Темæ:"Урсзачъе зæронд лæг урсбæхæй æрхызт".
план-конспект урока (3 класс) на тему

Караева,Лидия,Романовна

Нысан: 1) сывæллæтты эстетикон хъомыладыл æххæст кæнын.

               2)мадæлон æвзаджы хъæздыгдзинад банкъарын æмæ Райгуырæн    бæстæйы рæсугъддзинæдтæ бауарзын кæнын.

               3)ныхасы рæзтыл куыст.

Урочы æрмæг: презентаци, зарæг"Заз бæлас",æмбисæндтæ, уыци- уыцитæ.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл zymag.docx15.77 КБ

Предварительный просмотр:

Темæ:"Урсзачъе зæронд лæг урсбæхæй æрхызт".

           Ногбон. Къарджиаты Бекызæмæ гæсгæ.

Нысан: 1) сывæллæтты эстетикон хъомыладыл æххæст кæнын.

               2)мадæлон æвзаджы хъæздыгдзинад банкъарын æмæ Райгуырæн          бæстæйы рæсугъддзинæдтæ бауарзын кæнын.

               3)ныхасы рæзтыл куыст.

Урочы æрмæг: презентаци, зарæг"Заз бæлас",æмбисæндтæ, уыци- уыцитæ.

Урочы цыд.

Бацæттæгæнæн рæстæг.(мотивацион уавæр)

- Цавæр афæдзы афонтæ сахуыр кодтам?

- Цавæр æууæлтæ сын ис?( Сæрд:тæвд, хус,хур.Фæззæг: бур кæрдæг,хъæд, бæрзонд цъæх арв, мæргътæ тæхынц хуссармæ,хор æфснайынц.)

- Цавæр хъæзтытæй хъазыдыстут? (сæрд: нæхи надтам, хурмæ нæхи сыгътам, дзедырдзуан цыдыстæм, кæсаг ахстам; фæззæг:хор æфснайдтам, балцы цыдыстæм).

 - Базон-базон, кæд вæййы, уый?

 Хур ма зæхх æртавы цъус,

 Митæй дары быдыр урс.

 Уазал дымгæ у тызмæг,

 Уый та нæм æрцыд .....(Зымæг)

 Уæдæ абон та цæуыл дзурдзыстæм?

 Дарддæр кæсын уыци- уыцитæ.

Зымæджы тыххæй бацæттæ кодтат чысыл радзырдтæ æмæ сæ бакæсут.

(Слайдтæ æвдисын).

Нæ зæрдыл æрлæууын кæнам æмдзæвгæтæ.

Дарчиты  Дауыт"Зымæгон", Кокайты Тотрадз"Зымæг хæхты",Хъайтыхъты Геор "Зымæг".

Физминуткæ. Зарæг"Заз бæлас".

- Цавæр мæй у ныр?

-  Цыппурсы мæй цæмæн хуыйны?(Зæронд къæлиндармæ гæсгæ, ацы мæй бæрæг кодтой Цыппурсы бæрæгбон)

 -Зымæджы мæйтæ ма ранымайут.

 -Цавæр æмбисæндтæ зонут зымæгыл?

-Зымæгон боныл æууæнк нæй.

 -Зымæг арт уарзы .

 -Зымæгонарв нæ нæры.

 -Зымæг куы нæ уаид, уæд уалдзæджы хъуыды дæр ничи æркæнид.

 -Чиныджы цы æмбисæндтæ ис, уыдон дæр бакæсæм æмæ равзарæм.

 Мæн фæнды базонгæуæ кæнон боныхъæд зонæнтимæ.

1.Зымæджы сугтæ судзгæ- судзын къæрццытæ куы кæной, уæд æнхъæлмæ кæс уазал рæстæгмæ.

2.Зымæг арв цъæх мигъæй æмбæрзт куы уа, уæд рæстæг хорз нæ уыдзæн.

Ног æрмæг.

      Зымæджы ирон адæм бæрæг кæнынц ахæм бæрæгбонтæ: Ногбон, Цыппурсы бон, Никколайы бæрæгбон, Фацбадæнтæ, Комахсæны хуыцаубон(галæргæвдæн), Бынатæхсæв, Донæскъæфæнтæ.

       Нæ фыдæлтæ-иу уыцы бæрæгбонтæй алкæмæдæр цæттæ кодтой æмæ æвæрдтой хицæн кувинæгтæ. Зæгъæм, хицæн царвы къус, хицæн цыхт æмæ суанг хицæн ссад дæр. Кувинæгтæ æвæрдæй дардтой сыгъдæг мигæнæнты, хæдзары сыгъдæг ран.

          Дзырдуатон куыст.

хъæмп- хус кæрдæг

топп- æхсæнгарз

        Æз кæсын текстæй фыццаг абзац, сывæллæттæ та дыккаг.

 - Ссарут чиныджы сыхбæсты тыххæй цы фыст ис, уыцы бынат.

 -Бакæсут, бинонты тыххæй дзы цы фыст ис, уыцы бынат.

 -Кæд вæййы Цыппурсы бæрæгбон?

 -Кæд æрхæццæ вæййы Ногбон?

 -Цæмæн æхсынц æхсæнгарзæй?

           Фæйнæгыл фыст тагъддзуринаг.

       - Чи йæ тагъддæр бакæсдзæн?

    Ихæн раивылди комæй

    Иххид ацарæзта донæй.

  Къордтæй куыст.

     Зымæджы тыххæй цы æмдзæвгæтæ дзырдтой, уыдоны цухгонд дзырдтæ баххæст кæнын.

    Урочы хатдзæгтæ.(Рефлексия)

- Цæуыл дзырдтам абон урочы?

 -Ногæй цы базыдтат?

 -Цы уæм фæкаст цымыдисаг урочы?

 -Кæй куыст фæцыд уæ зæрдæмæ?

 -Ныр та, сывæллæттæ, кæд урочы куыд архайдтат, уый уæ зæрдæмæ фæцыд,уæд равдисут смайлик хъæлдзæг мидбылхудтимæ, кæд нæ, уæд та æнкъард мидбылхудтимæ.

       Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

       Хæдзармæ куыст.

 Радзырд "Ногбон" аив кæсын. Бæрæгбон сныв кæнын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ПЛАН-КОНСПЕКТ УРОКА Тема: Принцип построения формы «рондо»

урок музыки  в 3 классе "Принцип построения формы «рондо»"УМК «Школа 2100».Музыка Учебник  для 3 класса  общеобразовательных  учреждений.Авторы: В.О.Усачева, Л.В.ШколярБАЛАСС Москв...

Урок музыки по теме "Музыкальная форма:рондо"

Представленный материал предназначен для использования на уроках музыки в 3 классе общеобразовательной школы в рамках изучения темы "Формы и жанры музыки"...

Музыкальный материал 2 классы презентация 244 Думай музыкой.Рондо

Знакомство с музыкальной формой Рондо в музыке А.Бородина, Д.Кабалевского...

презентация Тема урока: «Форма-рондо» 3 класс

презентаци к открытому уроку по теме "Форма Рондо"...

презентация Тема урока: «Форма-рондо» 3 класс

презентаци к открытому уроку по теме "Форма Рондо"...