Конспект урока по осетинскому языку
план-конспект урока (2 класс)

Сокурова Лаура Александровна

Бацамонын  æмхъæлæсонтæ дз, дж,  гъ, къ, пъ, тъ, хъ, цъ, чъ дыгай дамгъӕтӕй  арӕзт  кӕй  сты  , фӕлӕ  кӕй  нысан кӕнынц  иугай  мыртӕ  ӕмӕ иугай  дамгъӕтӕ,  кӕрӕдзийӕ  сын   хицӕнгӕнӕн  кӕй  нӕй,  уый

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл rodnoy_yazyk.docx174.33 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы  темæ:  «Дамгъæтæ дз, дж, гъ, къ, пъ, тъ, хъ, цъ, чъ

                                       раст дзурын æмæ     фыссын».

                           

Урочы   ахуырадон  нысантæ:

1.Бацамонын  æмхъæлæсонтæ дз, дж,  гъ, къ, пъ, тъ, хъ, цъ, чъ дыгай дамгъӕтӕй  арӕзт  кӕй  сты  , фӕлӕ  кӕй  нысан кӕнынц  иугай  мыртӕ  ӕмӕ иугай  дамгъӕтӕ,  кӕрӕдзийӕ  сын   хицӕнгӕнӕн  кӕй  нӕй,  уый;  раст  сӕ  дзурын   ӕмӕ  фыссын.

2.Ахуыр кæнын скъоладзауты: хъуыды  кæнын , хатдзæгтæ  аразын ,сæхицæн  æмæ кæрæдзийы куыстытæн аргъ  кæнын,                                                                                                                                

3.Сыгъдæг  фыссынады  æгъдæуттæ   зонын   ӕмӕ   сӕ   пайда   кæнын.

4.Мыртæн   мырон-дамгъæон   анализ кæнын

5.Дзырдуатон  куыст  бакæнын.

Хъомыладонхæс:

Разæнгард  кæнын  скъоладзауты  мадæлон  æвзаг  ахуыр  кæнын , зонын, уарзын  æмæ  йæ  хъахъхъæнын.

Зонадонхæс:

Кавказаг дамгъӕтӕ раст дзурын ӕмӕ фысссын.

           

Урок цалцæггонд  æрцыд :

  1. 2-æм къласы  ирон  æвзаджы  чиныг,

                 / автор Гуыриаты Меретхан,БдайцитыЗинæ, Дзæуджыхъæу /.

  1. Тетрæдтæ.                          
  2. Фæйнæг.
  3. Компьютер.
  4. Карточкæтæ.
  5. Къонверттӕ дамгъӕтимӕ.
  6. Интерактивон   фæйнæг.

Дзырдуат:

  • Орфограммæ - растфыссынад
  • Сыгъдæгфыссынад - чистописание
  • Къæрцхъус - бдительный

Урочы   цыд.

1.Бацæттæгæнæн    рæстæг.

Ах-г: - Уæ бон хорз, сывæллæттæ. Абон нæм нæ урочы ис уазджытæ æмæ сын «æгас цу» зæгъæм.( сывæллæттæ се ргом здахынц уазджытæм æмæ сын сæ сæртæй кувынц.)

Ах-г:- Сбадут.

Ах-г: Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм нæ урок цæмæй райдайæм, уый.

  1слайд.    Цас уарзæм ирон æвзаг,

                Уый зæгъæн дæр нæй.

                Мады рæвдыд, мады ад

                Базыдтам дæуæй.

Ах-г: - Хорз . Уӕдӕма ма нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм  рацыд  ӕрмӕг.

2.Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

- Зæгъут ма , цæмæй конд у нæ ныхас? (нæ ныхас конд у хъуыдыйадæй.)

 Уæдæ хъуыдыйад та цæмæй арæзт у? (хъуыдыйад арæзт у дзырдтæй.)

- Дзырдтæ та цæмæй арæзт сты? (дзырдтæ арæзт сты уæнгтæй.)                                                                                                                                    

- Уæнгтæ та цæмæй арæзт сты? (уæнгтæ арæзт сты дамгъæтæй.)

- Дамгъæтæ та цæмæй арæзт сты? (дамгъæтæ арæзт сты мыртæй.)

- Мыртæ æмæ дамгъæтæ цæмæй хицæн кæнынц кæрæдзийæ? ( мыртæ мах дзурæм æмæ хъусæм, дамгъæтæ та уынгæ æмæ фысгæ.)

Ах-г: Хорз. 2-ӕм къласы  райдыдтат  ахуыр кӕнын   фӕсарӕйнаг ӕвзаг  дӕр (немыцаг ӕвзаг). Уӕ ахуыргӕнӕджы   афарстон,  немыцаг ӕвзагӕй ӕппӕт  мыртӕ ӕмӕ дамгъӕтӕ рацыдыстут .Уый мын загъта ,о  мыртӕ ӕмӕ  дамгъӕтӕ кӕй зонут, уый.Сымахимӕ ахуыр кодтам ахӕм    мыртӕ ӕмӕ дамгъӕтӕ кӕцытӕ  ма сты  ирон ӕвзаджы  дӕр .Немыцаг ӕвзаджы сӕ хонут уырыссагау  буквосочетаний  тӕ.  Иронау та куыд   хонӕм уыцы   мыртӕ ӕмӕ дамгъӕтӕ  ?

Сыв-ӕ:   -Мах сӕ хонӕм кавказаг мыртӕ ӕмӕ  дамгъӕтӕ  .

Ах-г: Уӕдӕ  мын чи зӕгъдзӕн, абоны урочы  цавӕр  мыртӕ ӕмӕ дамгъӕтимӕ кусдзыстӕм?

Сыв-ӕ: - Абоны урочы  мах кусдзыстӕ  кавказаг мыртӕ ӕмӕ  дамгъӕтимӕ .

  2.слайд

 Ах-г: - Уа'дӕ на абоны темӕ хуыйны «Дамгъæтæ дз, дж, гъ, къ, пъ, тъ, хъ, цъ, чъ  

 раст дзурын æмæ   фыссын» .

- Ацы мыртӕ ӕмӕ дамгъӕтӕ ахуыр кандзыстӕм сӕ раст дзурын ӕмӕ фыссын.

3. Ног œрмœгыл куыст.

Ах-г: - Кавказаг мыртæ  нæ  зæрдыл  æрлæууын   кæнæм.

            3слайд : Дз,  Дж,  Гъ,  Къ,  Пъ, Тъ,  Хъ,  Цъ, Чъ.

Ах-г.   – Уӕдӕ бахъуыды кӕнут ацы æмхъæлæсон дамгъӕтæ  дз, дж,  гъ, къ, пъ, тъ, хъ, цъ, чъ дыгай дамгъӕтӕй  арӕзт  кӕй  сты  , фӕлӕ  кӕй  нысан кӕнынц  иугай  мыртӕ  ӕмӕ иугай  дамгъӕтӕ,  кӕрӕдзийӕ  сын   хицӕнгӕнӕн  кӕй  нӕй.

          -Афыссут- ма абоны нымӕц , къласы куыст  уӕ  тетрӕдты.Тетрӕдты фыссӕм дамгъӕтӕ.

  -Цы дамгъæтæ  ныффыстам , уыдон  иннæтæй   цæмæй  хицæн  кæнынц (къ, пъ,  

                            тъ, чъ, цъ, хъ, гъ)?

Скъ-у: –Уыцы дамгъæтæ  фыст цæуынц«Ъ»-хъæры  нысанимæ.Кӕрӕдзийӕ сӕ хицӕн кӕнӕн нӕй.

Ах-г: - Ранымайӕм ма мыртӕ?

- Ӕртыккаг  бынат  цавӕр мыр ахсы? (Гъ)

- Кӕронӕй та нын кӕцы мыр лӕууы?(Чъ)

-Фӕндзӕм мыр та цавӕр у?(Пъ)

-Пъ –имӕ ма дзырд ӕрхъуыды кӕнут.(Пъол)

ӕдӕ  ма дзырд ПЪол-ӕн скӕнӕм мырон– дамгъон  ӕвзӕрст

Пъол- Пъ-ӕмхъӕлӕсон, зылангон, ӕнӕкъайон, о- хъӕлӕсон, л- ӕмхъӕлӕсон, зылангон ,ӕнӕкъай.

Ах-г: -Хорз.

 

 4.слайд   -Слайдыл кæсæм  мыртæ.

Ах-г: -Ракӕсут ма фӕйнӕгмӕ,

           -Цы уынут  фӕйнӕгыл?

а

ӕ

о

у

ы

и

с

дз

хъ

гъ

къ

тъ

 дж

Сыв-ӕ: Дамгъӕтӕ   чырӕгты .

Ах-г: - Бакӕсут- ма хъӕлӕсонтӕ  .

          - Ӕмхъӕлӕсон  .

-Уа цуры ис   карточкӕтӕ , куыд уам кӕсы цавӕр куыст хъуамӕ  бакӕнӕм?

Сыв-ӕ: Чырӕгты ныффыссын хъӕуы уангтӕ.

Ах-г: -Раст ,рӕвдз ма уӕ уӕдӕ  акусут  уа карточкӕты, чи фӕуа, уый расугъд абадӕд цӕмӕй йӕ зонӕм, куыст фӕцис уый.

5-слайд.

а

ӕ

о

у

ы

и

с

са

сӕ

со

су

сы

си

дз

дза

дзӕ

дзо

дзу

дзы

дзи

хъ

хъа

хъӕ

хъо

хъу

хъы

хъи

гъ

гъа

гъӕ

гъо

гъу

гъы

гъи

къ

къа

къӕ

къо

къу

къы

къи

тъ

тъа

тъӕ

тъо

тъу

тъы

тъи

дж

джа

джӕ

джо

джу

джы

джи

Ах-г:- Абарӕм- ма сӕ слайдимӕ, раст сӕ ныффыстат ӕви нӕ,уый сбӕрӕг кӕнӕм.

 - Хорз акуыстат иууылдӕр бӕдӕйнӕгтӕ 

4. Аулӕфӕм(цӕстуынгӕ ӕрмӕгимӕ) 6-слайд.

-Цал джитърийы уынӕм нывы, уал хатты гуыбыр кӕнӕм. (ныв джитъритимӕ)

-Цал фӕткъуыйы ис тӕбӕгъы, уал хатты нӕ къухтӕ хӕрдмӕ исӕм. (ныв фӕткъуытӕ)

-Цал стъӕлфы уынӕм цыппаркъуымоны, уал хатты нӕ къахфындзтыл лӕууӕм.(ныв цыппаркъуымонимӕ).

5.Сыгъдӕгфыссынад. 7 -слайд. 

Ах-г. -Ǽз уын дзурдзынæн дзырдтæ. Сымах мæм лæмбынæг хъусут!  Фæйнæгыл  æмæ нæ тетрæдты афыссæм ,цы дамгъæты растфыссынад  хъуамæ  бадарæм нæ зæрдыл,  уыдон.

Фæткъуы,  хъæдындз, дзурын, пъол,  джитъри, хæцъил, чъыр,  

                                        мигъ.

Ах-г. - Абарӕм- ма сӕ слайдимӕ, раст сӕ ныффыстат ӕви нӕ,уый сбӕрӕг кӕнӕм.

           - Хорз акуыстат иууылдӕр бӕдӕйнӕгтӕ 

6.  Чиныгимæ  куыст.  8 -слайд.

Ах-г.  - Райгом кæнæм нæ чингуытæ. Абоны урочы равзардзыстӕм Дз,дж,з.

         - Ǽркæсæм ӕртын ӕхсазӕм фарсмӕ,  ӕвдай ӕртыккӕгӕм фӕлтӕрӕнмӕ.

1.- Цавӕр хӕслӕвӕрд ис  фыццаг хайы уый ма бакӕсӕм .

Сыв-ӕ:  Иу кӕсы   хӕслӕвӕрд      

                               Дзынга  - джыбы- зыны

Дзедыр – джебогъ  – зӕрватыкк

Дзылы – джитъри – зети.

Ах-г:  - Сывӕллӕттӕ сеппӕт дзырдтӕ дӕр ӕмбарут? 

          - Ратӕлмадз  сӕ кӕнӕм  уырыссаг ӕвзагмӕ. Сасчъытӕн(насекомые) сӕ къамтӕ сын равдисут. Цъиутӕн.

          Дзынга( овод)- джыбы(клещ)- зыны(видно)

          Дзедыр(ежевика)– джебогъ(штык, копье)  – зӕрватыкк(ласточка)

         Дзылы(чиж) джитъри(огурец) – зети(масло растительное).

Картинки по запросу овод    Картинки по запросу клещ Картинки по запросу ласточка  Картинки по запросу копье   Картинки по запросу ежевика    Картинки по запросу чиж рисунок       Картинки по запросу растительное масло

Ах-г : -Сывӕллӕттӕ  джебогъ та цы у? Равдисут  ма цы уый.

2.Дыккаг хайы  цавӕр хӕслӕвӕрд ис,  уый ма  бакӕсӕм.

- Бакӕсын   дзырдтӕ   уӕнггай. Ныффыссын сӕ тетрӕдты . Ӕмхъӕлӕсонтӕ дз, дж, з бын   бахах   кӕнын.

Ах-г: Ацы куыст бакӕнӕм   дӕ фарсмӕ  чи  бады уыйымӕ .

-Куыд хонӕм ацы куыст?

Сыв-ӕ: - Къӕйттӕй куыст (сывӕллӕттӕ хъуыды кӕнынц хъуыдыйӕдтӕ)

-Ставддӕрӕй  фыст  дзырдтимӕ ӕрхъуыды кӕнут  хъуыдыйӕдтӕ.

-Сеппӕт дзырдтӕ дӕр ӕмбарут?

-Цавӕр дзырд уын у ӕнӕзонгӕ?  (Джынасу)(ртуть)

ӕ тӕвд уын цӕмӕй фӕбарынц? (тӕвдбарӕнӕй, градусник , термометр)

- Уыцы тӕвдбарӕны астӕуай  ис тӕнгъӕд ӕфсӕйнаг- джынасу. (жидкий металл-  ртуть)

            -Цыдыстӕм ма  йӕ «Алфамбылайы дунне-йӕ» (окружающий мир)

                     Мах  зарӕм  рӕсугъд   зарӕг.

Зад  сты нӕ дыргъдӕттӕ.

Сколайы   хъуысы  нӕ фыццаг дзӕнгӕрӕг.

- Цалдӕрӕй  кӕсынц сӕ хъуыдыйӕдтӕ .

Ах-г.  Тынг  хорз.Бӕдӕйнӕгтӕ.

8. Улæфтырæтæг.  9-слайд

Къухтæ ! Къухтæ !

Айрӕзут!

Къухтæ ! Къухтæ !

Атæхут!

Къухтæ ! Къухтæ !

Амбæхсут!

Къухтæ ! Къухтæ !

Мæнæ  стут!

9.Тагъддзуринаг. 10-слайд

Къаппа – къоппа - къæбæлдзыг,

Къаппа – къоппа - хæтæлдзыд.

Къаппа – къоппа - уæлвæзы,

Къаппа – къоппа - дæлвæзы.

Ах-г: - Бӕдӕйнӕгтӕ, хорз бакуыстат абон.

10.Рефлекси   11-слайд.  

Абон урочы

 -Ӕз базыдтон…..

-Мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдис….

-Зын   мын уыдис….

- Уæ куыстæн ма аргъ скæнут, уӕ цуры цы   хуртӕ ис уымӕй. Кӕд фондзы фаг бакуыстай уӕд йӕ сахор бурӕй, кӕд цыппары фаг уӕд та йӕ кӕрдӕг  хуызӕй, кӕд ӕртӕйы фаг уӕд та  арвхуызӕй.

- Бузныг уе'ппæтæн дæр!

Абон  бæрæггæнæнтæ бакуыстой:

1.

2.

3.

4.

5.

Бæрæггæнæнтæ ӕвæрын!!!

Ах-г:- Исты зындзинæдтæ бавзæрстат?

10. Сфидар  кœнын  зонындзинœдтӕ .  

Ах-г:-Тынг хорз бакуыстат абон, сывӕллӕттœ.

         - Ногæй  цы базыдтат? 

Сыв-ӕ: Кавказаг æмхъæлæсонтæ дз, дж,  гъ, къ, пъ, тъ, хъ, цъ, чъ дыгай дамгъӕтӕй    

            арӕзт  кӕй  сты  , фӕлӕ  кӕй  нысан кӕнынц  иугай  мыртӕ  ӕмӕ иугай    

             дамгъӕтӕ,  кӕрӕдзийӕ  сын   хицӕнгӕнӕн  кӕй  нӕй,  уый;  раст  сӕ  дзурын    

             ӕмӕ  фыссын.  

-Хорз.

-Абон   мах   базыдтам   бирœ   ног  дзырдтœ  кавказаг   мыртимӕ.

11. Хœдзармœ куыст раттын. 13-слайд.

Ӕрхъуыды кӕнын гыццыл радзырд «Цӕмӕн уарзын мӕ хъӕу».

12 Кæронбæттæн 14 -слайд.

Ирон   ӕвзаг !  Мӕ зынджы хай, Мӕ арт!

Ӕрттив, ӕхсид ӕнусбонтӕм ӕдасӕй.

Дӕ  цӕрайӕ,   дӕ  рухс  ӕмӕ   дӕ  тӕвсӕй

Цӕрдзынӕн ӕз ӕмӕ хӕрдзынӕн ард.

15-слайд:

-Ныр та нœ уазджытœн хœрзбон зœгъœм.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Конспект урока по осетинскому языку 2 класс

                              Неˊвзаг.  Æхсицгон æй, маддæлон æй,Хæзнадонæ æй неˊ взаг.Ци рæсугъд æй, ци рагон æй...

Конспект урока по осетинскому языку 4 класс

научиться изменять глаголы по числам;правильно ставить вопросы к глаголам;научить различать глаголы в единственном и множественном числе...

Открытый урок по осетинскому языку в 1 б классе по учебнику «ГОВОРИМ И ЧИТАЕМ ПО ОСЕТИНСКИ»

Version:1.0 StartHTML:0000000167 EndHTML:0000001485 StartFragment:0000000504 EndFragment:0000001469 P { margin-bottom: 0.21cm; } ЦЕЛИ: - учить называть овощи и характеризовать их;- учить читать сл...

Конспект урока по осетинскому языку "Уалдзыгон бон"

Конспект урока  по осетинскому языку "Уалдзыгон бон"...

Конспект урока по осетинскому языку" Фрукты и овощи"

Урок оставлен по программе полилингвального образования...

оформление конспекта урока по осетинскому языку

Схема оформления конспекта по осетинскому языку и литературе в начальной школе по фгос...

Конспект урока по осетинскому языку "Уалдзæг бацыди йæ рады" Мивдисджыта.

Работа предназначена для учителей осетинского языка. Урок составлен по современным стандартам....