Праздник "День Матери" на осетинском языке .
материал (3 класс)

Басиева Альбина Савельевна

День Матери 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл mady_bon.docx408.33 КБ
Файл 8_am_marti_na_nanaty_baragbon.docx21.52 КБ

Предварительный просмотр:

D:\Users7\USER\Desktop\аттестация 2015\фоны\портфолио педагога и воспитателя 6\чистые шаблоны\3.jpg

Конспект развлечения

«МАДЫ БОН»

 (на осетинском языке)

Хъомылгæнæг :

- Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ сывæллæттæ æмæ нæ кадджын мадæлтæ!

Тынг æхсызгон у уæ уынд нæ рæвдауæндоны, ацы къулты æхсæн. Абон иууылдæр сæхи бацæттæ кодтой бæрæгбонмæ, кæцы хуыйны «МАДЫ БОН». Мах дæр бацæттæ кодтам программæ, кæцы арæзт цæудзæн конкурстæй, æмдзæвгæтæй, зарджытæй…

«Кæуыл фембæлæм мах,

Куы райгуырæм зæххыл?

Уый у нæ мад!

Уымæй зынаргъдæр нæй!

Йæ алыварс зæхх зилы,

Бæстæ йæхицæй ,ндавы.

Цæрæнбонты хъахъхъæны

Фыдбылызæй мах

Хæдзары мæсыг у,

Фыдæбон кæны æдзух.

Уымæн хъарм, фæлмæн

Йæ зæрдæмæ йæ къух!»

- Абон у стыр бæрæгбон – «МАДЫ БОН!»  Æмæ ацы бон алы мадæн сæрыстырæй цыдæриддæр хуыздæр фарнæй æмæ ныхасæй ис, уыдон лæвар кæнæм. Мады бæрæгбоны хорзæх уæ уæд!

  • æнæ хурæй нæ зайынц дидинджытæ,
  • æнæ уарзтæй нæй амонд,
  • æнæ сылгоймаг  нæй уарзондзинад.

Фыццаг бон сывæллон куы райгуыры, уæдæй фæстæмæ мад цæры уый улæфтæй, йæ цæссыгæй æмæ йæ худтæй.

Мады уарзондзинадæй хъарм кæны сывæллоны цард, мад æй сахуыр кæны уарзын Райгуырæн  бæстæ æмæ йæхи æвзаг.

1- аг сывæллон

Нæ зынаргъ мадæлтæ

2- аг сывæллон

Кæд фæнды дæр уæ сæрыстыр стæм.

3- аг сывæллон

Фондз азы мыл куы сыххæст уæд бирæ райдыдтон æмбарын.

Æрмæстдæр иу не мбарын, алцыдæр куыд æййафы, куыд ын бантысы?!

1- аг сывæллон

Æрбацыдыстæм нæ мады бæрæгбонмæ, цæмæй æппæт мадæлтæн бæрæгбоны хорзæх зæгъæм æмæ уын зарæг лæвар кæнæм.

Хъомылгæнæг :

 «МАДМÆ»  Плиты Харитоны ныхæстæ

                     Моргуаты Юрийы музыкæ

«Бирæ фæрæвдыдтай,

О Гыцци, мæн,

Арæх – иу зарджытæ

Кодтай мæнæн.

Хъарм – иу мæ бамбæрзтай,

«Хур» мæ хуыдтай.

«Ахуысс мын, айрæз мын»,-

Заргæ дзырдтай,

Буцæй дæ хъæбысы

Схастон мæ рæз

Акæс – ма, абон дын

Ногдзау дæн æз.

Уарзын мæ чингуытæ,

Уарзын мæ хъæу,

Уарзын Фыдыбæстæ,

Уарзын æз дæу!»

Хъомылгæнæг :

Сывæллæттæ бакæсдзысты æмдзæвгæтæ.

1- аг сывæллон

«МАДÆЛТÆН»

Æрттивгæйæ хур дæр

Йæ тынты тæмæн,

Æрвиты дæлæмæ рæвдауæндонæн,

У абон бæрæгбон

Кæцы у мадæлтæн.

Уым хъæлдзæг сабитæн

Сæрибар – сæ цард,

Æмхуызонæй кафынц,

Уæд худынц, уæд хъазынц

Дард хъуысы мадæлтæн зард.

2- аг сывæллон

«МАМАЙЫ НЫХАС»

Хурау рухс зæрдæ у мад,

Никуы зоны уый фæллад

Сты йæ хъарм къухтæ фæлмæн,

Алы бон рæвдауы мæн.

Тынг дæ уарзын, тынг, уый зон,

Райдайын дæуæй мæ бон,

Райдайын дæуæй мæ фæндаг

Дæн дæ лæггæгтæн лæггаг!

3- аг сывæллон

«МÆ МАДÆН»

Мæ мадæн лæварæн

Мæ уд дæр дæттын,

Мæ мад у æппæтæй

Зæрин хуры тын,

Мæ мадæн лæварæн

Æз ноджы дæттын

Фырцинæй æууылдæй

Мыдимæ кæрдзын

Кæнæ уæд йæ фæндаг

Фæриссы æдзух.

Мæ мадæн бæмбæгæй

Фæлмæндæр йæ къух!

 Хъомылгæнæг : 

Æртæккæ та базонут уыци – уыцитæ:

  • Æрхауы – агæпп кæны,

Ныццæв æй – не скæудзæн (порти)

  • Фосмæ цыргъ йæ дæндаг дары,

У хъæхъаг æмæ фыр зыд

Марын æй хъæуы, уый марын

Рагæй дæр фыдгæнæг уыд  (бирæгъ)

  • Уæртæ къудзиты бын ныхъхъус

Цъус йæ сæр фæзыны.

Ракъуыпп, радымсти йæ рус,

Фæрвы цъар æхсыны(тæрхъус)

  • Пъолы бын цæры, гæдыйæ тæрсы (мыст)

 

Хъомылгæнæг :

Зынаргъ мадæлтæ, æртæккæ уыдзæн хъазт: алчидæр йæ хъæбулæн ратдзæн фæткъуы хæрынмæ, йæ цæстытæ бастæй, сывæллонæн та йæ къухтæ йæ фæсæтты фæстæ æмбæхст уыдзысты. Амбулдзæн уыцы къай, кæцы рæвдздæр бахæрдзæн  фæткъуы.   Хъазт цæуы…

 Хъомылгæнæг :

Алчидæр уæ зоны, дзыкка фыцгæйæ цы хъæуы, уый, æртæккæ йæ сбæрæг кæндзыстæм:

-Цæргæс рахъавыд йæ цъиутæн дзыкка скæнын, цæмæй йæ лæппынтæ  бафсæдой, базармæ ацыд æмæ мæнæ цы райста (æвдисы). Раст у, æви нæу, уый зæгъдзыстут, дзурдзыстут «о» кæнæ «нæ».

Райста:  

Харбыз? ---- нæ!

Айк? ---- нæ!

Æссад? ---- о!

Джитъри? ---- нæ!

Сæкæр? ---- о!

Цæх? ---- нæ!

Кæрдо? ---- нæ!

Царв? ---- о!

Хъомылгæнæг :

Дзæбæх дзыкка рауад, ницы дзы ис зынæй, уымæй æнцондæр ницы ис æмæ кæд æй цæттæ кæнна нæ мад, фæлæ нæхæдæг куы архайæм, уæд тынг афæллайæм.

Æртæккæ мæ фæнды базонын, цавæр æмбисæндтæ зонут?

1- аг сывæллон

Кæстæрæн йæ хæс – хистæрмæ кусын!

2- аг сывæллон

Цард куыстæй фидауы!

3- аг сывæллон

Хуымы цы байтауай, уый дзы сæвзæрдзæн!

4- æм  сывæллон

Хорз куыдз – лæгæн æмбал у .

5- æм  сывæллон

Æхст цъиуæй зарын дæр ферох вæййы.

Хъомылгæнæг :

Зынаргъ мадæлтæн æмдзæвгæтæ бакæсдзыстæм.

1- аг  сывæллон

     «МÆ МАД»

Мæ уарзон ныййарæг

Мæ хур дæ, мæ мæй.

Дæуæй мын зынаргъдæр

Зæххы цъарыл нæй.

Дзæбæх мæ фæхастай,

Фæкодтай лæггад,

Уæззау куыст фæкодтай

Нæ зыдтай æнцой.

Дæ кæстæрты хурæй

О, бафсæд мæ мад

Куыд хъуыса нæ кæртæй

Дæ худын, дæ зард.

2- аг  сывæллон

     «МАДЫ ХУР»

Дзуры хъæлдзæгæй Тимур:

- «Хоны мæ дзыцца йæ хур.

Ау, цæмæн кæд хур ис арвыл

Бæстæ йæ рухсæй тавы?

Радта дзуапп дада Инус:

- Ды ныййарæгæн йæ рухс

Мадæлтæн хъæбултæ цал ис,

Хуртæ дæр дунейыл уал ис.

Хъомылгæнæг :  

  • Иннæ конкурсы мах базондзыстæм, æнцон у, æви нæу уæвын мадæй: сывæллæтты бабæттын хъæуы сæ мадæлтæн бантик,
  • æрцæттæ кæнын ахойраг рæвдауæндонмæ, байсæрдын царв дзулыл.

Хъомылгæнæг : 

Хъазт «Богæлттæ» (Зылды сæ тыхтæ барынц).

Хъомылгæнæг :

Сывæлæттæ бацæттæ кодтой ирон театр «Тæбæгътæ чи цæхса»

Музыкæ. Ус кафы.

Лæг:

- Нæ ус, тæбæгътæ ма цæхс.

Ус:

- Æндæр дæ ницыуал хъæуы? Нæмæ уыныс? Æз зарядкæ кæнын, мæ фигурæ рæсугъд кæнын (æвдисы)

Лæг:

- Ай никуы ницы бакæндзæн! Уæдæ афтæ баныхас кæнæм: фыццаг чи сдзура, уый тæбæгътæ æхсдзæн.

Ус:

- Нал мæ ныууаддзæн ацы зæронд хæрæг. Хорз уæдæ, баныхас кодтам! (æрбадтысты фæрсæй фæрстæм æнæдзургæ)

Салфетка: (сыхаг ус)

- Хорз адæм, кæм стут, уæ фос хъоммæ нæ тæрут? Адон гоби баисты, æви цы? Уæ дзыты дон и, æви, куы нал дзурут?! (Салфетка исы хæдон)

Ус:

- Æндæр дæ ницы хъæуы?

- Мæхи хъæуы, ничи йæм кæсы?!

(Салфетка фæтæргай)

А! Исчи ма сæм бакæсæнт!

Æз уæм нал æрбацæудзынæн!

Ус:

(йæ фæстæ йæ къухтæ  кæрæдзиуыл сæрфы)

Салфетка….. (Ивазгæйæ)

- Уый фæстæ нæ сыхæгты счытæ анымайдзыстæм.

Лæг:

А – а – а! Нæ ус, фæхæрдтæ! Тæбæгътæ æхсгæ…

Ус:

- Æндæр дæ ницы хъæуы? Абон мадæлты, сылгоймæгты бæрæгбон у!

Лæг:

- Дæ хъуыддаг та ацыди!!! Мæгуыр бон мыл ацы уысимæ! Мæхицæн та æхсинаг фесты!!!

Ус:

- Ницы дын уыдзæн!

Бæрæгбоны кафт, иу кафт..

Хæларæй цæрæм. (кафынц ирон мелодимæ)

Хъомылгæнæг :

Нæ сабитæ, акафæм ирон кафт.

Сывæллæттæ кафынц «Хонгæ»

 Хъомылгæнæг :

Афтæмæй нæ бæрæгбоны программæ фæвæййы, зæрдæбынæй уын нæ зæрдæ зæгъы: æнæниз æмæ æнæмаст, рæсугъдæй, хъæлзæгæй æмæ сæрæнæй цæрут нæ зынаргъ мадæлтæ, уæ сывæллæттæ та уæм куыд хъусой, уæ зæрдæ уын рухс куыд кæной, арфæйаг уыт!!!



Предварительный просмотр:

8 -ам мартъи на нанаты барагбон!

Уалдзыгон сызгьарин бон
Хур таманта калы
Амандта ма арфата
Сымахан дуне уары

Рагуалдзаг райга арцыди
Ногай та сулафыд захх
Малусаг фазты фазынди
Кардагай къуылдым фацъах.

 Ацы хъалдзаг, райдзаст, уалдзыгон бон лавар канам на нантан ама мадалтан.
Уалдзагау расугьд ама царддаттаг стут на зынаргь наната, мадалта, хота ама уын лавар канам на уалдзыгон зараг.

(зараг "Малусаг")

- Сыв. Мады мах на заххон стъалы хонам
- Сыв. Мады мах зарин хурима барам
- Сыв. Мадан мах сырх дидинджыта тонам
- Сыв. Мадыл мах на хуыздар зараг зарам

(Зараг абон астам,астам мартъи)

- Нау манан ма бон загьын
Цас уарзын нанайы
Фыны дар йа фалман худт
Цастытыл фауайы

-Зымагма мын бавары
Чыргьады фаткъуыта
Хъулон хъадуртай манан
Саразы фардгуыта

- Уарзын аз нанайы
Стыр бузныг дзы дан
Уыман ама алы бон
Баравдауы ман.

Раканы мын уаливыхта
Авары мын дон
Афтамай иума

Арвитам на бон.

инсценировката  авдисынц сабита)

Бадынма на не вдалы
Абон у барагбон
Цайма,фандыр, арцагьд мын
Уаздан кафт уын арканон
. (хонга кафт.)  

Хъомылганаг.

 На сабита на нанатан куыд аххуыс канынц, уыма бакасам.

Дидактикон хъазт

 "Аххуыс канам нанайан"(дыууа къордай амбырд канынц халсарта)

Цайма, ерысай аркафам
Равдисам на арахст
На къахфындзта арсадзам
Нартон кафтай аркафам. (
Нартон кафт).

Хъомылганаг. Сабита, уалдзаджы ралауд адаман цард у, цины хосу. Ардз базмалы, цъиуты зардай зарда райы, ног сыфтарта сыбар-сыбурай нал фенцайынц, хъады сырдта базмалынц.

Рауай, рауай уалдзаг
Ды на уарзон уазаг!
Батав на да хурай
Баравдау на цинай.

Уалдзаг ,расугьд кардагхуыз фалысты, дидинджыты арбацыд залма.

Уалдзаг

 Уа ма гыццыл хурта!
Бира мын царут.
Алкаддар ма разма
Хъалдзагай цаут
Байтаудзынан Ирыл
Хуры тынта, дидинта
Бира,бира амандта
Цъах кардагай гауызта.
Уа наната сада азы
Сакарта куыд харой
Уа мадалта уа цинай
Таманта куыд калой.
Ма гыццыл хурта,чызджыта
Ананизай байразут
Цайут мема хъалдзагай
Цъиуы  зараг аканам.

Зараг "Цъиу ама сываллатта"

Ныр та сабита мема "Базон-базонтай ахъазут"

Базон-базон захх урс дарас кад дары? (зымаг)

Маргьтан уазалы уын зын
Ама хъарм бастам тахынц
Адам бафснайдтой тыллаг
Уый нам ралаууыд (
фаззаг)

Цъиута артахтысты, бахъалдзаг бон
Уый кад ваййы?
(уалдзаг)

Хур судзы уырыдзы, уырыдзы харынан баззы
Уый кад ваййы?
(сард)

Уада амбисандта дар зондзыстут?

. -Уалдзаг кусынан- зымаг харынан.
-Чи на кусы, уый на хары.
-Зивагай цард най.
-Дзывылдар артахт- уалдзаджы нысан.
-Уалдзаг расугьд у- фаззаг хъаздыг у.
-Цъиута уасын куы байдайынц-уалдзаг уад ралаууы.

Тынг бацатта кодтат уахи барагбонма, бузныг, сабита!

Хъомылганаг. Зынаргь ныййарджыыта, хонам уа нема ахъазынма

Ныр та сабита, уа мадалтан балавар канут уа лавартта.

Хъомылганаг. На зынаргь наната ама мадалта, алы барагбон дар уыл хъалдзагай цауад. Лавар уын канам  " Иналы зараг".


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Открытый урок осетинского языка. Темæ: «Мысты зарæг» Гаглойты Григол

Открытый урок осетинского языка.  Темæ: «Мысты зарæг» Гаглойты Григол...

Темæ: «Мæ Ирыстон» Урок осетинского языка в русской группе о родном крае, об Осетии.

Урочы нысан: 1.    Скъоладзаутимæ равзарын цы у Фыдыбæстæ, цæмæй рæсугъд у Ирыстон,  цæмæн æй уарзæм?2.    Уарзондзинад хъомыл кæнын Райгуырæн бæстæм.3....

Рабочая программа для 2 класса по осетинскому языку

ПРОГРАММÆ2-аг къласы фæсурокты ныхасы рæзтыл куыстæн(къуыри 1 сахат, афæдзы дæргъы 34 сахаты)....

рабочая программа по осетинскому языку в дифференцированных группах 3 класс.

в публикации содержится готовая рабочая программа по осетинскому языку в дифференцированных группах для 3 класса....

рабочая программа по осетинскому языку в дифференцированных группах 2 класс.

готовая рабочая программа по осетинскому языку в дифференцированных группах- 2 класс....

Открытый урок по осетинскому языку

Открытый урок по осетинскому языку в 1 б классе по учебнику «ГОВОРИМ И ЧИТАЕМ ПО ОСЕТИНСКИ», Корнаевой З. и Джибиловой И.ТЕМА: У бабушки в огороде. Овощи.ЦЕЛИ:- учить называть овощи и характеризовать ...

Олимпиада по осетинскому языку для 2-4 классов

Олимпиада по осетинскому языку для 2-4 классов владеющих и невладеющих групп....