Фондз æфсымæры аргъау
план-конспект урока (5 класс) на тему

повторить пройденный материал, закрепить знания детей по теме "Части слова"  

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл конспект урока 26.4 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы  темæ:  «Фондз  æфсымæры  аргъау»

(дзырды  хæйттæ  фæлхат  кæныны  урок).

Урочы  №:  5,  Дзырды  хæйттæ.

Урочы  тип (хуыз):  рацыд  æрмæг фæлхатгæнæн  урок.

Урочы  хæстæ:  

  1. Ахуырадон  зонындзинæдтæ:  бафидар  кæнын  сывæллæтты  зонындзинæдтæ  рацыд  æрмæг  дзырды  хæйттæ.
  2. Хъомыладон:  1) Гуырын  кæнын  цымыдисдзинад  ирон  æвзаг  ахуыр  кæнынмæ;  2) Зын  сахат  кæрæдзийæн  æххуыс  кæнын,  бинонты  ’хсæн  æнгомдзинадыл  архайын.
  3. Зонадон  райрæзты  хæс:  Ныхасы  рæзт.  Хъуыдыйæдтæ  раст  аразын  лæвæрд  дзырдтæй.  

Урочы  фæлгонц:  цæстуынгæ  æрмаæг,  карточкæтæ,  таблицæ.

Урочы  пълан:

  1. Организацион  хай.
  2. Хæдзармæ  куыст  сбæлвырд  кæнын.
  3. Рацыд  æрмæг  фæлхат  кæнын.
  4. Фæлтæрæн куыстытæ æмæ хъæзтыты ’руаджы æрмæг бафидар кæнын.
  5. Хатдзæг.
  6. Кæронбæттæн.
  7. Хæдзармæ  куыст.

  1. Организацион  хай.

а)  Сбæрæг  кæнын  сывæллæтты  цæттæдзинад  урокмæ

     (чиныг,  тетрад,  боныг,  фæбæрæг  кæнын  урочы  чи  

      нæй,  уыдоны);

б)  Бамбарын  кæнын  урочы  хæс.

в)  Цæстыуынгæ  æрмæгмæ  сæ  хъус  æрдарын.

  1. Хæдзармæ  куыст  сбæлвырд  кæнын.  

Сбæрæг  кæнын  тетрæдты  хæдзармæ  лæвæрд  æрмæг.

  1. Рацыд  æрмæг  фæлхат  кæнын.

Урочы  цыд:

  • Аргъауы  хуызы  дзырды  хæйттыл  æрдзурын  æмæ  саразын.

ныфсджын

хъаруджын

нæртон

а)  Разныхас:  Раджы  ма,  раджы  ма  иунæгæй  цард  иу  дзырды  хай.  Йæ  ном  хуындис  уидаг.  Æмæ  йын  иунæгæй  цæрын  тынг  æнкъард  уыдис.  Уалынмæ  æмбал  агургæйæ  æлутон  быдыры  федта  фæсæфтуаны.  Æмæ  бирæ  дам-думтæ  нал  фæкодтой,  сæ  кæрæдзийæн  загътой  æфсымæртæ.  Уидаг  загъта:  «Абонæй  фæстæмæ  уыдзыстæм».  Уæдæй  фæстæмæ  уидаг  æмæ  фæсæфтуан  цæрынц  фæрсæй  фæрстæм.

  • Афыссæм-ма  уæдæ  уидаджы  ныхæстæ  æмæ  цыл  нæ  цæст  ахæссæм,  кæддæра  æцæгæйдæр  баиу  сты  æви  нæ?

æмдых  æмзонд  ахъаззаг

б)  Рæстæг  цыди,  уæдæ  цы  уыдаид  фæсарæнтæй  æнæнхъæлæджы  æрбахауд  разæфтуан  æмæ  сæм  комкоммæ  басидти:  Æнкъард  уын  нæу,  мæ  хæлæрттæ?  Уæхимæ  мæ  айсут  æмæ  уыдзыстæм:  куыст  кæндзыстæм.  Нæ  бон  уыдзæн  ног  дзырдтæ  аразын,  цæмæй  аланты  фæдонтæн  се’взаг  ма  фесæфа,  культурон  хæзнайæ  баззайа.  Сразы  сты  æртæ  æфсымæры.  Уыдон  кодтой  ахсджиаг  куыст  дзырдаразæг  куысты  фæдыл.

  • Æркæсут  ма  ацы  æфсымæрдзинадмæ,  æцæгæй  баиу  сты  æви  нæ?  Рафыссæм  сæ  æмæ  сæ  фæбæрæг  кæнут.

æрбадæгæн  ахæссæгмæ  æмбарынæй

в)  Фæлæ  уæддæр  æфсымæртæ  æнцой  нæ  ардтой.  Цыдæр  ма  сын  нæ  фаг  кодта,  уæд  сæхæдæг  фæдзырдтой  фæндаджы  былыл  цы  кæрон  æмæ  бындур  тезгъо  кодтой,  ахæм  дыууæ  æртхордмæ.  Æмæ  та  гыццыл  рæстæджы  фæстæ  банкъардтой  æфсымæрдзинад  æмæ  загътой:  «Абонæй  фæстæмæ  æнæ  кæрæдзийæ  дуары  æддæмæ  дæр  нæ  ракæсдзыстæм».  Афтæ  хæларæй  цæрынц  фæрсæй  фæрстæм.

г)  Фæлæ  уæддæр  æнæ  къуыхцыйæ  аргъау  нæй,  æмæ  нæ  аргъау  дæр  æнæфыдуаг  митæй  кæронмæ  нæ  хæццæ  кæны.  Кæй  зæгъын  æй  хъæуы  кæстæр  кæддæриддæр  фыдуаг  вæййы.  Ацы  аргъауы  дæр  афтæ,  кæстæр  æфсымæр  куы  хæдзарæй  ралидзы,  куы  хæдзармæ  балидзы,  куы  та  хæдзары  сæрыл  абады.  Сымахæй  афтæ  цымæ  чи  у?  Байхъусут  ма  уыци  уыцитæм  æмæ  сын  дзуæппытæ  ратдзыстут.

Уыци-уыцитæ:

1.          Фондз  æфсымæры  стæм  

Дзырдтæ  аразæг  нæ  хонынц

Равзарут  нæ  фарстатæм

Зын  хынцинæгтæ  нæ  домынц.

(дзырды  хæйттæ)

2.          Кæстæр  дæн  æмæ  фыдуаг  дæн

Хæдзарыл,  хæдзармæ,  хæдзарæй

Алидзын,  фæлæ  та  дарддæр

Кæм  фæхъæуы,  уым  æрбадын.

(кæрон) – зонинаг

3.          Æнæкæрон  хай  мæн  хонынц

Æмæ  мын  ис  ном  дæр,  уæдæ  цы?

Ме’мгæрттæ  мæ  бирæтæ  нæ  домынц

Равдисын  сæ  æз  бынты.

(бындур)

4.          Хистæр  æфсымæр  æз дæн

Никуы  аивын  мæ  ныхас

Дзырдаразæг  дæр  нæ дæн

Кæм  ис  хъару  мæнмæ  уыйас?

(уидаг) – зонинаг

5.          Уæдæ  ма  дыууæйæ  хъару

Ныфс  æмæ  тых  бауадзæм  уидагмæ

Стæй  нæ  бар  у,

Ног  дзырдтæ  дæр  саразæм

(разæфтуан,

фæсæфтуан) – зонинаг

Уæдæ  ууыл   нæ  аргъау  кæронмæ  æрхæццæ.  Æмæ  мæ  фæнды,  цæмæй  5  æфсымæры  куыд  базыдтат,  афтæ  дарддæр  нæ  куыст  æнæкъуылымпыйæ  куыд  ацæуа.

  1. Фæлтæрæн куыстытæ æмæ хъæзтыты ’руаджы æрмæг бафидар кæнын.

Хæслæвæрд.

-  Зæгъут  ма  сывæллæттæ  афтид  уидагæй  арæзт  дзырдтæ

фæйнæгыл:  куыст,  кæс,  картоф,  фыд,  карк,  мад,  сых.

-  Мæнæ  ацы  схемæтæм  гæсгæ  ссарут  хъæугæ  разæфтуан  кæнæ  фæсæфтуан  æмæ  аивæм  нæ  дзырдтæ:

* разæфтуан +          (бакуыст,  ракæс)

+ фæсæфтуан          (картофджын,  кæркдон)

+ кæрон                  (мадмæ,  сыхимæ)

Хæслæвæрд                     Бæлас

Æлутон  быдыры,  æфсымæртæ  кæм  баиу  сты  зади  иу  тулдз  бæлас.  Æмæ  йæ  къалиутæ  хуымæтæг  нæ  уыдысты.

-  Ахъуыды-ма  кæнут  цавæр  ног  дзырдтæ  ис  саразæн  бæласы  уидагмæ  æфтаугæйæ?  

(Ныффыссут  сæ  уæ  тетрæдты  æмæ  дзырды  хæйттæ  рахицæн  кæнут).

Хъазт.

Афæлмæцыдыстут  æвæццæгæн  æмæ  иу  гыццыл  ахъазæм.  Æрмæст  ма  нæ  иу  адæймаг  фæйнæгыл  кусдзæн,  иннæтæ  та  мемæ  архайдзысты.  Кæй  фæнды  размæ?  (фæйнæгыл  дидинæг).

а                ра                        - Фæбæрæг  кæн,  цавæр  ног  дзырдтæ  дын 
                                         
  дзы  рауайдзæн  разæфтуанты  ’руаджы.

                                    ба

    æр

                       с

-  Мах  та  ахъазæм  ахæм  хъазтæй:  райсæм  ацы  цыппæрдигъон  предмет  æмæ  йæ  æз  зилдзынæн  æмæ  цы  дзырды  хайыл  æрлæууа  ууыл  æрхъуыды  кæнут  дзырд,  уый  фæстæ  та  хъуыдыйад.

Фæйнæгыл  дзырдтæ.

Алкæйы  раз  дæр  ис  йæхи  схемæ  æмæ  мын  уæ  схемæтæм  гæсгæ  дзырды  къордæй  рафыссут  дзырдтæ  æмæ  семæ  æрхъуыды  кæндзыстут  хъуыдыйæдтæ.

дзураг                фыссын                рафыссын

ракастис                мад

фыдджыныл        бал

абадынмæ                фыд

фыссæгæн                бадзур

дыргъдон                ракæс

мадæн                акæсын

  1. Хатдзæгтæ.

Уæдæ  абон  мах  бафидар  кодтам  дзырды  хæйттæ.  Алы  дзырды  хай  дæр  бæстондæрæй  равзæрстам  фæлтæрæнты  æмæ  цæстуынгæ  æрмæджы  фæрцы.

1)  Зæгъут  ма  уæ  ирон  æвзаджы  цал  дзырды  хайы  ис?

2)  Цы  хонæм  кæрон,  бындур,  уидаг,  разæфтуан,  фæсæфтуан?

3)  Цавæр  фæсæфтуанты  разæй  æмхъæлæсонтæ  фæдæргъвæтин  вæййынц?

  1. Кæронбæттæн.

Абон  иууылдæр  хорз  архайдтой.  Фæлæ  фылдæр  дзуæппытæ  лæвæрдтой  5  ахуырдзауы.  Райстой  иттæг  хорз  бæрæггæнæнтæ.  Иннæтæ  бацархайдзысты  хуыздæр  æндæр  хатт.

  1. Хæдзармæ  куыст

Лæвæрд  дзырдтæй  æрхъуыды  кæнут  æмæ  ныффыссут  хъуыдыйæдтæ.

                            Абоны  урок  фæци.  Хæрзбон!