«Рæстдзинад кæмæн цæф у, кæмæн - цæсты рухс». Кадæг «Сослан - тыхагур» -мæ гæсгæ».
методическая разработка по литературе (7 класс)

Валиева Илона Тенгизовна

Образ нарт Сослана в Нартском эпосе.

Скачать:


Предварительный просмотр:

3-ӕм астӕуккаг скъолайы

ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг

Уалыты  Илонӕ Тенгизы чызг

ирон литературæйы  урок

Урочы темӕ: «Рæстдзинад  кæмæн цæф у, кæмæн - цæсты рухс».

Кадæг «Сослан - тыхагур» -мæ гæсгæ».

                   

г. Дзӕуджыхъӕу

Урочы темæ: «Рæстдзинад  кæмæн цæф у, кæмæн - цæсты рухс». Кадæг «Сослан - тыхагур» -мæ гæсгæ.

Урочы нысантæ:

1.Нарты кадджытæй Сосланы цикл абарын дунеон литературæйы таурæгътимæ. Ссарын параллельтæ кадæг «Сослан- тыхагур»-ы.

2.Бакусын ахуырдзауты ныхасы рæзтыл, темæмæ цымыдысдзинад рæзын кæнын.

3. Ахуырдзаутæм æвзæрын кæнын уарзондзинад  ирон æмæ иннæ литературæтæм.

Урочы фæлгонц: Нарты симды мелоди.

                                   Призентаци.

                                   Скрипкæ.

Урочы эпиграф: 

1.«Ирон адæм абон дæр Нарты кадджытæм хъусынц, европæйæгтæ Евангелимæ куыд хъусынц, афтæ зæрдиагæй» (доктор Пфаф).

2. « Цæваг галæн йæ сыкъа сæтты». (æмб).

                                                Урочы цыд: 

1. Организацион хай.

2.Ног æрмæг.

Ахуыргæнæг: Уæ бон хорз! Сбадут. Абон нæм нæ урочы ис уазджытæ æмæ сын арфæ ракæнæм се рбацыды тыххæй.  

 Скъоладзау:     Ирмæ рагæй буц у уазæг.

                            Уазæг фысымты цин уарзт.

                            Уæ ном уын скрипкæйы зæлтæй арæм

                            Цæут нæм алыбон  æгас!  

Скъоладзау цæгъды скрипкæйыл.(2-3минуты).   

Ахуыргæнæг:     Ирон адæм сæ сæр бæрзæнтты цæмæй хæссынц, хъæзныг æмæ фидауцджын цæмæй сты  уыдонæй иу у Нарты кадджытæ.Абон нæ урок байгом кæндзыстæм  Пфафы ныхæстæй :«Ирон адæм абон дæр Нарты кадджытæм хъусынц, европæйæгтæ Евангелимæ куыд хъусынц, афтæ зæрдиагæй». Æмæ уый æнæмæнгæй афтæ у.

Ахуыргæнæг: Зæгъут- ма, лæппутæ уæ нæмттæ цы хуыйнынц æмæ уæ афтæ цæмæн схуыдтой?

Скъоладзаутæ:  Скъоладзауты дзуæппытæ.

Ахуыргæнæг: Уæдæ сывæллæттæ ном у мыггаджы райдайæн. Æмæ куыд кадджын уыд нæ фыдæлтæм ном æвæрыны куывд. Уайтагъддæр иу лæппуйы райгуырдимæ куывд ацæттæ. Ноггырды мады хызисæг, æмдзуарджын æмæ къухылхæцæг иу сыгъдæг гæххæтты сыфыл ныфысстой кæй,стæй, цавæр ном фæнды уыдæттæ. Нæмтты комкоммæ иу фыстой чи сæ дзырдта, уый ном дæр. Уый фæстæ сæ æппæрстой хæлттæ. Ноггуырдыл æвæрдтой фылдæр зындгонд адæймæгты нæмттæ, хъæбатырты, нæртон хъайтарты нæмттæ.

 Ахуыргæнæг:  Сывæллæттæ, уæдæ цавæр нæмттæ æвæрдтой раджы?  Ныр та?    

Скъоладзаутæ:  Скъоладзауты дзуæппытæ.

Ахуыргæнæг:  Алы номæн дæр ис йæхи нысаниуæг. Ном æрмæст фæкæсынмæ нæу. Уый адæймагыл æвæры бæрнондзинад,  хæссы эмоцианалон уæз. Тынг ахады адæймаджы мидкультурæ, мидахаст æмæ йе гъдауыл. Иу дзырдæй нæ алчидæр хъуамæ уа йæ номы аккаг.

Ахуыргæнæг:  Абон æрдзурдыстæм Сосланы циклы тыххæй æмæ нæ урочы темæ у: «Рæстдзинад  кæмæн цæф у, кæмæн - цæсты рухс». Кадæг «Сослан - тыхагур»-мæ гæсгæ, æмæ нæ эпиграф у: « Цæваг галæн йæ сыкъа сæтты».Ацы эпиграфмæ урочы кæрон раздæхдзыстæм, уæ зæрдыл æй дарут.

Сымах мын уæ нæмтты тыххæй загътат, фæлæ ма æрбакæсæм фæйнæгмæ æмæ Сосланы номы этимологи, ома нысаниуæг  дæр базонæм.

                           Историон-наукон справкæ.

  1. Абайты Васомæ гæсгæ ном Сослан нысан кæны «тызмæг», « карз уæвын».
  2. Гуыриаты Тамерланмæ гæсгæ - Сослан      Цæразон     Цезарь.
  3. Ирон адæммæ ном Сослан фæзынд 12 æнусы  (Дауыт-Сослан). Историйы мидæдæг уыди дыууæ Ос- Бæгъатыры. Иу дзы цард 5-æм æнусы, иннæ та 14- æм æнусы.

Скъоладзау: Ос – Бæгъатыр (ирон хъæбатыр), афтæ хуыдтой гуырдзы 13-14 æнусты аланты раздзоджы, кæцы хъæбатырæй тох кодта монголты ныхмæ, Гуырдзыстонимæ хæсты та горæт Гори байста, ис ыл таурæгътæ дæр – гуырдзыйы паддзахы чызджы куыд раскъæфта, сайдæй йыл куыд рацыд гуырдзыйы паддзах æмæ йæ афтæмæй куыд амардта.

Ахуыргæнæг: Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм куыд райгуырд Сос-лан?

Скъоладзау: Сослан  райгуырд  дурæй . Уыцы миниуæг баст вæййы хуримæ, стæй-ма кургæ дæр хуры чызджы ракодта.  Бирæ таурæгъты Сослан сихормæ рамбылдта йæ знæгты , уымæн æмæ сихормæ хур йæ тыхы бацæуы.(Хуры бардуаг).

Ахуыргæнæг: Кæм æмæ цæм байсæрын кодта йæхи Сослан.

Скъоладзау: Сослан бахсыст бирæгъы æхсыры.  Куырдалæгонмæ.

Радзур уыцы таурæгъ.

Ахуыргæнæг: Цæмæн байсæрын кодта Сослан йæхи бирæгъы    æхсыры? Цы бар дары бирæгъ нартмæ?

Скъоладзау: Уымæн æмæ нарт равзæрдысты Уæрхæгæй . Уæрхæг та у рагон ирон дзырд,  кæцы нысан кæны «бирæгъ».

Скъоладзау: Нарты ма фæхонынц бирæгъы сывæллæттæ дæр.

Ахуыргæнæг: Акæсæм фæсарæйнаг историмæ, уым та кæддæра искуыд баст у адæймагимæ бирæгъ?

Скъоладзау: Римы историйы кæсæм зæгъгæ: Рим равзæрд  Ром æмæ Ромулæй, кæцытæ сты бирæгъы сывæллæттæ.

Ахуыргæнæг: Сослан  кæд бирæгъы æхсыры бахсыст, уæддæр йын уыд лæмæгъ бынат. Кæм?

Скъоладзау: Йæ уæрджытæ.

Ахуыргæнæг: Чи радзурдзæн уый тыххæй та? Цæмæн фæбыцæу Сы рдон Сосланимæ.

 Скъоладзау:Уымæн æмæ иухат Сырдон нартæн загъта: «Кæд мын мæ фырты фатæй фехсат, уæд мæ ницы хъæуы. Кæд нæ, уæд та мын мæ хæдзармæ гал æрбакæндзыстут. Сослан амардта Сырдоны фырты.Уæдæй фæстæмæ Сырдон йæ маст иста Сосланæй. Ахуыргæнæг: Сосланы циклы Сырдон æмæ Сослан кæнынц æмдзу, уый тыххæй Сосланыл бирæ фыдбылызтæ æрцыд.Чи уыд Сырдон?

Сырдоны тыххæй чысыл справкæ.

Ахуыргæнæг: Афтæ нарт Батрадзæн дæр кæд бахсыст Куырдалæгон-мæ, уæддæр  уыд лæмæгъ бынат. Кæм уыд йæ лæмæгъ бынат?

Скъоладзау:  Йæ тъанг.

Ахуыргæнæг: Ос – Бæгъатырæн уыд йæ дæларм.

Уæд Грекъаг мифологийы та уыд ахæм хъайтар куыд Ахиллес. Ахиллес чи уыд æмæ кæм уыд йæ лæмæгъ бынат?

Скъоладзау:  Уый уыд зындгонд грекъаг хъæбатыр  Пелей æмæ Фитидæйы фырт. Цæмæй йæ фырт уа болат, уый тыххæй йæ йæ мад Фетида ныннадта цæугæдон Стиксы. Фетида Ахиллесæн хæцыд йæ зæвæтыл, уымæ гæсгæ йæ зæвæт баззад лæмæгъæй.  Уæдæ Грекъаг мифологийы та Ахиллесæн йæ лæмæгъ бынат уыд йæ зæвæт.

    Ахуыргæнæг: Сосланы кæрц у сæры цæрмттæй хуыд.

В.Миллеры ныхæстæм гæсгæ ам ис скифты тæфаг, скифты истории: « Скифы снимают головы тех кого они убивают в сражении, и приносят их  царю: только воин принесший голову врага, получает право на долю добычи.Затем они скальпируют головы следующим образом:они делают круговой надрез над ушами и отдирают кожу. Путём  встяхивания.С помощью бычьего ребра они соскабливают приставшее к коже мясо, а кожу мнут между руками. Затем его подвешивают к уздечке коня и похваляются им, ибо чем больше у скифа таких утиральников,тем больше у него славы и почёта».

Ацы кæрц Сосланæн зын сахат  æххуысгæнæг, уыд.

    Гуырдзиаг литературæмæ куы акæсæм уæд уым дæр гуырдзиаг литературæйы бындурæвæрæг Шота Руставелийы ис «Стайы цармдарæг»  уым дæр йæ сæйраг хъайтар  Рустам йе знæгтыл тох кодта æрмæст  стайы  цармы.

   Одиссей йе мбæлттимæТроямæ бафтыдысты æрмæст бæхы царм сæ уæлæ куы скодтой уæд.

   Скъоладзау:  Геракл Немейский домбайы куы амардта, уæд йын йæ цармимæ никуыуал фæхицæн.

  Ахуыргæнæг: Мах зонæм Сослан мæрдты бæсты кæй уыд уый дæр. Уым федта бирæ диссæгтæ.Афтæ дунеон литературæмæ куы акæсæм уæд дзы  бирæ хъайтартæ уыдысты мæрдты бæсты.

Зæгъæм: Одиссей, Геракл æмæ Орфей.

  Ахуыргæнæг: Нæ зæрдыл-ма æрлæууын кæнæм, Сосланы тыххæй цы кадджытæ зонæм, уыдон:

  1. Сосланы райгуыд.
  2. Сосланы кæрц.
  3. Сослан - тыхагур.
  4. Сослан Сатанайы зындоны цадæй куыд фервæзын котадта.
  5. Сослан æмæ Тары фырттæ.
  6. Сослан мæрдты бæсты.
  7. Сосланы мæлæт.

Ахуыргæнæг: Цавæр миниуджытæ рахатыдыстут ацы кадджыты Сосланмæ?

   Сослан

хъæбатыр                                                                                адæмуарзаг

           æвзыгъд                                                        хиуылхæцгæ

                      цыргъзонд                                      хин

                                æгæр карз           æхсарджын

 Ахуыргæнæг: Æркæсæм -ма кадæг «Сослан – тыхагур»-мæ.

Дзырдуатон куыст:

Æмгуыппæгæй – толпой.

Мысан æхсын – стрелять в мишень.

Ривæд кæнын – дневной отдых скота летом.

Æнæхост уæныг -

Фурд – большая река.

Уытъыры – червь

Асхъауæм – поковырять.

Ахуыргæнæг: Бакæсут ма мын цæмæй райдыдта кадæг?

 Скъоладзау кæсы фыццаг хай.

 Ахуыргæнæг: Цы дзы бамбæрстат ацы хайы? Цавæр кафт у симд? Чи йæ кафыд æмæ цæмæн? Ныртæккæ та цавæр нысаниуæг ис симдæн? Цавæр бынат ахсы иннæ кæфтыты æхсæн.

Скъоладзау:  Симд у ирон кæфтыты æппæты рагондæртæй иу.Симд сси ирон хареографийы  бæрзонддæр къæпхæн.

    Куыд зонæм афтæмæй, симд у нæртон бæгъатырты уарзондæр кафт. Нарты адæм иу куывды рæстæг сæхи уыцы кафтæй сбуц кодтой.Эпосы йæ кой арæх рауайы.Тыхгæнæг тых кæмæн нæ ардта уыцы нæртон гуыппырсартæ  куы симдтой, уæд иу  зæхх сæ быны æнкъуысти, хæхтæ-иу базмæлыдысты æ. а. дарддæр.

 Скъоладзау:  Ирон кафты æгъдæуттæ хуыздæр чи зыдта уыдонæй иу уыд  Тугъанты Махарбег. Уый афтæ дзырдта: Æрмæст нæлгоймæгтæ кæй кафыдысты уыцы кафт хуынди Нæртон Симд, кæнæ Æддæгуæлæ кафт.Нартты байзæддæгтæ- иу бавдæлдысты æмæ иу бынæй лæуджыты уæхсджытыл фылдæр уæз æрцауа зæгъгæ се ккæйттæм сæргъæвтой байрæгтæ æмæ уæнгуытæ.

 Ахуыргæнæг:  Симд нартмæ стыр бынат кæй ахста ууыл дзурæг у таурæгъ Уырызмæджы фырт Айсанайы тыххæй. Агуыры æфсад сæм куы æрбацæйбырстой , уæддæр сæ симын нæныууагътой .Æвæццæгæн, симд уыди хуыцауы комытæф кæмæ фæхæццæ ахæм,æмæ знæгтæ куы лæбурдтой уæддæр ын ныууадзæн нæ уыди.   Ацы кафт хъомыл кодта нæлгоймæгты хъаруйæ  тыхджын, зæрдæйæ фидар цæмæй уыдаиккой. Гъе, уыимæ баст у нарт сæ кафт кæй нæ ныууагътой уый дæр, сæ хæстон уæнгты ныфс уагътой.

     Æппæты хуыздæр нарты æхсæн симд кафыд Сослан! Æмæ кафгæ та куыд кодта! Фыццаг зæххыл æркафыд, стæй уыцы кафгæйæ схызти фынгмæ. Иууыл диссаг та уыцы фынгыл уыд йæ кафт: фыджы былтыл цъилау ныззылдис, афтæмæй иунæг къæбæр, иунæг къус нæ фезмæлын кодта йæ бынатæй, стæй йæм уыйæппæт адæм сæ карды фындзтæ хæрдмæ арæзтæй бадардтой, æмæ уыдоныл кафын райдыдта, раст-иу сыл куыройы цалхау ныззылдис. Стæй цыппархъусыг Уацамонгæ ронгæй дзагæй йæ сæрыл сывæрдта  æмæ кафын райдыдта. Ноджы диссагдæр кафт та уæд скодта - Уацамонгæйæ иунæг æртах дæр нæ ахауди. Æмæ диссагæн дзурынæн баззад Сосланы кафт.

 Ахуыргæнæг: Дарддæр бакæсæм кадæг æмæ йыл æрдзурæм.  Скъоладзау кæсы дыккаг хай.

Равзарæм ацы хай дæр.

Скъоладзау кæсы æртыккаг хай.

 Равзарæм ацы хай дæр.

Цавæр хъæзтытæ ма зонут Сосланмæ?Кæцы кадæджы нын æвдыст æрцыдысты?

Сосланæн-иу тыхæй йæ бон кæм не ссис рамбулын,уым архайдта зондæй.

Ахуыргæнæг: Цæуылнæ бахордта уæйгуыты мад Сосланы? Скъоладзау :Уымæн æмæ йæм Сослан «Мæ мады хай» -зæгъгæ бадзырдта æмæ уый этикет у.

Ахуыргæнæг: Саламы этикет æмæ уазæджы æгъдауæн царды мидæг ис стыр нысаниуæг. Уæздан ныхасæн аргъ кæнынц суанг дæлимонтæ  æмæ уæйгуытæ дæр .Уæйгуыты мад йæ фыртæн хæрын нæ уадзы Сосланы куыд йæ уазæджы, афтæ. Куыд бадзырта уæйыгмæ –та Сослан?

Скъоладзау: Кæсы чиныгæй.

Ахуыргæнæг: Цавæр хабар ракодта Сосланæн уæйыг?

Скъоладзау дзуры хи ныхæстæй.

Ахуыргæнæг: Цавæр  зондамонæн ныхас йын загъта фæстагмæ уæйыг. 

Скъоладзау : Тыхагур макуыуал ацу уымæн æмæ ма дæуæй тыхджындæртæ дæр разындзæн.

Ахуыргæнæг: Раздæхæм -ма уæдæ нæ урочы эпиграфмæ æмæ темæ. « Цæваг галæн йæ сыкъа сæтты». (æмб).  «Рæстдзинад  кæмæн цæф у, кæмæн - цæсты рухс».

Скъоладзауты хъуыдытæ.

Ахуыргæнæг: Уæдæ ма ис ахæм басня дæр.

                                   Сæрыстыр Æхсæр бæлас.

  Цъалайы сæрмæ зæнгыл иунæгæй бæрзонд фæцыд Æхсæр бæлас.

Йæ бынмæ иннæ бæлæстæ кæрæдзийы дæлæрмтты балæстысты.

Сæ кой сæ хъæр никæцæй хъуыст.

     - Цы стут мæ разы сымах та? – схъæл ныхæстæ-иу кодта Æхсæр бæлас.

       Уæд дын æм иу уалдзæг йæ бынæй уæлæмæ Хуымæллæджы тау дзуры:

   - Дæ хорзæхæй, Æхсæр бæлас, дæ цуры ма мæ лæууын бауадз, æмæ цъæх-цъæхид дарийæ сфæлындон.

   - Уый гæнæн ис!

    Сæрды Хуымæллæг Æхсæр бæласы зæнгыл схызт æмæ йæ сæрæй акаст. Цъалайы  æппæлыдысты Хуымæллæгæй. Æхсæр бæласæн йæ кой дæр ничиуал кодта.

Хатдзæгтæ.  Нæ абоны урочы ма мах иухатт нæ цæст ахастам Сосланы циклыл. Нæхицæн хъуамæ скæнæм ахæм хатдзæг Нарты кадджытæ дунейы литературæйæ иппæрд кæй не сты, сæ иу хай кæй сты, стæй гæнæн ис æмæ йæ ратæдзæн дæр.

Хæдзармæ куыст: Æмбисонд «Цæваг галæн йæ сыкъа сæтты»-мæ гæсгæ нывæцæн. 



По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Плиты Грис. «Авд цухъайы». Мады рухс цаесгом.

Плиты Грис. «Авд цухъайы». Мады рухс цаесгом...