Сценари "Сыхы барагбон"
материал на тему

Дзуцева Римма Болаевна

Сценари "Сыхы барагбон"

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon stsenarii_syhy_baeraegbon.doc33.5 КБ

Предварительный просмотр:

                                  «Сыхы  бæрæгбон».

                                           

 Сценари

Нысан: равдисын «Ныхас»- ы ахадындзинад;

             рæзгæ фæлтæры ахуыр кæнын ирон æгъдæуттыл.

(Сценæйы æвдыст цæуы уынг. Уым зыны «Ныхас»-ы бынат, ома, дуртæ тымбыл æвæрдæй).

Райсом раджы. Сыхæгты ног чындз рацыд æмæ мæрзы «Ныхас»-ы бынат. Марзт фæци æмæ ацыд. Бон дзæбæх æрбарухс.

Зæронд лæгтæ рацыдысты æмæ Ныхасы æрбадтысты.

1-аг лæг. Абон нæ баныхас кæнын хъæуы нæ сыхы бæрæгбоны тыххæй.Кæмæ уæ цы хъуыды ис, уый зæгъæд, стæй иумæйагæй уынаффæ рахæсдзыстæм. Мæнмæ гæсгæ, афон у.

Фæззыгон куыстытæ фесты,æмæ ныр хорз баулæфыныл дæр ахъуыды кæнын хъæуы. Йæ улæфт рæсугъд арвитын чи нæ зоны, уый хъазуатон куыст дæр нæ бакæндзæн,зæгъгæ, фæзæгъынц.

 

2-аг лæг.Афон у, афон.Уый фæдыл мæн фæнды мæ хъуыды зæгъын. Джеуæргуыбайы къуыри æрхæццæ кæны æмæ сæ иумæ скæнæм. Нæ фыдæлтæм дæр афтæ уыди: Джеуæргуыбайы  куывдæн искæцы сых фысым уыд.

3-аг лæг. Хорз хъуыды у уый, фæлæ нын хицауады зæрдæмæ куы нæ фæцæуа. Исчи дæр ма æфхæрд куы баййафа.

2-аг лæг.Цытæ дзурыс! Ныртæккæ хицауад йæ размæ стыр хæс куы сæвæрдта, цæмæй алы адæмыхатт дæр йе взаг, йæ фыдæлты æгъдæуттæ ма рох кæна. Нырмæ ахæм бæрæгбæттæ сусæгæй кодтой, фæлæ сæ ныр æргомæй кæнын кæнынц. Мæнмæ гæсгæ, сæрмагонд къæлиндар дæр сын

 рауагътой.

3-аг лæг .Æмбисонды хорз хъуыддаг аразы уымæй нæ хицауад.

Нæ рагон  ирон æгъдæуттæ æфсармыл, уæздандзинадыл ахуыр кæнынц. Ис дзы аппаринæгтæ дæр, фæлæ æмткæй

райсгæйæ та хорз сты.

1-аг лæг. Уæллæй, тынг фæцыдис мæ зæрдæмæ. Цы ма уа уымæй хуыздæр! Джеуæргуыбайы алчи йæ хæдзары  кусарт акæндзæн, скувдзæн Уастырджимæ, стæй æнæхъæн сыхæй иумæ скувдзыстæм.

 Уым махыл, хистæртыл, ис стыр хæс: хъуамæ нæ кæстæртæн бавдисæм нæ фынджы æгъдæуттæ. Хъуамæ сæ ахуыр кæнæм куывдтæ, чындзæхсæвтæ рæсугъд аразыныл.

 Уæдæ цалдæр кæстæрæн бамбарын кæнын хъæуы хъуыддаг æмæ райдайой цæттæ кæнын.

         Сценæ æхгæд æрцыд. Ногæй байгом. Дыууæ лæппулæджы къусбар зилынц. Се ккой голлаг, афтæмæй бадзурынц алы хæдзармæ дæр. Зад чи ратты, уый та сын арфæ ракæны сæ фыдæбоны тыххæй.

        Сцена та ахгæнынц. Куы байгом, уæд зыны ныв: сылгоймæгтæ бæгæны кæнынæн мигæнæнтæ æвæрынц:аг, арынг, чыргъæд, хъæмп, кæхц.  Бæгæныимæ архайынц ,афтæ-    

мæй ныхæстæ кæнынц.

1-аг ус. Табу уæд Лæгты дзуарæн! Нæ кувинаг ын барст фæ -уæд!

Сатанайы бæгæны нын æй Стыр Хуыцау фæкæнæд!

2-г ус. Аммен уæд ,аммен, фæлæ ма абон ахæм бæгæны искæмæн рауайа, уый мæ нæ уырны. Ныр сæкæрæй бæгæны кæнынц фылдæр. Æнхъизын дæр æй нæ мадæлты хуызæн нал кæнынц.

3-аг ус. Кæй куыд фæнды, афтæ кæнæд, фæлæ мах сæкæр нæ бафтаудзыстæм нæ кувинагмæ. Кæнæм æй сыгъдæг хъæбæрхоры задæй. Уæдæ йæ фыцгæ дæр бирæ кæндзыстæм.

1-аг ус. Æрмæстдæр афтæ,  иу-цыппар æнгуылдзы хъуамæ ныффыца нæ бæгæны.Уæд вæййы бæзджын æмæ хæрзад.

2-аг ус. Уæдæ мæнмæ та ис цырв, æмæ йæ уымæй бантауæм.

3-аг ус. Дæ цæрæнбон бирæ, æз та ма мæт кодтон, цырв кæм ссарæм, ууыл! Цырвæй уазал æнхъызт куы скæны бæгæны, уæд ын æмбал нæй!

Сценæ та ахгæнынц. Куы байгом, уæд кæстæртæ фынгтæ  æвæрынц.Хистæртæ рабадтысты. Куывдмæ хуынтимæ цæцынц.

Хистæр ,  æгъдаумæ гæсгæ, фыццаг ссардта  Хуыцауы ном.

2-аг сидт ракодта Уастырджийы тыххæй.

3-аг   сидт та сыхбæсты цæрæнбоны тыххæй.

Ацы  сидты фæстæ куывдмæ арбакодтой, афæдзы дæргъы сыхыл чи бафтыд, уыдоны, æмæ сын сæрмагондæй арфæ ракодтой. Уыдонæн та уæвæн ис: ног чындз, ноггуырд, ног æрцæрæг, Æфсадæй сыздæхæг.

Бацæттæ кæнын:

 ног чындзæн арфæтæ;

 ноггуырды арфæтæ, зарæг;

æфсæддоны арфæтæ, зарæг.

Фæсивæд хицæнæй хъазт сарæзтой: кафынц, зарынц,цин кæнынц.

Хистæртæ сæм нуазæн рарвыстой арфæтимæ:

хуыздæр кафæгæн, фæндырдзæгъдæгæн, æмдзæвгæ радзурæгæн.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Рагон ирон барагбон - Цауаггаг

Полный вариант статьи о старинном детском празднике Цæуæггаг (Цоггаг)...