Урочы технологон картæ
план-конспект урока

хауанта

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urochy_tehnologon_kartae_1_1.docx31.07 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы технологон картæ   4 кълас  ирон æвзаг

Темæ: Хауӕнты тыххӕй ӕрмӕг фӕлхат кӕнын

Урочы тип: фӕлхат.

    Ирон ӕвзаг ӕмӕ технологийы иугонд урок

Хæстæ: - хауӕнты тыххӕй ӕрмӕг бафидар кӕнын

              - ирон ӕвзаджы хауӕнтӕ ӕмӕ сӕ фӕрстытӕ зонын

              - аив ӕмӕ интонацион æгъдауæй раст кæсыныл ахуыр кæнын.

              - ӕрзон ӕрмӕгимӕ(змисимӕ) арӕхсджынӕй кусын

Фæстиуджытæ

Предметон

- хъуыдыйады мидӕг номдартӕ цы хауӕны формӕйы ӕвӕрд сты ,уый иртасын

-хъудыйады мидӕг номдартӕм раст фӕрстытӕ ӕвӕрын, дзырдӕн йӕ кӕрон раст иртасын

-тексты дзырдты формӕтӕй раст пайда кӕнын

Метапредметон

-урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын;

-хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнын;

-хицæн миниуджыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын;

-хиконд хатдзæгтæ хуызæгимæ барын, æххæст сӕ кæнын

Удгоймагон

-хи бæрнондзинад æмæ хæдбардзинад æмбарын (хатын)

Предметты хсæн бастдзинад: литературон кæсынад (хъуыдыйæдтæ аив кæсын)

                                                       ӕрдзы фӕзындтыл ӕрдзурын (лӕмбынӕгдӕр арвӕрдыны тыххӕй)

                                                       хуызджын змисӕй ныв саразын

Æххуысгæнæг фæрæзтæ (ресурстæ): ахуыргæнæн чиныг, кусæн тетрад, кусæн программæ,интерактивон фӕйнӕг, проектор, презентации,

                                                                  Карточкӕтӕ,сфӕлдыстадон ӕрмӕг(хуызджын змис,клей,кисточкӕтӕ,стыр авг кӕнӕ кӕсӕн)

Урочы цыд

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

Ахуыргæнæг сабиты здахы электрон фӕйнӕгмӕ    ӕмдзӕвгӕ:

Слайд1

Рӕдыдӕй ма тӕрс ды , мӕ хур!

Кӕддӕриддӕр ӕмбал дӕ фарсмӕ!

Зын дын куы уа - ӕргом-иу дзур,

Фӕрсгӕйӕ атайдзӕн дӕ фарста!

- Куыд ӕмбарут ацы ныхӕстӕ

- Рӕдыйын алкӕддӕр ӕвзӕр у ӕви дзы ис исты пайда

- Уӕдӕ уӕд райдайӕм нӕ куыст

Слайд2

Немыцаг ӕвзаджы сты – 4

Венгейраг ӕвзаджы- 22

Англисаг ӕвзаджы -2

Уырыссаг ӕвзаджы -6

Ирон ӕвзаджы – 8

Алкӕмӕн дӕр сӕ ис йӕхи фӕрстытӕ

Ацы ныхӕстӕм гӕсгӕ сбӕрӕг кӕнут  нӕ абоны урочы темӕ.

Цавӕр хӕстӕ сӕвӕрдзыстӕм нӕ разы

Темæ сæхæдæг хъуамæ ссарой æмæ ахуырадон хæс сæхæдæг сæ размæ сæвæрой

Хъомыладон беседӕйы архайынц.Сӕ хъуыдытӕ дзурынц.

. Цы хъуамæ базоной, уый бæрæг кæнынц.

 Сæ размæ æвæрынц бæлвырд хæс – цы сты хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ, тексты сæ агурынц æмæ цавæр хъуыдыйады уæнгтæ сты, уый бæрæг кæнынц

Зонындзинæдты актуализаци

 Сывӕллӕтты ныхӕстӕн хатдзӕг кӕны

_ абон мах сфӕлхат кӕндзыстӕм хауӕнты тыххӕй цы ӕрмӕг базыдтам , уый

_бафидар ӕй кӕндзыстӕм

_архайдзыстӕм раст дзурын ӕмӕ фыссыныл

_бакӕндзыстӕм сфӕлдыстадон куыст ӕрдзон ӕрмӕгӕй

-Сывæллæтты архайд аразы дзырдуатон-цӕстуынгӕ диктант ныффыссынмӕ

Слайд3,4,5,6,7

(нывтӕ – арвӕрдын,тӕрккъӕвда,миттымыгъ,хурныгуылд,арвӕрттывд)

Слайд8

«Дӕхи сбӕрӕг кӕн»

-Се скондмӕ гӕсгӕ цавӕр дзырдтӕ сты

-Иу ныхасӕй сын куыд ис схонӕн

- Ахуыргæнæджы фæрстытæн дзуапп дæттынц.

Сывӕллӕттӕ кусынц тетрӕдты, иу та фӕйнӕгыл

Фӕйнӕджы эталонмӕ гӕсгӕ сӕ куыст барынц, тӕссаг бынӕттӕ амонгӕйӕ

Ахуыргӕнӕджы фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды арæзт

   ӕрдзы фӕзындтӕй  ӕппӕты диссагдӕр  у арвӕрдын .Арвӕй  зӕххы' хсӕн куы алӕууы, уӕд адӕймаджы дисы бафтауы!

- цал хуызы ис арвӕрдынӕн

Ранымайут сӕ фӕдфӕдыл

Слайд9(арвӕрдыны ныв)

-Сывæллæтты архайд аразы  дзырд «арвӕрдын» атасындзӕг кӕнынмӕ ӕтты сӕм фӕрстытӕ:

-Иу хатт ма мын ӕй зӕгъут, ныртӕккӕ цӕй кой кӕнӕм?

-Авд хуызы цӕмӕн ис?

ӕ чиныджы цъарыл та цӕмӕ фӕкӕсут?

-ӕрдзы фӕзындтӕй цӕмӕй рӕсугъддӕр нӕй?

-Къӕвдайы фӕстӕ цӕуыл бацин кӕнӕм?

ӕимӕ абарӕн ис  хъулон  къафеттытӕ?

ӕнӕ ацы змис ахуырст у цӕйау?

-

ӕркӕсут ма дзырд арвӕрдын куыд аивта(ах. фыссы фӕйнӕгыл)

-ӕмӕ уыцы ивынад куд хуыйны

Уӕдӕ ныр хауанты тӕблицӕ баххӕст кӕнӕм ӕмӕ алы хауӕны ном ӕмӕ фӕрстытӕ нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм

Слайд10(хуызджын таблицӕ)

  Ахуыргӕнӕг   кæнын кæны карточкӕтыл куыст  къæйттæй кусгæйæ.

Бӕрӕггонд дзырдтӕн хъуамӕ сбӕрӕг кӕной сӕ хауӕн ӕмӕ зӕгъой ӕмдзӕвгӕ чи ныффыста  

. Кæрæдзийы  хъуамæ сбӕрӕг кӕной . -

-Уавæртæ аразы сывæллæтты хибарæй сфӕлдыстадон куыстæн :

Слайд11(синквейн)

Дзырд тасындзӕг- ӕн синквейн аразын кӕны

Кӕд афтӕ зӕгъут ӕмӕ тасындзӕг арвӕрдыны хуызӕн у уӕд ма йын абон йӕ ныв скӕнӕм.-рмӕст хуымӕтӕг ахорӕнтӕй нӕ, фӕлӕ хуызджын змисӕй ӕмӕ нӕ хауӕнтӕ дӕр арвӕрдыныл бакӕнӕм!

(кусынц технологийы ахуыргӕнӕджы амындмӕ гӕсгӕ)

Сывӕллаттӕ дзурынц   сырх

                                           Сырхбынбур

                                           Бур

                                           Кӕрдӕгхуыз

                                           ӕрвхуыз

                                           цъӕх

                                           фиалкӕхуыз

.

Ахуыргӕнӕджы фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц

Фӕрстытӕм гӕсгӕ аивтой йӕ кӕрӕттӕ

Дзуапп дӕттынц: «тасындзӕг»

ӕххӕст кӕнынц таблицӕ

къӕйттӕй кусынц карточкӕтыл

Сывӕллӕттӕ амонынц цы у синквейн ӕмӕ аразынц

Хатдзӕгтӕ скӕнын

- Ахуырадон архайды фӕстиуджытыл аразы афӕлгӕст: фӕрсы – сӕ размӕ ӕвӕрд хӕстӕ ӕххӕстгонд ӕрцыдысты ӕви нӕ, цавӕр зындзинӕдтыл фембӕлдысты, цавӕр ӕнтыстытӕ сӕ къухы бафтыд. ӕнтыстытӕ ӕмӕ зындзинӕдтӕн цавӕр аххосӕгтӕ уыд.

Хæдзармæ куыстæн фæлтæрæн æвзары (абон нӕ цӕстуынгӕ диктанты цы ӕрдзы фӕзындтимӕ сымбӕлдыстӕм уыдонӕй иу разарут  ӕмӕ йыл ныффыссут цыбыр радзырд, цы номдартӕй спайда кӕнат уыдонӕн сӕ хауӕнтӕ сӕ хауӕнтӕ сбӕрӕг кӕнут)

- Цы ногдзинӕдтӕ базыдтой, уыдонӕн хатдзӕгтӕ кӕнынц. Ахуырадон хӕстӕ куыд сӕххӕст кодтой, уый бӕрӕг кӕнынц. Дзурынц, зын сын цы уыд сӕ сӕххӕст кӕнынмӕ, уый. Се 'нтыстдзинӕдтӕ кӕрӕдзийӕн не'вгъау кӕнынц.

Уӕлӕмхасӕн ӕрмӕг: гаххӕттӕй конд дидинджытӕ ӕмдзӕвгӕимӕ                 

                         Арвӕрдын цӕхӕртӕ калы

                          Номон хауӕнӕй ӕрхызт,

                          Сырх гуырынон хауӕн дауы

                          Мигъты къӕбӕлдзыг фӕ

                                                        Сырхбынбур  дӕттынон  худгӕ

                                                        Бур  арӕзтонмӕ кӕсы,

                                                        Кӕрдӕгхуыз  иртӕстон  смудгӕ,

                                                        Дидинджыты баст хӕссы.

                            Уым ӕрвхуыз ӕддагбынатон

                           Цъӕх цӕдисонимӕ – «,мбал!

                           Уым фиалкӕхуыз  хуызӕнон

                           У  йӕ  фыррӕсугъдӕй  хъал!

Цы фӕстиуджытӕм ӕрцыдысты, уый диагностикӕ:

Уӕлӕмхасӕн сфӕлдыстадон хӕслӕвӕрд: зӕрдыл бадарын кӕй хъӕуы, уыцы ӕрмӕг ссарын ӕмӕ рафыссын.

Хи куысты анализ

Ӕнтыстдзинӕдтӕ

Зындзинӕдтӕ

Фӕндон


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

ГОМ УРОЧЫ ПЛАН ИРОН ÆВЗАГÆЙ

План-конспект открытого урока по осетинскому языку в 1-ом классе...

Гом урочы пълан ирон авзагай 4 къласы. Тема :"Дыргъта"

Гом урочы пълан ирон авзагай 4 къласы. Тема: "Дыргъта"....

урочы пълан ирон авзагай

Аргъау "Чи кам уыдис сарды"....

Уроч чтения Сказка о царе Салтане 3 класс

Урок 3 класса по чтению. Сказка о царе Салтане...

Методическая разработка " Технологическая карта урока по окружающему миру в 4 классе на тему: "Карта полушарий". Практическая работа "Карта полушарий", УМК "Планета знаний"

Методическая разработка " Технологическая карта урока по окружающему миру в 4 классе на тему: Карта полушарий. Практическая работа "Карта полушарий", УМК "Планета знаний"...

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 4-æм къласы. Темӕ: Фӕззӕг ӕмбӕхсын ницы зоны!

Темӕ:  Фӕззӕг ӕмбӕхсын ницы зоны!                   Грамматикон темӕ: Миногонты тасындзӕг....