыс куыд бамбæрста, уый.
IV. Уацмысыл кусыны сæйрагдæр этаптæй иу у уацмысыл анализ. Анализы сæйраг хæс у авторы егъау идейæтæ раргом кæнын.
Уацмыс анализ кæнгæйæ сæйрагдæр у, цæмæй ахуыргæнинæгтæ бамбарой, цы бакастысты, уый мидис.
Анализ райдайгæйæ æнæмæнг хынцын хъæуы, уацмыс кæсгæйæ сывæллæттæн куыд бахъардта, цавæр æнкъарæнтæ сæм сæвзæрди,уыдæттæ.Куыд уынæм, афтæмæй Баситы Мысосты уацмыстæ ахуыр кæныны мадзæлттæ сты тынг бирæ æмæ алыхуызон.
§3. Фæлварæн урок.
Темæ: Баситы Мысост « Уæлахизы бон» ( 2 кълас)
Урочы нысан:
- Сывæллæтты Баситы Мысосты æмдзæвгæимæ базонгæ кæнын;
— Тексты сæйрæг хъуыды рахицæн кæнын сывæллæтты зонындзинæдтæ рæзын кæнын.
- Сæ зæрдæты сын уарзондзинад æмæ иузæрдиондзинад райгуырæн бæстæмæ гуырын кæнын.
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ:
Предметон: Æмдзæвгæйы мидис райхалын темæйыл æнцойгæнгæйæ
Метапредметон: Урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын, хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын.
Удгоймагон: Æцæг хæлардзинады æууæлтæ бæрæг кæнынмæ арæхсын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæныныл архайын.
Цæстуынгæ æрмæг:
1. Компьютерон презентаци урокмæ.
2. Чингуыты равдыст:
а) «Арвы айдæн» (дзырдуат)
æ) Баситы мысосты æмдзæвгæты æмбырдгонд .
б) П.А. Кривоноговы ныв « Уæлахиз».
в) скульптор Е. Вучетмы конд цыртдзæвæны ныв
г) ахуыргæнæн чингуытæ, грамзапись, нывтæ.
Урочы цыд:
I.Бацæттæ гæнæн рæстæг.
Сбæрæг кæнын ахуырдзауты цæттæдзинад урокмæ.
II. Ахуыргæнæджы разныхас.
Сывæллæттæ хъусынц пластинкæйыл фыст зарæг « Нæ хæстон хъæбултæн»- мæ. (Адæмон музыкæ, Медойты С. Ныхæстæ.)
- Сывæллæттæ цызарæгмæ байхъуыстат, уый уын уæ зæрдыл ницыæрлæууын кодта?
Тагъд уыдзæнис 9 Май-Уæлахизы бон. Уый стыр бæрæгбон у Уæрæсейы адæмæн. 9 Майы фыдыбæстæйы Стыр хæсты нæ бæстæйы адæм фæуæлахиз сты немыцаг фашисттыл. Уый уыдис уæззау хæст, фæцыди 4 азы, кæнæ 1418 боны. Ацы хæсты архайдтой ирон адæм дæр. Уыдонæй бирæтæ нал æрыздæхтысты Ирыстонмæ. Сæ цард радтой Уæрæсейы, Ирыстоны сæраппонд æмæ сæ тох нæ фæдзæгъæлы. Фашистты басырдтой фæстæмæ Берлинмæ.
( Фæйнæгыл П.А. Кривоноговы ныв « Уæлахиз».)
Нывгæнæг П.А. Кривоногов йæхæдæг федта Рейхстагы къулы раз уæлахиздзаутæ куыд цин кодтой, уый. ( æвдисы ныв)
Уымæ гæсгæ тынг хорз бацис йæ бон цинæйдзаг цæсгæмттæ равдисын.
Уæлахизы бон нæ адæмæн зынаргъ кæй у, цины бон кæй у , уый тыххæй Баситы Мысост ныффыста æмдзæвгæ « Уæлахизы бон»
Баситы Мысост сывæллæтты фыссæг у. Уый сымахæн бирæ æмдзæвгæтæ æмæ радзырдтæ ныффыста.
Мысост бирæ уарзта сывæллæтты. Арæх- иу æмбæлдис семæ. Кодта иу сын аргъæуттæ , касти сын йе мдзæвгæтæ, дзырдта сын исты цымыдисаг хабæрттæ.
Абон цы æмдзæвгæ бакæсдзыстæм уый дæр у Мысосты фыст.
Байхъусут -ма мдзæвгæмæ лæмбынæг æмæ зæгъут, цы хъуыды кæны поэт ацы бæрæгблны таххæй.
- Ахуыргæнæг кæсы æмдзæвгæ.
Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц, текст бакæсыны размæ сæм ахуыргæнæг цы фарст радта,уымæн.
- Фæйнæгыл скульптор Е. Вучетмы конд цыртдзæвæны ныв.
Æцæг адæймаг хъуамæ хæсты быдыры йæ хорз миниуджытæ ма сафа.
Уырыссаг лæппу , гвардицы сержант Николай Маслов равдыста хъæбатырдзинад. Масловы хæстон фæндаг æнцон нæ уыд.
1943 азы уæззау хæстыты фæстæ Маслов сси полчы тырыса хæссæг. Уый йæ суанг Берлинмæ фæхаста.
Ам, Берлины, иу ныббырсты размæ йæ хъустыл ауад сывæллоны кæуын хъæлæс. Уый куыдта йæ мадмæ.
Маслов йæхи фехста уыцы хъæрмæ, кæд йæхицæн фæмард уæвынæй тæссаг уыд, уæддæр.
Ауыдта, иу æртæ азы кæуыл цыдаид, ахæм гыццыл чызджы йæ мард мады раз. Николай фелвæста чызджы йæ хъæбысмæ æмæ сармадзанты къуыззитмæ атындзыдта йæ хайадмæ.Кæд маслов хæцыди немыцаг фашисты ныхмæ уæддар æм разынд зæрдæхæлардзинад æмæ гыццыл немыцаг чызджы аирвæзын кодта. Ахæмтæ уыдысты нæ солдаттæ. Ныр Берлины парчы бæрзонд ран лæууы цыртдзæвæн; советон солдат йæ къухæй хæцы æхсасгардыл, цы гыццыл чызджы аирвæзын кодта, уый.
- Улæфты рæстæг « Порти»
Порти зæххыл гæпп, гæпп, гæпп
Æз йæ фæстæ – сæпп, сæпп, сæпп
Уый мæ цурæй - гæпп, гæпп, гæпп
Æз йæ фæстæ - сæпп, сæпп, сæпп!
Уæд кæдæм лидзы тæргай?
Чи йын ахордта йæ хай?
Ратулæд фæлтау мæнмæ!
Ратул, о порти, кæм дæ?
Мах фæхъазæм иумæ фаг!
Æз ызгъораг, ды – тæлфаг!
- Æмдзæвгæйы бакаст.
Скъоладзаутæ хинымæр, стæй радыгай хъæрæй кæсынц æмдзæвгæ аив хъæлæсæй.
Уӕлахизы бон, — Нӕ цины бӕлон, Нӕ Фарӕстӕм Май, Ӕгас нӕм цӕуай! Ды фарн ӕрхастай, Нӕ Фарӕстӕм Май! Нӕ уалдзӕджы хай, Сӕрибары май. Ӕмӕ нӕ бӕстӕ, Нӕ уарзон бӕстӕ, Дӕуыл цин кӕны, Дӕуӕн куы зары. Уӕлахизы бон — Нӕ цины бӕлон, Нӕ Фарӕстӕм Май, Ӕгас нӕм цӕуай! |
- Æмдзæвгæйы равзæрст
-Куыд хоны поэт Уæлахизы бон? Бакæсут уыцы рæнхъытæ.
-Цы æрхаста йемæ Фарæстæм май?
Дзырд «фарн» йæ хъуыдымæ гæсгæ хæстæг дзырдтæй раивут.
-Цæмæй бæрæг у, Фарæстæм май цины бæрæгбон у, уый? Бакæсут уыцы бынæттæ?
-Цæвæр ныхæстæй райдайы æмæ фæвæййы æмдзæвгæ?
- Куыд кæсын хъæуы ацы æмдзæвгæ?
- Урочы кæронбæттæн.
- Цæвæр æмдзæвгæимæ базонгæ стут ацы урочы?
-Чи йæ ныффыста?
-Цавæр у йæ сæйрагдæр хъыды?
- Уæ зæрдæмæ фæцыди?
- Хæдзармæ куыст
Æмдзæвга зæрдывæрдæй сахуыр кæнын.
-Баситы Мысосты, уацмыстæй – ма хæсты темæйыл фыст чи ис, ахæм базонын.
III.Кæронбæттæн. (Хатдзæгтæ)
Баситы Мысосты сфæлдыстад ахуыр кæныны методикæйыл кусгæйæ мах æрцыдыстæм ахæм хадзæгтæм:
- Мысосты уацмыстæ ирон сывæллæтты литературæйы ахсынц зынгæ бынат.
- Сæ хъомыладон æмæ ахуырадон нысаниуæг у стыр.
- Фыссæджы уацмыстæ ахуыр кæныны методикæ нырма куыстгонд нæу.
- Мысосты сфæлдыстад ахуыр кæныны методикæйы сæйраг фæрæзтæ, мæнмæ гæсгæ, сты:
а) Уацмысыл куыст райдайæн ис беседæйæ кæнæ ахуыргæнæджы разныхасæй. Уый фæрцы сывæллæтты хæстæг кæнæм ног æрмæгæй зонындзинæдтæ райсынмæ.
б) Кæд тексты æнæзонгæ дзырдтæ ис, уæд сæ хъуыды текст бакæсыны размæ бамбарын кæнын нывты, синонимты, антонимты, уырыссаг æвзагмæ ратæлмац кæныны руаджы.
в) Уацмысы мидис радзурын. Ахуыргæнинаг текст дзургæйæ февдисы, уацмыс куыд бамбæрста, уый.
Адон сты уацмысыл кусыны сæйрагдæр æтаптæ æмæ сæ хъуыды пайда кæнын баситы мысосты сфæлдыстад ахуыргæнгæйæ.
IV.Библиографи.
1. Герман Гудиев " Открытый мир"
2. Дзасохты Музафер " Разгæ фæлтæры зæрæггæнæг" 1986 аз.
3. Хъантемыраты Риммæ " Методикон амынд 2-æм -3-æм къласы чиныгмæ".
4. Малиты Гига " Ирон литературæйы методикæ"
5. Тлаттаты Анна " Айвадон уацмыс ахуыр кæныны этаптæ"
6. Цæллагкаты Зарифæ " Нравственное воспитание учащихся на уроках родной литературы"
7. Методикон амындзинæдтæ райдайæн къласты кæсыны чингуытæм.
8. http://ossetians.com/rus
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Чудеса Иисуса Христа Исцеление сына царедворца и воскрешение сына вдовы
Урок ОПК №20 во 2 классе по программе А.В.Бородиной...

Классный час. "Ныне праздник космонавтов - космонавтике УРА!!!", 3 класс
Полный сценарий классного часа на тему День космонавтики. В сценарий входит презентация и текст сценария, видео не загружается но его легко найти на сайте youtub "Юрий Гагарин - хроники первого полета...

В чем отличие новых стандартов от ныне действующих?
В статье говорится о принципиальных отличиях новых стандартов, в чем они заключаются, какова цель и результат, определен «портрет» выпускника начальной школы...

Алтай тилле уроктыҥ технологиялык картазы.Тема: «Öткőнин катап кőрőри »
Ойын-маргаандарлу урок баштапкы класска....

Доклад на тему: «Бынæттон æрмæгæй пайда кæнын ирон æвзаг æмæ кæсыны урокты»
Доклад на тему:«Бынæттон æрмæгæй пайда кæнын ирон æвзаг æмæ кæсыны урокты»...

Доклад на тему: «Цæстуынгæ æрмæгæй пайда кæныны мадзæлттæ»
Доклад на тему:«Цæстуынгæ æрмæгæй пайда кæныны мадзæлттæ»...

Сценарий торжественной линейки «Вахта памяти», посвященной взятию Норденбурга (ныне п. Крылово).
Сценарий торжественной линейки для 1-11 классов, направленной на воспитание патриотических чувств, уважения к защитникам Отечества и любви к Родине; знакомство с историей своей малой Родины....

