Разработка интерактивного урока по осетинской литературе в 8 класс е("Нарты симдма" гасга)
методическая разработка (8 класс) по теме

Урок построен на анализе сказания о Батразе по Нартскому эпосу. Присутствуют элементы исследовательской работы, интегрированного урока, урока саморазвития, используются проблемный метод, объяснительно- иллюстративный и репродуктивный. 

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon urochy_konspekt_liter_8_kl.doc73 КБ

Предварительный просмотр:

                   

Республикё Цёгат Ирыстон-Аланийы

Рахизфарсы районы Цёлычы хъёуы

астёуккаг иумёйагахуырадон скъола

         

8 къласы ирон литературёйы гом

урочы  конспект

     

     Темё:   «Батрадз ёвзёрдзинад нё ракёндзён,

                     кёнын дёр ёй никёмён бауадздзён».

                     (Кадёг «Нарты симдмё» гёсгё.)

           

Батрдз в бою

                                                                                              Ирон ёвзаг ёмё литературёйы

                                                            ахуыргёнёг  Боциты Альбинё

                                                         

                    Нысангонд  ахуырадон  ёнтыстдзинёдтё

Предметон

регулятивон

зонынадон

ахастдзинадон

монон

Зонын:

Ирон кадёггёнджыты нёмттё; нарты Батрадзы каддджытё; ном «Батрадзы» этимологи

Ёмбарын:

Куыд  ёмё кём спайда кёнгё сты ист зонындзинёдтё

Урочы нысан сбёрёг кёнын райдиан ёмё ног ист зонындзинёдтё бабётгёйё.

Урочы нысантё бамбарын ёмё зёрдыл- дарыныл архайын

Зонындзинёдтё райсынён кусын хи зонд, гёнёнтё ёмё ёмбарынадёй  раст пайда кёнгёйё

Урочы ахуырадон нысан  хигъдауёй сарёхсын бамбарын ёмё зонын зёгъын

Райдианы зонынадон информацийё арёхсын  пайда кёнын, бёлвырд кёнын

Ёмбаргё, хъуыдыджын ныхас аразынмё, фыссынмё арёхсын

Архайдтыты мадзёлттё ёмё  бадзырдтё ёмбарын, аргъ кёнын сын зонын

 Хи хъуыды ёмё цёстёнгас зёгъынмё хорз арёхсын

Нывыл сё аразын

Ёмкъласонты раныхёстём хъус дарын, архайын  ёрмёг  ёвзарыны куысты

Зонын кёрёдзиимё ахастдзинёдтёй пайда кёнын, аргъ кёнын ёндёр хъуыдыйён, бартён, сё дзурёг ёмё амонёгён.

Хи архайдён аргъ кёнын зонын

Ахуырадон архайды нысан ёмё ахъаздзинады иу кёнынмё арёхсын.

Скъоладзауты информацион культурё, хъусдард, арёхстдзинад,. лёмбынёг уёвыныл кусын.

                                                     Урочы структурё

Урочы этаптё

Нысантё

Ахуыргёнёджы архайд

Скъоладзауты архайд

  Урочы  спайдагонд  ЭАР  

Организацион хай

Урочы ёвёрццёг ахаст

Скъоладзаутён салам дётты, сё цёттёдзинад сын урокмё бёрёг кёны

Салам дёттынц, урокмё цёттёдзинадыл архайынц

allingvo.ru Learning Ossetic with ABBYY Lingvo

http://www.iriston.com/

http://www.ossetians.com/

rus/news.php?newsid=

688http://shkola.edu.ru/

Урокмё бахизын йё нысан бацамонгёйё, ёрмёг бамбарынён куысты хуызтимё базонгё кёнын

Ахуырадон архайды мотиваци  зёгъын

Ног ёрмёг бамбарынён пайда кёнын райдиан зонындзинёдтёй

Урочы цы зонындзинёдтё хъуамё райсой, уыдоныл скъоладзауты хъус ёмё цёстёнгас ёфтауы

Нарты кадджыты ёрмёгёй пайдагёнгёйё,  архайы ног ёрмёг бацамоныныл, зонындзинёдтё уёрёхдёр кёныныл.

Иф кусгёйё урочы хъуыды сбёлвырд кёнынён фёрстытёй пайда кёны,

 Национ музыкёимё зонгё кёны

Ахуыргёнёджы фёрстытён дзапп дёттынц

Ног дзырдты этимологийы ёмбарынад тетрёдты фыссынц.

ИФ  радыгай 4 скъоладзауы кусынц (прил. 9);

Дзургё ныхас аразынц фёрстытём

 

ИФ тексты анализ аразынц 6 скъоладзауы   ( прил. 15)

 

                                                                       Урочы цыд

Урочы темё:   Батрадз «ёвзёрдзинад нё ракёндзён, кёнын дёр ёй никёмён

                         бауадздзён».   Кадёг «Нарты симдмё» гёсгё.

Урочы хъомыладон нысантё:  скъоладзауты хъомыл  кёнын ирон адёмон сфёлдыстады     хуыздёр традицитыл, фёлгонцтыл;

                                           гуырын кёнын сёрыстыр ёмё уарзондзинады ёнкъарёнтё

                      Райгуырён бёстёмё, номдзыд  ёмзёххонтём.

                                                       

     1. Бацёуён рёстёг. Урочы куысты хуызтимё базонгё кёнын скъоладзауты.

          - Абон нё   урочы темё уыдзён йё эпигрёф дёр. Бакёсём ма йё.

2.Разныхас кадёгыл.

- Фыдёлты заман кадёгён стыр нысаниуёг уыд. Ацы сфёлдыстадон хуызы фёрцы-иу адём базыдтой царды цымыдисаг цаутё. Кадёг чи амыдта, уыцы нёлгоймаджы та хуыдтой кадёггёнёг – уый ёнёмёнг хъуамё дёсны цагътаид фёндырыл. Бирё кадёггёнджытё уыд Ирыстоны, фёлё се ппёт нё уыдысты уыцы номы аккаг.

     - Мёнё куыд фыста Цёгат Ирыстоны адёмон нывгёнёг Тугъанты

      Махарбег: «В старину на народные торжества стекались лучшие силы со

      всех концов Осетии, устраивалась настоящая олимпиада сказителей.Один

      за другим состязались певцы, и если слушатели обнаруживали, что

       сказитель изменил текст, то тут же обрывали, и его место занимал

       другой…»

     - Базонгё ут сымах дёр, табуафси, сё хуыздёртимё.

  3. Цёуы слайдты ёвдыст музыкёимё. (Прил.1-4)

   - Куыд бафиппайдтат, афтёмёй кадёггёнджытён сё алкёй репертуары

     дёр ёмбёлынц «Нарты кадджыты» таурёгътё. Уый хуымётёджы афтё

     нёу – нё фыдёлтё нёртон хабёрттём хъусынёй фылдёр ницы уарзтой.

     Уый фёбёрёг кодта йё куыстыты уырыссаг ахуыргонд, этнограф, барады

     доктор В.Б. Пфафф.

 4. Слайды равдыст.(Прил.5)

         -Куыд уём кёсы, цымё цавёр кадджытём хуыстаиккой зёрдиагдёрёй нё

          фыдёлтё, кёй нымадтой Нарты хуыздёрыл?

          Ёрбакёсут- ма йын йё нывмё.  

       

       5. Батрадзы нывты слайд. (Прил.6)

   

          -Цымё цы амоны Батрадзы ном, куыд равзёрд? Бакёсём-ма нё зыдгонд

           ёвзагиртасджыты хъуыдытё. Табуафси, чи бакёсдзён Абайты Васойы

           раиртёсты вариант.

       

       6. Слайд ёвдыст цёуы. (Прил.7)

          - Куыд зёгъы Джыккайты Шамил та?

          - Ныффыссут - ма уё тетрёдты ацы хъуыдытё.

     

     

 7. Ныр та байхъусём историмё, куыд хъуыды кёнынц историктё та.

     Ос – Бёгъатыры слайд. (Прил.8)

   - Бузныг. Абоны онг Батрадзы тыххёй цы кадджытё базыдтат, уыдоны цымё

     цавёр миниуджытёй хайджын у нё гуыппырсар? Ёрбакёсут - ма фёйнёгмё:

    8. ИФ-ыл таблицё – слайдыл. (Прил.9)

      - Алы уацмысы ныхмё дёр ныффыссын хъёуы Батрадзы миниуджытё.

      Табуафси, чи у цёттё?

      ( Скъоладзаутё иугай ёххёст кёнынц афтид рёнхъытё)

     

   9. «Нарты симды» рёнхъ та баххёст кёндзыстём, уацмыс куы равзарём, уёд.

       Ёмё уё хонын Нартон симдмё!

   

      Слайдты ёвдыст музыкёимё. Серж Лифалы ныхёстё. (Прил.10-13)

    - Ахём  аргъ ма ирон адёмон кафт  «Симдён» скодтой: Абайты В., Галаты Б.

       Гуырдзиаг хореограф Давид Алексидзе ёмё бирё фёсарёйнёг

       аивадуарзджытё.

10. Ёрмёстдёр Нарты гуыппырсар лёппутён уыди симды ракафыны бар, уый

уыд, нёлгоймёгтё кём архайдта, ахём кафт – стёры кёнё тыхёвзарёны раздзёуёны мадзал. Ёмё уыцы гуыппырсартёй иу уыди Батрадз – Нарты хуыздёр. Фёлё…Батрадзмё дёр аипп ссардта Акула- рёсугъд. Цавёр, чи нын ёй бакёсдзён?

 

11. Тексты анализ ИФ-ыл. (Прил.15)

    - Фёйнёгыл уынут  Батрадзы алыварс йе мархайджыты. Схемёйы руаджы

      хъуамё равзарём, цы ахастдзинёдты уыд семё, цы ххуыс ын фесты?

   -  Цёмёй райдайы уацмысы сюжет? (Нарт симд сарёзтой, цёмёй Акулайы

      расайой йё мёсыгёй)

   -  Чи сын баххуыс кодта уыцы хъуыддаджы ёмё куыд?

   -  Рахицён ма йё кёнём. Кёй ёрхондзыстём Уырызмёджы размё?

   -  Загътам, цы фау ёрхаста Батрадзмё, фёлё цёмён, цымё? (У домаг,

      фёнды йё,цёмёй Батрадз уа ёппётёй ёххёст лёг)

   -  Цы ми кодта Батрадз Акулайы фауёвёрды фёстё, ёмё цы бафёдзёхста

      Нартён?

   -  Цавёр миниуёгыл дзурёг у,уый?

   -  Баххуыс кодта Сатана дёр йё фыртён. Куыд дзуры йемё? Кёдём ёй

      арвыста?

   -  Уёдё кёй равёрдзыстём дарддёр? Цы ххуыс ын фёци бёх? Бакёсём ёй.

  -  Куыд хуыйны литературёйы ахём мадзал? (Олицетворени, фантаст. фёзынд)

   -  Бантыст Батрадзён йё фыдёлы ссарын. Куыд бауырныдта Уоны, Батрадз

      Нартёй кёй у, уый? Ссарём Уоны дёр. Цёмёй феххуыс Батрадзён?

   -  Кёй баййёфта лёгёты Нарты гуыппырсар? Цы сусёгдзинад рахъёр кодтой

      чызджытё? Баххёст кёнём нё рёнхъ.

   -  Зёгъут – ма, цёуыл ахъуыды кодта Батрадз, уёйыджы маргёйё? Цёмён?

   -  Уый та йын цавёр миниуёгыл дзурёг у?

   -  Цёмёй фёци на хъёбатыр йё балц? (Уоны ныннадта ёхсыры цады,радта

      йын Мысырханы, раласта Хъёндзёргёсы фёллёйттё Нартмё. Йё фыд

      Хёмыцы хай скодта Хорческёйы, йёхёдёг ракуырдта Акула-рёсугъды).

   -  Уёдё ма мын зёгъут, цы у уацмысы сёйраг хъуыды? (Хионён, хёстёгён

      баххуыс кёнын зын сахат).

   -  Раздёхём нё таблиццёмё ёмё йё баххёст кёнём, Батрадзён ма цы

      хорз миниуджытё сбёрёг кодтам, уыдонёй. (Прилож. 9.)

12. Кёронбёттён. Иу хатт-ма ёркёсут нё гуыппырсары нывтём ёмё зёгъут, цы ма сём

      бафтауиккат, цёмёй ма  сё баххёст кёниккат? ( Прил. 6.)

13.  Рефлекси. Цавёр ёнкъарёнтё уём сёвзёрын кодта Батрдз?

      Абон цымё Ирыстоны Батрадзы хуызён лёппутё хъёуы? Кём, цы

      хъуыддаджы?  Зонут сымах уый хуызён ирон лёппуты? Ёмё мёнё нёхи

      Батрадзмё та цавёр ёнгёс миниуджытё ис, сымахмё гёсгё?

      Бузныг уын. Мё зёрдё   уын зёгъы, цёмёй  канд Батрадз нё, фёлё уе ппёт

      дёр Нарты гуыппырсары, сё хуыздёры хорз миниуджытёй хайджын уат!

14. Хёдзармё куыст. Бёрёггёнёнтё

      Уацмысы кёрон фёрстытён дзуапп раттын, 4 фарстён- фысгё  дзуапп.

      Хорз ёмё иттёг хорз бёрёггёнёнтё ёвёрын ….

     - Хёрзбон!  (Хъуысы «Нёртон симды» музыкё)


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Приложения к интерактивному уроку по осетинской литературе в 8 классе

Слайды к  презентации, описанные в разработке урока по Нартскому эпосу...

Разработка открытого урока по осетинской литературе.

План- конспект  открытого урока "Адæймаджы уæвынады æнусон фарстатæ Дзесты Куыдзæджы уацау «Фæндагсар Уастырджи»-йы....

Открытый урок по осетинской литературе в 8 классе "Бритаев Елбиздико"

Осетинский писатель, драматург Бритаев Елбиздико поставил много спектаклей на сцене Осетинского Драмтеатра....

Открытый урок по осетинской литературе в 10 классе "Женская судьба в произведении Гадиева Сека "Азау"

Гадиева Сека  в драме "Азау" рассказал о трагической любви двух молодых людей...

Открытый урок по осетинской литературе в 5 классе на тему "Къоста -Ирыстоны хур"

Данный урок по осетинской литературе был проведен на День Рождение основоположника осетинской литературы К.Л.Хетагурова....

Разработка урока по осетинской литературе в 5 классе

Тема "Между жадным человеком и волком разницы нет". По басне Коста Хетагурова "Волк и журавль"...

Открытый урок по осетинскому для девятого класса "Первая осетинская школа"

Открытый урок по осетинскому языку для девятого класса в не владеющих группах...