«Цæрдзæн Ирыстоны зынаргъ лæг…» Хетаегкаты Къоста.
план-конспект урока (2, 3 класс) на тему

Моргоева Марина Тотразовна

1.     Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын.

2.     Бамбарын кæнын, Къостайы ном канд рох нæ уыдзæн, фæлæ кадджынæй кадджындæр кæндзæн афæдзæй афæдзмæ ирон адæмы ‘хсæн.

3.     Скъоладзаутæн  уарзын кæнын Къостайы чингуытæ кæсын, йæ фæдзæхстытæ йын æххæст кæнын.

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon tsaerdzaen_irystony_zynarg_laeg._2.doc39 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ: «Цæрдзæн Ирыстоны зынаргъ лæг…»

Урочы нысантæ:

  1. Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын.
  2. Бамбарын кæнын, Къостайы ном канд рох нæ уыдзæн, фæлæ кадджынæй кадджындæр кæндзæн афæдзæй афæдзмæ ирон адæмы ‘хсæн.
  3. Скъоладзаутæн  уарзын кæнын Къостайы чингуытæ кæсын, йæ фæдзæхстытæ йын æххæст кæнын.

Кусæн æрмæг:

  1. Компьютерон презентаци урокмæ.
  2. Видеосюжеттæ, телемост.
  3. Къостайы æмдзæвгæтæ, зарджытæ, нывтæ.

Эпиграф:

Къоста-йæ кад æмæ йæ зарæг, –

Нæ цинтæй никуы уыдзæн цух!

Цæрдзæн Ирыстоны зынаргъ лæг

Зæххыл йæ зарæгау æдзух.

-Уæ  бон хорз, сывæллæттæ. Абон нæ урок уыдзæн тынг цымыдисаг.

Дзуапп раттут мæ фарстæн æмæ йæ базондзыстут,  нæ урочы кæй тыххæй дзурдзыстæм, уый.

Ахуырг.

Зарджытæ сабитæн

Чи фыста? Чи уыд?

Чи радта ирæттæн

Диссаджы чиныг?

Сывæлл.

Чи уыд? Куыд чи уыд?

Уарзон Къоста!

Саурихи, сауæрфыг,

Сауцæст Къоста!

Сывæлл.  (Мах дзурдзыстæм Къостайыл).

Ахуырг.

-Ацы аз Къостайы аз схуыдтой.

Цымæ цæмæн?

Сывæлл. Ацы аз у юбилейон, Къостайыл сæххæст уыдзæн       азы.

Ахуырг. Къоста афтæ уарзон у Иры адæмæн, æмæ йæ хонынц æрмæст йæ номæй. Къоста ном чи хæссы, ахæмтæ бирæ уыд æмæ ныр дæр ис. Фæлæ уыцы ном куы сдзурæм, уæд нæ цæстытыл ауайы мæнæ ацы Къоста (экраныл – Къостайы ныв, музыкæ).

– Ирыстоны зынаргъ лæг Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста.

Кæд йæхæдæг нал ис, уæддæр йæ ном цæрдзæн æнустæм. Уый махæн ныууагъта «Ирон фæндыр» (экраныл æвдыст цæуы) – хæзнадон, кæцы нæ ахуыр кæны  царды раст фæндагыл цæуын.

1859 азы иу хæххон хъæуы райгуырд Хетæгкаты хæдзары лæппу.

(экраныл Нары хъæу).

Уыцы рæстæг æнхъæл чи уыд, æмæ Ирыстоны зæххыл фæзынд ирон адæмы фæндагамонæг стъалы…

(экраныл æвдыст цæуы эпиграф).

Нæ урок фæлдахдзыстæм сыфгай.

Цæй, уæдæ уал рафæлдахæм 1-аг сыф.

Ахуырг.

Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм, цы зонæм Къостайы тыххæй , уый.

(Сывæллæттæ компьют. æххæст кæнынц тестытæ).

Тест.

  1. Къоста райгуырди:

15 сент.

15 окт.

15 нояб.

  1. Къостайы райгуырæн хъæу у:

Нар

Лабæ

Къостайы хъæу

  1. Къостайы æмдзæвгæты æмбырдгонд хуыйны:

Къостайы фæндыр

Ирон фæндыр

Хъисын фæндыр

  1. Къостайы ингæн ис:

Нары

Лабæйы

Ирон аргъуаны кæрты.

Хатдзæгтæ.

Ахуырг.

Рафæлдахæм 2-аг сыф.

– Æрæджы мæ иу скъоладзау бафарста ,Къоста, дам, дзуар уыд æви зæххон адæймаг.

– Цымæ цæмæн афтæ  ахъуыды кодта?

(Сывæлл. дзурынц сæ хъуыдытæ).

Ахуырг. Къоста зæххон адæймаг уыд, фæлæ йыл адæм афтæ баууæндыдысты, сæ царды тыххæй сын ахæм æцæгдзинæдтæ фыста, æмæ сæм дзуары хуызæн кæсын райдыдта.

Ахуырг.  Афæлдахæм та нæ урочы иннæ сыф.

– Æрæзжы уыдыстæм музейы.Цы дзы бахъуыды кодтат?

Сывæлл. (дзурынц сæ хъуыдытæ…)

Ахуырг. Къоста Стъараполы гимназы куыд ахуыр кодта, уый тыххæй нын радзурдзæн музейы кусæг Æлборты Томæ.

(экранæй дзуры музейы кусæг).

Цы ма базыдтат ногæй Къостайы тыххæй?

Сывæлл. дзуаппытæ.

Музейы кусæг:

– Сымахмæ дæр ис курдиатджын сывæллæттæ?

Музейы номæй хуыздæр артистæн   ратдзыстæм лæвар.

Сывæлл. Дзурынц æмдзæвгæтæ, басня.

(музейы кусæг иу ахуырдзауæн дæтты йæ лæвар).

Ахуырг. Афæлд. та нæ  урочы иннæ сыф.

(экранæй скъолайы дир. Мзокты А.Х. сиды сывæлл., цæмæй хорз ахуыр кæной æмæ кæсой Къостайы чингуытæ).

Директ-. Нæ горæты цавæр бынæттæ баст сты Къостайы номимæ?

Ахуырдзауты дзуаппытæ.

( Музей, проспект…)

Экраныл фæзындысты фыстытæ:

Музей

Парк

Проспект

Цыртдзæвæн

13-æм скъола

Къостайы номыл культ.хæдзар…

Ахуырг.

– Цæмæн сты афтæ бирæ?

Сывæлл. дзуаппытæ. (адæм уарзынц Къостайы, кад ын кæнынц, нæ йæ рох кæнынц…)

Хатдзæг.

Къостайы ном рох никуы уыдзæн.

-Афæлдахæм та нæ урочы иннæ (фарс) сыф.

Хæдзармæ – иртасæн куыст.

Ахуырг.

-Уæ бинонты бафæрсут, кæд базыдтой Къостайы, сæ зæрдæмæ цавæр æмдзæвгæтæ цæуынц тынгдæр. Æрбахонут уæ нанаты æмæ дадаты нæ иннæ урокмæ.

Ахуыр.- Азæй- азмæ Къостайы ном кадджындæр кæны, фылдæрæй фылдæр æй уарзынц адæм. Цалынмæ ирон адæймаг а зæххыл цæра, уæдмæ цæрдзæн Къостайы ном, йæ «Ирон фæндыр».

Къостайы æмдзæвгæтæ абон ссисты зарджытæ. Адæм сæ уарзынц, зарынц сæ, хъусынц сæм.

Абон дзы иумæ байхъусдзыстæм (хистæр къл. ахуырдзаутæ зарынц «Хъуыбады»).

 – Афæлдæхтам нæ урочы фæстаг сыф.

(экраныл Къостайы ныв æмæ урочы эпиграф).

Ахуырг.

-Уарзут Къостайы, кæсут ын йæ чингуытæ, ахуыр ын кæнут йе ‘мдзæвгæтæ, æххæст кæнут йæ фæдзæхстытæ æмæ уæд никуы фæрæдидзыстут царды.

Нæ уарзон Ирыстон та зондджын, æнгом адæмы фарнæй кæндзæн рæсугъддæр, кадджындæр, хъæздыгдæр.

Ахуыргæнæг сывæллæттæн уары лæвæрттæ – Къостайы юбилейон значоктæ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темæ: «Мæ Ирыстон» Урок осетинского языка в русской группе о родном крае, об Осетии.

Урочы нысан: 1.    Скъоладзаутимæ равзарын цы у Фыдыбæстæ, цæмæй рæсугъд у Ирыстон,  цæмæн æй уарзæм?2.    Уарзондзинад хъомыл кæнын Райгуырæн бæстæм.3....

Темæ: «Мæ Ирыстон»

О родном крае, об Осетии....

Темæ: Байрайай, бæркадджын, бурзачъе фæззæг. Хетæгкаты Къоста «Фæззæг».

Нысан:1)æрдзурын Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл.2)рæзын канын цымыдисдзинад фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадмæ, хибарæй семæ зонгæ кæнынмæ.3)бакусын ныхасы рæзтыл.Нысан:1)æрдзурын Къостайы цард æмæ сфæлды...

Къоста сывæллæттæн.

Презентация...

Открытый урок: Равдыст "Ирыстоны æрттивгæ стъалы"

Открытый урок: Равдыст "Ирыстоны æрттивгæ стъалы"...

Ирыстоны ᴂрдзы нывтᴂ.

Ирыстоны ардзы нывта....

Сырх чиныгмꜳ хаст сырдтꜳ Ирыстоны хъꜳдты.

Сырх чиныгмꜳ хаст сырдтꜳ Ирыстоны хъꜳдты....