Хæххон лæппуйы хъысмæт
материал (10 класс)

Битарова Диана Ильинична

Доклад.(Абайты Васойы райгуырды 120 азы бонмæ).

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл doklad_hahhon_lappuyy_hysmat.docx26.23 КБ

Предварительный просмотр:

Доклад

Хæххон лæппуйы хъысмæт

(Абайты Васойы райгуырды 120 азы бонмæ).

К Абаеву не подходите с обычным

                                                                     мерилом, он — особая личность.

Академик В.В Виноградов

Абайты Васо…Чи нæ фехъуыста ацы ном Ирыстоны? Васойы ном зонынц кандУæрæсейы нæ, фæлæ фæсарæнты дæр.

Васойы фыд Иван ралыгъд Хуссар Ирæй Къобмæ хæстæг хъæу Базилæнмæ.Сæ хæдзар æххæст арæзт нæма фæцис, афтæ сын райгуырд лæппу.Бирæ гаджидæуттæ рауагътой ноггуырды цæрæнбоны тыххæй. Иуты фæндыд, лæппуйæ афицер рауадаид, иннæтæ загътой, Хуыцауæй сауджын кæнæ писыр скæнæд, зæгъгæ.

Къобы райдайæн скъоламæ бацыд Васо æмæ йæ каст фæци иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ. Иу изæр Васойы ныййарджытæм æрбацыд ахуыргæнæг æмæ сын загъта, лæппу ахуырмæ кæй тырны. Цыфæнды зынтæй дæр æй кæй хъæуы дарддæр ахуырмæ арвитын Калакмæ. Бирæ æгъуыссæг æхсæвтæ арвыстой мад æмæ фыд , катайгæнгæйæ.

Иу райсом Нино йæ зæрдæйы катай ракодта йæ цæгатДзæхатæн. Фыд дæр йе` рвадæлтæн бамбарын кодта хабар. Цыдæр капеччытæ йын æрæмбырд кодтой, фыд уæрдоны бавæрдта сæ фæстаг цалдæр фысы æмæ Васоимæ араст дард Калакмæ. Йæ фыстæ ауæй кодта, стæй райдыдтой гимназ агурын. Райстой лæппуйы гимназмæ. Ам Васо хорз сахуыр кодта латинаг, грекъаг, францусаг, немыцаг æвзæгтæ, фольклор, литературæ æмæ истори.

Гимназы фæстæ кусын райдыдыта йæ райгуырæн хъæуы скъолайы. Каст бирæ чингуытæ.  Академик Всеволод Миллеры куыстытæ йæ зæрдæмæ тынг фæцыдысты. Йе `ргом аздæхта æвзагзонынадмæ æмæ 1922 азы бацыд Петрограды университетмæ æвзагзонынады хайадмæ. Каст æй фæци 1925 азы. Студент уæвгæйæ, йæхи равдыста иттæг хорз иртасæгæй: сбæлвырд кодта ирон æвзаджы æрцавды æууæлтæ.

Васо ахуыр куы фæци, уæд æй баурæдтой апирантурæйы. Йæ хъус æрдардта рагон индийаг æмæ ирайнаг æвзæгтæм: санскрит, рагон персайнаг æвзаг, авестæ, скифты, сæрмæтты, аланты æвзæгтæм. Ноджы базыдта персайнаг, курдаг, араббаг, афгайнаг, таджикаг, ягнобаг,стæй Памиры хæхты цæрæг адæмты æвзæгтæ. Хорз базыдта тюркаг æмæ кавказаг æвзæгтæ дæр. Уæдæ Европæйы адæмты æвзæгтæй дæр бирæтæ зыдта.

1928 азы Абайты Васо каст фæци аспирантурæ æмæ йæ арвыстой ахуырадон кусæгæй Калакмæ Историон-археологон институтмæ. Ахуыр кодта кавказаг адæмты æвзæгтæ, фольклор, литературæ æмæ истори. Уыдон зонын æй хъуыди, ирон адæмы историйы, фольклоры æмæ æвзаджы кавказаг адæмтимæ иумæйагæй цы ис, уый сбæлвырд кæнынæн.

1930 азы Васойы ахуыдтой Ленинграды Ахуырæдты Академийы æвзагзонынады институтмæ. 1935 азмæ ныффыста 30 ахуырадон куыстæй фылдæр.

Абайты Васо диссертаци никуы ныффыста, стæй ном райсынмæ дæр никуы тырныдта. 1935 азы стыр ахуыргæндты æмбырды æрныхас кодтой Абайы-фырты наукон куыстытыл æмæ йын саккаг кодтой филологон ахуырады кандидаты ном. Уыцы ном ын уый тыххæй радтой, æмæ йæ алы куыст дæр ахуырады домæнтæм гæсгæ диссертацийæ къаддæр нæ ахады.

Ленинграды кусгæйæ, Васо алы аз дæр цыд Кавказмæ æмæ æмбырд кодта алыхуызон æрмæг æвзагæй, фольклорæй æмæ историйæ.

Фыдыбæстæйы хæсты агъоммæ Цæгат Ирыстоны ахуырадон кусджытæ æмбырд кæнын райдыдтой Нарты кадджытæ. 1941 азы  сæм Васойы рарвыстой æххуыс кæнынмæ. Уыцы иу рæстæг куыста ахуыргæнæгæй Цæгат æмæХуссар Иры педагогон институтты.

1945 азы аздæхт фæстæмæ Ленинградмæ.  Фæстæдæр Ахуырæдты Академи раивтой Мæскуымæ.15 азмæ Васо ныммыхуыр кодта сæдæ ахуырадон куыстæй фылдæр.

1961 азы Васойæн радтой филологон ахуырады докторы ном.

Абайты Васойæн йæ ахсджиагдæр хъуыды уыди: кæд æмæ кæуылты æрбафтыдысты ирон адæм Кавказмæ. Васо загъта, зæгъгæ, уыцы хабæрттæн базонæн ис æрмæстдæр не` взагæй. Æвзаг адæмы истории æвдисы айдæнау. Уымæ гæсгæ райдыдта иртасын дзырдты равзæрд æмæ истори.Алы æвзæгтæ иртасгæйæ, Васо бæрæг кодта, ирон адæмы фыдæлтæ Кавказмæ цæгатæй кæй æрцыдысты, уый.

Бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ арвыста Васо, Уралы хæхтæй суанг Донайы доны былтæм раджы заманты цы адæмтæ царддысты, уыдоны æвзæгтæ ахуыр кæнгæйæ. Æрхæсдзыстæм ахæм цау. Ирон æвзаджы ис дзырдтæ : зды, æвзист, æрхуы. Адон иронæвзаджы бындурон не сты. Васо куыд сбæлвырд кодта, афтæмæй ирон адæмы фыдæлтæ ацы дзырдтæ незаманты райстой Уралы цæрæг адæм остяктæ æмæ вокултæй. Уыдон дзурынц финно-угораг æвзæгтыл, хæстæгдæр сæм сты венгртæ. Уыцы гыццыл цау дæр стыр хъуыдддагыл дзурæг у: кæддæр нæ фыдæлтæ цардысты остяктæ æмæ вокулты фарсмæ.

Абайты Васойы фæллæйттæ æрмæст ирон æвзаг æмæ историйы фæдыл не сты. «Уырыссаг-ирон дзырдуат» бирæ фæахъаз тæлмац кæныны хъуыддаджы. Уæдæ Нарты кадджыты, адæмон зарджыты æмæ Къостайы сфæлдыстады тыххæй цы куыстытæ ныффыста, уыдон дæр тынг ахсджиаг сты.

Йӕ наукон куыстыты ‘хсӕн зынгӕдӕр бынат ахсы «Ирон ӕвзаджы историон-этимологон дзырдуат» цыппар томӕй. Ам алы фарсыл ссарӕн ис, наукӕйӕн ног ӕмӕ ахсджиаг чи у, ахӕм ӕрмӕг. .Дзырдуатыл Васо фӕкуыста цыппор азы бӕрц, равзӕрста 190 ӕвзагӕй фылдӕр. Стыр ахадындзинад ис ацы куыстӕн ӕрмӕст ирон ӕвзагзонынады нӕ, фӕлӕ ирайнаг ӕвзгты иртасынӕн дӕр.

Васо ӕрмӕст нӕ мадӕлон ӕвзаг иртасыныл нӕ куыста, фӕлӕ рагон ирайнаг – авестийаг ӕмӕ персайнаг ӕвзӕгтӕ иртасыныл дӕр.

Васойы бирӕвӕрсыг куыстытыл нӕ цӕст лӕмбынӕгӕй куы ахӕссӕм, уӕд нӕ бон зӕгъын у: йе сфæлдыстад у ӕнӕхъӕн дуне.

Литературӕ:

Журнал «Мах дуг», 1970 аз.

Газет «Рӕстдзинад», 1990аз.

nykhas.ru

ossetian/com

ironau.ru


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Сылгоймаджы хъысмæт Гæдиаты Секъайы радзырд «Азау»-ы

Открытый урок на тему: "Сылгоймаджы хъысмæт Гæдиаты Сегъайы радзырд «Азау»-ы....