Открытый урок
материал на тему

«Тӕргайгӕнаг»Гуыцмӕзты Михал.

Скачать:

Предварительный просмотр:


Подписи к слайдам:

Слайд 1

« Тæргайгæнаг» Гуцмæзты Михал 3 кълас – ахуыргæнæг Цхуырбаты А.Ю

Слайд 2

Исты базонын кæй фæнды, зонгæ дæр уый кæны !

Слайд 3

Дзырдуатон куыст Тызмæг – Зулмæ – Цъус – Къулбадæг – Дымæг – Фестъæлфыд – Рагъ – Мæ къона – Уæлвæд - сердито наискось мало.маленький избалованный,капризный хвост вздрогнул спина мой милый у дороги

Слайд 4

М æ мад ! Чи æрбацæуы мæм райсом ? Чи мын акæны аходæн? Чи æркæны цай мæнæн? Чи бафснайы хæдзар? Чи мын ахъæбыс кæны? Чи у а бæсты се ппæтæй хуыздæр ?

Слайд 5

Гуыл æрбацъæлтæ кодта æмæ хæры зыдæй. Райсомæй йæ сыстадмæ Нуца хъайла скодта æмæ йæ стъолыл æрæвæрдта. Куыдз бæзджын хъæлæсæй ныррæйдта. Сæ куыдз Хъилхъус Бидыры ауыдта æмæ йæ дымæг цины тылд бакодта . Гыцци , дон дын æрбахæссон ? Лæппу бамбæрста М ила йæ кæй фæсайдта уый . Дысон дæр та æфсæстæй ныххуыссыд чысыл Бидыр .

Слайд 6

СТЫР БУЗНЫГ!



Предварительный просмотр:

Гом урок        3 кълас    ахуыргӕнӕг Цхуырбаты А.Ю.

Урочы темӕ: «Тӕргайгӕнаг» Гуыцмӕзты Михал.

Урочы нысантӕ:

1.Базонгӕ кӕнын ног радзырдимӕ.

2.Ныхасы рӕзтыл куыст.

3.Рӕзын кӕнын тырнындзинад зонындзинӕдтӕм

4 Рӕзын кӕнын мативаци мадӕлон ӕвзагмӕ.

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг ӕмӕ техникон фӕрӕзтӕ:

1.Интерактивон фӕйнӕг.Презентаци.

Урочы методтӕ:лекции,беседӕ,къордгай куыст, радзырды анализ.

Урочы цыд.

1.Бацӕттӕгӕнӕн хай.

Фӕйнӕгыл. « Исты базонын кӕй фӕнды, зонгӕ дӕр уый кӕны

Нӕ абоны урок мӕ райдайын фӕны ацы дзырдтӕй.

Куыд сӕ ӕмбарут ацы дзырдтӕ?

Зонындзинӕдтӕ алы ран дӕр хъӕуынц. Ӕмӕ цӕмӕй бирӕ зонӕм, уый тыххӕй хъуамӕ хорз ахуыр кӕнӕм.

2.Хӕдзармӕ куыст сбӕрӕг кӕнын.

Цы уын уыд лӕвӕрд хӕдзармӕ?(ӕмдзӕвгӕ «Лымӕн» зӕрдывӕрдӕй)

Байхъусӕм цалдӕр ахуырдзаумӕ

Ӕмдзӕвгӕ сахуыр кӕнынӕй уӕлдай ма уын уыд лӕвӕрд къордгай куыст. Цы хъуамӕ бацӕттӕ кодтаиккат? (1 къорд-ӕмбисӕндтӕ,2 къорд-уыци-уыцитӕ,3 къорд-ӕмдзӕвгӕтӕ чиныг ӕмӕ зонындзинӕдты тыххӕй)

Байхъусӕм алы къордмӕ дӕр.

Кӕцыдӕр къордӕн бантыст фылдӕр.Уый бацахста 1 бынат. Иннӕтӕ тӕргай ма фӕут.

Зӕгъут-ма тӕргай чи фӕкӕны ахӕм адӕймаджы куыд фӕхонынц?(Тӕргайгӕнаг)

3Байхъусӕм ма радзырдмӕ,кӕцы ныффыста Гуыцмӕзты Михал. Михал райгуырд хуссар Ирыстоны. Ахуыр фӕци педагогон институт.Куыста газеты кусӕгӕй. Журнал «Фидиуӕджы» редакторӕй. Фыста радзырдтӕ,поэмӕтӕ,повестьтӕ. Абон байхъусдзыстӕм Михалы радзырдмӕ, кӕцы ныффыста сывӕллӕттӕн.Байхъусӕм ма йӕ 1-аг хаймӕ ӕмӕ йын ӕрхъуыды кӕнӕм сӕргонд.

Байхъуыстам 1-аг хаймӕ.Куыд схониккат нӕ радзырд?

Байгом ма кӕнӕм уӕдӕ 168 фарс ӕмӕ фенӕм куыд схуыдта йӕ радзырд Гуыцмӕзты Михал.

Бакӕсӕм ма радзырд кӕронмӕ.

4Дзырдуатон куыст.Фӕйнӕгмӕ рахастон зын ӕмбарӕн дзырдтӕ.Куыд сӕ ӕмбарут?Ратӕлмац- ма .сӕ кӕнӕм.

5. Зӕгъут-ма нӕ радзырды архайджытӕ чи сты?

- Бидыр кас хӕрын цӕуылнӕ куымдта,ӕххормаг ын нӕ уыди?

-Уӕдӕ фыр мӕстӕй цӕмӕн сцӕйкуыдта?

-Сымахӕй исчи у ахӕм тӕргайгӕнаг?

Тӕргай кӕнын худинаг у.

Афтӕ фӕдзурынц ,кӕд дӕ нӕ фӕнды де мбӕлтты фесафын,уӕд зон хатыр кӕнын.

Зӕгъут-ма Бидырӕн йӕ мад исты ӕвзӕрӕй бакодта? Раст бакодта Бидыр?

6. Хъаст «Мӕ мад»

Ӕз уӕм дӕтдзынӕн фӕрстытӕ,сымах та мын дзуапп дӕттут- МӔ МАД. Иумӕ.

1.Чи ӕрбацӕуы мӕм райсом?                    Мӕ мад

2.Чи мын акӕны аходӕн?                             Мӕ мад

3.Чи ӕркӕны цай мӕнӕн?                           Мӕ мад

4.Чи бафснайы хӕдзар?                                 Мӕ мад

5.Чи мын ахъӕбыс кӕны?                             Мӕ мад

6.Чи у а бӕстыл се ппӕтӕй хуыздӕр?       Мӕ мад

Раст.Уыдон сты нӕ мадӕлтӕ. Ӕмӕ сӕ хъуамӕ мах бирӕ уарзӕм,ӕххуыс сын кӕнӕм.Уӕ хуыздӕр ӕххуыс та у хорз ахуыр кӕнын.

7.Нӕ радзырдӕн ма йӕ 1-аг хай бакӕсӕм рольтӕм гӕсгӕ.

Зӕгъут ма  чи сты нӕ архайджытӕ? Кӕсӕм.

8.Писмо сӕйраг архайӕгмӕ.

Зӕгъӕм мах бафӕндыд ныффыссын фыстӕг Бидырмӕ.Чи уӕ цы ныффыссид йӕ фыстӕджы ?

9.Хъуыдыйӕдтӕ фӕйнӕгыл.

Фӕйнӕгыл фыст ис хъуыдыйӕдтӕ кӕцытӕ райстон нӕ радзырдӕй.Лӕмбынӕг сӕм бакӕсут ӕмӕ зӕгъут раст сты ӕви рӕдыдтытимӕ.

10. Урочы кӕрон.

-Цы базыдтам абон нӕ урочы? Кӕй кой дзы кодтам? Цавӕр лӕппу уыд Бидыр?Цы фӕцыд уӕ зӕрдӕмӕ?

11.Хӕдзармӕ куыст. Аив кӕсын, хи ныхӕстӕй дзурын, радзырдмӕ  нывтӕ скӕнын.

12. Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Открытый урок, проведённый в рамках «Дня открытых дверей» для родителей по теме «Урок здоровья» «Be healthy, wealthy and wise!» Советы, как быть здоровым и успешным.

Тип урока:Закрепление знаний(рекомендация, советы  по режиму дня)Цели:       - развитие коммуникативных умений   в говорении,   чтении,  ау...

Открытый урок по чтению "Умейте делать открытия" 2 класс

Сегодня на уроке чтения мы будем работать над содержанием рассказа Михаила Пришвина «Золотой луг», узнаем, какие названия существуют у известного вам растения. Девизом урока я предлагаю слова: «...

Конспект открытого урока на районный конкурс-фестиваль « Открытый урок».

Конспект открытого урока по окружающему миру во 2 классе на тему " Вокруг света с фотоаппаратом" с использованием передовых педагогических технологий....

Открытый урок во 2 классе по теме " Clothes" УМК" Forward",открытый урок в 1 классе по теме " Моя семья"

Певый урок апробировался на экспериментальной площадке с 2010-2013...

Конспект открытого урока русского языка. 4 класс. Конспект открытого урока русского языка. 3 класс.

Тема «Правописание окончаний имён существительных в дательном падеже». Тема «Упражнения в правописании слов с проверяемыми безударными гласными в корне»...