Бахъахъхъæнæм æрдз!
методическая разработка (9 класс) на тему

Бахъахъхъæнæм  æрдз!

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл dokument_microsoft_office_word.docx20.02 КБ
Файл oset_yaz.pptx2.33 МБ

Предварительный просмотр:

Темæ. Бахъахъхъæнæм  æрдз!

Эпиграф.    «ᴁрдз чи хъахъхъæны,уый уарзы йæ райгуырæн бæстæ.»

                                                          М.Пришвин.

Урочы хъомыладон хæс.   Сывæллæттæм сæвзæрын кæнын райгуырæн                                         бæстæмæ уарзондзинад, æрдзыл аудын æмæ йæ хъахъхъæнын.

Урочы нысан.   

  1. Ног лексикæ бафидр кæнын.
  2. Ныхасы рæзтыл бакусын.
  3. Бæрцон нымæцонтæй пайда кæнын.
  4. Ног лексикæйæ дзургæ ныхасы пайда кæнын.

Урокмæ æмхасæнтæ.   Ахуыргæнæн чиныг, дзырдуат, техникон фæрæзтæ.

Урочы цыд.   

  1. Организацион хай.
  2. Дзырдуат сфæлхат кæнын.

-- Сывæллæттæ, мах базыддам ног дзырдтæ æмæ сæ хъуамæ сфæлхат кæнæм.

Фæйнæгыл фыст сты дзырдбæстытæ ног дзырдтимæ(цæттæ сæ кæнæм интерактивон фæйнæгыл). Уыдон фыст сты гæххæттын  сыфтыл дæр. Ахуыргæнæг байуæрста гæххæттын сыфтæ ахуырдзаутæн.

Фарст. -- Кæмæ уæ æрхаудта фыццаг дзырдбаст? Дзуапп кæнæм.

 Хъæугæ дзырд зæгъынц ахуырдзаутæ, уый фæстæ фæзыны фæйнæгыл дæр.

Знæгты æнæрхъуыдыдзинад

Алыхуызон æппарæнтæ

Дæнцæг æрхæссын –

Æхсæнады ивддзинæдтæ

Дон акалын зæхмæ –

Хъæугæ дзаума фесафын –

Хæсты фесæфтис

Хъæдæвзалы судзын –

Б æзджын цъар -

Ахæм хуызы æвзарæм æппæт дзырдбастытæ дæр.

Ахуыргæнæджы ныхас: уæдæ нæ цавæр дзырдтæ цымыдис кодта, уыдон сфæлхат кодтам. Нæ темæ та цы хуындис?

Дзуапп: «Бахъахъхъæнæм æрдз!»

Фарст. Эпиграфæн та йын цавæр хъуыдыйад æрхастам?

Дзуапп. М.Пришвины ныхæстæ: «æрдз чи хъахъхъæны, уый уарзы йæ райгуырæн бæстæ.»

Фарст.   Сывæллæттæ, сымах разы стут ацы хъуыдыимæ?

Дзуапп.  Разы дæн, уымæн æмæ æрдз æмæ адæймаг кæрæдзиимæ æнгом баст сты.

Рахизæм нæ текстмæ. Ахуыргæнæг кæсы текст, сывæллæттæ лæмбынæг хъусынц, сæ хъус дарынц ног дзырдтæм тексты мидæг. Тексты кæрон ис ног дзырдтæ, ахуырдзаутæ сын сæ нысаниуджытæ хъуамæ сæхæдæг бамбарын кæной.

  1. Знаггад – вредительство.
  2. Сыгъдæггæнæн фæрæзтæ – очистительные сооружения.

Дарддæр бакусæм фæлтæрæнтимæ. 5-æм фæлтæрæн. Къæлæтты ис цалдæр дзырды. Хъуамæ дзы равзарæм хъæугæ дзырд æмæ хъуыдыйад баххæст кæнæм. Интерактивон фæйнæгыл фыст сты хъуыдыйæдтæ, ахуырдзаутæ сæ куыд æххæст кæнынц, афтæ та фæйнæгыл дæр разыны хъæугæ дзырд.

1.Ацы    ……………… æрхаста  йæ  чиныджы америкаг  ахуыргонд.
2.Уый  дзуры  адæймаджы    ………….              тыххæй  æрдзмæ.
3. Адæймаг  æрдзмæ   ………………..         хæссын раджы   райдыдта.
4. Фæстаг  300 азы  дæргъы  зæххы  цъарыл        ………….          36 цæрæгой æмæ 94 маргъы хуызы.
5.Нефтласæн  танкертæ   ……………  донмæ  4  милуан  тоннæйы  нефть.

  • 6. Нæ  республикæйы  сæйрагдæр  куыстуæтты  ……………..  бæрц  хæццæ  кæны 6  милуан  тоннæмæ.
  • Рагон  тæрхоны  лæг  хорз  зыдта,  цæмæ  цæуы  адæймаджы

    …………………………..  .                                  

6-æм фæлтæрæн. Кусæм нымæцонтимæ: хъуамæ зæгъæм цал.

  1. Цал цæрæгой æмæ маргъы хуызы фесæфтис зæххы цъарыл?  Зæххы цъарыл фесæфтис 36 цæрæгой æмæ 94 маргъы хуызы.
  2. Цал саг æмæ хъæддаг галы ауагътой Цæгат Ирыстоны хъæды? Цæгат Ирыстоны хъæды ауагътой 56 саджы æмæ 47 хъæддаг галы.
  3. Цал гектары цæгъдынц хъæдтæ алы минут? Алы минут дæр дунейы цæгъдынц 20 гектары бæрц хъæдтæ.
  4. Цал тоннæйы калынц нефть донмæ нефтласæн танкертæ? Нефтласæн танкертæ калынц донмæ 4 милуан тоннæйы нефть.
  5. Цал тоннæйы бæрц сты республикæйы куыстуæтты æппарæнтæ? Республикæйы куыстуæтты æппарæнты бæрц хæццæ кæны 6 милуан тоннæмæ.

7-æм фæлтæрæн. Лæвæрд цæуынц дзырдты къордтæ, уыдонæй хъуамæ саразæм хъуыдыйæдтæ. Æнгæс хъуыдыйæдтæ ис тексты, пайда сæ кæнæм. Интерактивон фæйнæгыл фыссæм дзырдты къордтæ æмæ сæ ахуырдзаутæ куд аразынц, афтæ разынынц уым дæр.

Скъоладзаутæй иу аразы слайдтæ æмæ цæттæ кæны хъусынгæнинаг нæ æрдзы экологион уавæры тыххæй.

Х/к. Тестæн саразут пълан æмæ йæ хи ныхæстæй рдзурут.


Предварительный просмотр:


Подписи к слайдам:

Слайд 1

Н æ æ рдз

Слайд 7

Бахъахъхъæнæм æрдз!