Нæй фыдбон æмæ фыдлæгæн бирæ рацæрæн зæххыл
план-конспект урока (9 класс)

Джигкаева Людмила Федоровна

Урок в  9 классе

Скачать:


Предварительный просмотр:

Кълас 9 «Б»

Урок-презентаци  «Нæй фыдбон æмæ фыдлæгæн бирæ рацæрæн  зæххыл»

Урочы  нысантæ:

1.Сбæрæг кæнын кадæджы мидис æмæ йæ сæйраг идейæ.

2. Рæзын кæнын  цымыдисдзинад  ирон адæмы  историмæ.

3.Ахуырдзауты зæрдæты гуырын кæнын лæгдзинады æнкъарæнтæ.

Урочы фæлгонц: презентаци интерактивон фæйнæгыл, тестытæ.

Урочы цыд:

I.Бацæттæгæнæн рæстæг.

  1. Мотивацион уавæр.

II. Ног æрмæгыл куыст.

1. Скъоладзаутæ эпигрæфмæ гæсгæ сбæрæг кодтой урочы темæ.

2. Ǽгъуызаты Иуанейы царды сæйраг хабæрттæ (презентаци)

Ахуыргæнæг:  

 Иуанейы  фæллæйттæ, йæ ныстуан, йæ нæргæ дзыхыдзырд фехъуыстысты йæ адæммæ, фæахъаз ын сты йæ дарддæры цардвæндагыл, æмæ  йæ уымæн хонæм буц номæй – нæ фыццаг рухстауæг.

Скъоладзау:  Ǽгъуызаты  Иуане ма ныууагъта махæн аивадон уацмыс  дæр  – хъайтарон кадæг « Алгъузиани».

Кадæджы сæйраг нысан у Ир æмæ кæсæджы паддзах Алгъуызы хъæбатыр фæлгонц.

Ахуыргæнæг: Æвзарæм  кадæджы композици

 Скъоладзау :  Алгъуызы кадæг конд у цыппар хайæ.  Уым дзырд цæуы Алгъуызы хæстон  сгуыхтдзинæдтыл, ныхасы сæр стыр  тохы нывтæ, стыр тугкалд, стыр  хæстон арæхст æмæ æвидигæ хъару.

Бердзены паддзах  Августы хистæр фырт Алгъуыз  йæ фыдмæ нæ байхъуыста, бауарзта Кесар-ханы чызг Этеры æмæ йæ аскъæфта, кæд уый æндæр диныл хæст уыд, уæддæр. Ныууагъта йæ мад  æмæ йæ фыды дзыназгæ, хъыг зæрдæйæ ацыд дард Кавказмæ, Кесар-ханы фæдисæтты куы фæцагъта, уæд.

Ам кæсæг æмæ Иры паддзах сси.

Cкъоладзау: Фыццаг Алгъуызмæ рабырста нонты  фсад.   Уыдоныл фæуæлахиз, сæ паддзахы сын амардта, сæхи сын сæ хæдзæрттæм ауагъта.

( пайда кæнæм текстæй)

 Cкъоладзау :  Нæма æрулæфыдысты Алгъуызы  фсад нонтимæ хæстæй, афтæ сыл  схæцыдысты цæцæн.  Ам дæр та фæуæлахиз Алгъуыз, лæгæй-лæгмæ та хæсты  амардта цæцæны паддзах Хъайраны.  Йæ сæр ын барвыста цæцæны фсадмæ, æмæ уæд уыдон сæхи састыл банымадтой

Хъайранимæ хæст  (интер ф.)

Интерактивон фæйнæгыл нывтæ, Алгъуыз нонты бæстæм хуынды йе фсинимæ  рацыд, куывд  скодта.

Фарст:   Алгъуызы кадæджы дыккаг æмбисы цы рцыд?

Скъоладзау:  Амосары паддзах- Алискъантармæ уыд æфсæддон раздзогæй иу лæг, мыггагæй Гамрекъели.  Уый фæбыцæу паддзахимæ  æмæ  уыйадыл йæ  куыстæй сырд æрцыд.  Уæд Аслан Гамрекъели  сси Горанды сахары хицау. Уым дæр æй нæ ныууагъта Алискъантар, фæсурын æй кодта йе фсымæртæн, æмæ Аслан дæр ралыгъд  Алгъуызмæ. Уый адыл хæст расайдта Амосары паддзахæн æмæ Алгъуызæн.

Интерактивон фæйнæг.

Алгъуызы  хæст Алискъантаримæ. 

Скъоладзау:  Алискъантар фæмард .  Рараст Алгъуыз науыл йæхи паддзахадмæ, скодта та куывд ( интер фæйн.)

Скъоладзау:  Дзæвгар азтæ куы рацыд, уæд Алгъуызмæ фæсидт Амосары  ус-паддзах: æрцу æмæ, дам, фен дæ дæлбар бæстæтæ.

Алгъуыз ныццыд Амосармæ.  

Скъоладзау:  Уæздæттæ рацыдысты  йæ размæ, æрмæст Гамрекъели нæ разынд се  хсæн.  Рамæсты  Ǽлгъуыз, фæлæ уæдмæ фæзынд  Аслан дæр.

Рахъаст  кодта  Амосары  ус - паддзах  Асланæй.

Скъоладзау:    Алгъуыз сфæнд кодта дыккаг бон Гамрекъелийы  рцауындзын, фæлæ йæм уый йæхæдæг фæраздæр.   Ǽхсæвы барасыг кодта паддзахы хъахъхъæнджыты, стæ йæ амарын кодта йе мбæлттæн.

Алгъуызы мæлæт.  (интер.  фæйн.)

 Йе  фсин уый куы базыдта, уæд ныдздзынæзта, ныххауд йæ мард лæгыл  æмæ йæ уд систа.

( скъуыддзаг текстæй интер. ф-ыл)

Ахуыргæнæг :   Афтæмæй уынæм, кадæг кæй у цыппар хайæ арæзт. Фыццаг æмæ фæстаг хæйттæ сты сæ мидскондмæ гæсгæ æмхуызæттæ (лиро- эпикон). Афтæ æмхуызон сты  дыккаг æмæ æртыккаг хæйттæ дæр.

(цæуы къордгай куыст)  

КСО:  (интер. фæйн.)

1.Ǽлгъуызы мæлæты идеологион аххосæгтæ.

2.Кадæджы лиро-эпикон уылæн.

3.Цавæр аивадон мадзалæй спайда кодта фыссæг?

4.Уацмысы æрдзы нывтæ.

 Ахуыргæнæг : Ǽлгъуызы мæлæтæн йæ идеологион аххосæгтæ  цы сты?

 

Фыццаг къорд:

 Фыццаджы дæр Ǽлгъуызыл кадæджы райдиан, стæй суанг йе мбисмæ, цыдæриддæр хабæрттæ æрцыд, уыдонæн сæ аххосаг уыд – Этер.

Дыккаджы та йæ Хицауы ныхмæ  цы цагъар рацыд, уый бахъахъхъæдта.

Ахуыргæнæг:  Кадæджы этикон аххосаг та?

Дыккаг къорд:  Уый у, дыууæ хатты рæстдзинады сæрты кæй ахызт, уыцы хабар.

 Этеры куы раскъæфта, уæд фæдисон адæмы фæцагъта, стæй ма чызджы фыдæн йæ галуан дæр ныппырх кодта.

Дыккаг хатт та, Гамрекъелийыл æнцонæй кæй баууæндыд , рæууонк кæй разынд, уый. Афтæ æууæндын æмбæлы хъайтарæн, фæлæ нæ фидауы паддзахыл.

Ахуыргæнæг :  Цавæр аивадон мадзалæй спайда кодта фыссæг?

Ǽртыккаг къорд :  Фыссæг тохы нывтæ аразы, сæйрагдæр иу мадзалæй –гиперболæйæ, ома æппæт хъуыддæгтæ дæр æвдисы стыргондæй.

Ахуыргæнæг : Уацмысы æрдзы нывтæ.

Цыппæрæм къорд:  Уацмысы  аив фæлысты иуæй-иу хатт фæзынынц æрдзы нывтæ дæр.

Ахæм нывтæ фылдæр ис, Алгъуыз нонты бæстæм кæм фæцæуы, уым.

«Уым  цы зайæгой нæ зайы, уым цы хуыз нæ фены лæг:

Хъоппæг, малусæг, дзæгъдзæгъаг дарынц алыран бæрæг…»

III.  Кæронбæттæн.

Æрмæг куыд бамбæрстой, уый сбæрæг кæнын ( рефлекси).

Ахуыргæнæг: нæ урочы нысан цавæр уыди?

- Сæххæст æй кодтам? Дзуапп дæтгæйæ, пайда кæнут ацы хъуыдыйæдтæй.

 Æз   Æлгъуызæн тæригъæд кæнын, уымæн æмæ…

Æз   Æлгъуызы аххоссаг кæнын, уымæн æмæ …

IV. Хæдзармæ куыст.  Кадæджы стихарæзтмæ æркæсын.

 


Предварительный просмотр:

По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темӕ: «Балц Ирыстоны зӕххыл». Грамматикон темӕ: Номдар. Æриугӕнӕн урок. (Урок – викторинӕ)

Ныхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; номдары  тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Урок - викторинӕ .(Рацыд æрмæг фæлхат кæнын )Предметон: зонын номдар æвзарын куыд ныхасы хай, номдары ...

урок 5къласы Темæ: «Фыдлӕг ӕмӕ фыдбон бирӕ нӕ хӕссынц». (Нигеры «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау»-мæ гæсгæ .Краткое описание документа: Урок осетинской литературы в 5 классе по теме: «Нигер. «Дыууæ зæрватыччы æмæ дыууæ сыхаджы аргъау». Тип уро

        Ахуыргæнæджы куысты нысантæБацæттæ кæнын сывæллæтты æрмæг æмбарынмæ,  информацийæ пайда кæнын зонынмæУрочы типУрок- дискуссиУрочы ахуырадон фæстиуджытæПред...