Темæ: Байрайай, бæркадджын, бурзачъе фæззæг. Хетæгкаты Къоста «Фæззæг».
план-конспект урока (3 класс) на тему

Караева,Лидия,Романовна

Нысан:1)æрдзурын Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл.

2)рæзын канын цымыдисдзинад фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадмæ, хибарæй семæ зонгæ кæнынмæ.

3)бакусын ныхасы рæзтыл.

Нысан:1)æрдзурын Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл.

2)рæзын канын цымыдисдзинад фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадмæ, хибарæй семæ зонгæ кæнынмæ.

3)бакусын ныхасы рæзтыл.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл temae.docx16.87 КБ

Предварительный просмотр:

Темæ:Байрайай ,бæркадджын, бурзачъе фæззæг.

Хетæгкаты Къоста"Фæззæг".

Нысан:1)æрдзурын Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл.

2)рæзын канын цымыдисдзинад фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадмæ, хибарæй семæ зонгæ кæнынмæ.

3)бакусын ныхасы рæзтыл.

Урочы æрмæг: поэты портрет, слайдтæ,мультик"Кæмæн-цы?", видео "Нар",зарæг"Къоста".

Урочы цыд.

Бацæттæгæнæн рæстæг.

Ахуыргæнæг. Кæрæдзимæ бахудæм, хъазгæ- худгæйæ цы зонæм, уый равдисæм æмæ ма сæм ног зонындзинæдтæ дæр бафтауæм.

Æвдыст цæуы слайдтæ, уыдонмæ гæсгæ сывæллæттæ дзурынц æмдзæвгæтæ:"Гино", "Уасæг", "А-ло- лай", "Скъолайы лæппу", "Дзывылдар", "Лæгау", Фыдуаг".

-Чи ныффыста ацы æмдзæвгæтæ?

-Уæдæ абоны темæ куыд уыдзан?

-Къостайы сфæлдыстадæй ма цавæр æмдзæвгæтæ ахуыр кодам раззаг кълæсты?("Зæрватыкк", "Сæрд")

-Ныр уын бакæсдзынæн æмдзæвгæтæй ист рæнхъытæ, сымах та сæ базонут , кæцæй ист сты? Сæ сæргонд сын базонут.

 Видео "Нар"-ы хъæуы тыххæй бакæсæм.

Цалдæр скъоладзауы дзурынц Къостайы царды хабæрттæ.

-Ныр та сывæллæттæ бакæсæм мультфильм " Кæмæн- цы?"-мæ. Уый дæр арæзт у Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæйы бындурыл.

Физминуткæ.

Азарæм æмæ акафæм. Хъуысы музыкæ.(Зарæг "Къоста").

Ног æрмæг.

-Сывæллæттæ, дарддæр зонгæ кæнæм Къостайы сфæлдыстадимæ.

-Байгом кæнут уæ чингуытæ 28 фарсыл, æмдзæвгæ "Фæззæг".

Дзырдуатон куыст:

æхсæлы- къутæр

лæджирттæг-кæрдæджы мыггаг

мус- хортæ фæззæджы кæм най кодтой, ахæм фæзгонд(гумно)

бæркад- изобилие

Ахуыргæнæг кæсы æмдзæвгæ. Скъоладзаутæ та кæсынц сæхинымæр.

 Скъоладзаутæн равдисын 2 чиныджы-"Ныстуан" æмæ "Хæрзæггурæггаг",

цалдæр æвзагыл фыст кæй æрцыдысты, ууыл æрдзурын.

Уырыссаг æвзагыл  бакæсын æмдзæвгæ"Осень".

-Цавæр ивддзинæдтæ æрцыд æрдзы фæззыгон?

-Цæмæн вæййы фылдæр куыст фæззыгон?

-Цæмæй райы поэты зæрдæ?

-Цы у бæркад?

-Цæмæй нæ фæззæг бæркадджын уа, уый тыххæй нæ цы хъæуы кæнын?

-Сымахмæ та æмдзæвгæ цавæр æнкъарæнтæ сæвзæрын кодта?

-Цавæр æмбисæндтæ æрхæссæн ис ацы æмдзæвгæмæ?

(Фæззæг æппæтæй æххæст у. Фæззæг царды къæбиц у.)

      -Чиныджы цы æмбисæндтæ ис, уыдон дæр бакæсæм æмæ равзарæм.

     -Фæззæгæй зæрдæ буц у.

     -Уалдзæг цы байтауай, уый фæззæг æркæрддзынæ.

      -Бони куст- анзи бæркад.

-Æмдзæвгæйы мидис дзы хуыздæр кæцы æвдисы?

     -Сымах та куыд феххуыс кæнут уæ хистæртæн. Цавæр фæззыгон куыстытæ фæкæнут?

      Къордтæй куыст.

      Ныв сæмбырд кæн.

     Алы командайæн дæр лæвæрд цæуынц нывы хæйттæ(Къостайы æмдзæвгæтæм иллюстрацитæ,зæгъæм, 8 хайы). Ныв хъæуы сæмбырд кæнын, ранымацын йæ хæйттæ.

Урочы хатдзæгтæ( Рефлексия).

    -Цæуыл дзырдтам абон урочы?

    -Ногæй цы базыдтат?

    -Цы уæм фæкаст цымыдисаг урочы?

    -Кæй куыст фæцыд уæ зæрдæмæ?

     Байуарын тымбылæгтæ. Сныв кæнут цæстытæ, фынз, мидбылхудт. Кæд урочы куыд архайдтат, уый уæ зæрдæмæ фæцыд, уæд хъæлдзæг мидбылхудт, кæд нæ фæцыд, уæд та æнкъард.

       Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

       Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ "Фæззæг" зæрдæвæрдæй сахуыр кæнын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

«Цæрдзæн Ирыстоны зынаргъ лæг…» Хетаегкаты Къоста.

1.     Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын.2.     Бамбарын кæнын, Къостайы ном канд рох нæ уыдзæн, фæлæ кадджынæй кадджындæр кæн...

Къоста сывæллæттæн.

Презентация...