Статья "Кæрцæн, дам, йе 'мпъузæн – йæхицæй."
статья по теме

Тедеева Анджела Викторовна

Статья в газете

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл statya3_-_kaertsaen.docx16.14 КБ

Предварительный просмотр:

КÆРЦÆН, ДАМ, ЙЕ ′МПЪУЗÆН – ЙÆХИЦÆЙ

Зæххыл цыдæриддæр хорзæй, рæсугъдæй ис,

уыдонæй бирæ райгуыры сылгоймаджы уарзтæй.

Цоциты Резо

Афтæ мæм кæсы, цыма алы æмбисондæн дæр ис хицæн тематикон бындур, хъуыды.

Нæ фыдæлтæ нын бирæ хорздзинæдтæ ныууагътой, бирæ æгъдæуттæ, фæзæгъынц, сæ хъæрмад, дам, нæ тугдадзинты ис. Нæ тугæй чи нæ райгуыра, уый йæ никуы бамбардзæнис, цавæр уæздандзинад æмæ хæдæфсармдзинадæй хайджын стæм, уый. Уыдæттæн амонæн, тæлмацгæнæн нæй, дæ туджы куынæ уой, уæд. Мах нæхи æвзæр зонæм, хи цæсты нæ ахадæм – дæхи куынæ уарзай, уæд дæ исчи бынтондæр нæ бауарздзæн.

Цас уæздан, хæдæфсарм сылгоймæгтæ ис нæ Ирыстоны, фæлæ сын нæ аргъ кæнæм. Нæ лæппутæй бирæтæ, хъыгагæн, æндæр бæстæтæм фæцæуынц сæ амондагур, фæстæмæ дзы алчи нал æрыздæхы, æмæ сæ иуæй-иутæ та сæхи махæй дæр нал фæхонынц. Æддагон адæмæй нæ лæмбынæг чи базоны, уый нын фылдæр аргъ кæны нæ миниуджытæн.

Ныры царды адæмæй иуæй-иутæ сæ намыс фесæфтой. Æхцайы фæдыл ацыдысты, æфсармдзинад сафынц, давынц. Æгæрыстæмæй, нæ сылгоймæгтæй чидæртæ хæрнæджы фынгтыл рабадынц, æхца нæ радтынц, афтæмæй сæ хызынтæ байдзаг кæнынц... Ахæмты схонын ис удæй æдых. Сæ бон нæ бацис ног царды уылæнты ныхмæ фæлæууын æмæ сзыгъуыммæ сты.

Фæлæ нæм бирæ ис уæздан, хæдæфсарм сылгоймæгтæ дæр, нарты Сатанайау бæркадджын у сæ арм. Ис нæм Батрадзау тыхджын лæппутæ, Уырызмæгау – зондджын хистæртæ...

Уæдæ ма ахæм уæздан сылгоймæгты цурæй куыд ацæуынц нæ лæппутæ æмæ æндæр рæттæй цæмæн æрхæссынц устытæ? Фарст радтон мæхимæ. Æмæ та мæ сæры сæвзæрд ахæм хъуыды: æмæ дзы цы рамбулынц? Диссаг, куыд нæ сæ фæхатынц, уыдон цардмæ æндæрхуызон цæстæй кæй кæсынц, уый.

Иуахæмы ме ′мбалимæ нæ хæстæджытæм бацыдыстæм, æфсин ныл баузæлыд... Хæдзармæ бахизгæйæ, нæ цæст ацахста, пецы фарсмæ кæй бадт бандоныл æвзонг сылгоймаг. Йæ фæрсты бахызтыстæм, салам ын радтам, уый йæ журналы сыфтæ рафæлдах-бафæлдахгæнгæ, йæ сæр æнæбары банкъуыста. Цы фæхатын ма нын æй хъуыд, сæ чындз æндæр нацийы минæвар кæй у, уый. Хæдзары æфсин нын нæ разы фынг авæрдта. Чындз та æдзынæг каст кодта рудзынгæй, зынди йыл, йæ хъуыдытæ дард кæмдæр кæй уыдысты, стæй йе ′фсины æнæфсæрмæй афарста:

− Зæгъæм, ныртæккæ дæм мин доллæры куы уаид, уæд сæ цы саразис?

Æфсин ын дзуапп уайтагъд авæрдта (цыма афтæ æмбæлдис): хæдзары цы хъæуы, уыдæттæ, дам, балхæнин...

− Нæ, − чындз дардмæ кæсгæйæ, сдзырдта. − Æз уайтагъд Сау денджызмæ, кæнæ та ресторанмæ ацæуин æмæ хорз рæстæг арвитин.

Уæд та йæм  æфсин дæр фыртыхстæй цъæрæмыхстытæгæнгæ сдзырдта:

− Æмæ, дæ нывонд фæуон, мах дæр хæрдæй цух куыннæ стæм, стæй цы æрбаймысыс, уый дын уадидæгæн дæ цардæмбал куы æрбадавы.

Чындз йæхи ныхъхъус кодта (æфсины ′рдæм бакаст, ома, ды та цы ′мбарыс цъында бийыны йедтæмæ, цыма йæ афтæ фæндыдис зæгъын), стæй фестад æмæ йæхи уатмæ бахызт.

Æз мæхи нал баурæдтон, æмæ та мæ сирвæзти ахæм æмбисонд: «Æвзæр æфсины къæбиц хæлæттаг вæййы...» Кæд мæ бамбæрста, уæд.

Стæй ма мæ зæрдыл æрлæууыдысты Брытъиаты Елбыздыхъойы ныхæстæ дæр: «Сылгоймаг æфсармæй фидауы».

Æмбарын æй, алы адæмыхаттæн дæр йæхи æгъдæуттæ ис, йæхи æмбарындзинад цардмæ. Æз сæ æфхæргæ дæр нæ кæнын, фæлæ æмбисæндтæ раст вæййынц: «Кæрцæн, дам, йе ′мпъузæн – йæхицæй хъуамæ уа».

Тедеты Анджелæ,

 Октябрыхъæуы фыццæгæм

астæуккаг скъолайы ахуыргæнæг.