Урочы темӕ: «Кæм дын бæззон, дæу дæн мæ Ир!»
план-конспект урока ( класс) на тему

Пинова Залина Муратовна

К юбилею Джусойны Нафи и Хаджееву Таймуразу

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл hadzhety.docx33.71 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темӕ: «Кæм дын бæззон, дæу дæн мæ Ир!»

(Хаджеты Таймуразы ӕмдзӕвгӕ «Ирыстонмӕ» гæсгæ).

Урочы нысан: 1. Базонгӕ кӕнын ахуырдзауты Хаджеты Таймуразы цард

ӕмӕ сфӕлдыстадимӕ . Ӕмдзӕвгӕ «Ирыстонмӕ» аив

кӕсын ӕмӕ равзарын.

2. Лирикон текст ӕвзарын, йӕ сӕйраг идейӕ иртасын ахуырдзаутимæ. Равдисын ӕмдзӕвгӕйыл, поэтӕн поэзийы йӕхи сӕрмагонд хъӕлӕс кӕй ис, уый.

3. Ӕвзæрын кӕнын ахуырдзаутӕм патриотон ӕнкъарӕнтӕ, æмхиц сӕ кӕнын поэты бӕрзонд поэтикон сфӕлдыстад ахуыр кӕнынмӕ.

Урочы фӕлгонц: 1. Поэты хуызист.

2.3арӕг «Мӕ Ирыстон». Зары Саккаты Валерий.

  1. Цитатӕ Ирыстоны тыххӕй.
  2. Ӕмбисӕндтӕ райгуырӕн бӕстӕйы тыххӕй.
  3. Поэтты номарӕн ӕмдзӕвгӕтӕ.
  4. Поэты ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгӕндтӕй ӕркаст («Фараст барӕджы», «Ӕхсон дуры хъӕлӕс», «Фӕндӕгты фарн»,

«Фӕсизӕр»).

Урочы эпигрæф:  «Мӕ Ир цы у, гъе уымӕй у дзӕнӕт

Хъӕбулы уарзт куы нымаиккой азтӕй,

Нӕ мын уаид уӕд а зӕххыл мӕлӕт!»


Урочы цыд

Хъуысы  хонгæ цагъды мелоди, ахуыргæнæг кæсы Къадзаты Станиславы æмдз-йæ  скъуыддзаг

   Дœуœн œхсырœй хаст дœ дзырдтœ,

Цœхх кœнын сыл нœ хъœуы, йе сœкœр.

Ды музœйœн йœ кœстœр фырт дœ        

Æмœ дœ уарзы иннœтœй фылдœр.

Дœ рœнхъытœй мœм ногкарст уистау

Кœлы хœххон уыгœрдœны хœрздœф.

Æхсœрдзœнау цы зарœг систай,

Мœ зœрдœ уымœй урс фатау фœцœф.

Ацы æмдзæвгæ Къадзаты Станислав ныффыста йӕ Райгуырӕн Ирыстоны амондӕн йӕ уд нывондӕн чи хаста, уыдонæй иу - зынгзӕрдӕ курдиатджын поэт Хаджеты-Джусойты Таймуразы номыл.

Æркæсæм – ма æмдзæвгæмæ æмæ зынæмбарæн дзырдтæ равзарæм

  • Дзырдуатон куыст:
  • Фыдох- фыдбылыз
  • Парахат-уœрœх, бирœ
  • Фœрныг- хъœздыг
  • Чъылбызгай- гœппœлгай
  • Тыр-фырт
  • Хœтœнхуаг- дзœгъœлдзу, рацу-бацугœнœг
  • Хуыцауœмсœр – кадджын
  • Нœ дардта ком- нœ ауœрста
  • Чырс- халас (иней, изморозь)
  • Къœс- хœдзар
  • Œхсон- œртдур (камень из кремня)

-Ахуыргæнæг: Цал хайæ арæзт у æмдзæвгæ?

-Скъоладзау: 3 хайæ

Ахуыргæнæг: Бакæсæм - ма фыццаг строфа. Цы хонæм строфа?

Ахуыргæнæг: Цавæр литературон хъайтар ауад уæ цæстытыл?

(Йæ райгуырæн бæстæ бирæ чи уарзы, цæф арсау цъитийыл цæрынмæ дæр цæттæ чи у йæ фыдæлты зæххы сæраппонд, ахæм).

Æцæгæй дæр царды ахæм уыди æмдзæвгæйы автор Хаджеты (Джусойты) Таймураз.

(равдисын  видеоролик)

Ахуыргæнæг: Райгуырд 1 мартъийы 1945 азы Хуссар Ирыстоны Ногхъӕуы. Фыццаг ахуыр кодта Къуайсайы астӕуккаг скъолайы, стӕй 1964 азы каст  фӕци Цхинвалы 1-ӕм скъола. Службӕ бакодта Батумы арӕнхъахъхъӕн ӕфсӕддон хайы. Райста иттӕг хорз арӕнхъахъхъӕнӕджы майдан. Службӕйы  фӕстӕ сси Хъазаны университеты фӕсаууонмӕ ахуыры хайады студент. Каст ӕй нӕ фӕци, афтӕмӕй куыста мыхуыры оргӕнты, Цӕгат Ирыстоны радиокомитеты ӕмӕ телеуынынады.

1968 азы Таймураз бацыд Мӕскуыйы Горькийы номыл Литературон институтмӕ ӕмӕ йӕ каст фӕци 1973 азы. Уӕдӕй йӕ амӕлӕты бонмӕ цард  Цӕгат Ирыстоны, Дзӕуджыхъӕуы. Кодта стыр сфӕлдыстадон куыст. Йе'стыр поэтикон зӕрдӕ банцад йӕ куыстӕй 10 сентябры 1996 азы.

Хаджеты Таймураз стыр ӕвӕрӕн бахаста ирон поэзийы  хӕзнадонмӕ. Фыссын райдыдта 1966 азы. Уымӕн уыд йӕхи поэтикон ӕрмдзӕф, йӕхи сӕрмагонд поэтикон хъӕлӕс. Йӕ поэзийы ирдӕй зыны адӕймаджы миддунейы судзгӕ хъуырдухӕнтӕ, йæ уарзондзинад Ирыстонмæ. Йе 'мдзӕвгӕты адӕймаг ӕнкъары рӕстдзинад, царды змӕлд.

Рацыд ын бирӕ ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгӕндтӕ: «Фараст барӕджы»,  «Хъысмӕт ӕмӕ зарӕг», «Ӕхсон дуры хъӕлӕс», «Фӕндӕгты фарн», «Урс хӕхты зарджытӕ», «Фӕсизӕр», «Арты уидӕгтӕ».

Ныффыста ӕмӕ ирон ӕвзагмӕ ратӕлмац кодта мин ӕмдзӕвгӕйæ фылдӕр. Дӕлрӕнхъон тӕлмацтӕ нӕ поэттӕй цалӕн скодта, уыдон банымайӕн дӕр нӕй. Поэты ӕвзаг у, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм хъӕздыг,  нуарджын ӕмӕ рӕстдзӕвин.

Сымах, ӕвӕццӕгӕн, бамбӕрстат Таймураз Джусойты Нафийы ӕфсымӕр кӕй у. Цӕмӕн рахуыдта йӕхи  Хаджетӕй?

(Йӕ кадджын фыдыфыд Хаджейы ном йӕхицӕн райста мыггагæн. Уый уыд  лӕгдзинадӕй ӕххӕст).

Ахуыргӕнӕг. Йӕ иу ӕмдзӕвгӕйы фыста: «Уыд ӕртуд Джусойты Хадже, фырхивӕнд Хаджеты Таймураз».

Ахуыргӕнӕг. Бакæсæм- ма  æмдзæвгæйы 2- аг хай

Ахуыргӕнӕг. Поэт æргомæй дзуры цы миниуджытыл дзырдтам,  уыдон йæ фыдæлтæй кæй райста.  Куыд хъуыды кæнут,  чи уыдысты йæ фыдæлтæ

Ахуыргӕнӕг. Цавæр характеристикæ дæтты поэт скифтæн? (скъоладзаутæ дзуапп дæттынц текстæй пайда кæнгæйæ)

  • Кодтой цӕугӕ цард. Сӕ номыл къӕм абадын нӕ уагътой. Чи-иу сӕ бахъыгдардта,  уыдонимӕ уыдысты ӕгьатыр, тызмӕг æмæ а.д.
  • Цы зӕгъы поэт ӕндӕр адӕмты тыххӕй та?
  • Зӕххыл бирӕ адӕмтӕ ис, фӕлӕ сӕ ном ницӕмӕй у хъуыстгонд.

-        Поэт дыккаг хайы фӕнымадта скифты лӕгдзинӕдтӕ, сӕ хӕстон арӕхстдзинӕдтӕ.

Ахуыргӕнӕг. Куыд æмбарут фæстаг рæнхъытæ «Хуыцауæмсæр æм каст хæсгæмард»?

 Ӕргом тохы ардта кады мӕлæт.  Кадимӕ ӕвӕрдтой, лӕгӕй-лӕгмӕ тохы-иу хъӕбатырӕй чи фӕмард, уыдоны мӕрдтӕ.

Ахуыргæнæг: Бакӕсӕм 3-аг хайы фыццаг строфа. Цӕмӕй сӕ дары азымы  та?

  • Кӕд сӕ кой дардыл нӕрыд, бирӕ зӕххытӕ сӕм уыд, уӕд уыдон кӕм сты, цы ныууагьтой сӕ фӕстаггӕттӕн?
  • Ахуыргæнæг: Цавӕр хатдзӕг кӕны поэт? Куыд ӕмбарут «Дӕ хӕдзар нызгъӕлӕн»?
  • Нӕ ахъуыды кодтой сӕ фӕстагӕттыл. Сӕ уӕрӕх быдыртӕй ма сӕ фӕстӕ баззад  фыдвӕдау хохы цъас - Ирыстон.

Ахуыргæнæг: Куыд уæм кæсы æппæт уыцы уайдзœфтæ хауынц нæ фыдæлтæм?

Ахуыргæнæг: Манголтӕ ӕмӕ ромӕгтӕй та цы зӕгъы? Цӕмӕн кӕны сӕ кой? Цы фæд  ныууагътой адӕмы историйы?

-        Манголтӕ Чингизханы разамындӕй 1222 азы ныппырх кодтой аланты паддзахад. Дыккаг хатт та Тамерланы разамындӕй 1395 азы. Манголты ӕфсӕддонтӕ уыдысты, ӕмбал кӕмӕн нӕй, ахӕм ӕгъатыр ӕмӕ тугмондаг. Кӕуыл хӕст кодтой, ӕппӕты дæр  мардтой. Ромӕгтимӕ алантӕ хӕцыдысты 5 ӕнусы. Дӕргьвӕтин рӕстӕг Ром уыди алан ӕмӕ вандалты къухы.

 Ирон адæмы фыдæлтæ бамбæхстысты хохы цъассыты æмæ дзы фæцардысты 4 æнусы, 18-æнусмæ.

Ахуыргæнæг: Мæнмæ гæсгæ йæ райгуырæн бæстæ бирæ кæй уарзы, уымæн  уайдзæф кæны йæ фыдæлтæн. Ууыл дзурæг у æмдзæвгæйы  сæргонд дæр – сиды Ирыстонмæ, æргомæй йын кæны  йæ зæрдæйы катæйттæ.

- Цавæр хъуыдыйæдтæй арæзт у æмдзæвгæ?

(хуымæтæг цыбыр хъуыдыйæдтæй)

Хатдзæгтæ скæнын.

Цы бафиппайдтат ӕмдзӕвгӕ кӕсгӕйӕ?

  • Дих кӕны 3 хайыл. Фыццаг ӕмӕ фӕстаг строфатӕ ӕмхуызон сты (рефрен).
  • Куыд ӕмбарут фыццаг строфайы рӕнхъытӕ?
  • Ӕвдыст дзы цӕуы поэты ӕнӕкӕрон уарзондзинад Ирыстонмӕ. Цӕттӕ у цыфӕнды рӕстӕджы, цавӕрфӕнды уавӕрты дӕр йӕ уарзон Ирыстонӕн балӕггад кӕнынмӕ. Ӕппӕт зындзинӕдтӕн дӕр бафӕраздзӕн, ӕрмӕст Ирыстоны ном уӕд хъуыстгонд, уӕлахиз.
  • Куыд схонӕн ис поэты?
  • Ӕцӕг патриот.
  • Цӕмӕй сӕрыстыр у поэт?
  • Хохаг ӕртудты цот кӕй у, уымӕй, ома, лӕгдзинадӕй ӕххӕст чи у, уыдонӕй рацӕугӕ у. Кӕд афтӕ у, уӕд намысы тырыса дӕр фыццаг уый къухты бафтдзӕн.

Ахуыргӕнӕг. Раст сты уӕ хъуыдытӕ, сывӕллӕттӕ. Нӕ рагфыдӕлтæ скифтӕн-алантӕн - сӕ зӕххытыл цӕст не'ххӕсыд, фӕлӕ паддзахад скæнын  нӕ бафӕрӕзтой. Сӕ сыхаг адӕмтыл уӕд та куы сахуыр уыдаиккой. Нӕй, нӕ сарӕхстысты, кусынмӕ ӕмхиц нӕ уыдысты, фылдæр  хатт-иу искӕй цӕттӕ фӕллой рассывтой. Уӕрӕсейаг фыссӕг Бальмонт йе 'мдзӕвгӕйы афтӕ зӕгъы нӕ рагфыдӕлты тыххӕй:

Саранчой мы летим, саранчой на чужое нагрянем,

И бесстрашно насытим мы алчные души свои.

И всегда на врага тетиву без ошибки натянем,

Напитавши стрелу смертоносною желчью змеи.

Налетим, прошумим - и врага повлечём на аркане,

Без оглядки стремимся к другой непочатой стране.

Наше счастье - война, наша верная сила в колчане,

Наша гордость - в незнающем отдыха быстром коне.

  • Цӕмӕн скъуындӕг Иры зӕхх? Цы зӕгъы поэт ирон адӕймаджы удыхъæды  тыххӕй?
  • Лӕбурдта йӕм знаг, фыдӕх æй хаста  карды комыл. Быхста йӕ зынтӕн ӕмӕ та – иу фӕныкӕй растад. Ома, нӕ аскъуыд уӕддӕр сӕ мыггаг нӕ фыдӕлтӕн.
  • Цӕй мидӕг ис ӕмдзӕвгӕйы сӕйраг хъуыды?
  • Цы чысыл зӕххы хай нын баззад, уый цӕстыгагуыйау хъахъхъӕнинаг кӕй у, цӕмӕй ӕнӕ фыдыуӕзӕгӕй ма баззайӕм.

Ахуыргӕнӕг. Ӕмдзӕвгӕ «Ирыстонмӕ»-йы баиу сты поэты ӕнӕкӕрон  уарзондзинад фыдызӕхмӕ ӕмӕ сагъӕс йӕ дарддӕры хъысмӕтыл.

Ныр та нӕ хъус ӕрдарӕм ӕмдзӕвгӕйы аивадон мадзӕлттӕм.  Нӕ цӕст ахӕссӕм ӕмдзӕвгӕйӕн йӕ райдайӕнӕй йӕ кӕронмӕ.

-        Спайда кодта риторикон сидӕнӕй фыццаг рӕнхъы «Мӕ Ир!». Ӕртыккаг хайы дыккаг  рӕнхъ дӕр райдыдта риторикон сидӕн «Мӕ дард фыдӕл»-ӕй. «Фӕлӕ сӕ чи кӕмӕй у, уый ныр, цу, ӕмӕ фӕрныгау рахат!» Ацы хъуыдыйад  дæр у  риторикон.

  • Ноджы ма цавӕр мадзӕлттӕй спайда кодта?
  • Абарстытӕй. (Цӕф арсау, ӕрвырттывды тӕмӕнау, Хуыцауӕмсӕр, чырсау, фыдвӕда ӕхсон дурау).
  • Спайда ма кодта литотӕйӕ. Цы у литотӕ та?
  • Литотӕ - фыссӕг цӕуыл дзуры, цӕуыл ныхас кæны, уый бирӕ къаддӕрӕй куы  равдисы, уӕд уый хуыйны литотӕ. Ӕмдзӕвгӕйы: «Фыдвӕдау баззади ӕрмӕст дӕ ном - хохы цъас - Ирыстон...»
  • Ноджы ма цӕмӕй спайда кодта? (Метонимийӕ)
  • Цы у уый? (Уый у поэтикон нывӕфтыд фӕрӕзтӕй иу - цау кӕнӕ предметы ном ӕндæр  номӕй баивын. «Сӕ кард ыстыгъта зӕххы цъар чъылбызгай»).
  • Ис ма ӕмдзӕвгӕйы олицетворени: «...лӕбурдта йӕм знаджы зынг»,  инверси: «..нӕ-иу дардта мӕ фыдӕл ком ызнаджы туг ӕмӕ цӕрӕнтыл... Уый у поэтикон фӕзилӕн. Дзырдты рӕнхъӕвӕрд фехӕлы. Зӕгъинаг  февзӕры сӕйраты разӕй ӕмӕ афтӕ дарддӕр.

-Ӕркӕсӕм фразеологон дзырдбӕстытӕм: нӕ дардта ком, нӕ феккуырст билцъ (афтӕмӕй баззад); метонимимӕ - ӕртудты цӕуӕт ( сӕрыстыр, хъӕбатыр скифты цӕуӕт); метафорӕтӕм - къӕс, схъӕл хъаруйӕ, эпитеттӕм - мӕ ном - сыгъдӕг, хохы цъас - Ирыстон.

  • Цавӕр бӕрцбарӕнӕй фыст у?
  • Ямбӕй.
  • Цы хонӕм ямб?
  • Дыууӕуӕнгон стопа, кӕцыйы цавд фӕхауы дыккаг уӕнгыл. «Кӕм дын бӕззын - дӕу дӕн, мӕ Ир!..» -/-/-/-/

-/-/-/-/-

-/-/-/-/

-/-/-/-/-

Цавӕр у строфайы конд?

-        Катрин (Цыппаррӕнхъон).

Ахуыргӕнӕг: Цавæр  ӕмбисӕндтӕ  æрлæууыд уæ зæрдыл æмдзæвгæ бакæсгæйæ?.

  1. Райгуырӕн бӕстӕ мадау адджын у.
  2. Йӕ райгуырӕн бӕсты чи нӕ цӕры, уый царды ад нӕ зоны.
  3. Ӕнахуыр бӕсты ӕлдарӕй дӕр зын цӕрӕн у.
  4. Искӕй бӕстыл мӕ Хуыцау ӕхсин дӕр ма скӕнӕд.
  5. Уызын дӕр ма йӕхи къудзийы бынмӕ лидзы.
  6. Уарз райгуырӕн зӕхх, змис быдыр куы уа, уӕддӕр.
  7. Уарз райгуырӕн зӕхх, кӕлмытӕ дзы куы рабыр-бабыр кӕной, уӕддӕр

Ахуыргӕнӕг. Адӕймаджы цард азтӕй нӕ фӕбарынц, фӕлӕ йӕ фӕстӕ цы фӕд ныууадзы, уымӕй. Фыссӕгӕн йӕ ном йӕ уацмысты фӕцӕры. Уый йӕ курдиатӕй фӕндаг куы ссары адӕмы зӕрдӕтӕм, уӕд йӕ ном сӕнусон вӕййы.

Хаджеты Таймураз йе стыр поэтикон курдиатӕй йӕхицӕн самадта бӕрзонд ӕнӕфӕцудгӕ мӕсыг. Йӕ диссаджы поэзийы абузгӕ суадонӕй бирӕтӕ басӕтдзысты сӕ дойны.

Иу ӕмӕ дыууӕ ӕрыгон поэтӕн нӕ фӕуыдзӕн ӕвдадзы хос йӕ бирӕвӕрсон поэтикон курдиат. Мӕ хъуыдытӕ балхынцъ кӕндзынӕн  поэт Балаты Альберты ӕмдзӕвгӕ «Хаджеты Таймуразӕн»- ы рӕнхъытӕй.

.. .Кӕны мӕлӕт ӕнӕмӕлӕт поэты.

Цӕрӕццаг у, дӕ хӕтӕнтӕ - уӕлӕрвты...

 Нӕ зӕрдӕтӕй дын никуы ис фӕхицӕн,

Сыгъдтӕ нӕ Ирӕн царддӕттӕг цырагъау. Ӕргъӕу цыртдзӕвӕн самадтай дӕхицӕн,

Уыдис дӕ цард ӕнӕфыст аргъау, кадӕг...

Хъуысы сабыргай Саккаты Валерийы зарӕг «Мӕ Ирыстон».

Хӕдзармӕ куыст.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Гом урочы пълан ирон литературæйæ 6-æм къласы …Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

Уацауы ма ис иу ахсджиаг проблемæ.Йæ раргом кæнынæн уын баххуыс уыдзæн ирон æмбисонд. Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы,зæгъгæ....

Урочы темӕ:Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ хӕзна... Грамматикон темӕ:Нымӕцонты растфыссынад.

Бӕркадджын сты ирон адӕмы сфӕлдыстадон бынтӕ, ахъаззаг у сӕ историон ӕмӕ эстетикон нысаниуӕг.Джыккайты Шамил...

Урочы темӕ: Æрдз - нæ дарæг Грамматикон темӕ: Архайды хуызы фадатон дзырдтӕ.

Объяснение нового материала. Второстепенные члены предложения- обстоятельство  действия....

Осетинская литература. План-конспект урока в 5-ом классе. Урочы темӕ: «Хӕрзгӕнӕг хорз ары, фыдгӕнӕг - ӕфхӕрд» (Нигеры «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау»-мӕ гӕсгӕ)

                Разработка урока осетинской литературы в 5-ом классе на тему: "Харзганаг хорз ары, фыдганаг - афхард". Данный материал может быть по...

Урочы конспект

Нывацан-этюд "Ирон орнамент"...