Авд цухъхъайы
план-конспект урока (9 класс) на тему
Предварительный просмотр:
Темæ: Патриотизм, адæймаджы кад æмæ намыс Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъайы».
Нысан: 1. Сбæрæг кæнын уацмысы темæ æмæ идейæ,æрдзурын авд æфсымæр æмæ сæ мады фæлгонцыл;
2. Аив литературон уацмысы фæрцы ахуыргæнинæгтæм Райгуырæн бæстæмæ æхсидгæ уарзт гуырын кæнын;
3.Хъæбатыр хæстонтæн, нæ кадджын хистæртæн, ныййарджытæн аргъ кæнын ахуыр кæнын скъоладзауты.
Урочы фæлгонц: Плиты Грисы уацмысты равдыст, фæйнæг, къулыл авд цухъхъайы ауыгъд.
Техникон фæрæзтæ: интерактивон фæйнæг, магнитофон, проэктор.
Урочы эпиграф: Хæст лæгмар у, цард та дзы – æнуд,
Тугæмхæццæ уæнгты уайы сурхид…
Адæм, цæнгтæ бафистæг кæнут
Æмæ хæстæн бахæцæм йæ хурхыл!
Плиты Грис.
У Р О Ч Ы Ц Ы Д:
Ахуыргæнæджы раныхас:
-Уалдзæг…Афæдзы афонтæй æппæты рæсугъддæр, æппæты хуыздæр. Бæстæ райхъал вæййы йæ тарф фынæйæ æмæ базмæлы. Дуне ногæй райгуыры æмæ рæзынмæ фæвæййы. Æнæкæрон арвыл хур йæ зынг цæстæй дунемæ ныккæсы, иу миты къуымбил никæм фæзыны. Ног фæндтæ, бæллицтæ, хъуыдытæ… Адæймагыл базыртæ разайы, стæхынæввонг свæййы.
Уалдзæг нæ бæстæйæн уæлдай уарзондæр у, уымæн æмæ 9-æм майы фæбæрæг кæнæм нæ адæмæн æппæты кадджындæр бæрæгбон - Уæлахизы бон. Уыцы бон нын æрхастой, Фыдыбæстæйы кад сæ риутæй чи бахъахъхъæдта, абоны царды сæвæлтау йæ цард нывондæн чи ´рхаста, йæ тугæй йæ Райгуырæн бæстæйы алы санчъех дæр чи балхæдта, уыдон.
Карз тохы заман бæсты сæрвæлтау
Знаджы гæнах уæ риутæй састат.
Уæддæр нæ буцæй нæ цардуалдзæджы
Уæ фæллад къухтыл бирæ фæхастат.
/Чеджемты Æхсар «Дæ ном»/.
9-æм май амондджын бæрæгбон у, фæлæ нæ хистæр кары адæммæ æндæр æнкъарæнтæ æвзæрын кæны иутæм-цины цæссыгтæ, иннæтæм-зæрдæхалæн мысинæгтæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тыххæй. Уымæн æмæ сын абоны амонды бон æгæр зынаргъæй æлхæд æрцыд.
/Бакæсын эпиграф. Экраныл слайд-шоу, ахуыргæнæг дзуры/: - Хæст… Хæрз цыбыр дзырд, фæлæ калмы хæстау уæнгтæ баризын кæны, сæрыхъуын арц сбады. 1941 аз…22-æм июнь… Уыцы сæрдыгон райсом алчи куывта амондджын бонтæм,алчи æнхъæлмæ каст бирæ ног хæрзтæм,фæлæ… цард мæнгард у. Фыдбылыз кæцæй кæсы, уый чи зоны. Хур йæ зынг цæст нæма сдардта, æхсæв йæ бартæ бонмæ нæма ратта, афтæ æрвнæрæгау айхъуыст: «Райдыдта хæст!» /Хъуысы зарæг «Вставай страна огромная»/. Советон Цæдисы адæм стырæй-чысылæй, лæппæйæ-чызгæй сыстадысты сæ Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Адæмæн иу уыд сæ маст, сæ хъыг. Цыппар æнæкæрон азы цыдысты хæстон фæндæгтыл. Уыдон зæрдæйæ уарзтой æмæ аргъ кодтой Фыдыбæстæйæн. Сæ хæс уыд иу – «цыфыддæр знаг хъуамæ æрцæуа ссæст!». Иннæ адæмы æмрæнхъ æрлæууыдысты ирон адæм дæр. Уæндонæй ныззарыдысты тохы зарæг/хъуысы «Тохы зарæг»/, уымæн æмæ тохы зарæджы зæлтæ ирон лæг йæ мады æхсыримæ банкъары. Цыдысты ныфсджынæй æмæ Уæлахизы сæраппонд æвдыстой диссаджы хъæбатырдзинад. Афтæ кæй уыдис, уымæн æвдисæн у нæ хъæбатырты нымæц. Адæмы нымæцы бæрцмæ гæсгæ Ирыстон Советон Цæдисы хъæбатыртæ ратта æппæтæй фылдæр – 79 адæмаджы, 60 мин ирыстойнаджы та райстой ордентæ æмæ майдантæ
Намысы ордены æххæст кавалертæ – 7, уыдонæй иу Виктор Коняев. Ирон бинонтæй бирæтæ Фыдыбæстæйы Стыр хæстмæ арвыстой цалдæргай фæдисоны: Гæздæнты æмæ Кобегкаты æвдгай æфсымæртæ, авд хæдзарæй – æхсæзгæйттæ, 36 хæдзарæй – фæндзгæйттæ, 92 хæдзарæй – цыппæргæйттæ, 100 – гай хæдзæрттæй –æртыгæйттæ. /Скъоладзаутæ кæсынц æмдзæвгæтæ/:
1-аг:- Курын уæ, æмбæлттæ, курын: сыстут-ма æнцад!
Уый æрбалæууыд нæ цуры мард цыппар хъæбулы мад.
Мах цагъайраджы къæлæтæй уæд куы тæрсын кодта знаг,
Уæд йæ сахъгуырдты сæ кæртæй хæстмæ арвыста фыццаг.
2-аг:Курын уæ, æмбæлттæ, курын: сыстут! Слæуут-ма æнцад!
Уый нæ амондхæссæг хур у- фондз зынгхуыст хъæбулы мад.
Батавæм æм цæй нæ къухтæ, райсæм дзы фæндагмæ зынг.
Фарн нын тауы уый æдзухдæр, сафы нын нæ рыст, нæ зын.
1-аг: Курын уæ, æмбæлттæ, курын: сыстут! Слæуут-ма æнцад!
Уый æрбадт фæлладæй дурыл ´хсæз зынгхуыст хъæбулы мад.
2-аг: Курын уæ, æмбæлттæ, курын: сыстут! Слæуут-ма æнцад!
Уый йæ байзæддæгтæм дзуры авд зынгхуыст хъæбулы мад.
- Тохы зарæг систой Иры поэттæ æмæ фысджытæ дæр, сæ иу къухмæ райстой хæцæнгарз, иннæмæ-сис æмæ барвæндонæй цыдысты хæстмæ. /Бавдисын инт.фæйнæгыл Кочысаты М.,Калоты Х.,Гаглойты Ф.,Тетцойты Т.,Джусойты Н.,Плиты Г./ Æмæ сæ чи фæуыдзæн нымад… Бирæ æрыгон фæсивæд нал сыздæхт хæсты быдырæй, се ´нæфыст зарджытæ ахастой семæ. Тохвæлладæй фыдыуæзæгмæ чи рыздæхт, уыдон æрлæууыдысты ног цард аразынмæ, куыстой адæмы удварнæн. Уыдонæй сæ иу уыд Плиты Грис. Нæ зæрдыл ма æрлæууын кæнæм Плиты Грисы царды хабæрттæ. /Иу скъоладзау дзуры Грисы царды хабæрттæ, иннæ та йе сфæлдыстады тыххæй, экраныл слайд-шоу/.
Ахуыргæнæг:
- Поэтæн йæ зæрдæ тынг фæрыст Гæздæнты зынгхуыст авд æфсымæрыл, сæ ныййарæг мадыл.Сæ æвирхъау уавæр сын афтæ тынг банкъардта æмæ йе стыр курдиаты фæрцы, ирон æвзагæй арæхстджынæй пайдагæнгæйæ, сарæзта фæзминаг фæлгонцтæ.
Грисмæ уыдис диссаджы поэтикон миниуæг – раздæр иу фæхъуырдухæн, фæхъынцъым кодта йæхинымæр, цалынмæ – иу йæхи бауырнын кодта, цæуыл фысдзæн, уый æцæгдзинадыл.Уый фæстæ –иу равзæрд уацмыс. Мæнæ цы фыссы йæ мысинæгты Грисы цардæмбал Афассæ, ирон театры сгуыхт артисткæ: «…Уый размæ ахæм хъуынтъызæй рацу-бацу кодта, йæ дзыхæй хъыпп-сыпп нæ хауд. Стæй дын апрелы иу дыццæджы йæхиуыл дуар сæхгæдта æмæ суанг сабатмæ йæ тæфтыл никæй ауагъта. Тарстæн, мæ уд фыртасæй сцæйхауд, зæгъын, йæхицæн мацы кæнæд. Маяковский æмæ Есенинæн се ´мбисонд сæхи! Цымæ емынæйæ сади, уыйау йæхи никæмæн равдыста. Йæ ахæстонæй – иу хæрынмæ рахызт, æз – иу театрмæ куы ацыдтæн, уæд. Майрæмбоны спектаклы фæстæ фæсæмбисæхсæвмæ не ´рбацыдтæн.куыддæр дуарæй мидæмæ бахызтæн, афтæ дын мæ хъустыл кæцæйдæр сылгоймаджы хъæлæсы зыр-зыр куы ауаид. Фæджихау дæн, зæгъын, нæ кæрты зианæй Хуыцау бахизæд! Уæд дын ноджы лæмбынæгдæр ныхъхъуыстон æмæ мын æй цы базонын хъуыд: Гришæйы кабинетæй хъуыст зæронд усы дзыназын. Ай циу, цы сау бон мыл ныккодта мæхи уды мæрдæй, цы кæуинаг фæцис мæ хæдзар! Мæ фыды цæсгомыстæн, мæ бынаты афтæ сагъдæй аззадтæн. Сабитæ фаллаг уаты сæхицæн адджын фынæй кодтой. Æз та фæсдуар лæууыдтæн æмæ хъуыстон сылгоймаджы уынгæг хъæлæсмæ. Иу дуджы дын мæхинымæры афтæ куы зæгъин: омæ, дзыназын йæ зыр-зырæй сылгоймаджы дзыназын у, фæлæ йе схæцæнтæ æмæ йе ´рхæцæнтæ нæлгоймаджы хъæлæсы тыхæй амонгæ куы сты, уæд уый та цы диссаг у? Бæлвырдæй нырма ницы зыдтон, фæлæ уæрджытæ зыр-зыр кодтой. Уалынмæ дын сылгоймаджы дзыназын нæлгоймаджы бæзджын хъæлæс баивта. Æз мæ мид-зæрдæйæ базыдтон, уымæн дæр йæ уаг æрдæбоны хъæлæсæй кæй цыд. Стæй та мæм сылгоймаджы дывыдон дзыназын æрбайхъуыст авддæлзæхæй. Ногæй та йæм нæлгоймаг бадзынæзта чысыл бæрзонддæр хъæлæсæй. Сомы дын кæнын мæ фыды сыгъдæг сыджытæй, аст хуызон хъæлæсы дзы банымадтон. Мæ кæуындзæг мæ æргæвста, ныббогъ кæнын мæ фæндыд, фæлæ мæхи урæдтон, зæгъын, куы йæ бахъыгдарон. Суанг боны цъæхтæм фæбадтæн уым. Райсом раджы Гришæ дуар фегом кодта æмæ йæ цæстытæ æууæрдгæ рацыд. Фæсдуар мæ табуреткæйыл бадгæ куы федта, уæд мæм ахæм каст фæкодта, цыма ныртæккæ зындоны хъизæмарæй раирвæзт. Мæ къухы мын скрепкæйæ кæрæдзимæ баст сауфыст гæххæттытæ фæсагъта, йæ цæсгомыл йæ дыууæ къухы æруагъта æмæ загъта: «Хазинкæ, æнхъæлдæн цыдæр æрцахстон!» Лыстæг фыст цæджындзы сæргондмæ æркастæн æмæ дын мæ къухы «Авд цухъхъайы».Æртыккæгæм майы Гришæ йæ балладæ Фысджыты Цæдисы æмбырды бакаст æмæ йæхæдæг куыд куыдта, афтæ куыдтой, чи йæм хъуыста, уыдон дæр, мæ фыды цæсгомыстæн!..»
Инсценировкæ «Авд цухъхъайы».Архайынц дзы скъоладзаутæ.Авд æфсымæры къамтæ радыгай зынынц инт.ф. Хъуысы зарæг «Журавли»-йы мелодии.
Ахуыргæнæг:
-Тынг хорз, мæ хуртæ.Ныр та цæй æмæ балладæ равзарæм фарстытæ æмæ дзуаппыты руаджы.
Фарст: -Цы у уацмысы темæ?
Фарст: -Цæмæн схуыдта автор йæ балладæ «Авд цухъхъайы»?
Фарст: -Балладæ та цы у, чи мын зæгъдзæн?
Фарст: -Цавæр аивадон мадзæлттæй пайда скодта поэт йæ уацмысы?
Фарст: -Ноджы ма цавæр мадзæлттæй спайда кодта автор?
Фарст: -Хæдзармæ уын раттон хæслæвæрд:тексты ссарын эпиттеттæ,олицетворенитæ,барæнтæ. Чи мын сæ бакæсдзæн?
Фарст:-Уæ хорзæхæй, ссарут тексты знагмæ æнæуынондзинад æвдисæг дзырдтæ, бакæсут сæ хъæрæй.
Фарст: -Лæппутæй кæй ныхæстæй баххæст кодта автор знагмæ йæ æнæуынондзинад.Ссарут тексты уыцы бынат, бакæсут æй.
Фарст: -Куыд уæм кæсы, цавæр хъæлæсы уагæй дзурынц лæппутæ сæ мадмæ?
Фарст: -Цавæр хъæлæсы уагæй дзурынц, знаджы кой куы фæкæнынц уæд та?
Фарст: -Цавæр миниуджытæй сты хайджын Гæздæнты æфсымæртæ сымахмæ гæсгæ?
Фарст: -Мад та йæ хъæбултимæ куыд дзуры, алкæмæ дæр сæ куыд бадзуры?
Фарст: -Æрлæууын-ма кæнут уæ зæрдыл цы дзуапп ратта æфсымæрты кæстæр мадæн?Æфсымæрты номæй куыд дзуры?
Фарст: -Чи мын зæгъдзæн, ацы уацмысы цы мады фæлгонц æвдыст æрцыди уый æцæг у, æви æрымысæггаг?
Ахуыргæнæг хъусы скъоладзауты дзуаппытæм, кæм хъæуы, уым сæ баххæст кæны.
-Нæмыг куы атæхы, уæд сæмбæлы, фыццаджыдæр, мады зæрдæйыл. Зæрдæйы хъæдгæмттæ та æрæгмæ дзæбæх кæнынц. Ныййарæгæн йæ хъæбул нæ мæлы, йæ фæстаг сулæфты онг дæр цæры йæ зæрдæйы. Æниу, æвæццæгæн, Гæздæнты авд æфсымæры мад Тасойæн йæ зæрдæ сау фæнык фестадаид, авд сау гæххæтты куы райстаид, уæд.ХЪысмæты афтæ бафæндыд æмæ Тасо амард хæсты размæ.Йæ авд сахъгуырд хъæбулы сæфты уæз æгасйдæр æрæнцад сæ фыд Асæхмæты уæхсчытыл./Магнитофоны лентыл фыстæй байхъусын Айларты Михалы æмдзæвгæ «Авд домбай цæргæсы»-мæ/.
Гæздæнты авд лæппуйæн сæ цæсты рухс ахуыссыд, фæлæ сæ ном æнустæм цæргæйæ баззад адæмы зæрдæты, зарджыты, æмдзæвгæты, æгомыг дурры. Скульптор Санахъоты Сергеймæ Я.Франкель æмæ Р.Гамзатовы зарæг «Журавли» сæвзæрын кодта сусæг хъуыды…/Байхъусын Черчесты Георгийы мысинæгтæм/. Афтæ равзæрд ДЗуары хъæуы Гæздæнты авд æфсымæры цырт.
Фарст: -Уæ хъæуæй дæр хæсты быдырмæ бирæ фæсивæд ацыди, уыдонимæ уыдис ахæмтæ æмæ иу хæдзарæй цалдæр фæдисонæй чи ацыдис.Кæй дзы зонут, уæ зæрдыл-ма сæ æрлæууын кæнут./Байхъусын дзуаппытæм/.
-Ирон фæсивæд алкæддæр, нæ рагфыдæлтæй абоны онг, æвдыстой æхсар æмæм хъæбатырдзинад. Райгуырæн бæстæйы сæ сæр куы бахъæуы, уæд фæстæ никуы фæлæууынц, æгаддзинад сæ сæрмæ не рхæссынц. Уымæн æвдисæн у нæ бæстæйы истории дæр. Æрлæууын кæнæм нæ зæрдыл Ирыстоны ХХ-æм æнусы кæрон æмæ ХХ1-æм æнусы райдиан нæ фæсивæд цы хъæбатырдзинад равдыстой, сæ адæмы знæгтæй хъахъхъæнгæйæ, уый. /Экраныл бавдисын слайдтæ, байхъусын скъоладзауты раныхæстæм/.
Хатдзæгтæ:
1.Абоны урочы уæ зæрдæмæ тынгдæр цы фæцыд?
2.Цы райстат абоны урокæй уæхицæн?
3. Цæуыл нæ ахуыр кæнынц ахæм уацмыстæ?
Байхъусын дзуаппытæм, сæвæрын бæрæггæнæнтæ комментаритимæ.
Хæдзармæ куыст:
Ныффыссын нывæцæн «Æмæ цыртдзæвæны бацыд уд…».
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
ПРЕЗЕНТАЦИЯ "Авд цухъхъайы."
Карз хæст райдыдта… Арвау ныццæлхъ кодта тохы фыццаг гæрах, арвы цæлхъау нæргæ ацыд хæхты æмæ быдырты. Карз хæст райдыдта… Барызт фатхъæд, барызт хъæды фидауц рæсугъд æхсин, сыбар-...
