Есенаты Ӕхсары ныв "Фӕлвӕра"
материал (10 класс) на тему

Цуциева Белла Георгиевна

Описание картины

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл esenaty_aekhsary_nyv.docx12.81 КБ

Предварительный просмотр:

Есенаты Ӕхсары ныв «Фӕлвӕра»

Есенаты Ӕхсар у ирон курдиатджын нывгӕнджыты ӕрыгон фӕлтӕрӕй. Йӕ нывтӕ зонынц канд Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы нӕ, фӕлӕ дунейы бирӕ бӕстӕты.

Нывгӕнӕджы дӕсныйадыл ӕй ахуыр кодтой номдзыд нывгӕнджытӕ: Бедойты Шалвӕ ӕмӕ Абысалты Юри. Ӕхсары уацмысты тематикӕ у тынг алыхуызон, арӕх дзы ӕмбӕлынц фольклорон сюжеттӕ ӕмӕ натюрморттӕ. Ӕхсар йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй йӕ нывты сӕйрагдӕр сты ахорӕнтӕ ӕмӕ хуыз. Фӕстаг рӕстӕг нывгӕнӕг кусы графикӕйы дӕр.

Ныв «Фӕлвӕра» у Есенаты Ӕхсары зындгонддӕр нывтӕй иу. Нывы раззаг пъланы ӕвдыст цӕуы бӕрзонд хӕрзконд нӕлгоймаг. Уый у Фӕлвӕра, ирон адӕмы мифологийы хӕдзарон фосы дауӕг. Дауӕгӕн ис раст даргъ фындз, урс-урсид зачъетӕ ӕмӕ боцъо, йӕ галиу цӕст у куырм.

Фӕлвӕрайы уӕлӕ ис бурбын цухъхъа, йӕ сӕрыл ис нымӕтын худ, йӕ къухы – лӕдзӕг. Дауӕджы фарсмӕ цӕуы стыр хӕрзхаст гал, сӕ разӕй – рӕсугъд фыркъа, йӕ алыварс та – лыстӕг фос.

Бӕрзонд бӕлӕсты аууоны хуыссынц хъулон хъуццытӕ. Цъӕх арвыл ленк кӕнынц урс къумбилӕй конд ӕврӕгътӕ.

Нывы дыккаг пъланы ӕвдыст цӕуы стыр хъӕу. Хохаг дурӕй конд хӕдзӕртты раз змӕлынц адӕм: устытӕ кӕнынц чъиритӕ, лӕгтӕ лӕууынц агты фарсмӕ, хистӕртӕ бадынц фынгты уӕлхъус. Сылгоймӕгтӕй чидӕр цӕгъды фӕндырӕй.

Ныв конд у ирд ахорӕнты руаджы, фылдӕр дзы ис фӕлмӕн хуызтӕ: бурбын, морӕ, сырхбын.

Ацы ныв мӕм кӕсы тынг цымыдисаг. У райдзаст, адӕймаджы зӕрдӕйы гуырын кӕны рӕсугъд ӕнкъарӕнтӕ. (Ныв мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыдис, уымӕн ӕмӕ у цымыдис, райдзаст, рӕсугъд).