Обычаи Осетин
проект (2 класс) на тему

Кулова Жанна Викторовна

В Северной Осетии до сиз пор соблюдаются обычаи предков. С этим и связана главная мысль нашей проектной работы.

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon iron2222.doc323 КБ

Предварительный просмотр:

XII конкурс исследовательских работ и проектов

Дошкольников и младших школьников

« Я познаю мир»

( в рамках Всероссийского конкурса «ЮНОСТЬ, НАУКА, КУЛЬТУРА»)

Направление: краеведение

Тема: «Обычаи осетин»

(на осетинском языке)

Дзанагов Арсамаг Сосланович, ГКОУШИ «Аланская гимназия»

г. Владикавказ

1 класс

os-1140x748.jpg

Научный руководитель:

Кулова Жанна Викторовна

учитель технологии

первая категория

Г. Владикавказ 2017-2018 учебный год

Сæргæндтæ

Разныхæс        3

1. Тудджынты хъама.        4

2. Дзирийы дзуары равзæрд.        4

3. Мырзаганты Уане        5

4. Хъантемыраты Алибег.        9

5.Ленины номыл цырттæ.        11

6.Сафайы рæхыс.        12

7.Кæрон        13

Мультимедийный презентаци проектон куыстмæ


Разныхæс

 

     Ирон адæмы царды æгъдæуттæн сæ фæд цæуы рагон æнустæй, суанг скифты æмæ аланты замантæй. Кавказы иннæ адæмты 'хсæн цæргæйæ, ирæттæн бантыстис се’гъдæуттæ æмæ сæ дин бахъахъхъæнын, ныры дугмæ сæ æрхæццæ кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон туджы фидардзинадимæ уымæн ноджыдæр ахъаз фæцис, аланты байзæттæгтæ тæтæры æмæ Тимуры æрбабырстыты фæстæ хæхбæсты цалдæр æнусы дæргъы хибарæй кæй цардысты, уый. Æмæ кæд фæстæдæр сарæзтой хæстæг æмæ фидар бастдзинæдтæ сыхаг адæмтимæ, уæддæр ирæттæн сæ фылдæр абон дæр фидарæй хæцы сæ Фыдæлты Фарныл æмæ рагон æгъдæуттыл.

     Цæмæн дæр, «Ныхас» ирон æгъдауыл куы рацæуы, уæд фылдæр хатт райдайынц ирон бæрæгбæттæ æмæ фынджы æгъдæуттæй. Уыдон дæр ахсджиаг куыд нæ сты. Фæлæ ноджы ахсджиагдæр æмæ вазыгджындæр та сты ирон адæймаджы царды уаг, æфсарм, йæ ахастдзинæдтæ алыварс адæмимæ, сыхбæстæ-хъæубæстæимæ, стæй бинонты æгъдау.[1]

     Нысан: мæн фæнды цæмæй æрыгон фæсивæд нæ фыдæлты æгъдæуттæ мА рох кæной, æмæ цæ пайда кæной абоны царды дæр.

    Хæслæвæрд: мæ хæслæвæрд у нæ фыдæлты æгъдæуттыл скæнын афæлгæст сæ ахсджиаг æмæ вазыгджын бынат бахахх кæныны фæдыл.

     Гипотеза : дызæрдыггаг у, абоны царды нæ фыдæлты æгъдæуттæ хæуынц æви нæ хъæуынц?


Сæргонд I. Ирон æхсæнады æхæстдзинæдтæ

1.1. Фыдæлты  «Ныхас»

 

Алы ирон хъæуы астæу дæр уыдис, хъæуы дзырддзæугæ лæгтæ кæм æмбырд кодтой ахæм бæрæг бынат. Уыцы бынат дæр хуындис «Ныхас». «Ныхасы» хистæртæ бадтысты стыр дуртыл, кæцытæ-иу бирæ æзты дæргъы пайда кæнынæй слæгъз сты, райстой къæлæтджын бандоны хуыз. «Ныхасы» адæм бадтытсы кæмæн кæм æмбæлы уыцы бынæтты. Хистæр хъуамæ бадтаид галиуырдыгæй дыккаг бынаты. Йæ рахиз фарс, кæронæй – дыккаг хистæр. Иннæтæ хистæргай – галиуырдыгæй. Уымæй уæлдай «Ныхас»мæ цыдысты æрыгон нæлгоймæгтæ дæр. Уыдонмæ бадыны бар нæ хаудис, æмæ æгъдаумæ гæсгæ лæууыдысты «Ныхас»æн йæ галиу кæрон. Кæстæртæ-иу цымыдисæй хъуыстой хистæрты ныхæстæм æмæ мысинæгтæм. «Ныхас»мæ адæм цыдысты канд уынаффæтæ хæссынмæ нæ, фæлæ кæрæдзийæн хабæрттæ ракæнынмæ дæр. «Ныхасы» адæмæй алкæмæ дæр хаудис «Ныхасы» бар. Бахъуаджы рæстæг-иу хистæр хатгай уыцы бар ратта кæстæртæн дæр. Уыимæ, æрыгон лæг хъуамæ рацыдаид «Ныхасы» астæумæ, цыбырæй æмæ хуымæтæг, æнцонæмбарæн ныхæстæй радзырдтаид йæ зæгъинаг, стæй фæстæмæ йæ бынаты слæууыдаид. Кæстæртæ, «Ныхасы» хистæртæм хъусгæйæ, ахуыр кодтой дзырдарæхстдзинадыл, æгъдауыл, истой сæ Фарн. «Ныхас» уыдис ирон æхсæнадон парламент, кæцыйæн йæ уынаффæтæ уыдысты æхсæнады уæнгтæн æнæмæнгæй æххæстгæнинаг. «Ныхасы» æвзæрстой æхсæнадон царды ахсджиаг хъуыддæгтæ, лыг кодтой тудджынты бафидаун кæнæны æмæ алыгъуызон быцæуты фарстатæ. Уыдоны фæдыл уынаффæ хастой æрмæстдæр ирон æгъдау куыд амоны, уымæ гæсгæ.  


1.2. Худинаджы бæсты - мæлат

Нæ фыдæлтæ стыр æфхæрдыл нымадтой лæдзæгæй кæнæ йехсæй цæф. «Лæдзæгæй, дам, куиты нæмынц». Ома ныццæвæг иннæйы куыдзыл нымайы. Æмæ ахæм быцæу кæддæриддæр цыдис лæгмæрдтæм. Уымæй уæлдай ма ирон лæл æфхæрдыл нымадта исчи-иу йын йæ худмæ куы бавнæлдтаид уый дæр. Хæххон адæмы зондахастмæ гæсгæ, лæджы худмæ æвналæн нæй. Кæд-иу иннæ уæлæйы дарæс хатгай цаудгомау уыдис, уæддæр худ хъуамæ уыдаид бæстон æмæ аив. Арæх-иу, нæлгоймаджы тæппуд рахонынæн загътой: «Ды худ хассын аккаг нæ дæ, сылгоймаджы кæлмæрзæнæй йæ раив». Лæджы худ ирон адæмы æхсæн нысан кæны лæгдзинад, хъару, ныфс. Æмæ йæм хъуамæ искæйы къух ма хæццæ кæна. 

Нæ ныббарстаид ирон лæг «Ныхас»æй-иу ын исчи йæ мады, йæ бинойнаджы, йæ хиуæтты мæрдты куы бафхæрдта, уæд. Рагон ирон царды æгъдау адæмы ахуыр кодта сæрыстырдзинадыл, намыс хъахъхъæныныл æмæ æфхæрдæн æнæбароныл. Ирон лæг кæддæриддæр йæ маст иста йæ бафхæрæгæй. Уый уыдис царды æгъатыр домæн – маст исын, туг исын. Иунæг æфхæрд дæр хъуамæ æнæ аккаг дзуаппæй ма баззадаид. 

Цымыдисаг у ирон адæмы цæстæнгас адæймаджы æфсарммæ. Æфсармджын уæвгæйæ, ирон адæм хатгай æфсæрмыйагыл нымайынц ахæм хъуыддæгтæ, кæцытæ иннæ адæмтæм сты æрвылбойнаг. Адæймаджы æфсарм фыццаджыдæр бæрæг кодта йæхи хистæрты раз, стæй адæмы æхсæн дарын куыд зоны, уымæй. Хæрзæгъдау адæймаг хъуамæ хистæрты «Ныхас»æн аргъ кодтаид, стæй сын кæмдæриддæр кодтаид лæгкад. Хистæры раз кæстæр бадгæ нæ кодта, йæ «Ныхас» ын нæ иста. Хистæры фæнд-иу кæстæртæ æнæкъуылымпыйæ æххæст кодтой. Дзæгъæлы-иу нæ загътой нæ фыдæлтæ: «Хистæрæн йæ фындз асæрф, æмæ йæ зондæй бафæрс». Ома, хистæр йæ фындз ныссæрфын хъом дæр куынæуал уа, уæддæр дæ йæ зонд бахъæудзæн. Уæдæ хистæр дæр кæстæрты раз хъуамæ йæхи куыд æмбæлы, афтæ дарттаид, йæхи сæ цæсты ма æфтыдтаид. 

Стыр худинагыл нымадтой нæ фыдæлтæ хæддзуйæ (æнæхуындæй) куывдмæ, чындзæхсæвмæ кæнæ хистмæ цæуын. Ома, æрвиткæ йæ ничи ракодтаид. Фæлæ ахæм адæймагæн алчи йæ цæстæнгасæй æвдыстæ, худинаг кæй у. Нæ адæм ма ныр дæр фæдзурынц: «Дæ гуыбыны фæдыл макуы ацу! Уый ууыл дзурæг у, æмæ ирон лæгæн сæйрагдæр хъуамæ уой йе’гъдау æмæ йе’фсарм. Фынджы уæлхъус ирон лæг йæхи куыдфæндыйæ нæ дары. Хъуамæ йæ алы «Ныхас» æмæ йæ алы ми дæр уа нæ фыдæлтæ рæсугъд æгъдаумæ гæсгæ, нывыл. Бадтысты-иу дæргъвæтин рæстæг, фæлæ хæргæ бирæ нæ кодтой. Бирæ хæрын ирон адæммæ у худинаг. «Хуынды фæцу æфсæстæй, дæ хæдзармæ æрбацу стонгæй» - дзырдтой-иу раздæр. Æххормагмæ ирон лæг кастис куыдфæндыйы цæстæнгасæй. Стонджы кой кæнын адæмы 'хсæн уыдис худинаг. Искæмæ- иу уазæгуаты фæндаггон куы бацыдис, уæд-иу ын фысымты бирæ лæгъстæ кæнын бахъуыдис, исты ма нæм ахæр, зæгъгæ.  

Ноджы стырдæр худинаг та уыдис карз нуæзтæй бирæ нуазын. Фынджы уæлъхъус нуæзтой ирон бæгæны кæнæ арахъ. Æмæ-иу кæд фæхъæлдзæг сты, уæддæр дзы расыг лæгыл фембæлæн нæ уыдис – алчи йæ бæрц зыдта, йæхи худинагмæ нæ уагъта. Расыггæнаг арыгон лæппуйæн йæ чызджы ничи раттаид, бонджын мыггагæй куы уыдаид, уæддæр.  

Адæмы ‘хсæн æгадыл нымад уыдис тæппуддзинад. Уæлдай нæ уыдис тудджыны раз равдыста йæхи тæппудæй, æви хæсты быдыры – лæг худинаг кодта йæхи дæр æмæ йæ мыггаджы дæр. Тæппуддзинадæй гадзрахатæй рацæуынæй бирæ хъауджыдæр нæ уыдис. Ахæмтыл-иу арæх бакодтой хъоды, худинаджы зарджытæ-иу сыл скодтой. [5] 

Нæлгоймагæн æгадыл нымад уыдис адæмы астæу буары рыст æвдисын. Кæуынæй уæлдай сæм нæ кастис. Æмæ нæлгоймаг та хъуамæ сылгоймагау кæугæ ма кæна. Ирон æгъдаумæ æмæ фыдæлты фарнмæ гæсгæ, адæм кад кодтой æргомдзинадæн æмæ фидар «Ныхас»æн. Раджы заманы къухфыст бадзырдтæ кæм уыдис? Лæджы «Ныхас» уыдис цыфæнды бадзырды гæххæттæй фидардæр. Ирон лæг «Ныхас» радта, уæд ыл дызæрдыг кæнын ницæмæн хъуыдис. 

Уымæй стырдæр тых та уыдис ард бахæрыны. Мæнг ард бахæрыны хъуыды никæйы сæрмæ æрцыдаид. Зæгъæм, искæйы азым кæнынц исты фыдракæнды, уæд-иу æй адæмы раз ард бахæрын кодтой. Æмæ йын уый фæстæ йæ рæстдзинадыл дызæрдыг хъуамæ мачиуал кодтаид.Ирон адæм ма тынг бæрзонд æвæрттой æууæнк. Æнæууæнкдзинад æфхæрдыл нымад уыдис».  

 Алы адæмтæм алыгъуызон цæстæнгас ис хорз цы у æмæ æвзæр, уымæ. Хатгай уыцы дыууæ хъуыддаджы хсæн бæрæг хахх ракæнæн нæ вæййы. Ирон адæммæ рагæй дæр бæлвырд уыдис, æвзæр æмæ худинагыл нымад цы у уый. Адæймаг кæд æхсæнады уæнг у (мыггаг, сыхбæстæ, хъæубæстæ), уæд хъуамæ йæхи афтæ дара, цæмæй уыцы æхсæнадæн æмæ йæ алыварс адæмæн æнад чи у, ахæм митæ ма кæна, ома йæхи æнæгъдау ма дара. Уырдæм хауы «Ныхасы» уаг дæр. Худинагыл нымад уыдис, ирон лæг-иу йæхи хъуыддæгтæ æмæ йæхи пайда æхсæнады хъуыддæгтæй бæрзонддæр куы æвæртта, уый. Уымæй æгаддæр та уыдис, уыцы æхсæнадæн зиан хæссæг. Ахæмтæ æнæмæнг дзуапп лæвæрттой æхсæнады раз «Ныхасы», кæнæ Тæрхоны. [4]  

Ирон æгъдауы мидæг уыдис, æмæ ис бирæ «æмбæлы» æмæ «не’мбæлы»-тæ. Фæлæ æгъдауæн йæ фидар бындур уыдис амад хистæртæн кад æмæ аргъ кæныныл, лæджы кад æмæ намыс хъахъхъæныныл, сылгоймагæн цыт кæныныл. 

Хистæрæн кад кæныны æгъдау дыууæрдæм фæндаг у. Фендджын æмæ зондджын хистæр кæддæридддæр йæхæдæг дæр аргъ кодта кæстæртæн, йæхи сæ цæсты ницæмæй æфтыдта, кæстæры раз æнæуаг ми кæнæ «Ныхас» кæнын йæ сæрмæ нæ хаста. Абоны боны уый цы хистæр не’мбары, уый йæ кад уайтагъ фесафы.  

Ирон царды алы уавæрæн дæр ис йæхи æгъдау. Иу ран гæнæн цæмæн ис, уый æндæр ран арæх нымад цæуы худинагыл. Алы æгъдауæн дæр ис йæхи бынат æмæ йæхи рæстæг. Хистæрты æмæ сылгоймæгты раз нæ уыдис хъæрæй дзурæн, загъд кæнын, æвзæр дзыхæй дзурын. Фынджы уæлхъус бадгæйæ дæр афтæ. Уымæй уæлдай ма хиуылхæцгæйæ адæм сæхи дарттой кувæндæттæм хæстæг, уæлмæрдты. Цæвиттон, ирон адæмы æгъдаумæ гæсгæ, царды уыдис бирæ хъуыддæгтæ, кæцытæ кæнын не’мбæлдис, кæцыты нымадтой худинаг æмæ æгадыл. Æмæ кæд алы адæймагæн дæр йæ бар йæхи уыдис, уæддæр æй йе'гъдау æмæ йæ æхсæнадон хæс хызтой æвзар ми кæнынæй. Стæм хатт-иу искуы ахæм куы разындис, æгъдау кæмæ нæй, йæхи, йæ мыгкаджы, йæ хъæубæстæйы худинаг чи кæны, уæд-иу ыл адæм сæхи адигъ кодтой, æнæуынон-иу сси, сæрмæ-иу æй ничиуал хаста. Раздæры заманты уый мæлæтæй æвзæрдæр тæрхон уыдис.

Искуы-иу лæгмард æрцыдис,  Хъуамæ æфхæрд чи арцыдис (кæнæ кæд йæхæдæг нал ис, уæд йе’фсымæртæ, æрвадæлтæ), уый йæ туг райстаид æфхæрæгæй, кæнæ йæ мыггаджы нæлгоймæгтæй.

Раздæры заманты уынаффæйы бар хаудис æрмæстдæр нæлгоймæгтæм. Бинонты ۥхсæн нæлгоймаг уыдис хæдзары хицау, æмæ йын сылгоймаг йæ «Ныхас» кæддæриддæр æххæст кодта, фæстæмæ йæм нæ дзыртта. Уæлдайдæр та адæмы астæу. Уымæн æмæ , уымæй уый фегад кодтаид йæхи дæр, йæ сæры хицауы (йæ лæджы), æмæ бинонты дæр. Зондджын сылгоймаг кæмдæриддæр йæ лæджы кад бæрзонддæр кæныныл архайы, уæд уыимæ йæхæдæг дæр кадджындæр кæны. Сылгоймаг «Ныхас»мæ нæ цыдис æмæ лæгтимæ уынаффæ нæ кодта. Нæ йын æмбæлдис цæуын кувæндæттæй бирæтæм.

Фæлæ уыимæ, ирон æхсæнады сылгоймагæн уыдис стыр кад æмæ намыс. Тынг бæрзонд уыдис æвæрд хæдзары æфсины быныат бинонты ۥхсæн. Бæхджыны размæ-иу сылгоймаг куы фæцис, уæд-иу æнæмæнг хъуамæ йæ бæхæй æрхызтаид æмæ салам раттаид. Уæдæ сылгоймæгтæ лæгты раз фæцæйцæуой – уыдон-иу сын сыстадысты. Ирон адæммæ бирæ ис, сылгоймагæн кад кæнынимæ баст чи у, ахæм æгъдæуттæ. Зæгъæм, дыуæ нæлгоймаджы хыл кæнынц, æмæ сылгоймæгтæй исчи сеۥхсæн йæ кæлмæрзæн æрæппæрста, уæд-иу æнæ къуылымпыйæ сæ хыл ныуагътой, æмæ сæ кæрдтæ кæрддзæмты сæвæрттой. [4]  


Сæргонд II. Цымыдис æмæ вазыгджын æгъдæуттæ

Цымыдисаг æмæ вазыгджын у уайсадыны æгъдау. Чындз йæ цæрыны хæдзармæ куы бацæуы, уæд бинонты хистæртæм уайсадгæ фæкæны, ома сæ разы дзургæ нæ фæкæны. Уыцы æгъдау чындзæн ахъаз кодта йæхи куыд æмбæлы афтæ дарынæн: уæзданæй æмæ баронæй. Уыимæ, бинонтæ сæхæдæг дæр уайсадæг чындзы æфсармæй йæ разы нæ кодтой уæлдай ми кæнæ цы неۥмбæлы, ахæм «Ныхас». Ацы æгъдау ирон адæммæ ныртæккæ дæр ис. Фæлæ ныры хистæртæ чындзы дæргъвæтин рæстæг уайсадын нæ бауадзынц. Кусарт акæнынц, сæ сыхбæстæ æрхонынц, æмæ чындзмæ нуазæн авæргæйæ йæ сæхимæ сдзурын кæнынц.  

Цымыдисаг у ахæм хабар. Раджы заманы, хистæримæ «Ныхас» кæнгæйæ, æрыгон лæг бафиппайтта йæ чысыл фырт, зæххыл быргæйæ мæнæ-мæнæ уæлхæдзарæй дæлæмæ ахаудзæн. Уæд, «Ныхас» дарддæр кæнгæйæ, лæг аивæй сывæллоны хæдоныл йæ къахæй ныллæуыдис, æмæ йыл хæцыдис афтæ цалынмæ хистæр ацыдис уæдмæ. Йæ хъæбулы аирвæзын кæныны охыл дæр ирон лæг нæ ахызтис æгъдауы сæрты, нæ йæ систа йæ къухмæ, хистæры æфсæрмæй. 

Нæлгоймаджы хæстæ уыдысты баст уæззау куыстимæ, хæдзармæ фæллой хæссынимæ, бинонтæ æмæ æхсæнад хъахъхъæнынимæ.

Ирон лæг хъуамæ мæлæтæй макуы тарстаид – уый уыдис худинаг. Æппæты стырдæр æвзæрдзинадыл куыд нæлгоймæгтæ, афтæ сылгоймæгтæ дæр, нымадтой æгаддзинад. Тохы тæппудæй йæхи чи равдыстаид, уый худинаг кодта йæ мыггаджы дæр æмæ йæ хъæубæстæйы дæр. Фæлæ хъæбатыртыл та кодтой æмæ нырдæр кæнынц зарджытæ. Уымæй стырдæр хорзæх ирон адæммæ нæ уыдис.  

Хатгай фынджы уæлхъус хæдзары уазджытæ арфæ кодтой æфсинæн. Фæлæ хæдзары хицау йæхæдæг уырдæм ницы бар дартта. Стæй кæд хæдзары уыдис хистæртæ – дада æмæ нана, уæд уазджытæ фыццаджыдæр арфæ кодтой уыдонæн. Нæ фыдæлты «Ныхас» «Мæ фыдгулы кæртæй ма хъæр «Ныхас» райхъуыса» дзæгъæлы нæ уыдис. Загъд æмæ хъæр «Ныхас» нымадтой худинагыл, уæлдайдæр та ус æмæ лæджы ۥхсæн. Йæхи лæгыл чи нымадта, уый сылгоймагмæ йæ къух нæ иста, суанг йæхи бинойнагмæ дæр. Уыимæ, нæлгоймаг кæддæриддæр уыдис хæдзары хицау, æмæ йын йæ «Ныхас»ыл дыууæ ничи æфтыдта. Хистæр-иу хæдзармæ куы бахызтаид, уæд бинотæ иуылдæр хъуамæ сыстадаиккой. Кæстæртæ æмæ сылгоймæгтæ йæ разы бадгæ нæ кодтой. Хæдзары хицау йæ къухы дардта уынаффæйы, бинонты мулчы æмæ иннæ ахсджиг хъуыддæгты фарстатæ.

 Рагæйдæр дардыл хъуыстгонд у ирон адæмы уазæджы сбуц кæныны æгъдау. Хъæумæ-иу уазæг куы æрцыдис, уæд алычидæр кадыл нымадта уыцы уазæгæн фысым нылæуын. Фылдæр хатт уазæгæн кодтой кусарт, йæ разы йын æвæрттой хæдзары хуыздæр хæринагæн цы ис, уыдон. Бинонтæй алчидæр архайдта уазæгæн лæггад бакæныныл. «Уазæг – Хуыцауы уазæг у» - дзырдтой нæ фыдæлтæ . «Де'знаг дæ хæдзармæ куы 'рбахиза, уæд знаг нал у – уазæг у, æмæ йын уазæджы лæггад бакæнын хъæуы». «Дæ уазæджы дын исчи бафхæрдта, уæд æй дæхицæн æфхæрдыл банымай».  


2.1. Мæ бинонты агъдæуттæ

Æз цæрын Иры хъæуы. Махмæ ис бирæ рæсугъд æгъдæуттæ. Нæ хистæртæ архайынц ууыл æмæ кæстæртæ рохуаты ма уадзой, нæ бæрæгбæттæ æмæ не’гъдæуттæ. Иры хъæуы кæнынц иумæйаг куывдтæ: « Хоры куывд, Хуыцауы Дзуары куывд æмæ Джеуæргуыбайы кувд.

Æрæджы нæ хæдзæры уыдис «Хоры куывд». Уый у уалдзыгон куыстыты райдианы бæрæгбон. Вæййы Тæргæйтты мæйы. Къуыри раздæр нæм æрбацыдысты хистæртæ уынаффæмæ. Уым дзырдтой: чи уыдзæн ног фысым, цас æрывæрой мыссайнаг, куыд хуыздæр æмæ рæсугъдæр ацæуа «Хоры куывд». Фæкувынц кæфæй вæййы дзы ног халсартæ æмæ кæсаг. Хистæртæ куы фæкувынц уæд фæстагмæ лæппуты ’рдæм разилы æмæ фæзæгъы:

- Цы курут, лæппутæ?

- Хор, хор, хор!

Афтæмæй æртæ хатты.

Фидæн азы куывд кæмæ уыдзæн, уымæн ацаходын кæнынц кувинагæй æмæ йын йæ сæрыл цы бæгæныйæ факувынц уымæй йын  рауадзынц.

Цы ис уымæй рæсугъдæр æгъдау. Мæн фæнды цæмæй мæ фыдæлты æгъдау æмæ фарн дарддæр бæрзондæй – бæрзонддæр хæссон.


Каронбæттæн

Бирæ рæсугъд æгъдæуттæ уыдис æмæ ис ирон адæммæ. Се ппæт ранымайын  нæ бон нæ бауыдзæнис. Æгæр бирæ æмæ алывæрсыг сты.  

Ирон æгъдæуттæ комкоммæ арæзт сты адæмы зæрдæтæм, уыдоны ис æгæрон тых. Æмæ нæ кæд афтæ фæнды, æмæ адæмы рæгъы цæуæм, нæ фарн ноджы бæрзонддæр сисæм, уæд хъуамæ æдзух нæ зæрдыл дарæм уыцы æгæрон тых, æмæ нæ уый  сисдзæн ног, уæлдæр къæпхæнмæ.

Бирæвæрсыг æмæ хъæздыг сты ирон æгъдæуттæ. Рæстæг сæ йæ нусы уадзы, ивы сæ, фæлæ сæ апп æнустæй æнустæм цæуы. Ирон æгъдæуттæ адæймаджы кæнынц ноджы рæсугъддæр, æгъдауджындæр, сæрыстырдæр.

Литературæйы номхыгъд

  1. Агънаты Гæстæн «Ирон æгъдæуттæ». Дзауджыхъæу Урсдон. 1999 аз. 176 ф.
  2. Плиты Гриш «Ирон æгъдау». Дзæуджыхъæу 1994 аз.
  3. Айларты Измаил «Ирон фарн» Дзæуджыхъæу. 1998 аз. 230 ф.
  4. Цыбырты Людвиг «Осетинский аул и его традиции» (Уазæджы æгъдау).    Дзæуджыхъæу. 1995 аз. 198 ф.
  5. Журнал «Мах дуг». Дзæуджыхъæу, 1946 аз. №16, 4.6 ф.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Презентация программы кружка"Традиции и обычаи народов России"

В рамках внедрения ФГОС II поколения мною разработана и реализуется на базе нашей школы программа внеурочной деятельности кружка "Традиции и обычаи народов России". Презентация отражает деятельность э...

Зимние приметы и обычаи

Что такое зима для русского человека? Конечно же, время, когда принято подводить итоги и загадывать неожиданные и сокровенные желания в самую волшебную ночь. Мы с нетерпением ждем, когда в воздухе зак...

Проект: « Русские народные обычаи и праздники»

Рассказываю детям, что не только вера в воздействие добрых и злых сил природы лежала в основе многих обрядов и празднеств. Они были и, дай Бог, останутся для людей доброй отдушиной в будничной жизни, ...

Роль традиций и обычаев в воспитании детей коренной национальности

Школьное детство – это самое благоприятное время для формирования навыков культуры поведения, так как жизненный опыт и багаж нравственных представлений увоспитанников ещё небольшой. На сегодняшний ден...

Программа внеурочной деятельности. Кружок "Народоведение (обычаи моего народа)"

Программа разработана в рамках введения ФГОС НОО. Она поможет продуктивно заполнить часы внеурочной деятельности, так как даёт возможность работать в различных направлениях. Это и патриотическое воспи...

Классный час "ОБЫЧАИ И ТРАДИЦИИ НОВОГО ГОДА"

ОБЫЧАИ И ТРАДИЦИИ НОВОГО ГОДАЦели урока:познакомить учащихся с традициями и обычаями празднования Нового года в России и других странах мира. Мотивация учащихсяЗвучит песня Е. Крылатова "Три белы...