ХОРЗ АДÆЙМАГ – ЗÆРДÆХÆЛАР
план-конспект урока

УРОЧЫ ТЕХНОЛОГИОН КАРТÆ «ХОРЗ АДÆЙМАГ – ЗÆРДÆХÆЛАР»

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл horz_adaeymag_-_zaerdaehaelar.docx31.67 КБ

Предварительный просмотр:

ГОСУДАРСТВЕННОЕ БЮДЖЕТНОЕ ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНОЕ УЧРЕЖДЕНИЕ

«ОБЩЕОБРАЗОВАТЕЛЬНАЯ ШКОЛА-ИНТЕРНАТ СРЕДНЕГО ОБЩЕГО ОБРАЗОВАНИЯ г.ВЛАДИКАВКАЗ»

Утверждаю

директор ГБОУ

_____________ / Н. Т. Течиева

УРОЧЫ ТЕХНОЛОГИОН КАРТÆ

«ХОРЗ АДÆЙМАГ – ЗÆРДÆХÆЛАР»

Грамматикон темæ «Миногон»

Подготовила

учитель осетинского языка и литературы

Джусоева Г.П.


Ирон æвзаг 5 –æм кълас.

Темæ: «Хорз адæймаг - зæрдæхæлар».

Грамматикон темæ: «Миногон»

Ахуыргæнæг: Джусойты Г.П.

Урочы  нысантæ

- ахуыргæнинæгтæ миногонтæй цы зонындзинæдтæ райстой,уыдон зæрдыл æрлæууын кæнын,æмæ сæ бафидар кæнын алыхуызон куыстыты фæрцы;

- ахуыр кæнын скъоладзауты миногоны хъæздыг лексикæйæ пайда кæныныл; ныхасы рæзтыл куыст;

Урочы хуыз

Кæронбæттæн урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: фæарфдæр кæнын ирон æвзагæй зонындзинæдтæ; фæцалх кæын скъоладзауты хи хъуыдытæ раст дзурыныл .

Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын.

Удгоймагон: рæзын кæнын мадæлон æвзагмæ уарзондзинад æмæ цымыдисдзинад.   Аргъ кæнын æрдзы рæсугъддзинадæн.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Фронталон метод,  индивидуалон, къордты куыст, къæйттыл куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

Карточкæтæ, проектор, диск æрдзы нывтимæ, халсарты нывтæ, тестытæ рацыд æрмæгыл, фæйнæгыл фыст хæслæвæрдтæ.

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

 

Организацион хай

- Уæ бон хорз сывæллæттæ!

- Æгас нæм цæут нæ зынаргъ уазджытæ!

-Сывæллæттæ цыдæр æнкъард мæм кæсут. Кæрæдзимæ-ма бахудæм.

Сывæллæттæ рæнхъгай дзурынц:

 Мах скъолайы стæм

 Æмæ ууыл хъуамæ цин кæнæм

Нæ лæмбынæгдзинад рæзы

Нæ зонындзинæдтæ фидарæй фидардæр кæнынц

Мах цæттæ стæм кусынмæ

Удгоймагон:

(æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ)

 Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

- Цæмæй абон темæ базонат, уый тыххæй уын æрцæттæ кодтон мæнæ ацы чыръæд. Чыргъæды мидæг ис халсартæ. Сымах сæ радгай исут æмæ дæттут алы халсарæн дæр цыбыр æрфыст, цы хуызæн у?, цавæр ад ын ис?

- Халсарты тыххæй мах цы загътам?

- Диссаджы ныхасы хай у миногон, алæмæттаг.

Абон уый уæхæдæг дæр бамбардзыстут.

Слайд 1

Урочы кæронмæ хъуамæ баххæст кæнæм ацы хъуыды.

Цы нын   радзурид йæхи тыххæй миногон?

Слайд 2

 Сывæллæттæ радгай згъорынц æмæ исынц чыргъæдæй халсартæ.

- сæ хуыз, ад, сæ ас, ома сæ миниуджыты тыххæй. 

Йе ’ууæл номдарæн æвдисын,

Уый цæмæй зына æргом.

Бирæ хæстæ химæ исын,

Базон-ма, куыд у мæ ном. (МИНОГОН)

- Æз дæн …  ныхасы хай.

- Æз дзуапп дæттын фæрстытæн …

- Æз нысан кæнын …

- Ныхасы хæйттæй хæларæй цæрын  … .

- Хъуыдыйады вæййын …, … .

- Адæм мæ арæх пайда кæнынц сæ ныхасы, уымæн æмæ  мæ фæрцы  …

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын)

 

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

- Сывæллæттæ, абон уын æрмæст халсартимæ чыргъæд не сцæттæ кодтон.

Ис ма мæм дзырдтимæ чыргъæд дæр, мæ алыварс цы уыдтон, уыцы дзырдтæ æвæрдтон чыргъæды, ′мæ мын  мæнæ цавæр дзырдтæй байдзаг: рæстдзинад, давд, сайд, уарзт, кæрæф, æргом, рæдау, æххуыс, рæстзæрдæ.

Слайд 3

 «Растзæрдæ уæвынæй хуыздæр ницы ис».

- Цавæр адæймагæй фæзæгъынц,  рæстзæрдæ у, зæгъгæ?

-Ныффыссут-ма уæ тетрæдты дзырдбаст растзæрдæ адæймаг.

- Цавæр фæрстытæн дзуапп дæттынц ацы дыууæ дзырды?

- Цы нысан кæны дзырд рæстзæрдæ?

- Мæ чыргъæды  ис «æвзæр» дзырдтæ дæр. Ссарут сæ

 Слайд 4

- Ацы дзырдтæ сты, адæймаджы æвзæр миниуджытæ бæрæггæнæг. Хайджын сæ чи вæййы, уыдоны куыд фæхонæм?

- Æз сæ ныртæккæ фехалдзынæн, цæмæй   сын уæ зæрдæты бынат ма  уа, ма сæ уат хайджын.  

- Уæ разы сау гæххæттытæй конд зæрдæты нывтæ. Ныффыссут ацы дзырдтæ уыцы гæххæттыты.

- Аскъуынут уыцы сау зæрдæтæ, цы ’взæр дзырдтæ сыл фыст ис, уыдон хъуамæ нæ зæрдæты ма уой.

Слайд 5-6

 

- Сайгæ чи нæ кæны, адæмы чи уарзы, ахæмæй.

Тетрæдты куыст.

-(цавæр?) рæстæзæрдæ, (чи?) адæймаг.

- Предметы æууæл, йæ миниуæг. 

(давд, сайд, кæрæф).

(даваг, сайаг, æнæфсис).

Зонадон:

(рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын)

 

 

 

Коммуникативон:

(искæй архайдæн аргъ кæнын)

 

 Ног æрмæгыл куыст.

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

 

 Нæ урочы темæ раргом кæнынæн нын  æххуыс уыдзæн     Лев Толстойы  радзырдтæй иу. Бакæсæм-ма йæ.

Слайд 7 

Мæгуыр лæг æмæ Донбеттыр.

 Иу лæгæн йæ хорз фæрæт доны ныххауд. Бады доны был æмæ кæуы, хъыг кæны йæ диссаджы фæрæты сæфтыл, йæ хæдзар дарæгыл.

   Донбеттыр æй фехъуыста, фæтæригъæд ын кодта, доны бынæй йын сыгъзæрин фæрæт систа æмæ йæм дзуры:

- Ай дæ фæрæт у?

- Нæ, уый мæ фæрæт нæу, - загъта лæг.

Донбеттыр æм  доны бынæй æвзист фæрæт рахаста. Лæг та йæм дзуры:

- Уый дæр мæ фæрæт нæу.

Уæд   Донбеттыр лæгæн йæхи  фæрæт рахаста.

- Ай мæ фæрæт у! - бацин кодта мæгуыр лæг.  

Донбеттыр мæгуыр лæгæн йæ рæстдзинады тыххæй æртæ фæрæты дæр балæвар кодта.

Лæг сæхимæ æрбацыд æмæ адæмæн  хабар  радзырдта.

Сыхаг лæг æм фæхъуыста стæй  доны былмæ азгъордта æмæ барæй  йæ фæрæт  доны ныппæрста. Бады доны был æмæ кæуы.

Донбеттыр æм сыгъзæрин фæрæт рахаста, фæрсы йæ:

- Ай дæ фæрæт у?

- Мæн у, мæн! – ныхъхъæр кодта  лæг.

Кæй асайдта, уый  тыххæй  йын Донбеттыр нæдæр сыгъзæрин фæрæт радта, нæдæр ын йæхи фæрæт доны бынæй систа.      

Беседæ:

- Текст уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?

- Цæмæн афтæ тынг бацин кодта мæгуыр лæг йæхи фæрæтыл?

-  Цæмæн хоны автор мæгуыр лæджы фæрæт  «хæдзар дарæг»?

- Цавæр зæрдæты хицæуттæ сты радзырды архайджытæ?

 -Цæмæй йæ базыдтат?  Цæй фæрцы раргом сты сæ зæрдæтæ?

- Цавæр хъуамæ уой нæ ныхæстæ, нæ хъуыдытæ, нæ архæйдтытæ, цæмæй нæ зæрдæтæ сыгъдæгæй баззайой?

Ахуыргæнæг: Æмбисæндтæй кæцы æвдисы тексты сæйраг хъуыды?

Слайд 8

1) Раст лæг йæ рæстдзинадæн сæфынæй нæ тæрсы.

2) Нæртон лæг сайын йæ сæрмæ нæ хæссы.

3) Сайаг  адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы.

 -  Тексты ссарут миногонтæ. Рафыссут сæ, цы дзырдтимæ баст сты, уыдонимæ.

   Мæгуыр лæг, хорз фæрæт, диссаджы фæрæт, сыгъзæрин фæрæт, æвзист фæрæт, сыхаг лæг.

- Цавæр фæрстытæн дзуапп дæттынц?

- Цы дзырдтимæ баст сты, уыдон цавæр ныхасы хæйттæ сты?

- Скæнут хатдзæг миногоны тыххæй.

Слайд 9

 Презентаци равдисын.

- Фæрæт кусæн гарз у, уый фæрцы ….

- Сæ архайдæй, сæ ныхæстæй, сæ хъуыдытæй

-  Сайаг  адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы.

 

Зонадон:

(рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын)

 

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын)

 

 

Удгоймагон:

(æнкъарын ирон адæмон сфæлдыстады

ахадындзинад нæ адæмы царды)

 

Къордтыл куыст.

1-аг къордæн:  ссарын адæймаджы   фæзминаг миниуджытыл дзурæг æмбисæндтæ. Миногон цы æмбисонды ис, уый фæбæрæг кæнын.

2-аг къордæн: Ссарын адæймаджы фауинаг миниуджытæ кæм ис, ахæм æмбисæндтæ. Миногонтæ цы æмбисæндты ис, уыдон фæбæрæг кæнын.

Раст лæгæн сæфæн нæй.

Гæдыйы къах цыбыр у.

Загъдкъахæгæн – над. (Къоста)

Даваг лæг йæ хæдзарæй дæр давы.

Зондджын адæймаг йæхицæй нæ феппæлы.

Мæнгард лæг æргом нæ цæуы, сусæгæй архайы.

Хивæнд митæ кæнын хорз нæу.

Цы куыстмæ бавнала, æмæ цы нæ сараздзæн.

Б) Миногонтæй равзарут, адæймаджы миниуджытæн аргъ чи кæны, ахæмтæ. Иуимæ дзы хъуыдыйад саразут.

1-аг къордæн:

Рæсугъд  адæймаг

Рæсугъд  ныхæстæ

Сыгъзæрин  къухдарæн

Сыгъзæрин  къухтæ

2-аг къордæн:

Сау мигътæ

Сау зæрдæ

Фæлмæн баз

Фæлмæн ныхæстæ

- Раст лæгæн сæфæн нæй.

 - Зондджын адæймаг йæхицæй нæ феппæлы.

- Цы куыстмæ бавнала, æмæ цы нæ сараздзæн.

Регулятивон :

(чиныджы хъæугæ информаци ссарын)

 

Зонадон:

(ног зонындзинæдтæ фидар кæнын)

Физкультинутка

---Гыццыл баулæфæм мæм нæ куыст адарддæр кæнæм.

Кæнынц физминуткæ

Удгоймагон:

(баулæфын)

Ног зонындзинæдтæ  фидар кæнын.

 

 

- Ирыстоны тырысайы хуызтæ цавæртæ сты?

Слайд 10

- Цæмæн нæ хъæуынц миногонтæ, цæмæн сæ фæпайда кæнæм нæ ныхасы?

Цы нын   радзурид йæхи тыххæй миногон?

Слайд 11

Урсхуыз – сыгъдæгдзинад

Сырх – хъæбатырдзинад, хъару

Бур – фарн, хъæздыгдзинад

Тырысайы хуызтæ баст сты аланты  цардимæ: уыдон дæр уыдысты кувæг адæм, хæстонтæ æмæ зæхкусджытæ. Нарты кадджытимæ дæр баст сты.  

- Нæ ныхас кæнынц мидисджыдæр, аивдæр, бæлвырддæр, хъæздыгдæр.

- Миногонты фæрцы радзурæн ис адæймаджы фæзминаг æмæ фауинаг миниуджыты тыххæй.

Æз дæн  сæрмагонд  ныхасы хай.

- Æз дзуапп дæттын фæрстытæн  цавæр? цыхуызæн?

- Æз нысан кæнын  предметы миниуæг.

- Ныхасы хæйттæй хæларæй цæрын  номдаримæ.

- Хъуыдыйады вæййын   бæрæггæнæн.

Зонадон:

(зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын ,иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

Рефлекси.

 

 Хатдзæгтæ скæнын.

 

Уæ зонындзинæдтæн, урочы куыд архайдтат, уымæн аргъ скæнут ирон æмбисæндты æххуысæй.

- Алчи дæр уæ йæ куыстæн аргъ скæнæд.  Чи уæ куыд архайдта урочы, уымæ гæсгæ равзарут æмбисæндтæ. Йæхимæ гæсгæ уæ тынг хорз чи бакуыста, уый равзарæд ахæм æмбисонд:   Цы куыстмæ бавналон, æмæ цы нæ сараздзынæн!

          - Йæхимæ гæсгæ, йæ зонындзинæдтæ фаг кæмæн не сты, миногоны тыххæй æппæт æрмæг нæ бамбæрста, афтæ чи хъуыды кæны, уый та райсæд æмбисонд       «Кæнинаг кæнын хъæуы».

- Уæ бон бауыдзæн сыгъдæг зæрдæйæ фæцæрын?

Бацархайут. Хъуамæ уæ алчи дæр йæхицæн дзура, «æз нæ асайдзынæн», «æз нæ адавдзынæн», «æвзæр ми мæ сæрмæ не ’рхæсдзынæн».

Нарты Батрадзау уæ алчи дæр хъуамæ йæхæдæг ма кæна æвзæр ми, искæмæн æй йæ разы кæнын дæр ма уадза. Уæд уæ зæрдæтæ уыдзысты сыгъдæг.

Слайд 12

Кæронæй

- Нæ урок мæ фæуын фæнды ахæм таурæгъæй:

Кæддæр, дам иу зондджын лæджы бафарстой, адæймагæн  дыууæ цæсты цæмæн ис. Иу цæст ын фаг нæ уаид, дзых æмæ йыл фындз иугæйттæ куы ис. Æмæ, дам дзуапп радта уыцы лæг: «Галиу цæстæй адæймаг хъуамæ уына йæхи хъæндзинæдтæ, йе ’взæр митæ. Уадз, æмæ сæ раст кæна. Рахиз цæстæй та хъуамæ уына искæй фæзминаг миниуджытæ, цæмæй сын аргъ кæнын зона».

 Скъоладзаутæ аргъ кæнынц сæ куыстæн.

Зонадон:

(ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Регулятивон:

(æнтыстытæн, фæстиуджытæн аргъ кæнын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ бæлвырд кæнын

Хæдзармæ куыст

Сочинени-æрфыст: «Æз дæр иу фæзминаг адæймаг зонын».

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.

 

 

Директор         _______________        Н. Т. Течиева

      подпись                         расшифровка

                   М.П.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Гом урочы пълан ирон литературæйæ 6-æм къласы …Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

Уацауы ма ис иу ахсджиаг проблемæ.Йæ раргом кæнынæн уын баххуыс уыдзæн ирон æмбисонд. Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы,зæгъгæ....

Осетинская литература. План-конспект урока в 5-ом классе. Урочы темӕ: «Хӕрзгӕнӕг хорз ары, фыдгӕнӕг - ӕфхӕрд» (Нигеры «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау»-мӕ гӕсгӕ)

                Разработка урока осетинской литературы в 5-ом классе на тему: "Харзганаг хорз ары, фыдганаг - афхард". Данный материал может быть по...

Открытый урок "Нарт гарзты хорз ама знаджы барцай никуы тарстысты"

    Урок в 6 классе по родной литературе. Тема - Сказание о Сослане из Нартовского эпоса....

Хорз фидæн - фыдæлты фарн.

Главной задачей урока является воспитание у учащихся ценностного отношения к жизни. Урок составлен на основе любви к Родине, к Отечеству, к родному краю, прививает патриотизм....

Методическая разработка по осетинской литературе в 5 классе на тему: «Адæймаг æмæ æрдз» Хуыгаты Сергейы радзырд «Зокъотæ»-м гæсгæ.

Методическая разработка по осетинской литературе в 5 классе на тему: «Адæймаг æмæ æрдз» Хуыгаты Сергейы радзырд «Зокъотæ»-м гæсгæ....

Мивдисæг. Æриугæнæн урок. «Бӕлас йӕ уидӕгтӕй фидар у ,адӕймаг та- йӕ хӕлӕрттӕй»

Мивдисёгёй рацыд ёрмёг ныффидар кёнын.Бакусын дзургё ёмё фысгё ныхасы рёзтыл.Ахуыр кёнын сывёллётты ёмбалён аргъ кёнын, нымайын ёй, тыхст сахат йё фарсмё ёрбалёууыныл.Фæлтæрын скъоладзауты арæхс...

Гом урок Адӕймаг ӕмӕ ӕрдзы удхӕстӕгдзинад Коцойты Арсены радзыд «Хъусой» -ы . Кӕронбӕттӕны урок.

Урок во 2 классе. Тема урока :  Адӕймаг  ӕмӕ ӕрдзы удхӕстӕгдзинад Коцойты Арсены радзыд «Хъусой» -ы .     Кӕронбӕттӕны урок....