Мадæлты фарн Цас хъармдзинад æмæ уарзондзинад дæттынц уыдон сæ хъæбултæн æмæ сæ хъæбулы хъæбултæн. Дунейы уыдон аккаг ныхæстæ зын ссарæн вæййы, цæмæй сын зæрдæбынæй раарфæ кæнай.Тæхудиаг сты уыдон æмæ сæ мадæлтæн æмæ сæ нанатæн аккаг аргъ чи скодта, ц
методическая разработка (3 класс) на тему

Темирова Залина Рамазановна

   Цас хъармдзинад æмæ уарзондзинад дæттынц уыдон сæ хъæбултæн æмæ сæ хъæбулы хъæбултæн. Дунейы уыдон аккаг ныхæстæ зын ссарæн вæййы, цæмæй сын зæрдæбынæй раарфæ кæнай.Тæхудиаг сты уыдон æмæ сæ мадæлтæн æмæ сæ нанатæн аккаг аргъ чи скодта, царды мидæг сæ чи сбуц кодта. Ирыстон та кæддæриддæр фæрнджын уыд æмæ у ирон зондджын сылгоймæгтæй Нарты Сатанайау. Бирæ æмдзæвгæтæ ис уыдоны тыххæй

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл madaelty_farn.docx36.51 КБ

Предварительный просмотр:

   Цас хъармдзинад æмæ уарзондзинад дæттынц уыдон сæ хъæбултæн æмæ сæ хъæбулы хъæбултæн. Дунейы уыдон аккаг ныхæстæ зын ссарæн вæййы, цæмæй сын зæрдæбынæй раарфæ кæнай.Тæхудиаг сты уыдон æмæ сæ мадæлтæн æмæ сæ нанатæн аккаг аргъ чи скодта, царды мидæг сæ чи сбуц кодта. Ирыстон та кæддæриддæр фæрнджын уыд æмæ у ирон зондджын сылгоймæгтæй Нарты Сатанайау. Бирæ æмдзæвгæтæ ис уыдоны тыххæй.

                 Мады къухтæ.

Хуры тынтæ бавналынц мæ рустæ,

Цинтæ мыл кæнынц æмæ хъæбыстæ,

Барайынц сæ узæлдæй мæ уæнгтæ,

Акалынц мæ цæстытæ цхæртæ.

Хур мæмадау – хъарм æмæ фæлмæн,

Батавы мæ рухс зæлдаг тынтæй.

Мидбылхудгæ барæвдауы мæн,

Нæй зынаргъдæр мады къухтæй, нæй.

- Сывæллæттæ, сымах зонут Къоста гыццылæй æнæ мадæй кæй баззад, нæ зыдта ныййарæджы рæвдыд. Æмæ мæнæ куыд фыссы уый тыххæй:

«Тæхудиаг, буц хъæбулæй,

Йæ уалдзæджы царды хурæй

Чи бафсæст йæ мады хъæбысы.»

- Мад!.. Куыд фæлмæн, куыд хъарм, куыд адджын дæ, мад! Зæххы цъарыл, дун-дунейы йæ мады чи нæ уарзы, йæ мады коммæ чи нæ кæсы,уыцы саби у æнамонд. Мады фæлмæн къухтæ, мады хъарм къухтæ, мады фæлмæн зæрдæ æмæ сæ чи фæуыдзæн нымад мады æгæрон хорзæхтæ…

- Ныртæккæ мах байхъусдзыстæм диссаджы рæсугъд æмдзæвгæтæ мады тыххæй.

«Зæххыл ис иунæг хæзна царды

Æмæ уый Мад у, мæ хур, Мад

Йæ рæвдыд сау дуртæм дæр хъары,

Фæсуры зæрдæйы фæллад.

О мад, сыгъзæрин мад, дæ хæрзтæй,

Ды кæныс кæстæрты æнгом

Тæхуды, зарæджы ныхæстæй

Æнусон чи скæны дæ ном.

Цы хорз у, чи сбуц кодта мад

Æмæ йын чи радта æгъдау

Зæххыл уый дзыллæтты нымады

Йæ фарнæй батавдзæн  Хуыцау

Хуыцау та бæрзондæй фæлгæсы

Хæрзудтæн риссынæй тæрсы

Хуыцау… Уый цæсгоммæ нæ кæсы

Хуыцау… Уый зæрдæмæ кæсы.»

                         Мад. Мысост.

Мады ном у хурау дун-дунетыл иунæг,

Уый йæ цæсты рухсæй амæндтæ нывæнды,

Ноджы мА у райгæ циндзинæдтæм сидæг,

Зæрдæ дæр æй уымæн буц раны нывæры…

Мад, зæгъгæ, ысдзуры сывæллон фыццагдæр,

Уцы гыццылæй дæр хи мады æмбары…

Никуы йын ис мадæй а зæххыл зынаргъдæр,

Бинонты æхсæн æй уайтагъддæр ыссары!..

- Байхъусæм ма Агънианы радзырд «Мад»-мæ.

   «Дыууæ хойы цардысты. Иуæн бирæ цот, сывæллæттæ радта Хуыцау, иннæ уыд æнæзæнæг. Зæнæгджын хо йæ гыццыл лæппутæй иуы   радта йæ хойæн. Уый лæппуйы сæхимæ акодта æмæ дыууæйæ цæрын байдыдтой. Иу хатт ллæппуйы мад бафтыд йæ хомæ. Фæстæмæ куы раздæхт, уæд æй рафæндараст кодта йæ æнæзæнæг хо, йæ кæнгæ лæппу дæр семæ, афтæмæй. Дыууæйæ хæцынц лæппуйы фæйнæ къухыл. Уалынмæ хъæугæрон фæхицæн сты. Зæнæгджын хо йæ фæндагыл араст, иннæ хо та лæппуимæ йæ хæдзармæ раздæхт.

   Уæд лæппу афтæ сдзырдта:

- Уыцы усы къух цы хъарм уыди.

   Уæд æнæзæнæг хо лæппуйы арвыста йæ мады фæдыл:

- Ауай , уæдæ, мæ хур, кæй дæ уый дæ: уыцы ус дæ мад у».

Мадæн ивæн нæй сывæллæттæ, мадæн йæ къухтæ дæр æндæр сты.

- Ныртæккæ та байхъусут Плиты Харитоны æмдзæвгæ «Мадмæ».

«Бирæ фæрæвдыдтай, уæ гыцци мæн

Арæх иу аргъæуттæ кодтай мæнæн

Хъарм-иу мæ бамбæрзтай

Хур мæ хуыдтай

Ахуысс мын, айрæз мын

Заргæ дзырдтай.

Буцæй дæ хъæбысы схастон мæ рæз

Ракæс-ма, абон дын скъоладзау дæн.

Уарзын мæ чингуытæ, уарзын мæ хъæу,

Уарзын Фыдыбæстæ, уарзын æз дæу.

- Ныр та байхъусæм Дзугаты Георгийы æмдзæвгæ «Гыцци»-мæ.

«Куыд хъарм ысты зымæг дæр

Мæхи гыцци, дæ къухтæ!

Куы мæм дзурыс тызмæгæй,

Уæддæр кæныс ды худгæ.

Дæ зарæджы ныхæстæм

Куыд бирæ уарзын хъусын.

Дæ фæлмæн хъарм хъæбысы

Нынныгъуылын тæрхъусау.»

- Тынг хорз. Сывæллæттæ, мадæн æппæтæй зындæр вæййы йæ хъæбулы маст. Æмæ архайут, цæмæй уæ мадæлтæ сымахæй уой райгонд æмæ сæрыстыр уæ хъуыддæгтæй, уæ ахуырæй, уе´гъдауæй. Куыд амондджын сты уыцы мадæлтæ æмæ Ирыстонæн аккаг хъæбултæ чи схъомыл кодта, нæ гыццыл Ирæн йæ кад æмæ йæ намыс бæрзæнддæм чи систа. Дзæнæты бадæнт Къостайы мад Мария, нæ зындгонд ахуыргонд Абайты Васойы мад. Куыд амондджын у Гергиты Валерийы мад, æппæт дунейы йæ хъæбулы ном хъуыстгонд кæмæн у. Арфæйаг сты Ирыстонæн ахæм мадæлтæ.

- Байхъусут Цæгæраты Гигойы æмдзæвгæмæ «Куыд зынаргъ дæ, ныййарæг».

«Мад хъæбулæн йе стъалы, йæ хур у

Æмæ йæм фæлмæн ныхасæй дзурут

Макуы ракæс тар æрфыгæй мадмæ,

Уый рахаста амондау дæу цардмæ

Мады къух бæркад æмæ рæдау у

Æмæ йæ сывæллонау рæвдаут.

Мады АРМ йæ хъæбулæн фæндаг у

Æмæ дзы ды макуы цу фæдагур.

Мады кастæй цъититæ дæр тайынц,

Уый къахвæдтыл дидинæг дæр зайы

Мадæн макуы, макуы скъах йæ зæрдæ,

Зон æй: уым дæхæдæг дæр æвæрд дæ.

Мады хъæбыс сабийæн хæдзар у,

Уым рæзынц йæ ныфс æмæ йæ хъару.

Мадæлтæн хуыздæр дзырдтæ æвзарут,

Мадæлтыл уæ хуыздæр зарæг зарут.»

- Мадæлты тыххæй ис бирæ æмбисæндтæ. Зæгъæм-ма дзы иу цалдæр.

Мады хъæбыс адджын у.

Мады рæвдыдæй фæлмæндæр ницы ис.

Мады зæрдæ зонаг у.

Мад æмæ Райгуырæн бæстæ иу сты.

- Мад тынг зынаргъ у адæймагæн. Афтæ бирæ хъарм ныхæстæ зæгъæн ис мадæлты тыххæй. Мадæлты тыххæй мА ис бирæ зарджытæ æмæ дзы мах дæр иумæ байхъусæм.(Хъусæм зарæгмæ.)

- Ма бафхæр мады. Диамбегты Аслæнбег.

Ничи бафыста мадæн йæ хæрзтæ,

О, фæлæ ма скæн ныййарæгæн маст.

Бафид-иу уымæн йæ разы дæ хæстæ,

Ратт ын лæварæн дæ зæрдæйы уарзт!

Макуы дæ ферох уæд, мадæн йæ къухтæ

Артау куыд батавынц уазалы дæу.

Мад дæ æлвасы йæ риумæ æдзухдæр,

Мадæн йæ зæрдæ дæуæн у рæдау.

- Тынг хорз. Мæн зæгъын фæнды уый, æмæ уæ мадæлтæн се стырдæр амонд у сæ хъæбулты хорздзинад. Мæ зæрдæ уын зæгъы, цæмæй уæ мадæлты, уæ нанаты зæрдæтæ рухс кæнат сыгъзæрин хурау. Æмæ мА байхъусут Козаты Мураты æмдзæвгæмæ «Мады хур».

Дзуры хъæлдзæгæй Тимур:

- Хоны мæ дзыцца йæ хур

Ау, цæмæн,кæд хур ис арвыл,

Бæстæтæ йæ рухсæй тавы?

Радта дзуапп дада Инус:

- Ды ныййарæгæн- йæ рухс.

Мадæлтæн хъæбултæ цал ис,

Хуртæ дæр дунейыл уал ис.»

- Æмæ нæ урочы кæронбæттæны мæн фæнды, цæмæй байхъусат Цæгæраты Гигойы æмдзæвгæмæ «Арфæтæ».

Махæн нæ фæрнæйдзаг Ирæй

Хъуысы уæларвмæ нæ зард.

Уарзæм уæ, уарзæм уæ бирæ,

Мах фæндиаг хорз уæд уæ цард.

Сабитæн зæгъы нæ зæрдæ

Мадæлты фæндиаг рæзут.

Макæд нын кæнут æрхæндæг,

Райдзастæй цардмæ кæсут.

Кæстæртæн зæгъы нæ зæрдæ

Хистæрты намыс фæзмут.

Дуне уæ зарджыты зæлтæй,

Ноджы рæсугъддæр кæнут.

Чызджытæн зæгъы нæ зæрдæ

Амонддæй дзаг уæд уæ къух.

Стъалытау калут тæмæнтæ,

Хурау нæм худут æдзух.

Мадæлтæн зæгъы нæ зæрдæ

Макуы нын бавзарут зын.

Макуы ысурс уæнт уæ сæртæ,

Судзæд уæ цæстыты зынг.

Хистæртæн зæгъы нæ зæрдæ

Сабиты хуртæй цæрут

Уæхи дæндæгтæй сæкæртæ,

Фондзыссæдз азы хæрут.

Дидинджытæ уæ мах хонæм

Дидинджытау уыл-нæ мæт.

Барæвдауын уæ куыд зонæм,

Махмæ та ахæм тых уæд.

- Тынг хорз. Сывæллæттæ, нæ урок фæци.

Уæ мадæлты фæндиаг бахъомыл ут.

Уæ мадæлтæ уæ хуртæй æфсæст уæнт.

Хæрзбон.

i?id=116727260-65-72


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Дүрт елга бер Җир шарында була бәйге-тамаша

VIII республика "Игры,которые мы заслужили  вместе с тобой" исеме астында узган Сәламәтлек театры эшкәртмәсе...

Сочинение "Бәхетле булу өчен нишләргә?"

Кеше үз язмышына үзе хуҗа....

Класс шагы "Найыралдыг ог-буле"

Эге школага класс шагы "Найыралдыг ог-буле"...

открытый урок: «Нæ бинонты фарн»

открытый урок: «Нæ бинонты фарн»...

Конспект урока + презентация литературного чтения по теме: "Звукопись в поэзии. А. Усачёв «Буль- буль»" 1 класс, ПНШ.

Цели деятельности учителя: создание условий для формирования понятия «звукопись», содействование в развитии фонематического слуха, речи, умению работать в коллективе.Планируемые результаты...

Урок по осетинскому чтению на тему "На бинонты фарн" Дзасохты Музаферы амдзавга "Кастар ама хистар"-ма гасга

Махӕн фыдӕлтӕй бирӕ алыхуызон ӕгъдӕуттӕ баззад. Иутӕ дзы ферох сты, цард сӕ йӕхӕдӕг аппӕрста. Бирӕтӕ дзы цӕсты гагуыйау хъахъхъӕнинаг сты. Уыдонимӕ- ирон хъомылад бинонты ӕхсӕн. Бинонтӕм ӕгъдау, ӕфсар...