Открытые уроки
учебно-методический материал на тему
ГОМ УРОЧЫ ПЪЛАНТТА
Скачать:
| Вложение | Размер |
|---|---|
| 35.61 КБ | |
| 47 КБ | |
| 639.65 КБ | |
| 61.64 КБ | |
| 246.93 КБ |
Предварительный просмотр:
Гом урочы пълан Темæ: Къоста- сывæллæттæн. 15.05.2013 Ахуыргæнæг: Хæйманты Ж.А. |
НЫСАН: Базонгæ кæнын сывæллæтты Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстадимæ: хъомыладон куыст бакæнын
ЦÆСТУЫНТГÆ ÆРМÆГ: Къостайы портрет, йæ нывтæ, йæ чингуытæ.
УРОЧЫ ЦЫД:
- Организацион хай
-Уа бонтæ хорз!
-Сбадут!
- БЕСЕДÆ
-Сывæллæттæ, зæгъут ма афæдзы мидæг цал афоны ис? Ранымайут сæ.
-Ныр афадзæн йæ кæцы афон у?
-Ранымайут уалдзæджы мæйтæ.
-Ныр кæцы мæй у æмæ бон?
-Къуырийы бонтæй та кæцы бон у?
-Зæгъут ма, цы ивддзинæдтæ æрцæуы æрдзы мидæг уалдзæджы?
- Cывæллæттæ, абон мах нæ урочы ныхас кæндзыстæм , ирон номдзыд фыссæг, Хетæгкаты Къостайы цард мæ сфæлдыстады тыххæй. Уæ сабийы бонтæй нырмæ Къостайы ном чи нæ фехъуыста ахæм нæй.
-Хетæгкаты Къоста райгуырдис Нары хъæуы 15 октябры 1859 азы. Хæрз чысыл ма куы уылис, уæд амард йæ мад, Мария. Сывæллоны хъомыл кæнын мæ райста се’рвадæлты ус Чендзе. Уый тынг бирæ уарзта Къостайы æмæ йæ йæхи хъæбулау хаста. Фæстæдæр, Къоста фыссын куы базыдта, уæд ын йæ ном ссардта мæнæ ахæм рæнхъыты:
Мœн иу ус фœхаста
Сывœллон ахуыр,
Йœ дзидзи нœ ласта
Мœ дзыхœй мœгуыр
Куыд фœрæста уыййас,-
Æппœтœй дæр фаг!
Фœцардтœм œм иу аз,
Фœдœнœм дыккаг.
-Цасдæр рæстæджы фæст æ Къостайы фыд Леуан æрхаста дыккаг ус. Фыдыус Къостамæ цы цæстæй каст уый бамбардзыстут мæнæ ацы рæнхъыты:
Дыккаг ус œрхаста
Æркодтой мæн дœр
Мœ “чындз” мœ нœ уарзта
Фыдсыл уыд кœмдœр!
Йœ рад дæр œсхуыстœй,
Йœ равдыд дœр- над,
Йœ “цу-ма” рœхуыстœй,-
Гъе уый, дам, дын- мад!
-Уадæ, цавæр цæстæй каст Къостамæ йæ фыды дыккаг ус?
-Къоста ахуыр кæнын райдыдта Нары хъæуы райдиан скъолайы. Уый фæста сæ бинонтæ ралыгъдысты Дзæуджыхъæумæ æмæ дарддæр ахуыр кодта Ставраполы гимназы.
-Къоста канд фыссын нæ, фæлæ ма уарзта тынг бирæ нывтæ кæнын æмæ йын уайгæ дæр кодта хорз. Къоста йæ мады нæ зыдта, фæлæ йын адæмы ныхæстæм гæсгæ скодта йæ портрет .
(Æвдыст цæуынц йæ нывтæ)
- Къоста ныффыста тынг бирæ æмдзæвгæтæ æмæ баснятæ сывæллаæттæн. Рауагъта сæ хицæн чиныгæй. Схуыдта йæ – Ирон фæндыр
Ныртæккæ дыууæ рæнхъы æхсæн сараздзыстæм Къостайы æмдзæвгæтæ зонындзинæдтыл ерыстæ. Базондзыстæм кæцы рæнхъы ахуырдзаутæ зонынц фылдæр Къостайы æмдзæвгæтæй.
(Дзурынц æмдзæвгæтæ)
Къостайы тыххæй æмбæлы дзурын тынг бирæ æмæ хистæр кълæсты сымах дарддæр зонгæ кæндзыстут йæ цард æмæ йе сфæлдыстадимæ. Къостайы 47 азы куы цыдис уæд уæззау рынчын фæцис æмæ амард. Ирон адæм тынг хъыг кодтой.
- КАРОНБÆТТÆН.
-Цæуыл ныхас кодтам абон мах нæ урочы?
-Кæд æмæ кæм райгуырдис Къоста?
-Чи схаста Къостайы æмæ цæмæн?
-Цы хуындысты йæ мад, йæ фыд?
-Цавæр цæстæй каст Къостамæ йæ фыды дыккаг ус?
-Кæм ахуыр кодта?
-Фыссынæй уæлдай ма цы уарзта Къоста?
-Цы хуыйны йæ фыццаг чиныг?
-Цæмæй амардис Къоста?
- БÆРÆГГÆНÆНТÆ СÆВÆРЫН
Предварительный просмотр:
1 къласы
Темӕ: «Дамгъӕ В » Ӕрмӕг фӕлхат кӕнын.
Ахуыргӕнӕг: Хайманты Ж.А.
Дзӕуджыхъау
1.Организацион хай. (Радгӕсы бафӕрсын, къласы чи нӕ ис, уымай)
-Ныр цы афон у? Кӕцы нымӕц у абон? -Куырийы бонтӕй кӕцы бон у? -Боныхъӕд абон цы хуызӕн у?
2.Фонетикон зарядкӕ.
а) дзырды уангтӕ иумӕ дзурын: не, се, уӕ, ды, ру, йӕ, го, хи, саг, сис.
ӕ) фӕйнӕгтыл фыст: -ымӕг, -ӕрд, -алх, -ӕр, -ӕрын. (баххӕст кӕнын хъӕуы дзырдты цухгонд дамгъӕтӕй)
б) Ныр та ахуырдзаутӕ хъуыды кӕнынц сӕхӕдӕг ацы схемӕтӕм гӕсгӕ:
, , , .
в) Ахуыргӕнӕг: -Дымгӕ ӕрбадымдта ӕмӕ ныппырх кодта дзырдты уӕнгтӕ, сӕвӕрут-ма сӕ раст. Бӕ-лас, кӕр-до, са-хат, ба-быз, хӕ-рӕг.
3. Рацаугӕ ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.
4.Ног ӕрмӕгмӕ рахизын.
Ах-ӕг: -Абон базонгӕ уыдзыстӕм ног дамгъӕ В-имӕ, йӕ арӕзт, хъуысынад,загъды ӕмӕ кӕсыны `гъдӕуттимӕ.
-авдӕн, ӕвзаг.
В-йӕ цы дзырдтӕ райдайы, уыдон бирӕ не сты: вӕййын, вазыгджын ӕмӕ вӕзы(толщина)
Фӕлӕ астӕуӕй в кӕм ис, ахӕмттӕ сты фылдӕр: авдӕн, ӕвзаг, ӕвзӕр, зивӕг, ӕвӕрын (сфӕлхат кӕнын дзырдты иумӕ)
5. Нывмӕ гӕсгӕ куыст «Фӕззӕг» (нывмӕ гӕсгӕ хъуыдыйадтӕ ӕрхъуыды кӕнын)
_____ _____ .
_____ _____ _____.
_____ _____ _____ _____.
6.Физминуткӕ скӕнын.
7.Ахуыргӕнӕджы фарст: -Цавӕр сырды номы ис дамгъа В (Рувас)
( байхъусын аргъаумӕ «Хинӕйдзаг рувас» (аудиозапись)
Раттын фӕрстытӕ: -Чи цӕры хъӕды?
Кӕмӕн амард йӕ лӕппын?
Чи у сырдтӕй алкӕмӕй хиндӕр?
(Аргъау рольтӕм гӕсгӕ радзурын)
8. «Абеты» чиныгимӕ бакусын (62-ӕм ф.) ссарын дзырдтӕн ныхмӕвӕрд дзырдтӕ: ӕмбаргӕ-? ӕнӕзивӕг-? сабыр-? хорз-?
9. Лексикон хъӕзтытӕ:
а)хызынӕй исын хӕслӕвӕрдтӕ, ахуырдзаутӕ сӕ ӕххӕст кӕнынц; ӕ)хъазт «Рӕхыс»
10.Хӕдзармӕ ӕрмӕг раттын.
11.Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.
Предварительный просмотр:
Гом урочы пълан
ирон ӕвзагӕй
4 «А» къласы
Темӕ: «Дыргътӕ»
Ахуыргӕнӕг: Хӕйманты.Ж.А.
1. Урочы темӕ: «Дыргътӕ»
Урочы нысан: 1. Сразӕнгард кӕнын сывӕллӕтты иронау дзурынмӕ.
2. Дзырдуатон куыст.
3. Бафидар кӕнын рацыд ӕрмӕг.
Цӕстуынгӕ ӕрмӕг: ахуыргӕнӕн чиныг, кроссвордтӕ карточкӕтӕ, нывтӕ.
Урочы цыд
1.Организацион хай.
2.Фонетикӕ. Мыртӕ ӕмӕ дамгъӕтӕ.
3. Дзырдуатон куыст рацыд ӕрмӕгӕй.
4.Саразын кроссворд.
5. Физминуткӕ
6. Ног ӕрмӕгмӕ рахизын.
7. Чиныгимӕ бакусын.
8. Магнитофонмӕ байхъусын.
9. Кӕронбӕттӕн скӕнын.
10. Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.
11. Хӕдзармӕ куыст.
1. Организацион хай.
Боныхъӕдӕй бафӕрсын
-Афӕдзы цал афоны ис? -Ныр цы афон у? -Къуырийы бонтӕй кӕцы бон у? -Ранымайут зымӕджы мӕйтӕ?
2. Фонетикӕ. Мыртӕ ӕмӕ дамгъӕтӕ.
а) Хъӕбӕр мыртӕ ӕмӕ дамгъӕтӕ сфӕлхат кӕнын: [хъ],[къ],[гъ],[цъ],[чъ],[дз],[дж],[пъ],[тъ]- ӕмӕ ӕрхъуыды кӕнын дзырдтӕ.
ӕ) Равдисын сӕм нывтӕ, дзырдтӕ баххӕст кӕнын цухгонд дамгъӕтӕй.
3. Рацӕугӕ ӕрмӕгӕй дзырдуатон куыст бакӕнын.
а)Ӕвдисын рацыд ӕрмӕгӕй нывтӕ, ахуырдзаутӕ сӕ дзурынц: нуры, къабуска, нас, джитъри, бадырджан, булкъ, уырыдзы, картоф, хъӕдындз, мӕймӕбулкъ.
ӕ) Бакӕсын чиныгӕй текстытӕ: «цӕхӕра», «булкъ», «уырыдзы». Ратӕлмац сӕ кӕнын.
б) Текстыты ссарын: сущ+гл., прил+сущ.
4)Кроссворд
Цӕмӕй нӕ рацыд ӕрмӕг бафидар кӕнӕм, уый тыххӕй скӕнӕм кроссворд.
1 |
2 |
3 |
4 |
5 |
6 |
7 |
8 |
дж |
къ |
къ |
дз |
хъ |
дз |
1.Уымай цъус зыны ӕрмӕст, иннӕ зӕххы бын нымбӕхст. Уый сыф чъирийӕн у хорз.
2. Зайы цӕхӕрадоны сырх у, фӕлӕ цывзы нӕу, тымбыл у фӕлӕ цӕхӕрӕ нӕу.
3. Дзыккутӕ йыл уыд, ӕмӕ чызг нӕ уыд, тымбыл уыд ӕмӕ айк нӕ уыди, къӕзил ын уыди, фӕлӕ мыст нӕ уыд.
4.Тымбыл, стыр, бур ӕмӕ хӕрзад.
5. Исын бирӕ къабатӕ, фӕлӕ чызг нӕу.
6. Рӕсугъд чызг бады талынджы, йӕ дзыкку уынджы.
7. Къодахы бын-мыстытӕ.
8. Чи мӕм бавнала, уый скӕудзӕн.
5.Физминутка
-Къах лӕууы… . -Къах цӕуы… . -Къӕхтӕ згъорынц… . -Къӕхтӕ кафынц… . -О, мӕ къӕхътӕ, гыццыл къӕхтӕ -Ох!
6. Ног ӕрмӕгмӕ рахизын «Дыргътӕ»
Ах-ӕг: Мах базонгӕ стӕм халсартимӕ. Абон базонгӕ уыдзыстӕм дыргътимӕ. Зӕгъут мӕ цавӕр предметмӕ хауынц халсартӕ ӕмӕ дыргътӕ.
Дзырдуат: бал-вишня, кӕрдо-груша, сӕнӕфсир-виноград, фӕткъуы-яблоня, чылауи-слива, ӕхсынцъы-алыча.
7. Чиныгимӕ бакусын.
а) Бакӕсын текст «фӕткъуы, кӕрдо» стӕй та байхъусын ахуырдзауты кастмӕ
ӕ) Тӕлмац кӕнынц текст ног дзырдты руаджы.
б) Рӕттын сӕм фӕрстытӕ. -Цавӕр дыргътӕ зайы Ирыстоны дыргъ-ты? -Исты пайда сты адӕймагӕн? --сӕрды сыфтӕрты бын цавӕр фӕткъуытӕ ӕмӕ кӕрдотӕ ис фенӕн?
8.Магнитофонмӕ байхъусын.
-Лӕмбынӕг байхъусут ӕмӕ зӕгъут цавӕр дыргъты кой дзы цӕуы? Цӕвӕртӕ сты фӕткъуы ӕмӕ кӕрдо? Цавӕр халсары кой дзы цӕуы?
9.Кӕронбӕттӕн скӕнын
-махмӕ абон ис диссаджы бӕлӕс, чи ӕртондзӕн бӕласӕй дыргътӕ ӕмӕ сӕ чи базондзӕн.
10.Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.
11.Хӕдзармӕ куыст. Текст аив кӕсынмӕ ӕмӕ тӕлмац кӕнын зонын.
Предварительный просмотр:
Гом урочы пълан
ирон ӕвзагӕй
(4 къласӕн)
(уырыссаг хай)
Урочы темӕ: аргъау
«Чи кӕм уыдис сӕрды»
Ахуыргӕнӕг: Хӕйманты Ж.А
Урочы темæ:
Аргъау «Чи кæм уыдис сæрды»
Урочы нысан:
1)Аргъауы мидис бæстон бамбарын кæнын сывæллæттæн.
2)Ног дзырдтæ бацамонын.
Урочы æрмæг:
Нывтæ, карточкатæ, кроссворд
Урочы цыд.
- Организацион хай.
- Рацаугæ æрмæг сфæлхат кæнын.
- Аргъаумæ байхъусын (ногæ æрмæг).
- Нывмæ гæсгæ куыст.
- Кроссворд саразын.
- Грамматикон хъазт.
- Æмхæст дзырд.
- Мыр ,дамгъæ.
- Хæдзармæ куыст.
- Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
1.Организацион хай.
(Боны хъæдæй бафæрсын, къуырийы бон,нымæц…)
2.Рацӕугӕ ӕрмӕг фӕлхат кӕнын.
Бафӕрсын ахуырдзауты дзырдтӕ ӕмӕ дзырдбӕстытӕй тӕлмац кӕнынмӕ.
Дугъысыф-? хосгӕрдӕг-? Хӕлуарджыты тынтӕ-?
Пайда у-? Ӕнӕниздзинад-? боныхъӕд-?
Архъуыды канын хъуыдыйадта дзырдта «дугъысыф» ӕмӕ «ӕнӕниздзинад»-имӕ.
(Дугъысыф у хосгӕрдӕг.
Дугъысыф зайы хъахвӕндӕгтыл.
Дугъысыф пайда у адӕймаджы ӕнӕниздзинадӕн).
3.Байхъусын комп.аргъаумӕ «Чи кӕм уыдис сарды?» (2 хатты).
а)Бафӕрсын зонгӕ дзырдтӕй.
б) Ахуыргӕнӕг йӕхӕдӕг кӕсы аргъау
в) Базонгӕ кӕнын ах-ты ног дзырдтимӕ:
Ӕрсой, Бирӕгъыхъо, Рубагӕ, Хуыкком, Зулмӕкӕсын, цуан кӕнын.
Фарстатӕ сӕм раттын радзырдӕй:
- Цӕуыл ныхас кодтой сырдтӕ тулдз бӕласы бын?
- Куыд цӕтта кодтой сырдтӕ сӕхи зымӕгмӕ?
- Цы загъта тулдз бӕлас?
4.Нывмӕ гӕсгӕ куыст.
- Кӕй уынут нывы?
- Ӕрхъуыды кӕнут цалдӕргай миногонтӕ дзырдтӕм «арс», «бирӕгъ», «рувас»-мӕ.
(Тыхджын, зондджын арс, зыд бирӕгъ, хинӕйдзаг рувас)
- Кроссворд. Уӕда ма ӕркӕсут ацы кроссворды, ӕмбӕхст сты нӕ аргъауы сӕйраг хъайтартӕ(геройтӕ)
1. Бирӕгъ ӕрцахста кӕй?
2. Чи сцӕттӕ кодта зымӕгмӕ хъӕддаг дыргътӕ?
3. … у зыд, ӕнӕфсис.
4. … у хинӕйдзаг, сайӕгой.
5. … у тыхджын ӕмӕ зондджын.
6.Нӕ радзырды алкӕмӕй даргъдӕр дзырд у «кӕрдобӕлас»
(Саразут ацы дзырдӕй алыхуызон дзырдтӕ: (кӕрдо, бӕлас, бас, кард, род, дар, сӕрд, бад,сӕкӕр)
7. Ӕмбӕхст дзырд (арс)
-Базонут-ма, цы дзырд ӕмбӕхст ис мӕ къонверты? (Ахуырдзаутӕ дӕттынц алыхуызон фарстатӕ, цалынмӕ бахӕццӕ уой фарст. Уый хъӕддаг сырд у? уӕдмӕ.
Дзуапп: конверты ис ӕмбӕхст дзырд АРС (ныв)
Радзурын хъӕуы чысыл радзырд «арсы» тыххӕй.
Кӕм цӕры? -Арс цӕры хъӕды.
Цы уарзы? -Уый бирӕ уарзы мыд.
Цы хуызӕн у? -У тыхджын ӕмӕ фӕлмӕн зӕрдӕ.
8. Мырон–дамгъон ӕвзӕрст дзырдтӕ: хъӕддаг, хуыкком, гагадыргъ, тулдз.
9. Хӕдзармӕ куыст: аргъау «Чи кӕм уыдис сарды?» аив кӕсын, тӕлмац кӕнын зонын, ног дзырдтӕ сахуыр кӕнын.
10. Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.
Предварительный просмотр:
Гом урочы пълан
Темӕ: Хетæгкаты Къоста-ирон адæмон фыссæг. Æмдзæвгæ «Æрра фыййау».
Ахуыргӕнӕг: Хӕйманты Ж.А.
Урочы темæ: Хетæгкаты Къоста-ирон адæмон фыссæг.Æмдзæвгæ «Æрра фыййау»
Урочы нысан: 1)скъол-ты базонгæ кæнын фыссæджы царды хабæрттимæ;
2) Къостайы æмдзæвгæтыл афæлгæст скæнын. Равзарын æмдзæвгæ «Æра фыййау».
3) скъол-тæм гуырын кæнын уарзондзинад Къостайы сфæлдыстадмæ.
Урочы метод:беседæ.
Куысты хуызтæ: аив каст, Къостайы æмдзæвгæтæ дзурын, æмбисæндтæ сфæлхат кæнын.
Урочы цыд:
- Организацион хай.
а)-Сывæллæттæ, зæгъут-ма афæдзы мидæг цал афоны ис? Ранымайут сæ?
-Ныр афæдзæн йæ кæцы афон у?
-Ранымайут фæззæджы мæйтæ.
-Зæгъут-ма цы ивддзинæдтæ æрцæуы фæззæг æрдзы мидæг?
æ) Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæ æмбисæндтæ.
1)Зæххыл ис æртæ ахуыргæнæджы…
2)Чи цал æвзаджы зона…
3)Иуы зондæй…
4)Æппæтæй тыхджындæр …
2)Хæдзармæ куыст.
-Цæмæ арæзт æрцыд къæлиндар?
-Фыццаг къалиндар чи сарæзта?
-Афæдзы дæргъ фыццаг чи базыдта, стæй цæмæ гæсгæ?
-Цæмæ гæсгæ арæзт æрцыд къæлиндар?
-Чи базыдта фыццаг афæдзы дæргъ?
-Цæмæн хъуыди къæлиндар?
-Куыд сбæрæг кодтой египетаг адæм афæдз?
-Цал боны ис афæдзы?
3)Физминуткæ.
4)Ног æрмæг.
Дзырдуат: сфæлдыстад,къуымбил, уæзæгыл, ныххæрæгъ.
Кæфты мæйы 15-æм бон.
-Сывæллæтæ , абон мах нæ урочы ныхас кæндзыстæм, ирон номдзыд фыссæг, Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй.
Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста у ирон литерæтурæйы бындурæвæрæг, Ирыстоны адæмон фыссæг. Райгуырд 15-æм октябры 1859 азы , Нары хъæуы, Уæлладжыры комы. Йæ мад Гуыбат Мæрийæ , амард Къостайы райгуырды фæстæ . Схаста йæ се `рвадæлты ус Чендзе.Чендзе Къостайы уарзт йæхи хъæбулау.
Къостайы фыд Леуан уыд æфсæддон, арæх цыди балцыты. Къостайыл 5 азы куы сæххæст, уæд Леуан æрхаста ног ус, Сухиты Хъызмыдæйы. Фыдыус нæ бауарзта лæппуйы-арæх æвзæрста æфхæрд æмæ над.
Райдиан скъола каст фæци Нары. Стæй ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы реалон училищæйы. Йæ фæстæ бацыд Стъарополы гимназмæ. Ам раргом йæ фыссæджы куырдиат. Баххуыс ын кодтой уыцы хъуыддаджы йæ ахуыргæнджытæ: Неверов æмæ Смирнов. Иу аз-ма куы баззад ахуыр кæнынæн, уæд Къоста бацыд Бетъербухы Аивæдты академимæ. Кæронмæ йæ каст нæ фæци, уæззау царды уавæрты тыххæй. Æрцыд фæстæмæ Ирыстонмæ. Дыууæ хатты Къоста хаст æрцыд Ирыстонæй.
1899азы рацыд «Ирон фæндыр».
Йæ цард–цæрæнбонтыКъоста тох кодта мæгуыр адæмы сæраппонд, сæ бартыл.
Амард 1906 азы 1-æм апърелы. Ныгæд у ирон аргъуаны кæрты.
2)Скъоладзаутæ дзурынц раздæр Къостайæ цы æмдзæвгæтæ ахуыр кодтой, уыдон.
3)Æмдзæвгæ «Æрра фыййау «бакæсын æмæ йын анализ скæнын.
4)Къостайы æмдзæвгæтыл фыст æрцыдис зарджытæ.
Хъуысы зарæг «Хъуыбады».
Къоста канд фыссæг нæ уыди, фæлæ ма уыди нывгæнæг .
Слайд 1. Æвдыст цæуынц йæ нывтæ.
Къостайы тыххæй тынг бирæ дзурын æмбæлы, æмæ хистæр кълæсты сымах дарддæр зонгæ кæндзыстут йæ цард æмæ сфæлдыстадимæ.
Къостайы ном рох нæу йæ номыл ис бирæ цыртдзæвæнтæ нæ горæты.
Слайд2 .Æвдыст цæуынц йæ цыртдзæвæнтæ.
5 Кæронбæттæн.
-Цæуыл ныхас кодтам абон нæ урочы?
-Кæд æмæ кæм райгуырдис Къоста?
-Чи схаста Къостайы æмæ цæмæн?
-Куыд хуындысты йæ мад æмæ фыд ?
-Цавæр цæстæй каст Къостамæ йæ фыды дыккаг ус?
-Фыссынæй уæлдай мА цы уарзта Къоста
--Куыд хуыйны йæ фыццаг чиныг ?
-Йæ æмдзæвгæ «Æра фыййау « цæмæ схуыдта?
6. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
7. Хæдзармæ куыст. Æмдзæвгæ зæрдывæрдæй сахуыр кæнын.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Открытый урок, проведённый в рамках «Дня открытых дверей» для родителей по теме «Урок здоровья» «Be healthy, wealthy and wise!» Советы, как быть здоровым и успешным.
Тип урока:Закрепление знаний(рекомендация, советы по режиму дня)Цели: - развитие коммуникативных умений в говорении, чтении, ау...

Открытый урок по чтению "Умейте делать открытия" 2 класс
Сегодня на уроке чтения мы будем работать над содержанием рассказа Михаила Пришвина «Золотой луг», узнаем, какие названия существуют у известного вам растения. Девизом урока я предлагаю слова: «...

Открытый урок по математике по учебнику Л.Г.Петерсон (4 класс, 2 часть, урок № 3) по теме: «Сложение дробей с одинаковыми знаменателями». Урок открытия новых знаний. в 4 классе
Урок построен в соответствии с технологией деятельностного метода....

Конспект открытого урока на районный конкурс-фестиваль « Открытый урок».
Конспект открытого урока по окружающему миру во 2 классе на тему " Вокруг света с фотоаппаратом" с использованием передовых педагогических технологий....

Открытый урок во 2 классе по теме " Clothes" УМК" Forward",открытый урок в 1 классе по теме " Моя семья"
Певый урок апробировался на экспериментальной площадке с 2010-2013...

Конспект открытого урока русского языка. 4 класс. Конспект открытого урока русского языка. 3 класс.
Тема «Правописание окончаний имён существительных в дательном падеже». Тема «Упражнения в правописании слов с проверяемыми безударными гласными в корне»...
5 раздел. Мероприятия. Дни открытых дверей (открытые уроки). Урок математики в 1 классе по теме:"Обобщение изученного". Султанова С.В.
5 раздел. Мероприятия. Дни открытых дверей (открытые уроки).Урок математики в 1 классе по теме: "Обобщение изученного". Султанова С.В....