Темæ: Адæймаг æмæ æрзды удхæстæгдзинад Коцойты Арсены радзырд"Хъусой"-ы. 2-аг урок.
план-конспект урока (4 класс) на тему

Караева,Лидия,Романовна

Нысан:1)сывæллæттæн уарзын кæнын цæрæгойты, æвзæрын сæм кæнын тыхджын æнкъарæнтæ.

               2)ныхасы рæзтыл куыст.

               3) хъомыладон куыст бакæнын

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл husoy.docx15.61 КБ

Предварительный просмотр:

4-æм кълас

Темæ: Адæймаг æмæ æрзды удхæстæгдзинад Коцойты Арсены радзырд"Хъусой"-ы.  2-аг урок.

Нысан:1)сывæллæттæн уарзын кæнын цæрæгойты, æвзæрын сæм кæнын           тыхджын æнкъарæнтæ.

               2)ныхасы рæзтыл куыст.

               3) хъомыладон куыст бакæнын

Урочы æрмæг: чиныг,иллюстрацитæ текстмæ,дзырдбыд.

                                  Урочы цыд.

 Ахуыргæнæджы разныхас.

       Дард Японы æвæрд æрцыд цыртдзæвæн, уый хуымæтæджы нæу, æвæрд уыд куыдзæн. Райсомæй иу йæ хицауы ахизын кодта куыстмæ, изæр та- уад йæ размæ.Афтæ цалдæр азы. Бирæ цаутæ ис,царды мидæг куыдз адæймагæн куыд æххуыс кæны.

   Хæдзармæ куыст.

Æмдзæвгæтæ зæрдывæрдæй зонын."Барбос", "Сидзæр къæбыла"," Гæбуцци".

Текстимæ куыст.

Радзырдмæ фыццаг урокыл  арæзт æрцыд композицион-сюжетон пълан, уый æвдисдзæн радзырды хицæн хæйтты кæрæдзийыл бастдзинад. (Фыст у тетрæдты). Дыккаг урочы пъланы пунктты æххуысæй ахуыргæнинæгтæ дзурынц уацмысы мидис.

                                                          Пълан:

1.Сугъарты  хæдзармæ арбафтыди къæбыла.

2.Хъусойсси тыхджын куыдз, хъæлдзæг уыд йæ цард.

3.Хъусойæн фæзынди къæбылатæ.

4. Мад æмæ фыд бауынаффæ кодтой къæбылаты аппарын. Лææппутæ разы не сты .

5. Гаппо къæбылаты чыргъæды фæхæссы.

6. Хъусой йæ хъæбулты фæстæ Терчы йæхи баппæрста.

7. Гаппойы зæрдыл лæууыди ныйарджыты фæдзæхст.

8. Хъусой нæ хъусы, Хъусой не змæлы.

9. Мад йæ къæбылайы мардимæ фæлыгъди тæргай.

10. Галиу къахы дзæмбы- мард къæбылайыл æвæрд.

     Равдисын иллюстрацитæ радзырдмæ.(Чиныг- Арсен Коцоев  "Корноухая"1979)

   Беседæ.

- Цыма лæппуты ныййарджытæ раст уыдысты, къæбылаты кæй аппæрын кодтой, уымæй?

- Мад æмæ фыды уынаффæ цæрæгойтæн уыди карз тæрхон. Уыдоны дæр цæрын фæнлы, æмæ сын аразын хъæуы фадæттæ. Хъусой Госæмайæн фервæзын кодта йæ сабийы, фæлæ йын уый йæ хорздзинад ницæмæ рдардта, гадзрахатæй йыл рацыди. Адæймаджы фыддзинадæй дард фæлыгъди Хъусой æмæ йæ хъæбулты фæстæ фырзæрдæрыстæй амарди.

Къордтæй куыст. Дзырдбыд.

Фæрстытæ:

1.Радзырды автор у Коцойты...

2.Радзырды сæргонд.

3.Бинонты мыггаг.

4.Лæппутæй йæ цæссыгт кæмæн æрызгъæлдысты, уый ном.

5.Сывæллæтты мады ном.

6. Чи ахаста чыргъæд къæбылатимæ?

 Хатдзæгтæ.

Æмбисæндтæ куыдзыл.

Хорз куыдз лæгæн æмбал у.

Куыдз зæрдæ зоны.

    2-3 скъоладзауы дзурынц сæ куыйты тыххæй.

- Зæгъут-ма, уацмысы  архайджытæй кæй фарс стут, дыууæ лæппуйы æви ныййарджыты? Цæмæн?

   - Госæма ницæмæ рдардта Хъусойы, мады цин, нæ банымадта, стыр зæрдæниз ын кæй кæны, уый. Фесæфта Госæма къæбылаты. Сафын та сæ фæкодта æнæтæригъæд, сыгъдæгзæрдæ лæппутæн.Госæма Хъусойы къæбылаты доны баппарын кодта, уымæн æмæйын ницы пайда сты, сæ мад ын йæхæдæг æгъгъæд у. Ам Арсен æвæры ахæм хъуыды: адæймагмæ,цардмæ пайдайы цæстæй кæсын нæ хъæуы, тæригъæд зонын хъæуы, рæсугъддзинад сафын нæ хъæуы.

      - Уæ зæрдæмæ фæцыд абоны урок?

      - Чи хуыздæр архайдта урочы?

       - Смайликтæ равдисут. Чи куыд разы у йæ куыстæй.

  Бæрæггæнтæ сæвæрын.

  Хæдзармæ куыст. Фыццаг æмæ фæстаг хæйттæ текстмæ хæстæг радзурут.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

урок обучения грамоте "Планета знаний"Тема урока: Урок обучения грамоте Звук [щ\']. Буквы Щ, щ.

Ход урока. 1. Орг . момент . Снег порхает и сверкает В золотом сиянье дня. Словно пухом устилает Все дороги и дома. Сыплет, сыплет снег-снежок. Начинаем наш урок.-Ка...

Разработка урока и презентация к уроку и презентация к уроку

Разработка урока по родной (башкирской) литературе в 5 классе "Әсикмәк" и презентация к уроку...

Урок №5 Тема урока: Добро и зло (урок первый).

Конспект урока по ОРКСЭ модуль "Светская этика" 4 класс...

Адæймаг æрдзы хъæбул у.

P { margin-bo P { margin-bottom: 0.21cm; } Мадӕлон ӕвзагмӕ уарзондзинад гуырын канын, Ирыстоны алӕматтаг ӕрдзмӕ патриотон хъомылад, ахуырмӕ бӕрнон цӕстӕнгас дарын, ахуыр кӕнын хибарӕй куысты...

Башҡорт халыҡ әкиәте Ҡарсыҡ менән айыу

Башҡорт халыҡ әкиәтен үҙгәртеп, шиғыр өҫтәп яҙҙым. "Һаумы, һаумы әкиәт" конкурсында йырлап, бейеп  һөйләп ишеттерҙек....

Проект Арсе-Синицыной Таисии Каталины "Каждому нужен свой собственный дом"

Часто на улицах мы видим бездомных животных. Им нужна помощь и поддержка. Своих питомцев Таисия и её мама подобрали на улице. В классе девочка рассказывала о своих подопечных. Ребята с интересом слуша...

Темæ: «Адæймаг йæ хорз хъуыддæгтæй фидауы. Мивдисæг»

Темæ: «Адæймаг йæ хорз хъуыддæгтæй фидауы. Мивдисæг»Урочы  нысантæ.Бафидар кæнын зонындзинæдтæ мивдисæгæй.Ныхасы рæзтыл бакусын.Гуырын кæнын уарзондзинад æрдзмæ æмæ мадæлон æвзагмæ.Ур...