тесты ирон авзагай
тест (10 класс)

Дзерасса Отаровна Сотиева

тесты

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл testytae_iron_aevzagaey.docx15.99 КБ

Предварительный просмотр:

 

ТЕСТЫТÆ ИРОН ÆВЗАГÆЙ.                   11 кълас

  1. Кæцы дзырдбасты аразæг хæйттæ баст не 'рцыдысты æмарæзты руаджы:

а) уæрдоны цалх;

б) хорз æмгар;

в) кæсæм киномæ;

г) дæ хо.

  1. Кæцы дзырдбасты аразæг хæйттæ баст не 'рцыдысты æфтыдады руаджы:

а) фысс тагъд;

б) фыддæр митæ;

в) цæугæ мæсыг;

г) лæджы кад.

  1. Лæвæрд номивджытæй кæцы нæу бæлвырд номивæг:

а) уал;

б) негас;

в) чидæриддæр;

г) сегас.

  1. Дывæргонд æмхъæлæсонтимæ кæцы номивæг фыст нæ цæуы:

а) цасдæри-æр;

б) цасгæй-æ;

в) атæ-æт;

г) уы-ас.

  1. Бынаты фæрсдзырд кæцы хъуыдыйæдты ис:

а) Искуы ма мын мæ зæрдæ барухс кæн;

б) Ды мыл искуы фембæлдзынæ;

в) Абон мын искуы чиныг ссар;

г) Æз дын искуы зæгъдзынæн дæ рæдыд.

  1. Лæвæрд фæрсдзырдтæй кæцы у номивæгон фæрсдзырд:

а) макæм;

б) хæстæгмæ;

в) æнæбары;

г) æддæуæз.

  1. Лæвæрд фæрсдзырдтæй кæцы нæ хъæуы тиреимæ фыссын:

а) ранæй-ран;

б) бон-изæрмæ;

в) иу-ахæмы;

г) фæд-фæдыл.

  1. Нымæцон бæрæггæнæны ролы кæцы хъуыдыйады нæу:

а) Дыууæ лæджы бадынц хæдзары.

б) Ахуыргæнæг бафарста иу скъоладзауы.

в) Æз райстон иу чиныг.

  1. Кæцы хъуыдыйады мидæг у мурон нымæцон сæйрат:

а) Фынддæс у дыууынæн йе 'ртæ цыппæрæмы.

б) Чингуыты дыууæ фæндзæмы уыдысты хъæбæрцъæрджын.

в) Чингуыты  дыууæ фæндзæмæн ис хъæбæр цъæрттæ.

г) Чингуыты ма дыууæ фæндзæмæн нæй хъæбæр цъæрттæ.

  1.  Бацамонут, кæцы хъуыдыйады уагъд æрцыд пунктуацион рæдыд:

а) Æз зонын, куыд хъазы ныр уалдзыгон дымгæ, куыд зарынц ныр дæттæ нæ арф æрхыты.

б) Хæмæт сагъæс кодта Тему æмæ Цæлыккыл, фæлæ кæм уыдысты, уымæн Иласæй цы базыдта, уыййедтæмæ никуы ницы хабар хъуыста æмæ алы бон йæхи мæтæй хордта.

Цорæйы цард ахæм зилдухæнты баппæрста, ахæм уавæрмæ йæ æртардта, æмæ, хъæддаг сырд цъысымы куы бахауа, уыйау катай кæны, фæндаг агуры, арæдувынмæ хъавы, хызау йæ уæнгтыл чи æрхыст, уыцы туг мондаг сау хæлуарæджы тын атонынмæ, фæлæ йын ницы мадзæл ары.

г) рæдыд дзы нæй.

  1.  Бацамонут, кæцы дзырдты рæнхъы уагъд æрцыд рæдыд:

а) хисæрфæн, хиппæлой;

б) хæрз арæхст, хæд æфсарм;

в) хæрз фарсмæ, хæд фарсмæ;

г) рæдыд дзы нæй.

  1.  Цавæр рæдыд ис ацы скъуыддзаджы:

Æдзух мæт, сагъæс, фыдæбон. Дæ цæрынæй-хæрынмæ, цæджындзау, хъæддых арæзт у искæй ныфсæй. Дæ буар ма аиваз. Уæлдай дзырд, уæлдай къаздзæф ма акæн, ма фæхуд. Дæ фæндон баххæст кæнын нæ, фæлæ йæ æрмæст радзурын дæр ма суæнд. Уый цард у? Нæ зонын…

а) орфографион; б) пунктуацион; в) грамматикон; г) рæдыд дзы нæй.

  1.  Дефисимæ цы дзырдтæ фыссæм, уыдон кæцы рæнхъыты сты?

а) хъыс (хъысаг), дыгъал (дыгъулгæнæг);

б) фæд (фæдыл), зыр (зыр);

в) зылын (мылын); кæсгæ (кæсын);

г) рауай (бауайгæнæг), гуыр (гуыргæнæг).

  1. Бацамон, кæцы хъуыдыйады ис пунктуацион рæдыд :

а) Мæ зæрдæ сыгъдис амондæй ; æваст мæ йæ рог базыртыл уарзондзинад систа, æмæ нæ урсбарц тагъд дæтты сæрты дæумæ цæргæсау байдыдтон тæхынтæ мæ зæды хай … ( П. Г.)

æ) Адæймаг дзурын куы райдыдта, уæдæй нырмæ, куыд хъуыды кæнынц, афтæмæй дунейыл уыди авд мин æвзаджы бæрц.

б) Ирон адæм кæд ныртæккæ кавказаг адæмты æхсæн цæрынц, уæддæр сæ равзæрдмæ адæмты мыггаджы  ирайнаг къордмæ ахæсгæ.

  1.  Ацы скъуыддзаг æвзаджы кæцы стильмæ ахæсгæ у :

Нана уæ рынтæ бахæра, мæ хуртæ, æгæр фæллаыйн ма кæнут уæхи.

Æнæуый дæр куыстæй æхсæвæй-бонæй куы не стут хъуаг, уæ сæрылхæст фæуон : нæ лæппу кæд сæрæгас у, уæд абон зындзæн хъæмæ, йæ хæдзармæ та уæд кæсдзæн йæхæдæг, абийдзæн йæ кау дæр. (П. Г.)

а) хуымæтæг ныхасы стиль ;

æ) официалон хъуыддаджы стиль ;

б) наукон стиль ;

в) публицистон стиль ;

г) аив литературон стиль ;


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Сценарий к празднику родного языка " Рай, ма баста, зал, ма мадалон авзаг!"

Праздника родного языка для учеников 1-6 классов....