Стъалытæ æмæ æрвон диссæгтæ
план-конспект урока (5 класс)

Джигкаева Людмила Федоровна

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5 -æм къласы

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл stalytae_aemae_aervon_dissaegtae.docx206.04 КБ

Предварительный просмотр:

                                     Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5 -æм къласы

Темæ: «Стъалытæ æмæ æрвон диссæгтæ»

Грамматикон темæ:  Фæрсдзырд  фæлхат кæнын                  

Урочы  нысантæ

  1. Фæлхат кæнын сæрмагонд ныхасы хай фæрсдзырд.

  2. Скъоладзауты фæцалх кæнын фæрсдзырдæй ныхасы  мидæг  пайда кæныныл.

  3.Ахуырдзауты зæрдæтæм гуырын кæнын                               цымыдисдзинад  æрвон дунемæ, æрвон диссæгтæм.

Урочы хуыз

Урок – презентации

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын

Метапредметон: анализ, синтез, абарст; хъуыдытæ логикон æгъдауæй аразын æмæ бæлвырд кæнын

Удгоймагон: скъоладзауты æвзаг æмæ миддуне хъæздыг кæнын

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

Презентацитæ: « Стъалыты æмбырдгондтæ»

æмæ «Æрфæны фæд»-ы тыххæй

               

                                                                                                   

 Урочы эпиграф:                                    

Фæнды дæ арв, йе зæхх

Сæ æцæгтæ зæгъой,

Уæд чиныгмæ ыздæх,

Кæн ахуыр, кæн фæллой.

Хъайтмазты А.

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

   Сывæллæттæ,  абоны урокмæ куы цыдыстут, уæд  уын

уæ ныййарджытæ цы бафæдзæхстой?

 

-Уæ риуыл та съалытæ цæмæн бакодтат?

-Уæдæ цæмæй нæ урочы темæ базонæм, уый тыххæй нæ хъæуы  дзырдбыд баххæст кæнын.

Дзырдбыд баххæстгæнгæйæ хицæнгонд цæджындзы  бакæсут сæрмагонд ныхасы хайы ном.  

   Сывæллæттæ дзурынц сæ хъуыдытæ

Дзуапп: Уымæн æмæ мах абоны урокмæ бацæттæ кодтам презентацитæ стъалыты  æмæ æрвон диссæгты тыххæй

Фæрсдзырд

Регулятивон :

ахуырадон  зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын

 

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

-Цы зонут фæрсдзырды тыххæй?

-Цы нысан кæны термин фæрсдзырд?

-Куыд æмбарут дзырд «живописует»?

Презентацитæ.

-ФÆРС æмæ ДЗЫРД

 -наРЕЧие

Речь- ныхас

Рагон Ромы цæрджытæ та фæрсдзырд хуыдтой adverbium. Дзырд verbium нысан кодта «мивдисæг», разæфтуан ad та-при, ома «приглаголье»

Йæ рæстæджы А.С.Пушкин дæр бафиппайдта: «Наречие- особаячасть речи: и трудная. И интересная, а еще она «живописует глагол»

Дзуаппытæ дæттынц.

Зонадон: : арæхсын æрмæгæй пайда кæнынмæ урочы темæ æргомгæнгæйæ

Коммуникативон:

Удгоймагон: рæзын кæнын уарзондзинад мадæлон æвзагмæ.

Рацыд  æрмæгыл куыст.

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

-  Фæрсдзырды уыцы миниуджытæ мах абон хъуамæ раиртасæм аивгонд тексты æмæ, нæ бон цас у, уый бæрц бацархайæм нæхи сфæлдыстадон куыстыты фæрсдзырдтæй спайда кæныныл.

Хæс :      Дзырдтæй саразын дзырдбæстытæ, стæй та хъуыдыйæдтæ фæрсдзырдтимæ.

         Арвыл...

      Стъалытæ ...

Аразынц дзырдбæстытæ, стæй хъуыдыйæдтæ

Зонадон: анализ, синтез, абарст; хъуыдытæ логикон æгъдауæй аразын æмæ бæлвырд кæнын; алыхуызон хъуыдытæ нымайын æмæ афтæмæй æмгуыст кæнын.

Коммуникативон: бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ

Удгоймагон: хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы.

Зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.

Текстимæ куыст

                          Ǽрфǽны фǽд.

    Иуахǽмы дын саг ǽмǽ къамбец куы фǽбыцǽу уаиккой, арвы кǽронǽй иннǽ кǽронмǽ тагъддǽр чи бахǽццǽ уыдзǽн, зǽгъгǽ.  Ǽрлǽууыдысты иу кǽрон.

     Саг ǽвиппайды йǽ сыкъатǽ бǽрзонд систа ǽмǽ рǽвдз фǽцагайдта. Арвы астǽумǽ куы бахǽццǽ, уǽд йǽ зǽрдǽ аскъуыд ǽмǽ йǽ мидбынаты ǽрхауд.

    Уалынмǽ къамбец  дǽр рараст ǽмǽ сындǽггай иннǽ кǽронмǽ бахǽццǽ.

    Арв ǽхсǽвыгон куы ныттынг вǽййы ǽмǽ стъалыты цǽхǽр куы фесты, уǽд йǽ бǽстастǽуыл иу кǽронǽй иннǽмǽ ирдǽй разыны урцагъд къуымбилǽй фǽд. Уый фарсмǽ та иу кǽронǽй бǽстастǽумǽ ис урс мигъы хуызǽн ǽхсырхуыз бындзыгтǽ.

         Уǽдǽй фǽстǽмǽ дзурынц,  зǽгъгǽ, дам, уыдон сты саг ǽмǽ   къамбецы фǽдтǽ.  

   Хонынц сǽ «Ǽрфǽны фæд».

Æвзарынц текст, стæй йæ хи ныхæстæ дзурынц

Регулятивон : архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын; аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын, архайдтытæ алгоритмæ гæсгæ кæнын

Дзуапп

Сырх стъалытæ:

Саг:   æвиппайды йæ сыкъатæ  бæрзонд систа, рæвдз фæцагайдта;

  арвы астæумæ куы бахæццæ, уæд йæ зæрдæ аскъуыд, йæ мидбынаты æрхауд.

Къамбец:  уалынмæ рараст, сындæггай иннæ кæронмæ бахæццæ.

Сæ иу тагъдгæнаг, иннæ  та –сындæг

Дзуапп  

(Цъæх стъалытæ): 

ǽвиппайды-        ( сабыргай)

рǽвдз-                  ( сындæг)

бǽрзонд-             (ныллæг)

астǽумǽ -           (кæронмæ)

       

Дзуапп

 (Сыгъзæрин стъалытæ): 

ирд ǽхсǽвы-       (мæйрухс æхсæвы

фǽцагайдта-       (азгъордта)

ǽвиппайды-      ( æнæнхъæлæджы)

цǽхǽр фесты-   (ныййирд вæййы)

Дзуаппытæ:

 Цæсты фæныкъуылдмæ-      тагъд

Йæ хъæлæсыдзаг - хъæрæй                

Цæстытæ ныссадзын –           лæмбынæг

Дзуапп:  Къæхтæ йыл базад.

                 Бындзы тахт акодта.

                 Тагъдгæнæгæн йæ зæнг сæтты.

Дзуапп:

 Æмбаргæ лæг зын хъуыддаджы тагъд нæ кæны.

   

Кæсынц сæ презентацитæ.

1.Рагон бердзентæм гæсгæ Æрфæны фæд баст у мады æхсыримæ. Сылгоймаг-Хуыцау Герæ йæ риуы ‘хсырæй хаста Гераклы. Фæлæ куы базыдта Геракл йæ лæг Зевсæн зæххон сылгоймагæй кæй райгуырд, уый. Уæд сывæллоны асхуыста, æмæ йе ‘хсыр арвыл акалд.

2.Финаг мифтæм гæсгæ кæддæр зæххыл зади стыр тулдз бæлас…

3.Сомихаг таурæгътæм гæсгæ…

  Кæсынц презентацитæ

1)Башкираг таурǽгъмǽ гǽсгǽ раджы кǽддǽр иу лǽгǽн уыди авд чызджы.  Сǽрǽн, рǽсугъд  чызджытǽ уыдысты. Сǽ рǽсугъддзинадыл сын адǽм дис кодтой .

   Иу хатт хǽхбǽсты амбǽлдысты  зǽдты паддзахыл. Чызджытǽ дзы фǽтарстысты ǽмǽ хǽхтǽм бǽрзонд слыгъдысты.

 Зǽдты паддзах  - сǽ фǽстǽ.  Куыд сǽ фǽцǽйǽййǽфта, афтǽ, кǽрǽдзи къухтыл ныххǽцгǽйǽ, арвмǽ стахтысты. Уǽдǽй  нырмǽ авд стъалыйы хуызы арвыл баззадысты.  Хонынц сǽ «авд стъалыйы».  

2Рагон уырыссаг адǽм сǽ таурǽгъты стьалыты гуппар «Авд хойы» хуыдтой Воз, Колесница, Кастрюля, Ковш ( Стыр Цолпы).

 Монгойлаг  таурǽгъмǽ гǽсгǽ та стъалыты гуппар «Авд хойы» сты авд зǽронд лǽджы (семь старцев).

Дзуæппытæ:

1-  б

2-  в

3-  в

4-  в

5-  б

Зонадон: :

хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын æмæ радзурын зонын

Коммуникативон: хи хъуыдытæ æргом кæнын),

Удгоймагон: 

мадæлон  æвзаджы аивдзинадмæ уарзондзинад гуырын кæнын.

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

-Ныр  та фæйнæгмæ уе ‘ргом раздахут æмæ алчидæр иу хъуыдыйад кæронмæ ахæццæ кæнут.

Абон æз базыдтон…

Уыди цымыдисаг…

Æз бамбæрстон уый  æмæ…

Ныр мæ бон у…

Мæн бафæндыди …

Мæ бон баци…

Фæнды мæ  фылдæр базонын…

Коммуникативон: æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын хи хъуыдытæ æргом кæнын.

Хатдзæгтæ скæнын.

-Цавæр хатдзæгтæ скæнæм нæ урочы кæрон?

Хатдзæгтæ кæнынц

Коммуникативон: хи хъуыдытæ æргом кæнын),

Удгоймагон: 

мадæлон  æвзаджы аивдзинад,

Фыдыбæстæм,æрдзы рæсугъддзинад æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын.

Хæдзармæ куыст

Бæрæггæнæнтæ

                   

Сахуыр кǽнын тагъддзуринаг:

Бынтон ǽнафон,

Ǽнǽнтыст фǽуой,

Цъǽх арвыл кафынц,

Цъǽх арвыл симынц

Ǽнǽнтыст  хотǽ,

Кǽсут-ма,  авдǽй.

Аззǽ- сǽ хистǽр,

Гъе стǽй- Уырыззǽ.

Уымǽй дǽлǽмǽ-

Цицц ǽмǽ Уǽрдахъ,

Дǽдǽкк ǽмǽ Уǽрдǽкк,

Стǽй сǽ кǽстǽр – Къǽбǽда.

- Стъалытæ райсут  æмæ уæ куыстæн аргъ скæнут. 

Хæдзармæ куыст бæрæг кæнынц боныгты

Сывæллæттæ сe стъалытæ  (бæрæггæнæнтæ) арвыл ауындзынц,  сырх стъалытæ-5, цъæх стъалытæ -4, бур стъалытæ-3.  Арвыл фылдæр ферттывтой сырх съалытæ.

                                                                 Директор МБОУ СОШ с.Михайловское                              Медоев А.Х.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

«Мад хъæбулæн йæ стъалы, йæ хур у!»

Ирон æвзаджы урок «Мад хъæбулæн йæ стъалы, йæ хур у!»...

Тема урока: «Мад хъæбулæн йе стъалы, йæ хур у!»

                              ИРОН ÆВЗАДЖЫ У  Урочы темæ: «Мад хъæбулæн йе стъалы, йæ хур у!» ...