Урочы темӕ: Æрдз - нæ дарæг Грамматикон темӕ: Архайды хуызы фадатон дзырдтӕ.
материал (8 класс) на тему

Объяснение нового материала. Второстепенные члены предложения- обстоятельство  действия.

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon urok_8_klass.doc34 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темӕ:  Æрдз - нæ дарæг

Грамматикон темӕ: Архайды хуызы фадатон дзырдтӕ.

Урочы нысантӕ:

1.Сфӕлхат кæнын  хъуыдыйады уӕнгтӕ.

2.Бафидар кӕнын фадатон дзырдтӕй рацыд ӕрмӕг.

3Райгуырæн бæстæ уарзын, æрдз хъахъхъæнын.

Урочы цыд:

  1. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.
  1. Проблемон уавӕр. Скъоладзауты адих кӕнын  3 къордыл. Алы къордӕн дӕр  хицӕн текст раттын.

Хӕс №1. Бакӕсын текст.  Цӕуыл дзы цӕуы ныхас, уый сбӕрӕг кӕнын.

Ссарын фадатон дзырдтӕ.

1-аг текст.

Урссӕр уӕйыг- Лӕгъзцъити- йӕ рахиз цонг раивӕзта ныгуылӕны   ҆рдӕм. Раджы кӕддӕр незаманы ӕрфӕндыд  зӕронд уӕйыджы ацахсын ныгуылӕг хуры. Уазал у зӕрондӕн ихын кӕрцы, куыннӕ у ӕхсызгон хуры хъарм салд буарӕн ӕмӕ стджытӕн? Фӕлӕ нӕ бантыст тызмӕг зӕрондӕн хур ацахсын ӕмӕ фыр мӕстӕй алхъывта йӕ армы дзыхъхъы иу чысыл хъӕу, Мӕсгуытӕ, зӕгъгӕ, йӕ ном.  Баззад уӕдӕй фӕстӕмӕ хуыскъивӕзтӕй зӕронд хохы цонг, уӕдӕ цы; хъӕу та ма абон дӕр лӕууы хохы армы дзыхъхъы, тӕккӕ хурдзӕвӕны  ҆рдӕм скодта йӕ риу,афтӕмӕй.

2-аг текст.

Хъӕуӕн йӕ тӕккӕ ныхмӕ, доны фаллаг фарс, фӕлмас къуылдымтӕ, суанг Гнугъы бӕрзонд рагъӕй, згъорӕнтӕ кӕнынц кӕрӕдзийы сӕрты гудзидтӕгӕнгӕ хъӕумӕ, цымыдис сабитау. Сӕ бӕрзджын, къӕбырдтӕгджын, ӕхсӕрджын, цъуйджын, мыртгӕджын хилӕй ӕмбӕрзт сӕртӕ кӕрӕдзи цъуппытӕй фӕлгӕсынц  хъӕуы- ӕз раздӕр фенон мондагӕй. Скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕны   ҆рдыгӕй та фынӕйдзаст нӕзы хъӕд, хицӕн къуылдымтыл сусӕг ӕмыр сыбар- сыбурӕй аргъӕуттӕ фӕкӕны.  Цӕуыл ӕмӕ кӕмӕн- ацу ӕмӕ йӕ базон!

3-аг текст.

Хъӕуы мидӕг ӕмӕ йӕ алфамблай хӕхты сынӕгтыл ӕмӕ  рындзтыл  дӕр иу  иннӕмӕй уӕлдӕр, цыма  Лӕгъзцъитимӕ ӕз фӕраздӕронӕй дугъы уадысты ӕмӕ сӕ фӕндаг- фӕндаг фыр фӕлладӕй дзыхълӕуд фӕкодтой, кӕй кӕм ӕрӕййӕфта йӕ фӕллад, уым лӕууынц ӕрдӕг кӕлдтытӕй фыдӕлтыккон мӕсгуытӕ. Уӕйыджы ихсыд дӕндӕгтау фӕлурсцъӕх хъӕнтӕй лӕууынц уыдон, амцӕф - уымцӕфӕй. Сӕ алыварс цъӕх къӕдзӕхы цъуппытӕй сӕ цӕст  ӕвиппайды зынтӕй равзардзӕн суанг хур боны дӕр. Талынг мигъ боны та уыдон схизынц мигъмӕ, сӕхи дзы батухынц ӕмӕ зына- нӕзына уындӕуы цъӕхнымӕтджын уӕйгуыты ӕндӕргтау ӕмӕ уыцы хуызӕнӕй хъуынтъызӕй кӕсынц хъӕумӕ.

Алы къорды дæр æвзарынц иу хъуыдыйад.

  Хӕс №2. Цавӕр  фӕрстытӕн дзуапп дӕттынц?

                  Цавӕр фадатон дзырдтӕ сты?

                  Сбӕрӕг кӕнын цавӕр ныхасы хӕйттӕй ӕрцыдысты загъд?

Абон нæ ныхасы сæр цы у? Цæй кой кæндзыстæм?

Хатдзӕг: Архайды хуызы фадат домы фӕрстытӕ: Куыд? Куыдӕй? Кӕйау? Цӕйау? Цал хатты?

Архайды хуызы фадат вӕййынц архайды хуызы фӕрсдзырдтӕ, ӕндӕр ныхасы хӕйттӕ хуызӕнон ӕмӕ иртӕстон хауӕнты ӕвӕрдӕй кӕнӕ фӕсӕвӕрдтӕ хуызӕн,фӕрцы, руаджы-имӕ, фӕрссагмитӕ ӕмӕ фӕрссагмион здӕхтытӕ.

-Цавӕр аивадон мадзал…..

Чиныгимæ куыст.

Фысгæйæ сæххæст кæнын фæлтæрæн.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урочы темӕ:Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ хӕзна... Грамматикон темӕ:Нымӕцонты растфыссынад.

Бӕркадджын сты ирон адӕмы сфӕлдыстадон бынтӕ, ахъаззаг у сӕ историон ӕмӕ эстетикон нысаниуӕг.Джыккайты Шамил...

Урочы темӕ:Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ хӕзна... Грамматикон темӕ:Нымӕцонты растфыссынад.

Нымӕцонты растфыссынадыл дарддӕр бакусын; скъоладзаутӕм рӕзын кӕнын цымыдисдзинад иронау нымайынмӕ,ирон адӕмон сфӕлдыстадмӕ,нӕ адӕмы ӕгъдӕуттӕм....

Урочы темæ: Бирæ нын цæрат, нæ буц хистæртæ (зарæгæй) Грамматикон темæ: Ирон ныхасы стильтæ

План конспект урока в 9 классе. Грамматическая тема урока "Стили речи"....

Урочы темӕ: Уидаг. Ӕмуидагон дзырдтӕ .

Технологон картӕ ирон ӕвзаджы урокмӕ...

Урочы темæ: «Мады уарзтӕн арӕнтӕ нӕй!» Грамматикон темæ: «Номивӕг. Ӕриугӕнӕн урок»

Ныхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; номивӕджы  тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок....

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 4-æм къласы. Урочы темӕ: Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.

Темӕ:   Нæртон дзырдтæн сæ фæлмæндæр у МАД.Грамматикон темӕ:Кæронбæттæн урок номдар æмæ миногонæй....