Статья "Хетæджы таурæгъ".
статья по теме

Тедеева Анджела Викторовна

Статья в газете

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл statya4_-_khetaedzhy_tauraeg.docx14.81 КБ

Предварительный просмотр:

ХЕТÆДЖЫ  ТАУРÆГЪ

Раджы заман-иу лæппу бинонты хъуыддаг куы бакодта, уæд-иу хъуамæ хæтæны ацыдаид, исты лæгдзинад равдыстаид. Афтæ бакодта Хетæг дæр, йе ′мбæлттимæ ацыд хæтæны. Бирæ фыдæбæтты фæстæ сæ къухы мулк бафтыд æмæ раздæхтысты фæстæмæ сæ хæдзæрттæм. Иу хъæды рацæуынц, æмæ дын Хетагыл иу зæронд лæг амбæлд.

Зæгъы йын: «Лæппу, иу ныхас дын зæгъдзынæн, æмæ мын дæ бæхтæй иу радт. Æви дын дæ бæхæн иу ныхас зæгъон, æви дын мулк радтон?» Хетæг æрмæстдæр æртæ бæхы фæпайда кодта æмæ дзы куыд хъуамæ радтаид, фæлæ фæстагмæ йæхицæн загъта: «Цы уа, уый уæд, мулк дæр федтон, кæддæра цы уыдзæн уыцы иу ныхас». Уæд ын зæронд лæг загъта: «Фæндагыл цæугæйæ дыл цы хъæуы баталынг уа, уым дæ куы уромой, уæд-иу сæм бахсæвиуат кæн».

Хетæг мæстæй   мард, цæуыл фесæфтон мæ бæх, зæгъгæ. Зæронд лæг та йæм дзуры: «Иу ныхас ма дын зæгъдзынæн, æмæ мын де ′ннæ бæх дæр радт, кæннод та– мулк». Хетæгæй та бæргæ не ′нтыст бæх, фæлæ та фæстагмæ сразы лæджы ныхасыл. Зæронд лæг та загъта: «Хорз сылгоймагæй-иу æвзæр лæджы хуыздæр хон».

Хетæг та ныккатай кодта, мæнæ та мæ бæх цæуыл фесæфтон, зæгъгæ. Уæд та йæм зæронд лæг ногæй дзуры: «Гъер ма мын де ′ртыккаг бæх дæр радт, кæд дæ фæнды – мулкыл, кæд дæ фæнды – иу ныхасыл». Хетæг йæхимæ смæсты, мæ фыдæбæттæ цæуыл фесæфтон, зæгъгæ, стæй загъта: «Сæфт – дыууæ сæфты, иу бæхæй дæр ма цы кæнын», æмæ сразы. Зæронд лæг загъта Хетæгæн: «Тынг куы смæсты уай æмæ дæ рахиз къух цæвынмæ куы сисай, уæд-иу æй дæ галиу къухæй баиргъæв». Бынтон смæсты Хетæг, мæнæ мæ фыдæбæттæ куыд фесæфтысты, зæгъгæ, фæлæ ма цы гæнæн уыд.

Цæуынц, уæдæ цы, дарддæр. Иу хъæумæ æрхæццæ сты. Ныхасы лæгтæ бадынц. Сæ цурмæ куы бахæццæ сты, уæд сын сыстадысты, салам радтой кæрæдзийæн. Ныхасы лæгтæ сæм дзурынц: «Фысым нæм бакæнут, талынг кæны æмæ ма кæдæм цæут?»

Хетæджы æмбæлттæ сæ бæхтæ æрцъыччытæ кодтой, ам, дам, æхсæв-бонмæ искæй хæдзары хуысс, фæлтау, дам, дæлæ быдыры сатæг уæлдæфмæ хорз баулæфдзыстæм, æмæ аивгъуыдтой. Фæлæ Хетæг ахъуыды кодта, мæ бæхтæ ма цæй тыххæй радтон, зæгъгæ, æмæ бафысым кодта уыцы хъæуы.

Райсом раджы фестад æмæ рацыд. Кæсы, æмæ иу ран йе ′мбæлттæ – бæгънæгæй. Цы базонын ын хъуыд хабар – абырджытæ сæ бастъыгтой.

Цæуынц та дарддæр Хетæг æмæ йе ′мбæлттæ, уæдæ цы уыдаид. Иу хъæуы та кæмæдæр æрфысым кодта Хетæг. Уазæгæн æртæкъахыг фынг æрывæрдтой йæ разы. Хæдзары хицау куыддæр стыр Хуыцаумæ скуывта, афтæ иу хæфс гæпп-гæпгæнгæ рауад къуымæй æмæ фынгмæ сгæпп кодта. Фысым уазæгæй фефсæрмы æмæ йæм дзуры: «Бахатыр кæн, буц уазæг, ацал-ауал азы мæнæ ацы чындз амæн бады!» уæд Хетæг уыцы хъæлдзæгæй афтæ: «Тыхсгæ ма кæн, мæ буц фысым, цыфæнды хорз сылгоймагæй æвзæр нæлгоймаг хуыздæр у». уый адыл хæфс йæхи батылдта æмæ сыгъзæрин къоцора лæппу фестад, æнæнхъæлæджы сдзырдта: «Цалынмæ мæ исчи раппæлыдаид, уæдмæ хъуамæ хæфсы цъары уыдаин. Ныр ардыгæй фæстæмæ ды дæ мæ Хуыцау», æмæ йæ ныхъхъæбыс кодта. Бинонты цинæн дæр ма кæрон кæм уыдис. Цы лæвæрттæ кодтой Хетæгæн – ницы бакуымдта, афтæмæй та ацыд, фысымтæн хæрзбон зæгъгæйæ. Цас ма фæцыдаиккой, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ уалынмæ æрхæццæ сты Поты фæзмæ, сæхимæ.

– Ацы ′хсæв ма иумæ сбон кæнæм, райсом нæ алчи йæ хæдзармæ цæуы æмæ кæрæдзиуыл фæцин кæнæм, – сдзырдта сæ иу.

Æмбисæхсæвмæ фæбадтысты, стæй æрхуыссыдысты. Хетæджы хуыссæг нæ ахсы, йæ тæккæ комкоммæ йæ уаты рудзынгæй рухс кæлы. Йе ′мбæлттæ куы афынæй сты, уæд сусæгæй сыстад, йæ зæрдæ нæ фæлæууыд, йæ номыл ног чындз куы ныууагъта хæдзары. Æнæсыбырттæй бакодта уаты дуар, кæсы, æмæ ус хуыссы, йæ фарсмæ – лæг фынæй кæны. Хетæг æваст йæ хъама фæцъортт ласта, ныццæвон сæ, зæгъгæ, йæ къух хæрдмæ куыд фæхъил кодта, афтæ йæ бæх йæ зæрдыл æрбалæууыд, уый та ма цæй тыххæй фесæфтон, зæгъгæ, æмæ йæ рахиз къухы галиу къухæй ацахста. Фæлæ сын хъама сæ астæу нывæрдта.

Раздæхт йе ′мбæлттæм Хетæг. Схуыссыд фæлæ дæ фыдгул афтæ, æсæв-бонмæ йæ цæстыл хуыссæг не ′рхæцыд. Райсомæй сыстадысты æмбæлттæ, кæрæдзийæн хæрзбон загътой æмæ алчи йæ хæдзармæ ацыд. Хетæг дæр араст сæхимæ. Райсомæй раджы алчи йæ фос скъæры хизынмæ. Кæсы, æмæ иу ус къанауы былтыл йæ хъуджы æрыскъæры. Хетæг йæ ныхмæ ссæуы. (Раджы заманы афтæ уыд, уазæгыл куы амбæлай, уæд ын йæ къух исын хъуыд). Ус æмæ лæг кæрæдзимæ куы ′рбахæццæ сты, уæд уазæг сылгоймаджы къух райста æмæ йын æй фелхъывта. Ус æм нæ каст, не ′мбæлд, фæлæ ныр чысыл йæ сæрыл уæлæмæ схæцыд æмæ йæм дзуры: «Хорз уазæг, æз ацал-ауал азы уымæн нæ фæбадтæн, æмæ мын ныр ды мæ къух фелхъивай». Уæд Хетæг афтæ зæгъы: «Хорз ус, æмæ кæд уыйбæрц уæздан дæ, уæд дысон та дæ нывæрзæны кæй сæр уыд?» Уæд æй ус уайтагъд базыдта æмæ йын афтæ: «Хорз лæг, æмæ фынддæс азмæ сывæллон лæг кæны, уый зоныс?»

Хетæджы цинæн ма кæрон кæм уыди! Сывæллон йæ фæстæ райгуырд, уый нæ зыдта. Йæ бæхты лæвæрттæ зæронд лæгæн дзæгъæлы нæ фесты.

Тедеты Анджелæ,

 Октябрыхъæуы фыццæгæм

астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг.