Нæ фыдæлты мæсгуытæ».
план-конспект урока

Урочы нысантæ:                  1. Скъоладзауты зонгæ кæнын фыдæлты хæзнатимæ.

                                                 2. Ивгъуыд, абон æмæ фидæны бастдзинад цардимæ.

                                                 3. Райгуырæн  бæстæмæ фыдыуæзæгмæ уарзондзинад

                                                  æвзæрын кæнын.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urokravdyst_n_fydlty_msguyt.docx102.01 КБ
Файл dokument.docx19.73 КБ

Предварительный просмотр:

25.02.15

2Урок-Равдыст

Темæ:                                     «Нæ фыдæлты мæсгуытæ».

Урочы нысантæ:                  1. Скъоладзауты зонгæ кæнын фыдæлты хæзнатимæ.

                                                 2. Ивгъуыд, абон æмæ фидæны бастдзинад цардимæ.

                                                 3. Райгуырæн  бæстæмæ фыдыуæзæгмæ уарзондзинад

                                                  æвзæрын кæнын.

Пайдагон æрмæг:                 сюжетон нывтæ[], равдыфст [], фæйнæг [],

                                                компьютер[] ,аудиоæрмæг [],видеоæрмæг [],

                                                индивидуалон хæслæвæрдтæ [],интерактивон

                                                фæйнæг [], чиныг [],къухфыст [],предметон нывтæ [],

                                                методикон æрмæг [].

                                               _____________________________________

Методикон фæрæзтæ:     дзургæ ныхас [], цæстуынгæ [], практикон [],

                                            индуктивон [], дедуктивон [], Репродуктивон [],

                                            иртасынадон []

                                           ______________________________________

Методикон формæтæ:     индивидуалон [], къæйттæй[], къордтæй

                                    ______________________________________

Урочы цыд:

I Бацæттæгнæнæн  рæстæг

а) базонгæ кæнын нæ урочы темæ æмæ нысантимæ.C:\Documents and Settings\User\Рабочий стол\Masyg_11.jpg

II. Ахуыргæнæджы разныхас.

III. Сывæллæттимæ диалог аразын.

Р.Б. – рæджы уыди каникултæ æмæ куыд арвыстат уæ рæвстæг?

Арсен- з бабæрæг кодтон мæ нанайы, уый цæры Лескены.

Заринæ – мæ куыд у дæ нана, дзæбæх у?

Арсен – Бузныг, æнæниз у. Мæ  нана у диссаджы фæлмæнзæрдæ æмæ æмбаргæ.

Викæ – Мæнæн та мæ нана ивгъуыд царды тыххæй бирæ фæдзуры.

Хазби – Мæнæн ис баба, цæры Дзæуджыхъæуы, у ирон æгъдæуттыл хæст

              адæймаг. Æз бирæ уарзын мæ бабайы, сæрыстырдæн уымæй. Йæ руаджы

              зонын таурæгътæ нæ рагфыдæлты царды тыххæй. Иумæ æрвитæм бирæ

              рæстæг.

Р.Б. – Хæлæг уæм кæнын ахæм нанатæ æмæ бабатæ кæмæн ис! Нæ мадæлон

           æвзагыл уымæн хорз дзурут. Дзæгъæлы нæ фæзæгъынц, «Хæдзар хистæрæй

           фидауы».

Лорена: Р.Б. Ды та куыд арвыстай дæ цæгъд рæстæг?

Р.Б. – з та бабæрæг кодтон мæпагфыдæлты цæрæн бынат, уыдтæн хохы.

          Рагæй мæ фæндыд, фæлæ мæ къухы не    ̉фтыд.

Хетæг – мæ дзы диссагæй цы ис?

Р.Б. – Йæ рæсугъдзинæдты тыххæй зын радзурæн у, хъæуы сæфенын æмæ

           банкъарын (видеоæрмæг мæ кæсæм. Бæрзонд хохы цъуппытæ, сыгъдæг

           уæлдæф, рæсугъд  уыгæрдæнтæ. Уæлдай цымыдиссаг та сты нæ

           рагфыдæлты мæсгуытæ (фидæрттæ).

Ирæ – Диссæгтæ, мах рæстæджы та ма цæмæн хъæуынц мæсгуытæ?

Давид – Афтæ цæмæн зæгъыс, уыдон сты нæ истори!

Азамат – Уыдон нæ рагфыдæлты цардимæ баст сты!

Миленæ – Р.Б., радзур ма нын, мæсгуытæ цы амонынц?

Р.Б. – Уæдæ мæм лæмбынæг хъусут! Раджы – мы – раджы, цалдæр сæдæ азы размæ

           ирон адæм хæхбæсты куы цардысты уæд фæзындысты мыггаджы мæсгуытæ.

          Уæды заман,хæхбæсты цырд уыди тынг зын, знæгтæ иу лæбурдтой. Уымæ

          гæсгæ адæмы хъуыдис сæхи хъахъхъæнын. Райдыдтой аразын мæсгуытæ.

          Амадтой сæ бæрзонд рæтты, цæмæй сæ алыварс алцыдæр уыдтаиккой.

Кристинæ – мæ сæ цæмæй амадтой?

Георгий – з æй зонын! Хорз дур æмм чъырæй.

Р.Б. – О, тынг раст. Стæй ма хъуыдис дæсны амайæг. Мæсыгмæ гыццыл дуртæ

           хастой амайджытæ сæхæдæг, стырдæртæ та ластой галты ххуысæй.

Дианæ –мæ иу уæлдзгуытæм та куыдæй схыстызты?

Алан -  вæццæгæн дзы асинтæ конд уыди?

Р.Б. – Алан,ды раст дæ! мидæгæй алы уæлæдзыгмæ дæр уыдис хъæдын асинтæ

 конд æмæ уыдоныл цыдысты уæлæдзгуытæм. Мæсыгæн йæ сæр уыдис тъæпæн арæзт.

Дианæ – Уый та цæмæн?

Р.Б. – Цæмæй кæрдзийæн фехъусын кæной, знаг æрбацæуы зæгъгæ, уый тыххæй

           Мæсгуыты сæр æртытæ сыгътой. Стæй ма иу ын йæ сæрыл æвæрдтой бирæ

          дуртæ, цæмæй сæ знагыл æппарой!

Георгий – мæ иу цас фæбадтысты мидæгæй?

Р.Б. – Адæм иу куы базыдтой, знаг æрбацæуы, уæд сæхи æррæвдз кодтой йæ ныхмæ

          Æрлæууынмæ.   Æнæхъæн маггагæй иу мæсыгмæ бацыдысты, семæ иу

          бахастой хæринаг, хæцæнгæрзтæ, дон. Мæсыджы дуар иу сыхгæдтой æмæ иу

          æнхъæлмæ кастысты знагмæ. Знаг  иу саст иу куы рцыди, уæд  рацидысты.

Ирæ – Цас рæстæг хъуыди мæсыг самайынæн?

Р.Б. – Амайгæ йæ кодтой цалдæр азы, уымæн æмæ йыл хъуыдис бирæ кусын.   Мæсыг амайын чи зырдта, уыдон уыдысты тынг кадджын. Сæ куыст æххæст кодтой  иттæг хорз. Уымæ гæсгæ мæсыг уыдис тынг фидар  æмæ знагæн зын райсæн.

Чермен – Мæ баба арæх фæдзуры: «Мæсыг йæхи дурæй хæлы», фæлæ никуы

                ахъуыды кодтон афтæ цæмæн фæзæгъы ууыл?

Р.Б. – вæццæгæн дæ ирон æгъдауыл æмæ ирон æвзагыл йæ къух чи сисы ирон

          уæвгæйæ, уыдоны тыххæй фæзæгъы афтæ. Фæлæ уый афтæ æмбаргæ у: дур иу  уæлейæ рахаугæйæ, пырх кодта биннаг дурты, уымæн æмæ иу мæсыг бынæй

уыдис фæтæндæр, уæлейы нарæгдæр. Афтæ иу мæсыг, йæхи дурæй хæлд

æрцыд.

Кристинæ – Ныры рæстæг ма, исчи пайда кæны мæсгуытæй?

Р.Б. – Нæ, хи хъахъæныны тыххæй дзы ничиуал пайда кæны. Фæлæ куыд загътам

          афтæ, уыдон сты ирон адæмы царды истории æвдисæнтæ,цæмæй  кæстæр фæлтæр, зоной, раджы рæстæг адæм куыд цардысты, уый. Рæстæг цæуы, æрдзон тыхтæ –  уарын, дымгæ, халынц рагон мæсгуыты, фæлæ йæ адæмы чи уарзы, йæ маггагæн  аргъ чи кæны, амалхъом чи у, уыдонæй бирæтæ сæ мыггаджы   мæсгуытæм базилынц, арæх сæ бабæрæг кæнынц. Сæ фыдæлты кад дæлæмæ  нæ уадзынц.

Дианæ з чингуыты тынг арæх фенын мæсгуыты нывтм, фæлæ сæ истори ахæм

               цымыдисаг кæй у, уыл никуы ахъуыды кодтон.

Арсен- Дæ радзырды фæстæ мæн æрфæндыд мæсгуытæ фенын.

Р.Б. – Кæд уæ тын фæнды, уæд сæрды каникулты уæ ныййарджытимæ ацæут

           хохмæ. Уым æнæмæнг фендзыстут нæ рагфыдæлты мæсгуытæ. Сæ къæмтæ

           сын иу сисут. Кæнод уæ бинонты хистæртæй базонут уæ фыдæлты

            мæсгуыты тыххæй.

III. Кæронбæттæн.

-Ныр та зæгъут, цы базыдтыт рагон мæсгуыты тыххæй?

-Цæмæн сæ арæзтой?

- Цавæр хъуыдтæ, æнкъарæнтæ уæм фæзынд ацы урочы фæстæ?

-Загъут, цæуыл хъуыды кæнынц рагон фыдæлты мæсгуытæ

Рæстæг ма нын куы уа уæд скæндзыстæм мæсгуыты нывтæ.



Предварительный просмотр:

                                               

Нæ фыдæлтæ мæсыг куыд амадтой?

Фыдæлты мæсгуытæ

(скъуыддзаг)

Фыдæлты мæсгуытæ

Нæ хæхбæсты джихæй лæууынц,

Фыдæлты мæсгуытæ

 Уæларвмæ дзыназынц, кæуынц.

Кæддæр та сæ сæрты

 Нæ уæндыдис цъиу дæр тæхын,

Кæддæр та сæхицæй

Тыхджындæр нæ уыдис зæххыл.

Æнусæй-æнусмæ

Сæ мидæг туг калд æмæ калд.

 Æнусæй-æнусмæ

 Æппæт кæмттыл хъуысыд сæ кад.

                                                                              Цæрукъаты Алыксандр

          Ирон адæмæн ис рагон истории. Нæ фыдæлтæн – скифтæн  æмæ алантæн – сæ ном арвнæрæгау хъуыст Азийы æмæ  Европæйы быдырты. Сæ хæстон балцытæй æмризæджы рызтысты паддзахтæ æмæ императортæ, уымæ гæсгæ семæ кодтой цæдис æмæ хæстæгдзинад, агуырдтой сæ æххуыс  æмæ харзæх.

        Æмæ канд хæстон сгуыхтытæй нæ уыдысты номдзыд нæ фыдæлтæ, уымæн æмæ уыдон æнтысджынæй кодтой фос æмæ  зæххы куыст. Арæзтой куырдадзтæ æмæ гæнæхтæ, сахартæ æмæ аргъуантæ. Се ῾хсар  куыд фидар уыд, афтæ тыхджын уыд сæ зонд, сæ курдиат дæр.

Асæрды уыдтæн Куырттаты комы уазагуаты.Уый рæсугъддзинæдтæ ма обон дæр мæ цæстытыл уайынц. Уым фыццаг хатт федтон рагон ирон мæсгуытæ хæстæгмæ.Уыдон мœ сœ кондœй дисы афтœ бафтыдтой,œмœ сфœнд кодтон бœлвырддœр базонын ирон мœсгуытœ куыд амадтой ,уый.

       Ирон мæсгуытæ сæ кондæй дисы æфтауынц дунейы дзыллæты. Нæ рагфыдæлтæ дæсны уыдысты егъау мæсгуытæ, фидæрттæ æмæ цæрæн хæдзæрттæ аразынмæ. Уыдон архайдтой æрдзы æмæ хæстон царды фадæттæм гæсгæ. Хохаг хæдзæрттæ уыдысты тъæпæнсæр, кæрæдзиуыл ныхæст, æмæ-иу хъæу уыдис хæстон фидары хуызæн.

       Нæ рагфыдæлты мæсгуытæ уыдысты цыппæрдигъон, сæ цъуппытæ та арæхдæр – тъæпæн, цæмæй сæ дымгæ ма фехæлдтаид. Сæ дуæрттæ уыдысты бæрзонд, æмæ сæм æнæ асинæй схизæн нæ уыдис. Мæсгуыты бын уыдис рацæуæнтæ адæмæн, фосæн. Хæхбæсты ма арæзтой кувæндæттæ æмæ зæппæдзтæ дæр. Хохаг архитектурæйы бирæ цыртдзæвæнтæ

махмæ æрхæццæ сты незамантæй.

      Хæцæн æмæ хъаггæнæн мæсгуытæ амадтой фыдæлтæ бæрзонддæр — фондз-, авд- æмæ фарастуæладзыгонтæй, æддæгуæлæтæй. Абоны ирæтты цæстæй кæсгæйæ ахæм бæрзонд мæсгуыты арæзты диссагæй ницы ис: дур дурыл æвæр, хъæд хъæдыл ныхас æмæ мæсыджы сæрæй райгондæй акæс... Фæлæ æнæ нырыккон аразæн æрмæгæй, техникон фæрæзтæй афтид дур, хъæд æмæ хуымæтæджы сыджытæй ахæм нарæг бæрзонд мæсгуытæ самайынæн хъуыди дзæвгар тыхимæ стыр æрхъуыды æмæ дæсныйад, фæлтæрдад. Уæлдæр ма дзырдтам хæцæн-цæрæн фидæртты арæзт æмæ кондыл куыд æрмæгæй, афтæ армы дасныйадæй дæр. Фæлæ хъаггæнæг-хæцæн мæсгуыты арæзтой хъæуты, кæмтты зынгæдæр бынæтты, алырдæмы зынæнты-фæлгæсæнты.

     Мæсгуытæ хицæн лæгты, хæдзæртты номыл дæр уыди, æмæ дзæвгар рæстæг хъуыди сæ саразынæн, уыйадыл кæрæдзийæн æххуысты цыдысты зиуы куыстæй. Мæсыг сцæттæ, уæд йæ бинаг хатæны цæрæн хæдзары уагыл кодтой астæуарт, ауыгътой йæ сæрмæ къонайы рæхыс æмæ кодтой куывд. Мæсыгджын хæдзæрттæ, мыггæгтæ нымад цыдысты тыхджынтыл, бонджынтыл. Уыцы уавæры адæм ерысæй архайдтой мæсгуытæ амайыныл, æмæ куыдфæстагмæ дур дæр нал фаг кодтаид амайынæн. Бирæ рæтты дур ластой зымæг дзоныгъты, сæрд багалæг уæрдæтты суанг цъитирæбынтæй. Уæладзгуыты æвæрдтой иугуыр даргъ дуртæ тигъæй-тигъмæ, æмæ сæ раст сæвæрынæн хъуыди, иуæй, стыр хъару, иннæмæй — дæсныйад.

     Хæцæн-хъаггæнæн мæсгуытæн, куыд загътам, афтæмæй уыди иугай бахизæны дуæрттæ бинаг хатæнты. Уæллаг хатæнтæм хызтысты астæуты хуынчъытыл хъæдын асинтыл. Бахъуыды заман цæрджытæ асинтыл хызтысты уæллаг хатæнтæм хъæугæ дзаумæттимæ, истой уæлæмæ асинтæ, фæлдæхтой хуынчъытыл къæйтæ æмæ ирвæзтысты тыхгæнджытæй.

     Уæллаг хатæнты къулты цыппарырдæм уыди кæсæнтæ-хъавæнтæ æмæ сæ хуыдтой рæдæнтæ. Уырдыгæй æхстой фатæй, нæмыгæй, æппæрстой дуртæ, калдтой фыцгæтæ лæбурджытыл. Хъаггæнæн мæсгуыты сæрты сыгътой фидиуджытæ фæдисмæ-æххуысмæ сидæн æртытæ.  Мæсыг уыд тынг зын амайæн. Афтæ-иу загътой : «Мæсыг куы райхалай, уæд дзы æнæхъæн хъæу сараздзынæ, фæлæ æнæхъæн хъæуы дуртæй мæсыг нæ самайдзынæ».

     Мæсыгæн хъуыдис хуыздæр дур, хуыздæр чъыр, хуыздæр амайæг.

Æвзæр дурæй мæсыг амайæн нæ уыд. Йæ тæккæ сæрмæ хæстæг-иу ын барæй стыр дуртæ сæвæрдтой Кæсут, куыд тыхджын стæм, уымæ ! Абоны онг дæр ма адæмы дисы ' фтауы, мæсыг амайджытæ-иу уыцы стыр дуртæ уæлæмæ куыд систой, уый.

     Мæсыгмæ-иу гыццыл дуртæ хастой лæгæй . Стырдæртæ та – галты

' ххуысæй, иу, дыууæ, æртæ цæдæй, ома дуры уæз куыд уыд, уымæ

гæсгæ. Дыууæ стыр хъæды-иу мæсыджы уæладзыгыл æрæвæрдтой, фæсте-иу сæ тынг ныффидар кодтой, разæй хæрдмæисæны æмæ уæззау дурты уæзæй хъил куыд нæ кодтаиккой, афтæ, стæй-иу сис дарддæр амайын райдыдтой . Æфсæйнаг зын ссарæн кæй уыд, уымæ гæсгæ хæрдмæисæнæн сæмæн кодтой, нæхимæ чи задис, ахæм бæлас æхсæмæрæй ( æфсæйнаг хъæд ). Уый задис Дыгургомы, алы фæрæт æмæ йæ хырх нæ лыг кодтой, стæй æмбийгæ дæр тынг нæ кодта. Æхсæмæрæй ма арæзтой уæрдоны сæмæнтæ дæр.

    Мæсыгæн йæ сæр æмбæрзтой хæдзары сæры хуызæн: хъæдтæ, дуртæ æмæ сыджытæй . Йæ сæрыл ма йын-иу сæвæрдтой бирæ дуртæ, бахъуаджы рæстæг знагыл æппарынмæ. Дуртæ-иу куы фесты, уæд та-иу уæле дæлæмæ систæ халгæ цыдысты æмæ-иу уыдоны дуртæ дæр бынмæ калдтой сæ фыдгулыл.

     Ис ахæм ирон æмбисонд: «Мæсыг хи дурæй хæлы». Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ мæсыджы сæрæй дур куы рахауы, уæд бынæй бирæ фæтæндæр кæй у, уымæ гæсгæ йын къулыл æнæ сæмбæлгæ нæй. Афтæмæй уæле рахаугæ дуртæ пырх кодтой бинæгты, хæлдтой мæсыг.

     Æнæуи та мæсыг уыд тынг зын райсæн, лæугæ хох дæр æй уымæн хуыдтой.

         Кæронбæттæны  мæ  фæнды зæгъын: дæ Райгуырæн бæстæйы, дæ адæмы ивгъуыд заманты истори куы  нæ зонай, уæд зын цæрæн у. Ныртæккæ мах цы дуджы цæрæм, уый равзæрд тынг раджы, стæй бирæ фæлтæрты фæллой æмæ зондæй. Уыцы æнæкæрон бирæ хъæздыгдзинæдтæй та пайда кæны алы адæймаг дæр, дунемæ куы фæзыны, уæдæй йæ амæлæтмæ…


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Фидæрттæ, гæнæхтæ, мæсгуытæ - фыдæлтыккон хæзнатæ

Технологон картæ ирон ӕвзаджы урокмæ 6-æм къласы (ирон къорд). Ныхасы темӕ: «Фидæрттæ, гæнæхтæ, мæсгуытæ - фыдæлтыккон хæзнатæ»...