Балц аргьаутты бастама
план-конспект урока (5 класс) на тему

Саламова Земфира Татариевна

устное народное творчество

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл attestats_urok_5_kl.docx19.86 КБ

Предварительный просмотр:

               Гом урок 5 къласы   ирон литературӕйӕ

                                          «Балц аргъӕутты бӕстӕмӕ»    (28. 10. 2015 г)

Нысан:

1.Ахуырдзӕутӕ цы аргъӕутӕ рацыдысты, уыдоныл афӕлгӕсын кӕнын аргъӕутты мидис, сӕйраг хъуыды.

2.Иронау аив дзурынмӕ тырнындзинад гуырын кӕнын,хи хъуыдытӕ раст ӕмӕ аивӕй ӕргом каныныл бакусын.

3.Сывӕллӕтты зӕрдӕты гуырын кӕнын хӕлардзинад, лӕгдзинад,хъбӕатырдзинад ӕмӕ уарзондзинад ӕнкъарӕнтӕ;скъоладзаутӕн рӕзын кӕнын аргъӕуттӕ кӕсынмӕ тырнындзинад.

Урочы фӕлгонц:

1.Эпигрӕф

2. Ирон музыкӕ 

3.Слайдтӕ 

Техникон фӕрӕзтӕ:

Компьютер, интерактивон фӕйнӕг

4. Универцалон ахуырадон архӕйдтыӕ урочы:

Миддуне къӕдзыг кӕнын,лекцикон хъуыдыкӕнынад рӕзын канын, коммуникативон арӕхсдзинадтыл бакусын .

5.Нырыккон технологитӕ урочы:

Проблемон ахуырад , къордты куыст ,информацион технологитӕ.

Урочы хуыз: урок-балц.

                                                       

                                                           

                                                         «Цӕй диссаг сты ацы аргъӕуттӕӕй!»

                                                                                                   /А.С.Пушкин/

1.Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.

Хъуысы ирон музыкӕ.

Ахуыргӕнӕджы разныхас:

Абон мах цӕуӕм аргъӕутты бӕстӕмӕ балцы.

Фӕнды уӕ балцы ацӕуын?/О/

-Цы-иу райстой семӕ Нарты фӕсивӕд,балцы цӕугӕйӕ?(хӕссынӕн рог,хӕрынан адджын хӕринӕгта).

-Мах та нема райсдзыстӕм нӕ цыргъзонд ӕмӕ дзырдарӕхстдзинад.

2.Ног ӕрмӕг

1.Ахуыргӕнӕг

Абон урокмӕ эпигрӕфӕн равзӕрстон А.С. Пушкины ныхӕстӕ (кӕсын сӕ фӕйнӕгӕй).

ӕгъут-ма, куыд ӕмбарут ацы ныхӕстӕ?

Балцы мидӕг хъуамӕ уӕм къӕрцхъус, хӕлар ӕмӕ нын уӕд бирӕ бантысдзӕн.

Балцы цӕуынц чызджыты командӕ «Цыкурайы фӕрдыг» ӕмӕ лӕппуты командӕ «Уацамонгӕ». Алы раст дзуаппӕн дӕр аргъонд ӕрцӕудзӕн иу сызгъӕрин сомӕй. Балцы кӕрон фылдӕр ӕхца чи бахӕсса йа хӕзнадонмӕ,уыцы команда амбылдта.

-Ныр та уал ныхасы бар раттӕм командӕтӕн.

Командӕ « Цыкурайы фӕрдыг»,табуафси.

-Командӕ «Уацамонгӕ».

Цӕмӕй аргъӕутты дунемӕ бафтӕм, уый тыххӕй нӕ ахизын хъӕуы Ирыстоны кӕмтты сӕрӕты .

Араст уӕм уӕдӕ нӕ балцы.

-Мӕнӕ ӕрбахӕццӕ стӕм Хъобаны коммӕ. Цӕмӕй дарддӕр нӕ фӕндаг кӕнӕм, уый тыххӕй нӕ хъӕуы фӕрстытӕн дзуаппытӕ раттын.

1.Аргъӕуттӕ сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ цавӕртӕ вӕййынц?

2.Аргъӕуттӕ вӕййынц адӕмон ӕмӕ литературон.Цӕмӕй хицӕн кӕныц адӕмон аргъӕуттӕ литературон аргъӕуттӕй?

3. Цавӕр адӕмон аргъӕуттӕ базыдтам?

4. Куыд хуындис фыццаг литературон аргъау?

5.Цавӕр литературон аргъӕуттимӕ базонгӕ стут? Чи сты сӕ автӕртӕ?

6.Аргъӕуттӕ цавӕр ныхӕтӕй райдайынц?

7. Аргъӕуттӕ арӕх фӕугӕ та цавӕр ныхӕстӕй фӕкӕнынц?

8. Цы зонд нын амоны Нигер йӕ аргъауы «Дыууӕ зӕрватыччы  ӕмӕ  дыууӕ сыхаджы аргъауы»

9.Уырыссаг кӕнӕ фӕсарӕйнаг литературӕйы цавӕр литературон аргъӕуттӕ зонут? Чи сты сӕ автортӕ?  (Пушкин «Сказка орыбаке и рыбке», « О мертвой царевне и семи богатырях», Андерсен «Снежная королева».)

-Цы тагъд ӕрбахӕццӕ стӕм Куырттаты коммӕ. 

-Цамай Уӕлладжыры коммӕ бахӕццӕ уӕм,уый тыххӕй  нӕ базонын хъӕуы,кӕцӕй ист сты ацы рӕнхъытӕ:

1.Цас ын баххуыс кодтаид уыцы къӕбӕр,уайтагъд та сӕххормаг./ «Раст лӕг ӕмӕ зылын лӕг »\.

2.Хъӕугӕрон бахызтысты ӕмӕ иу тӕрхъус сӕ размӕ фӕци./ «Фаззӕттӕ»\.

3.Фырцинӕй цы ракодтаид,увмӕн ницыуал зыдта зыд ӕмӕ кӕрӕф лӕг. / Нигер «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау»\

4.Алырдӕм дӕр ӕй куы барай,

   Ай нӕ хуыздар хос:

   Кӕд ды дзырд мӕ ссарай,-

   Дӕу фӕуӕд мӕ фос.

                                                     /Къоста «Ласкъдзӕрӕн»/.

Фӕлладуадзӕн  рӕстӕг/ирон музыка/

Ӕнхъӕлдӕн  ӕмӕ  бафӕлладвстӕм. Ауадзӕм мӕ иучысыл нӕ фӕллад. Фӕйнӕгыл ӕрдзы нывтимӕ слайдтӕ, фосы  дзугтимӕ.

-Акӕсӕм –ма ӕмӕ банвмайӕм  лӕскъдзӕрӕджы фысты.

(Скъоладзаутӕ сыстадысты, сӕхи аивӕзтой,  сӕ къухты аууӕтты кӕсынц куы галиуӕрдӕм, куы та рахизӕрдӕм. Агурынц фысты, нымайынц сӕ).

ӕ  фӕндаг дарддӕр кӕнӕм.Ӕрбахӕццӕ стӕм Цъӕйы коммӕ. Балцы цӕугӕйӕ немӕ рахастам нӕ цыргъзондзинад ӕмӕ дзырдарӕхстдзинад. Ахъазӕм ма уӕдӕ.

«Дзырд кӕддӕриддӕр дзырд сайы»

Хъазт арӕст у аргъау «Лӕскъдзӕрӕнмӕ» гӕсгӕ. Нымӕцонтӕм гӕсгӕ цӕттӕ кӕнут уӕ цӕстытыл цы ауади уый.

1-аг къорд цӕттӕ кӕнынц дзуаппыттӕ 1,2,3,4,5-мӕ гӕсгӕ

2-аг къорд цӕттӕ кӕнынц дзуаппытӕ нымӕцонтӕ 6,7,8,9-мӕ гӕсгӕ

-Тынг цыргъзонд стут. Дӕсны спайда кодтат уӕ зонындзинӕдтӕй.

-Ахыстыстӕм Цъӕйы коммӕй Дыгуры  коммӕ. Мӕнмӕ ис 2 къонверты . Сӕ мидӕг  ис  амбисӕндтӕ, сӕ дзырдтӕ –хӕццӕтӕ, афтӕмӕй. Ӕмбисӕндтӕ раздӕр чи ӕрӕмбырд кӕна,уыцы къорд  амбылдта.

ӕргъӕвсы коммӕ бахӕццӕ сстӕм. Ныр та равдисӕм нӕ арӕхстдзинад, цӕмӕй бахӕццӕ уӕм аргъӕутты дунемӕ.

 Сценкӕтӕ.

ӕ балц кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Ӕрбахӕццӕ стӕм Хъӕрӕугомы коммӕ. Сбӕлвырд  кӕнӕм, кӕцы командӕ бахаста фылдӕр сызгъӕрин ӕхцатӕ йӕ хӕзнадонмӕ.

Кӕронбӕттӕн.

-Абоны балц уӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд?

Зӕгъут-ма уӕ хъуыдытӕ?

Х/К   1.Бакӕсын хибарӕй аргъау. Саразын  ӕм иллюстрцитӕ.  2. Нӕ балц уӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнут , ӕмӕ уӕм цы мысинӕгтӕ фӕзына, уыдон ныффыссут.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

сценарий новогоднего представления "Ногазы балц"

Алан и Алана с группой хадзаронта отправляются в путешествие по свету, чтобы увидеть как встречают Новый год, узнать какие обычаи, традиции отмечаются в этот волшебный, чудесный зимний день....

«Зӕлинӕйы балц Мӕскуымӕ каникулты».Грамматикон темӕ: Хауӕнтӕ.

План- конспект урока по осетинскому языку в 6 классе. По теме"Афæдзы афонтæ"Грамматическая тема: Мивдисæджы бæрцбарæнтæ.План конспект урока по осетинскому языку в 7 классе. По теме:"Улæ...

Балц нывкæнынады дунемæ.

Технологическая карта урока в 5 классе дифференцированных групп....

Балцы Бетъырбухы (урок-экскурси) 9-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Нысантæ: хъомыладон:ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæныныл бакусын; сæ æнкъарæнтæ рæзын кæнын; ахуыр сæ кæнын  дунейы рæсугъддзинад уынын, гуырын кæнын уарзондзинад райгуырæн бæстæмæахуы...

Темӕ: «Балц Ирыстоны зӕххыл». Грамматикон темӕ: Номдар. Æриугӕнӕн урок. (Урок – викторинӕ)

Ныхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; номдары  тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Урок - викторинӕ .(Рацыд æрмæг фæлхат кæнын )Предметон: зонын номдар æвзарын куыд ныхасы хай, номдары ...

Иудзинадмæ сидт Хетæгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕ «Балцы зарӕг»-ы.

поэты сфæлдыстадыл цыбыр афæлгæст саразын;                           п...

Темæ: Балц Дыгургоммæ. «Задæлесчы сызгъæрин Нана».

Урочы  нысантæ.Героикон зарджыты бындур раргом кæнын.Бамбарын  кæнын адæмон сфæлдыстады хуызтæ.Гуырын кæнын цымыдисдзинад æмæ уарзондзинад нæ адæмон сфæлдыстадмæ, нæ историмæ, нæ хъæбатыртæм...