Уайсадæг чындз.
учебно-методический материал (4 класс) на тему

Батырова Зарема Аслангериевна

КРУЖОК СЦЕНИЧЕКОГО ИСКУССТВА

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл kruzhok_stsenichekogo_iskusstva.docx18.7 КБ

Предварительный просмотр:

КРУЖОК СЦЕНИЧЕКОГО ИСКУССТВА

Руководитель: Батырова З. А.


Илас Æрнигон

Уайсадæг чындз.

Архайджытæ: 4 «А» къласы ахуырдзаутæ

Чындз – Цебойты Мæдинæ

Уазæг-зæронд лæг – Цогойты Сослан

Лæппу – Бедойты Хетæг

Ирон хæдзар. Кæрт. Чындз кæрт мæрзы.

Уазæг (ас лæг, зачъе, кæрты дардæй, лæдзæджима). Цы фестут, мæ хорз хæстæджытæ? Лæдзæгджын уазæг – æвæлхас уазæг. Ма дзы бамбæхсут! Уæ бонтæ хорз! (Хæстæг æрбацыди).

Чындз (æнцад æрлæууыд, йе ргом – уазæгмæ, цæфсæрмы).

Уазæг. Уа хæдзары хистæр кæм ис?

Чындз. (зына-нæ зына йæ сæр базмæлын кодта, æфсæрмыгæнгæ).

Уазæг. (адæмырдæм, йæ лæдзæгыл æрæнцой кодта). Бæгуы раны куы фæдæн: размæ цæуон æмæ – замана, фæстæмæ здæхон æмæ – худинаг! Уæуу, мæнæ алæмæты диссаг! Цы нæ бавзардзæн лæг æнæнхъæлæджы! Уайсадæг сылгоймагæй мæ фыны дæр тæрсгæ кодтон? Ныр цы бачындæуа? Æгомыг адæймагимæ чердæм ныхас кæнон? (Кæрты фæзыны лæппу.) Фæлæуу-ма, лæппу! Кæй лæппу дæ?

Лæппу (хæстæг æрбацыди). Æмæ-гъа! Нана мæ йæ лæппу хоны, фæлæ бабайæ ницы хъусын.

Уазæг (бахудт). Нана æмæ баба сæхи фæндиаг уæнт, фæлæ уæ мыггаг куыд у, уымæй дæ фæрсын!

Лæппу. Уый дæр нырма зын зæгъæн у, таугæ йæ афойнадыл бакодтам, бæргæ, уымæл заман, фæлæ уарынтæ нæй æмæкуыд æрзайдзæн, уый чи зоны?

Уазæг. Тынг æхсызгон мæ фæндыд йæ фенын.

Чындз. Мидæмæ уал, зæгъ, рацу æмæ сæм, зæгъ, иучысыл банхъалмæ кæс.

Лæппу. (ныуулæфыд, чындзмæ бакаст æнкъардæй). Рацу – бацу уал, дам акæн, уый дæр, дам, уалынмæ исчердыгæй зындзæн.

Чындз. (тынг цæфсæрмы, афтæ нæ загъта, уый йе змæлдæй æмбарын кæны).

Уазæг (фæмæстыгомау). Лæппу, уайсадæг чындзы цæмæн æфсæрмы каныс? Хъазын хорз у, фæлæ алцæмæй дæр бæрц зонын хъæуы. Дæ салам бирæ уæд, чындз! Æнхъæлмæ кæсынæй – ницы, фæлтау та уæ фæстæдæр абæрæг кæндзынæн.

Чындз. Хынджылæг м а кæн, дæ хорзæхæй. «Мидæмæ рацу» йын зæгъ.

Лæппу. Дæ цыды  сæр цæуыл уыди, уый, дам, мын, зæгъ, кæннод, дам, æхсæв мæ лæгæн цы радзурдзынæн?

Чындз (йæ къух лæппуйы былтыл авæрдта).

Уазæг. Æй-гъи, лæппу, де взаджы фæрцы дыл кæддæр сау бон кæндзæн, фæлæ-иу нæ фехъуыстон ма зæгъ!...(Чындзмæ). Æниу мæнг нæ зæгъы. Мæ цыды сæр цæуыл уыд? Уæ саргъы бæх уæй кæнут, зæгъгæ, фехъуыстон æмæ йæ уæд æз балхæнин.

Чындз. Бæх уæййаг у, зæгъгæ, йын зæгъ.

Лæппу. Æлхæнæг, дам, æй ис, фæлæ дам, уæйгæнæг нæй. (Чындзырдæм фæзылди). Лæджы, дам, бафæрсын хъæуы.

Уазæг. Хорз, хорз, лæджы дæр бафæрсдзыстæм, фæлæ уæддæр бæх уæййаг у, æви нæу?

Чындз. Худинаг у, мæ уды гага, хынджылæг ма кæн, «Уæййаг у» йын  зæгъ.

Лæппу. Уæййаг у, сираг у, уымæн, дам, бæлвырд ницы зонын, фæлæ, дам сæпп-сæпп æвзæр нæ кæны.

Чындз (йæ сæр змæлын кæны, æвдисы: «Афтæ нæ загътон»).

Уазæг (адæмырдæм). Ай  дæр та дын ног замана! Цæй, уый дæр афтæ фæуæд, лæппу, фæлæ нын тæлмæц фæлæуу, дæ хорзæхæй!

Лæппу. Табуафси. Фæлæ кæцонау дзурынмæ хъавут? Хатиаг æвзаг тынг хорз зонын æз.

Уазæг (худы). Уæ, хæйрæг дæ бахæра, цæй къæйных лæппу разындтæ! А хæдзары хицау ам ис, æви нæй?

Чындз. (лæппуйырдæм азылд, уайсадæгау, фæсусæй). Ам не сты, зæгъгæ, йын зæгъ.

Лæппу. Ам, дам, арæх вæййы, фæлæ, дам, ацы саха ам ис, уый зын равзарæн у.

Уазæг. Уый та куыд? Хæдзары ис, æви цæугæ искæдæм акодта?

Чындз. Кæдæмдæр, зæгъ, ацыдысты.

Лæппу. Нæхимæ, зæгъы, нæй, фæлæ, дам хæдзары ис, уаты ис, уымæн бæлвырд ницы зонын.

Чындз (батыхст).

Уазæг. Æндæр хъæумæ ацыд, æви ам скуы ис?

Чындз. Дæлæсыхмæ,зæгъ, цæуинаг уыдысты.

Лæппу. Уæлæсыхмæ, дам, ацыд, фæлæ, дам, ацы сахат, чи зоны, фалæсыхы дæр уа.

Чындз (тыхсы фырæфсæрмæй).

Уазæг. Уæдæ фæстæмæ хъуамæ тагъд æрбаздæха?

Чындз. Цæугæ, зæгъ, раджы акодта. Кæд, зæгъ, никуы бафæстиат уа, уæд æй, зæгъ, рæхджы ардæм хъæуы.

Лæппу. Цæуга, дам, раджы  нæ акодта, фæлæ, дам, ныртæккæ куы никуыцæй фæзына, уæддæр, дам, æй искуы ардæм хъæуы.

Чындз. (тыхсы)

Уазæг. Æллæх, æллæх, лæппу, цæй налат æмæ цæй къулбадæг дæ! Цæй, дæ бон дæхи фæндиаг уæд, чындз! (Цæуынмæ хъавы.)

Чындз. Мидæмæ, зæгъ, рацу æмæ, зæгъ, иу арахъ ануаз.

Лæппу. Нозты мыггагæй, дам, нæм ницы ис æмæ, дам, нæм мидæмæ рацу.

Уазæг. Хъæздыг фысым ут æмæ дæ салам бирæ уæд, чындз! Тынг мæ не вдæлы. Хæрзбон у! (Ацыди.)

Лæппу. Нæ зонын æз тæлмац кæнын. Стæй кæм! Æццæй, нæ Сæлимæт?

Чындз. Дæдæй, мæ арт бауазал и! Æ-гъгъа! Цæсгом армыдзаг йедтæмæ ма у? (йæ цæсгом йæ дыууæ къухæй амбæрзта.) Ту! Ме нæуынон фæу.

Лæппу (худы æмæ йæ алыварс кафы.)

Æмбæрзæн