«Хетæгкаты Къоста – курдиатджын поэт æмæ нывгæнæг»
классный час (2 класс)
Предварительный просмотр:
ПАДДЗАХАДОН БЮДЖЕТОН ÆППÆТ АХУЫРАДОН
УАГДОН СКЪОЛА-ИНТЕРНАТ «АЛАЙНАГ ГИМНАЗ»
С. ДЗÆУДЖЫХЪÆУ
ÆРГОМ НЫХАС
«Хетæгкаты Къоста – курдиатджын поэт æмæ нывгæнæг»
2 «Ӕ» КЪЛАСЫ
ХЪОМЫЛГÆНÆГ:
Гуыриаты Аринæ
НЫСАНТÆ:
-зонгæ кæнын ахуырдзауты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадимæ,
рæзын сæм кæнын цымыдис фыссæгмæ куыд адæймагмæ, йæ удыхъæды бæрзонд миниуджытæм, йе сфæлдыстадмæ;
- ахуыр кæнын лæмбынæг хъусыныл, фæрстытæн æххæст дзуаппытæ дæттыныл; рæзын кæнын сабиты хъуыдыкæнынад æмæ мысæнуат.
АРХАЙÆН ФÆРÆЗТÆ: компьютер, проектор, экран, къамтæ æмæ нывтæ, чингуыты равдыст, скъоладзауты конд нывтœ, ирон фœндыр.
Эпиграф:
Фæззæг! Сыгъзæрин фæззæг! Бæркадджын фæззæг! Стыр лæвар скодтай, стыр бæркад æрхастай Нары хъæуæн, Нары зæххæн! Хетæгкаты Къоста!.. Ноджы цыбырдæрæй, зæрдæмæхæстæгдæрæй та – Къоста!..
Мероприятийыцыд:
- Æмдзæвгæтæ кæсынц:
Бедойты Давид: Къоста – нæ кад æмæ нæ зарæг,
Нæ цинтæй никæд уыдзæн цух!
Цæрдзæн Ирыстонызынаргъ лæг,
Зæххыл йæ зарæгау æдзух!
Гæзаты Арсен: Къоста – Ирыстоны зынаргъ лæг,
Нæ куыст, нæ хъуыддæгты цæрæг.
Зæгъынц, куы, дам, фыста йæ зарæг,.
Уæд кодта зарæгау хæлæг.
Ахуыргæнæджы разныхас:
— Сывœллœттœ, куыд зонут, афтœмœй, 15-æм октябры æнæхъæн Ирыстон бæрæг кæны Къостайы райгуырд, алчи дæр ары поэтæн йæ ном. Куыд æй бамбæрстат афтæмæй абон мах нæ къласы сахаты æрдзурдзыстæм нæ Иры уарзондæр поэтыл - Хетæгкаты Къостайыл. Цымæ цавæр уыд сабийæ? æмæ чи уыдысты йæ ныййарджытæ? ( кæсæм презентацимæ).
Хетæгкаты Къоста райгуырдис Нары хъæуы, хæдкъул скъæты, хъæмпын лыстæныл. Ам арвыста йæ сывæллоны бонтæ, ам фыццаг хатт фехъуыста ирон адæмон зарджытæ æмæ таурæгътæ, федта мæгуыр хæххон адæмы цард. Йæ фыд, Хетæгкаты Леуан, уыд Уæрæсейы империйы æфсæддон. Нымадуыдисрæст зæрдæ æмæ зондджын адæймагыл. Леуанæн стыр аргъ кодта Къоста дæр: "Мæ фыды канд уарзгæ нæ кодтон, фæлæ йæ нымадтон зæды хуызæн адæймагыл... Æртæ мæйы йыл куы рацыди, уæд Къостайæн йæ мад Гуыбаты Мария амардис. Къоста баззадис сидзæрæй. Фыццаг заман уыдис мæгуыр рæстæг æмæ йæ ныфс ничи хаста сывæллоны хæссынмæ. Фæлæ уыцы хæс йæхимæ райста Дзапарты Чендзе, уый хъомыл кæнын райдыдта Къостайы.
Ахуыр кæнынмæ Къоста бацыд фыццаг Нары скъоламæ, стæй Дзæуджыхъæумæ куы ацыд, уæд байдыдта ахуыр кæнын прогимназы. Къоста æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Фыста ирон æвзагыл дæр æмæ уырыссаг æвзагыл дæр. Уый фæстæ иуæндæс аздзыдæй Къоста 10 азы ахуыр кодта Стъараполы гимназы. Стъараполы гимназийы ахуыркæнгæйæ Къоста уæлдай æргом здæхта нывкæнынадмæ. Нывкæнынадыл æй ахуыркодта Василий Смирнов. Смирнов Къостайы бирæ уарзта. Уый йæ сразæнгард кодта Бетъырбухмæ ацæуынмæ. 1881-æм азы Къоста бацыд Бетъырбухы Аивадон Академимæ.
Академийы Къоста ахуыркодта зæрдиагæй. Фæлæ дыууæ азы куы рацахуыр кодта академийы, уæд ын стипенди нал фыстой, йæ материалон уавæр уыди тынг уæззау. Уымæ гæсгæ академии фæуын йæ бон нал бацис æмæ сыздæхт Кавказмæ.
Уæлдай фылдæр уарзта йæ райгуырæн хъæу, йæ мæгуыр адæмы. Уыдоны сæрыл кæддæриддæр цæттæ уыди йæ уд раттынмæ.
Къоста цардис зын рæстæджы, уыцы уавæрты йæ цард æппæтæй дæр сбаста адæмы хъысмæтимæ, æмæ йæ уыдон дæр уымæн афтæ тынг уарзтой, уымæн ын кодтой ахæм стыр аргъ.
Кæд фæзынд Къостайы чиныг "Ирон фæндыр"…
1898 азы 3 сентябры Къоста ныффыста, йæ зæрдæйы кæй сфæлдыста, уыцы ирон уацмысты æмбырдгонд «Ирон фæндыр». Йæ бынмæ фыст уыд: зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ, æмбисæндтæ. Йæ гыццыл чиныг «Ирон фæндыры» руаджы адæмæй бирæтæ базыдтой кæсын æмæ фыссын. Къостайы фыст æмдзæвгæтæ ис адих кæнын ахæм къордтыл: 1) æмдз. Сыв. тыххæй («гино», «лæгау», «фыдуаг», «уасæг», «скъолайы лæппу», «зæрватыкк», «дзывылдар»); 2) æрдзы тыххæй ( «зымæг», «сæрд», «уалдзæг», «фæззæг») ; 3) адæмы уæззау цард æвдисæг («алолай», «сидзæргæс», «мæгуыры зардæ»); 4) баснятæ ( «бирæгъ æмæ хърихъупп», «халон æмæ рувас»).
Хетæгкаты Къоста уæндонæй кæй хæцыд йæ уарзон адæмы сæрыл, уый нæ цыд паддзахы хицауады зæрдæмæ æмæ-иу æй алы мæнг æфсæнттæй, уайтагъд йæ уарзон Ирыстонæй фæтардтой. Къоста бирæ зынтæ, бирæ бæллæхтæ бавзæрста йæ цардвæндæгтыл, бирæ фæрахау-бахау кодта.
1891-æм азы июны Къоста йæ æмдзæвгæты тыххæй фыццаг хатт æрвыст æрцыд Ирыстонæй. Ацыд Лабæмæ,йæ фыды хæдзармæ, æмæ дзы фæцис дыууæ азы. 1893-æм азы Къоста ацыд Стъараполмæ æмæ дзы газет «Цæгат Кавказы» кусын байдыдта. Стъараполы уæвгæйæ Къоста туберкулезæй фæрынчын ис. 1898-æм азы рыздæхт Ирыстонмæ. 1899-æм азы та йæ йæ бынатæй арвыстой. Ацы хатт Херсонмæ.
Хетœгкаты Къостамœ фыссœджы курдитœй уœлдай ма уыд дыккаг стыр курдиат-нывтœ кœнын. Уыд диссаджы нывгæнæг. Къостайы нывтæм кæскæйæ адæймаг æххæстæй банкъары, адæмы мæгуыр цард. Йæ хуыздæр уацмыстæй иу у «Дурсæтджытæ». Йæхæдæг дæр æппæтæй фылдæр уарзта ацы ныв, «Дондзау хæххон сылгоймаг», «Кæуæг зæд», «Тебердайы ком», «Зихъарайы æфцæг», «Æрдзон хид».
Рефлекси:
- Кæд æмæ кæм райгуырд Къоста?
- Куыд схуыдта Къоста йæ чиныг?
- Цавæр къордтыл дих кæнынц Къостайы æмдзæвгæтæ?
- Цавæр æмдзæвгæйæ райдыдта æмбырдгонд «Ирон фæндыр»?
- Йæ нывтæй кæцытæ бахъуыды кодтат?
Сывæллæттимæ куыст экраны – «кроссворд» Къостайы сфæлдыстадмæ гæсгæ.
Кæрон:
Къоста махæн рохникуы уыдзæн, уымæн æмæ æнустæм баззад цæргæйæ нæ зæрдæты. Йæ фæстаг сулæфты онг дæрсидтисирон адæммæ, цæмæй хæларæй цæрой. «Ме’ фсымæртæ! Кæрæдзи уарзгæйæ цæрут!» - уыдысты поэтæн йæ фæстаг ныхæстæ. Азтæ цæудзысты, æнустæ ивдзысты, фæлæ Къостайы ном кæндзæни кадджынæй-кадджындæр, намысджынæй-намысджындæр æмæ кæддæриддæр цæрдзæн нæ зæрдæты.
Афтæмæй нæ абоны къласы сахат кæронмæ æхæццæ. Бузныг уе’ ппæтæн дæр.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Мир глазами поэтов. Конспект урока по литературному чтению в 1 классе
урок посвящен теме олицетворения в стихотворениях русских поэтов и проходит в форме беседы с элементами исследовательской работы. ...

«Цæрдзæн Ирыстоны зынаргъ лæг…» Хетаегкаты Къоста.
1. Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадмæ цымыдисдзинад гуырын кæнын.2. Бамбарын кæнын, Къостайы ном канд рох нæ уыдзæн, фæлæ кадджынæй кадджындæр кæн...

Темæ: Байрайай, бæркадджын, бурзачъе фæззæг. Хетæгкаты Къоста «Фæззæг».
Нысан:1)æрдзурын Къостайы цард æмæ сфæлдыстадыл.2)рæзын канын цымыдисдзинад фыссæджы цард æмæ сфæлдыстадмæ, хибарæй семæ зонгæ кæнынмæ.3)бакусын ныхасы рæзтыл.Нысан:1)æрдзурын Къостайы цард æмæ сфæлды...

Конспект урока литературного чтения 2 класс. Тема: Какая душа у поэта? (Б. Сергуненков «Поэт и заходящее солнце»). ОС "Школа 2100"
Данный конспект урока литературного чтения смоделирован в соответствии с требованиями ФГОС НОО....

«Поэт Чувашии, не только поэт…»
Внеклассное мероприятие на тему «Поэт Чувашии, не только поэт…», посвящённое 550-летию Чебоксар. Перед слушателями был поставлен вопрос – Кем были еще поэты Чувашии?, на котор...

Презентация к внеклассному мероприятию "Поэт Чувашии, не только поэт..."
Презентация к внеклассному мероприятию "Поэт Чувашии, не только поэт..."...


